18 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕмбурдти уӕ кӕрӕдзей нифс федар кӕнтӕ
«Нӕ кӕрӕдзебӕл сагъӕс кӕнӕн... кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн» (ДЗИУИТ. 10:24, 25).
88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ
РАЗДЗУРД a
1. Ӕмбурди дзуӕппитӕ цӕмӕн фӕддӕттӕн?
ӔМБУРДТӔМӔ цӕмӕн фӕццӕуӕн? Махӕн нӕ сӕйраг нисан ӕй Йегови кадгин кӕнун (Пс. 26:12; 111:1). Фал ма ӕмбурдтӕмӕ ӕрбацӕуӕн, цӕмӕй аци зин рӕстӕгути кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн (1 Фес. 5:11). Мадта ӕмбурди дзуапп ку фӕддӕттӕн, уӕд дууӕ нисани дӕр нӕ къохи бафтуйунцӕ.
2. Ӕмбурди нин цӕхуӕн фадуӕттӕ фӕууй дзуӕппитӕ дӕттунмӕ?
2 Алли къуӕре дӕр нин фӕууй фадуат ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕттунмӕ. Зӕгъӕн, уолӕфгӕ бӕнтти фертасӕн «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статьятӕ. Косгӕ бӕнтти нин ци ӕмбурд фӕууй, уоми ба нӕ бон ӕй дзуӕппитӕ дӕттун хаййи «Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай» кенӕ «Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ», кенӕ ӕмбурди иннӕ хӕйтти.
3. Дзуапп дӕтгӕй хатгай зин ци фӕууй ӕма нин Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25 финст дзурдтӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?
3 Алкедӕр ни фӕндуй нӕ дзуӕппитӕй Йегови кадгин кӕнун, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун. Фал хатгай дзуапп раттунмӕ тӕрсгӕ фӕккӕнӕн. Кенӕ нӕ куд арӕх фӕффӕндуй, уотӕ арӕх нӕ нӕ бафӕрсунцӕ. Уӕхӕн уавӕрти нӕ бон ци ӕй кӕнун? Дзуапп иссерӕн ес Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги. Апостол Павел ӕмбурдтӕмӕ цӕун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой туххӕй ку дзурдта, уӕд ма сӕ баразӕнгард кодта «кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтаун». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25.) Дӕ къох исдарунмӕ минкъийдӕр тӕрсдзӕнӕ, ку ’й лӕдӕрай, дӕ хумӕтӕг дзуаппӕй еске нифс ке бафедар кӕндзӕнӕ. Арӕх дӕ ку нӕ фӕрсонцӕ, уӕдта дӕ бон уодзӕй цийнӕ кӕнун, иннети бон дӕр дзуапп раттун ке ӕй, уобӕл (1 Пет. 3:8).
4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
4 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ бон куд ӕй нӕ дзуӕппитӕй кӕрӕдзей нифс федар кӕнун. Фиццагидӕр бал радзубанди кӕндзиан, е нин куд бантӕсдзӕй минкъий ӕмбурди уогӕй. Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, уомӕн куд ес гӕнӕн устур ӕмбурди, дзуапп раттун ке фӕндуй, уӕхӕнттӕ берӕ кӕми фӕууй, уоми. Уомӕй уӕлдай ма радзордзиан, нӕ бон куд ӕй нӕ дзуӕппитӕ фӕххуӕздӕр кӕнун, цӕмӕй иннети федар кӕнӕн.
МИНКЪИЙ ӔМБУРДИ УӔ КӔРӔДЗЕЙ НИФС ФЕДАР КӔНТӔ
5. Минкъий ӕмбурди нӕ бон куд ӕй кӕрӕдзей нифс федар кӕнун?
5 Минкъий ӕмбурди кенӕ къуари, дзуапп раттун ке фӕффӕндуй, етӕ берӕ нӕ фӕуунцӕ. Уой туххӕй ӕрмӕг ка уадзуй, еци ӕнсувӕри бангъӕлмӕ кӕсун фӕгъгъӕуй, цалинмӕ еске ӕ къох исдара. Уомӕ гӕсгӕ кӕмӕдӕр уотӕ фӕккӕсдзӕй, ӕма ӕмбурд ӕгӕр ниддаргъ ӕй, е ба нифс неци уотӕ федар кӕнуй. Дӕ бон ци ӕй кӕнун? Цӕттӕ уо дӕ къох арӕхдӕр исесунмӕ. Е иннети дӕр баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй дзуӕппитӕ арӕхдӕр дӕттонцӕ.
6, 7. Нӕ бон ци ӕй кӕнун цӕмӕй дзуапп дӕтгӕй минкъийдӕр тухсӕн?
6 Фал еуӕй-еуетӕн, дзуапп раттун ке гъӕуй, айдагъ еци гъудийӕй дӕр сӕ сор хед ракӕлуй. Кӕд дӕу хабар дӕр уотӕ фӕууй, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй минкъийдӕр тухсай? Гъӕуама нӕ гъудий дарӕн, дзуӕппитӕ дӕттун ӕхсидзгӕ ке ӕй, уомӕн ӕма уотемӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс бафедар кӕнӕн. Еци гъуддаги дин ци банхус кӕндзӕй?
7 Дӕ хуарзӕнхӕй, «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и раздӕриккон номерти ци унаффитӕ адтӕй, уонӕмӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсӕ b. Зӕгъӕн, дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг куд хуӕздӕр зонай, уотӕ дӕ къох дӕр арӕхдӕр есдзӕнӕ. Уомӕй уӕлдай ма, ци зӕгъуйнаг дӕ, уой ӕгӕр ма ниддаргъ кӕнисӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цубуртӕй ку дзорай, уӕд тухсгӕ дӕр минкъийдӕр кӕндзӕнӕ. Дӕ дзуапп ӕгӕр даргъ ку уа кенӕ си берӕ гъудитӕ ку уа, уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн зин балӕдӕрӕн уодзӕй, ци зӕгъуйнаг адтӕ, уой. Цубуртӕй ӕма дӕхе дзурдтӕй ку дӕттай дзуапп, уӕд ӕй бавдесдзӕнӕ, ӕрмӕгмӕ дӕхе дзӕбӕх ке бацӕттӕ кодтай ӕма ’й хуарз ке лӕдӕрис.
8. Нӕ дзуӕппитӕ фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл ке архайӕн, уомӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
8 Фал, зӕгъӕн, аци унаффитӕй испайда кодтай, тухсгӕ ба минкъийдӕр нӕ кӕнис ӕма дӕ нифс нӕ хӕссис еу кенӕ дууӕ дзуаппемӕй фулдӕр раттун. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: ке архайис, уомӕн Йеговӕ хъӕбӕр аргъ кӕнуй (Лук. 21:1–4). Дӕ бон ци нӕй, уой ди нӕ агоруй (Фил. 4:5). Уомӕ гӕсгӕ дӕ бон ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнӕ, удта дӕ рази нисан исӕвӕрӕ ӕма ковӕ, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсай. Фиццаг бал, ка ’й зонуй, нисан исӕвӕрдзӕнӕ, цӕмӕй еу цубур ӕма хумӕтӕг дзуапп раттай.
УСТУР ӔМБУРДИ УӔ КӔРӔДЗЕЙ НИФС ФЕДАР КӔНТӔ
9. Устур ӕмбурди дзуапп раттун зин цӕмӕн фӕууй?
9 Устур ӕмбурди ба уавӕр хатгай ӕндӕрхузи фӕууй. Дзуапп раттун берети ке фӕффӕндуй, уомӕ гӕсгӕ дин, ка ’й зонуй, ӕнсувӕр дӕ къох уингӕ дӕр ма фӕккӕна. Зӕгъӕн, еу хуӕрӕ Даниэли c зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй дзуӕппитӕ дӕттун, уой ӕ лӕггадӕбӕл нимайуй. Е ин хуарз фадуат фӕууй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс бафедар кӕнунмӕ, ӕма уой фӕрци ӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр бафедар уй. Фал устурдӕр ӕмбурдмӕ ку рахизтӕй, уӕд ӕй уотӕ арӕх нӕбал фарстонцӕ, кенӕ ба ма уотӕ дӕр фӕууидӕ, ӕма ’й ӕмбурди дӕргъи ӕппундӕр нӕ бафӕрсиуонцӕ. Е зӕгъуй: «Хъӕбӕр гъулӕг мин адтӕй. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мӕ кадгин лӕггадӕй фенӕхай дӕн. Ӕма уотӕ еу хаттӕй иннӕ хатмӕ ку рауайуй, уӕд адӕймагмӕ уотӕ кӕсун райдайуй цума ’й барӕй нӕ фӕффӕрсунцӕ».
10. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕмбурди нӕ бон дзуӕппитӕ дӕттун?
10 Ду ба Даниэли уавӕри ескӕд адтӕ? Кӕд гъо, уӕд, ӕвӕдзи, фӕззӕгъис, гъема мадта ӕппундӕр нецибал дзордзӕн ӕма мӕ къох дӕр нӕбал исдардзӕн. Фал дзуӕппитӕ дӕттунбӕл идарддӕр дӕр архайӕ. Дӕ бон ци ӕй кӕнун? Зӕгъӕн, алли ӕмбурдмӕ дӕр цалдӕр дзуаппи бацӕттӕ кӕнисӕ. Уотемӕй дӕ райдайӕни ку нӕ бафӕрсонцӕ, уӕд дӕ бон уодзӕй фӕстӕдӕр дзуапп раттун. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахурмӕ цӕттӕ кӕнгӕй расагъӕс кӕнисӕ, алли абзац дӕр статьяй теми хӕццӕ куд баст ӕй, уобӕл. Уотемӕй дӕмӕ фулдӕр гъудитӕ фӕззиндзӕй ӕма дин дзуапп раттун ӕнцондӕр уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй дзуӕппитӕ бацӕттӕ кӕнун, арф гъудитӕбӕл дзурд кӕми цӕуй, еци абзацтӕмӕ (1 Кор. 2:10). Уӕхӕн абзацтӕбӕл дзуапп раттун минкъийдӕр адӕни фӕффӕндуй. Кӕд аци унаффитӕй испайда кодтай, фал дӕ уӕддӕр цалдӕр ӕмбурдей дӕргъи нӕ бафарстонцӕ, уӕд ма дӕ бон ци ӕй кӕнун? Уӕд ӕмбурди размӕ, ахур ка уадздзӕй, уомӕ бацо ӕма ин зӕгъӕ, дзуапп раттун дӕ кӕнун кӕци абзацбӕл фӕндуй, уой.
11. Филиппӕгтӕмӕ 2:4 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
11 Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:4. Апостол Павел сугъдӕг хъаури разамундӕй киристӕнтти баразӕнгард кодта, цӕмӕй иннетӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл сагъӕс кӕнонцӕ. Еци унаффӕй нӕ бон куд ӕй ӕмбурдти пайда кӕнун? Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, иннети дӕр дзуапп раттун ке фӕндуй.
12. Ӕмбурдти нӕ бон куд ӕй иннети нифс федар кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
12 Расагъӕс кӕнӕ: де ’мбӕлтти хӕццӕ дзоргӕй, уотӕ фӕдздзорис, цӕмӕй си дзурди барӕ макӕбӕл ӕруайа? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ. Дӕу фӕффӕндуй, цӕмӕй етӕ дӕр сӕ гъудитӕ дзоронцӕ. Уомӕ гӕсгӕ мах фӕндуй, цӕмӕй ӕмбурдти рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ гъудитӕ дзорун сӕ бон уа. Уотемӕй син се ’ууӕндундзийнадӕ бавдесунмӕ фадуат уодзӕй. Е ба ӕй иннети нифс федар кӕнунмӕ хуӕздӕр мадзӕлттӕй сӕ еу (1 Кор. 10:24). Гъӕйдӕ мадта радзубанди кӕнӕн, уомӕн куд ес гӕнӕн, уобӕл.
13. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фулдӕр хуӕртӕн ӕма ӕнсувӕртӕн фадуат уа дзуапп раттунмӕ?
13 Унаффитӕй сӕ еу ӕй уӕхӕн: цубуртӕй дзорӕ, цӕмӕй фулдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ бон уа дзуапп раттун. Еци гъуддаги фӕнзуйнаг ӕнцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, удта иннӕ фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Цубуртӕй ку дзорӕй, уӕддӕр архайӕ, цӕмӕй дӕ дзуаппи берӕ фӕйнӕхузи гъудитӕ ма уа. Абзац кӕрӕй-кӕронмӕ ку радзорай, уӕд иннетӕ ци зӕгъонцӕ, е нӕбал уодзӕй. Зӕгъӕн, аци абзацци ес дууӕ унаффи: дзуапп дӕттӕ цубуртӕй ӕма ӕгӕр берӕ гъудитӕ ма дзорӕ. Аци абзацбӕл фиццаг дзуапп ду ку дӕттай, уӕд хуарз нӕ уайдӕ, ӕрмӕстдӕр си еу гъуди ку зӕгъай, уӕд?
14. Дзуапп куд арӕх дӕтдзӕнӕ, уой ниллух кӕнуни размӕ расагъӕс кӕнун цӕбӕл гъӕуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
14 Дзуапп куд арӕх дӕтдзӕнӕ, уой ниллух кӕнунмӕ дин лӕдӕргӕдзийнадӕ банхус кӕндзӕй. Дӕ къох ӕгӕр арӕх ку есай, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма ӕнсувӕрмӕ уотӕ кӕсун райдайа, ӕма аллихатт дӕр гъӕуама дӕу фӕрса, кӕд иннетӕ дзуапп нӕма равардтонцӕ, уӕддӕр. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд, ка ’й зонуй, иннети дзуапп дӕттун нӕбал фӕнддзӕй (Еккл. 3:7).
15. а) Ӕмбурди нӕ ку нӕ бафӕрсунцӕ, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? б) Ӕмбурд ци ӕнсувӕр уадзуй, уой бон куд ӕй архайун, цӕмӕй иронхуати маке уадза? (Кӕсӕ рамкӕ « Ӕрмӕг уадзгӕй ӕнсувӕр ӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дара?».)
15 Ӕмбурдти берети ку фӕффӕндуй дзуапп раттун, уӕд нӕбӕл, ӕвӕдзи, дзурди барӕ уотӕ арӕх не ’руайуй. Гӕнӕн ес, ӕма нӕ ӕмбурди дӕргъи еу хатт дӕр нӕ бафӕрсдзӕнцӕ. Е дин зин ма уӕд ӕма дӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, цума дӕ ӕнсувӕр фудӕнӕн нӕ фӕрсуй (Еккл. 7:9).
16. Дзуапп ка дӕттуй, уони нифс нӕ бон куд ӕй федар кӕнун?
16 Дӕ бон ци ӕй кӕнун, дӕу куд фӕндуй, уотӕ арӕх дӕ ку нӕ фӕрсонцӕ, уӕд. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр иннети дзуӕппитӕмӕ игъосӕ, цӕмӕй сӕ фӕсӕмбурд растауай. Дӕ дзуаппӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд бафедар кодтайсӕ, уотӕ сӕ бафедар кӕндзӕнӕ ку сӕ растауай, уӕд дӕр (Ӕмб. 10:21). Кӕрӕдзей нифс федар кӕнунмӕ ма хуарз мадзал ӕй ’стаун дӕр.
НИККИДӔР МА НӔ БОН КУД ӔЙ КӔРӔДЗЕЙ ФЕДАР КӔНУН?
17. а) Ниййергути бон куд ӕй сувӕллӕнттӕн дзуӕппитӕ цӕттӕ кӕнунмӕ ӕнхус кӕнун? б) Дзуапп бацӕттӕ кӕнунмӕ нин цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги банхус кӕндзӕнцӕ? (Кӕсӕ феппайуйнаг.)
17 Нӕ бон ма куд ӕй ӕмбурди иннети нифс федар кӕнун? Кӕд уин сувӕллӕнттӕ ес, уӕд син сӕ карӕмӕ гӕсгӕ банхус кӕнтӕ дзуӕппитӕ бацӕттӕ кӕнун (Матф. 21:16). Хатгай ци статьятӕ фертасӕн, етӕ баст фӕуунцӕ бийнонти царди хӕццӕ кенӕ кӕдзос цард кӕнуни хӕццӕ. Фал арӕхдӕр уӕхӕн статьяти фӕууй, сувӕллӕнтти бон дзуапп раттун кӕбӕл ӕй, еу къуар уӕхӕн абзацци. Удта ма син балӕдӕрун кӕнтӕ, аллихатт сӕ цӕмӕннӕ фӕрсдзӕнцӕ, уой. Уӕ сувӕллӕнттӕн уой ку балӕдӕрун кӕнайтӕ, уӕд син уотӕ гъулӕг нӕ уодзӕй, сӕ бӕсти ӕндӕр еске ку бафӕрсонцӕ, уӕд (1 Тим. 6:18) d.
18. Дзуапп ку фӕддӕттӕн, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕхемӕ ӕгӕр берӕ ӕргом ма ’здахӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 27:2).
18 Не ’гасей бон дӕр ӕй, Йегови ка кадгин кӕндзӕй, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс ка федар кӕндзӕй, уӕхӕн дзуӕппитӕ цӕттӕ кӕнун (Ӕмб. 25:11). Еуӕй-еухатт нӕ бон фӕууй дзуапп дӕтгӕй нӕхе туххӕй ести радзорун. Фал хемӕ ӕгӕр берӕ ӕргом ӕздахун дӕр нӕ гъӕуй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 27:2; 2 Кор. 10:18.) Хуӕздӕр уодзӕй, дӕ дзуапп ку уа Йегови, ӕ Дзурди ӕма ӕ адӕни туххӕй (Рарг. 4:11). Фал абзацмӕ ци фарста ес, е дӕ дӕхе ӕнкъарӕнти туххӕй радзорунмӕ ку разӕнгард кӕна, уӕд уӕхӕн дзуапп хуарз федаудзӕй. Уӕхӕн фарста ес, аци статьяй иннӕ абзацци.
19. а) Ӕмбурдти иннети сагъӕс ку кӕнӕн, уӕд нин ци бантӕсдзӕй? (Ромӕгтӕмӕ 1:11, 12). б) Ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕттун дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй?
19 Ӕмбурдти дзуӕппитӕ дӕттун куд гъӕуй, уомӕн нин карз амундтӕ нӕййес. Фал ни уӕддӕр алке бон дӕр ӕй архайун, цӕмӕй нӕ дзуӕппитӕй кӕрӕдзей нифс федар кӕнӕн. Кутемӕй? Еуӕй-еу уавӕрти дзуӕппитӕ фӕгъгъӕуй арӕхдӕр дӕттун, иннӕ хӕттити ба нин дзуапп раттунмӕ ци фадуӕттӕ фӕззиннуй, уонӕн аргъ кӕнун, удта цийнӕ кӕнун, иннетӕ дӕр дзуӕппитӕ ке дӕттунцӕ, уобӕл. Уотемӕй «кӕрӕдзей ӕууӕндундзийнадӕй бафедар уӕн». (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:11, 12.)
93 ЗАР Не ’мбурдтӕн нин арфӕ кӕнӕ
a Мах кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн, ӕмбурди дзуӕппитӕ ку фӕддӕттӕн, уӕд. Фал еуӕй-еуетӕ дзуапп раттунмӕ тӕрсгӕ кӕнунцӕ. Иннети зӕрдӕмӕ ба цӕуй дзуӕппитӕ дӕттун, фал сӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй сӕ арӕхдӕр фӕрсонцӕ. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр нӕ бон куд ӕй нӕ кӕрӕдзебӕл сагъӕс кӕнун ӕма кӕрӕдзей федар кӕнун? Удта нӕ бон куд ӕй уӕхӕн дзуӕппитӕ дӕттун, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуарз гъуддӕгтӕмӕ разӕнгард кӕнӕн? Уобӕл дзурд цӕудзӕй аци статьяй.
b Ӕндӕр унаффитӕ ма иссерӕн ес 2019 анзи январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 8–13 фӕрстӕ ӕма 2003 анзи 1 сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, 19–22 фӕрстӕ (урус.).
c Ном ӕййивд ӕй.
d Сайти jw.org бакӕсӕ мультфильммӕ «Стань другом Иеговы. Подготовь свой коментарий».
e Кӕсӕ 2013 анзи 15 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 32 фарс (урус.) ӕма 2003 анзи 1 сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» 21 ӕма 22 фӕрстӕ (урус.).
f ХУЗӔ. Устур ӕмбурди дзуапп ка равардта, еци ӕнсувӕр иннетӕн дӕр дзуапп раттунмӕ фадуат дӕттуй.