Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?
Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?
Библий стихтӕ лӕдӕрун кӕнунмӕ нӕмӕ ци ӕрмӕг ес, «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы», зӕгъгӕ, уомӕй пайда кӕнис?
Аци ӕрмӕг дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй цӕхуӕндӕр стихтӕ лӕмбунӕгдӕр рартасай. Зӕгъӕн, уой фӕрци дӕ бон ӕй базонун, ци хабӕртти туххӕй си дзурд цӕуй, еци рӕстӕг ма никкидӕр цӕхуӕн хабӕрттӕ цудӕй, уой. Базонӕн ма ес, стих финст цӕмӕн ӕрцудӕй, ке кой си цӕуй, удта си хецӕн дзурдтӕ кенӕ дзурдбӕститӕ ци нисан кӕнунцӕ.
«Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги онлайн-библиотеки», удта приложений JW Library® Библи ку райгон кӕнай ӕма стихбӕл ку нилхъевай, уӕд райгон уодзӕнцӕ ӕрмӕги «Путеводитель по публикациям» ци ссылкитӕ ес, етӕ (рахесӕрдигӕй ци къӕразгӕ райгон уй, уоми). Райгон кӕнӕн сӕ ес Библий тӕлмацтӕй алкӕцимидӕр.
Еци ӕрмӕгмӕ ку кӕсай, уӕд дӕ гъос дарӕ, статьятӕ фӕд-фӕди куд цӕунцӕ, уомӕ. Нӕуӕг статьятӕ фӕуунцӕ тӕккӕ сӕрӕй. Дӕлдӕр ба фӕуунцӕ раздӕри статьятӕ, ӕма уоми цӕхуӕндӕр стихтӕ куд лӕдӕрун кодтан, е, гӕнӕн ес, ӕма раййивта.
• «Онлайн библиотеки» ӕрмӕг «Путеводитель по публикациям» хецӕнӕй рафинсун нӕ фӕгъгъӕуй, ссылкитӕ сӕхуӕдтӕ фӕззиннунцӕ.
• Цӕмӕй приложений JW Library стихтӕмӕ ссылкитӕ фӕззиннонцӕ, уой туххӕй фӕгъгъӕуй «Путеводитель по публикациям» рафинсун ӕма ’й уой фӕсте, цит, иснӕуӕг кӕнун. Уой туххӕй нилхъевӕ, Библий сӕртӕй кӕцифӕндий фарсмӕ ци къӕразгӕ райгон уй, уоми сӕрӕй «Скачать» финст кӕми ес, уобӕл.