Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

17 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕнӕнгъӕлти зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд дӕр дин Йеговӕ ӕнхус кӕндзӕй

Ӕнӕнгъӕлти зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд дӕр дин Йеговӕ ӕнхус кӕндзӕй

«Берӕ мӕститӕ ес рӕстгӕнӕгӕн, фал ӕй Йеговӕ се ’гасемӕйдӕр фӕййервӕзун кӕнуй» (ПС. 34:19).

44 ЗАР Нифссаст адӕймаги кувд

РАЗДЗУРД a

1. Федарӕй ци зонӕн?

 ЙЕГОВӔН ке лӕггадӕ кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ зонӕн, ке нӕ уарзуй ӕма ’й ке фӕндуй, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ рохс кӕна (Ром. 8:35–39). Уомӕй уӕлдай ма ’й федарӕй зонӕн, Библий уагӕвӕрдтӕ алкӕддӕр нӕ пайдайӕн ке фӕуунцӕ (Ис. 48:17, 18). Фал хатгай уотӕ рауайуй, ӕма ӕнӕнгъӕлти цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн.

2. Хатгай цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн ӕма уой туххӕй цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй?

2 Йегови лӕггадгӕнгутӕй алкедӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй. Зӕгъӕн, нӕ бийнонтӕй нин еске нӕ зӕрдӕ фӕрресун кодта, цӕхуӕндӕр нез нӕмӕ фӕззиндтӕй ӕма нӕ цӕйбӕрцӕ фӕндуй, уойбӕрцӕ лӕггадӕ кӕнун нӕ бон нӕбал ӕй. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, ӕрдзон бӕллӕхи бахаудтан кенӕ нӕ дини туххӕй нӕ фӕдбӕл зелунцӕ. Уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд, хатгай, фӕссагъӕс кӕнӕн: «Уӕхӕн хабар мӕбӕл цӕмӕн ӕрцудӕй? Раст ци нӕ бакодтон? Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма мин Йеговӕ нӕ арфӕ кӕнуй?» Дӕумӕ ба ескӕд уӕхӕн сагъӕстӕ адтӕй? Кӕд гъо, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй дӕр беретӕмӕ уӕхӕн фарстатӕ фӕззиннидӕ (Пс. 22:1, 2; Ав. 1:2, 3).

3. Псалом 34:19 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

3 Бакӕсӕ Псалом 34:19. Де ’ргом раздахӕ, аци псаломи цӕхуӕн дууӕ ӕхсидзгӕ гъудий ес, уонӕмӕ: 1) рӕстгӕнгутӕ дӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ; 2) Йеговӕ нӕ фӕлварӕнтӕй ервӕзун кӕнуй. Цума кутемӕй? Е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн. Йеговӕ нин зӕрдӕ байвардта, нӕ лӕггадӕ нин цийнӕ ке хӕсдзӕй. Фал нин уотӕ ба нӕ загъта, ӕма аци дуйней ӕнӕмӕтӕ цард кӕндзиан (Ис. 66:14). Е нин зӕгъуй, цӕмӕй нӕ каст федӕни цардмӕ уа, уомӕн ӕма нӕмӕ уоми ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕцӕг амондгун ӕма ӕнӕкӕрон цард (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕти ба бал нин Йеговӕ бонӕй-бонмӕ ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн (Йер. гъ. 3:22–24).

4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

4 Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн рагидзаманти ӕма нӕ рӕстӕги Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕмӕ. Куд ӕй фӕууиндзиан, уотемӕй хатгай Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ӕнӕнгъӕлти зиндзийнӕдти бахаунцӕ. Фал адӕймаг ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дара, уӕд ӕй некӕд ниууадздзӕй (Пс. 55:22). Еци лӕггадгӕнгути хабӕрттӕмӕ кӕсгӕй дӕхе бафӕрсисӕ: «Ӕз ба уой бунати мӕхе куд бадардтайнӕ? Аци хабар мин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр мӕ зӕрдӕ дарон? Мӕхецӕн си зундӕн ци райстон?»

РАГИДЗАМАНТИ

Иаков 20 анзей дӕргъи ӕ мӕнгард мади ӕнсувӕрмӕ ку куста, уӕд ин Йеговӕ арфӕ кодта (кӕсӕ 5 абзац)

5. Иаков Лавани туххӕй цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

5 Ӕркӕсӕн Иакови хабармӕ. Е дӕр ӕнӕнгъӕлти зин уавӕрти бахаудтӕй. Ӕ фидӕ Исак ин загъта, цӕмӕй уосӕ ракора сӕ хӕстӕг Лавани кизгуттӕй. Е дӕр Йегови лӕггадгӕнӕг адтӕй. Исак ин загъта, уотӕ ку бакӕна уӕд ин Йеговӕ рӕдауӕй ке райарфӕ кӕндзӕй (Райд. 28:1–4). Ӕма имӕ Иаков дӕр байгъуста: Ханаанӕй рандӕй ӕма Лавани хӕдзарӕмӕ ӕрбацудӕй. Уомӕн адтӕй дууӕ кизги – Лия ӕма Рахил. Иаков бауарзта Лавани кӕстӕр кизги. Цӕмӕй ӕй ракурдтайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй авд анзи косун (Райд. 29:18). Фал хабар, куд ӕнгъӕл адтӕй, уотӕ нӕ рауадӕй. Лаван ибӕл хийнӕй рацудӕй ӕма ин цардӕмбалӕн ӕ хестӕр кизги равардта. Лаван Иаковӕн барӕ равардта, цӕмӕй къуӕрей фӕсте Рахили дӕр ракурдтайдӕ. Фал ӕй уой туххӕй гъудӕй никкидӕр ма авд анзи косун (Райд. 29:25–27). Уомӕй уӕлдай ма Лаван Исакки кусти медӕги дӕр фӕррасай-басай кодта ӕма ин инсӕй анзей дӕргъи ихуӕрст косӕги хузӕн фӕккосун кодта (Райд. 31:41, 42).

6. Иаков ма цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй?

6 Иаков ма ӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр исӕмбалдӕй. Уомӕн устур бийнонтӕ адтӕй, фал ӕ фурттӕ алкӕд кӕрӕдзей хӕццӕ нӕ федудтонцӕ. Сӕ еуей ма цагъарӕй дӕр рауӕйӕ кодтонцӕ. Е адтӕй Иосиф. Иакови иннӕ дууӕ фурти ба, Симеон ӕма Левий, фегадӕ кодтонцӕ сӕ бийнонти ном дӕр ӕма Йегови ном дӕр. Уомӕй уӕлдай ма, Иаков гъолон уарзтӕй ке уарзта, еци уосӕ Рахил рамардӕй, дуккаг сувӕллон ин ку игурдӕй, уӕд. Ӕма ӕппунфӕстаг, стонг дзаман ке никкодта, уой туххӕй Иакови, ӕ кари уогӕй, багъудӕй цӕрунмӕ Египетмӕ рандӕ ун (Райд. 34:30; 35:16–19; 37:28; 45:9–11, 28).

7. Йеговӕ Иаковӕн куд ӕвдиста, арази си ке ӕй, уой?

7 Кӕд Иаков уойбӕрцӕ фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕй, уӕд дӕр Йеговӕбӕл ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл некӕд гурусхӕ кодта. Ӕма Йеговӕ дӕр бавдесидӕ, арази си ке уидӕ, уой. Кӕд ибӕл Лаван хӕранӕй рацӕуидӕ, уӕд дӕр Йеговӕ Иаковӕн арфӕ кодта ӕма гъӕздугӕй-гъӕздугдӕр кодта. Удта дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, Иаков Йеговӕй куд хъӕбӕр боз адтӕй, берӕ ӕнзти дӕргъи мардбӕл ке нимадта, еци фурт Иосифи хӕццӕ ку фембалдӕй, уӕд! Цума Иаковӕн ци банхус кодта, цӕмӕй ӕгас еци фӕлварӕнти сӕрти рахизтайдӕ ӕма ӕ ном ма фегадӕ кодтайдӕ? Е ин бантӕстӕй, Йеговӕ ӕ хуарз ӕмбал ке адтӕй, уой фӕрци (Райд. 30:43; 32:9, 10; 46:28–30). Йеговӕ нӕ хуарз ӕмбал ке ӕй, уомӕн мах дӕр ку аргъ кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй ӕнтӕстгун ун, царди ӕнӕнгъӕлти ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд.

8. Паддзах Давиди ци фӕндадтӕй?

8 Паддзах Давид ци исфӕндӕ кодта, е ӕ къохи нӕ бафтудӕй. Зӕгъӕн, хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй ӕ Хуцау Йеговӕн ковӕндонӕ искӕнун. Ӕма уой туххӕй пахампар Нафанӕн дӕр радзурдта. Ӕма ин Нафан загъта: «Дӕ зӕрди цидӕриддӕр ес, уой кӕнӕ, уомӕн ӕма ӕцӕг Хуцау дӕ хӕццӕ ’й» (1 Анз. 17:1, 2). Аци дзурдти фӕсте Давидбӕл базуртӕ куд нӕ базадайдӕ, ӕма, ӕвӕдзи, еци фӕдбӕл куститӕ пълан кӕнун райдӕдта.

9. Давид ци цӕстӕй ракастӕй, ковӕндонӕ е ке не ’скӕндзӕй, еци хабармӕ?

9 Фал фӕстӕдӕр Йегови пахампар ӕндӕр хабари хӕццӕ ӕрбаздахтӕй. Еци ’хсӕвӕ Хуцау Нафанӕн загъта, ковӕндонӕ ин Давид нӕ, фал ӕ фурттӕй еу ке искӕндзӕй (1 Анз. 17:3, 4, 11, 12). Цума еци хабар фегъосгӕй Давид ӕхе куд бадардта? Еци нисан ӕ къохи ке нӕ бафтуйдзӕй, уой ку балӕдӕрдтӕй, уӕд ӕндӕрхузи архайун райдӕдта. Ӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр исаразта, цӕмӕй ӕ фурт Соломони ковӕндонӕ искӕнунмӕ цидӕриддӕр багъӕудзӕй, уой ӕрцӕттӕ кодтайдӕ (1 Анз. 29:1–5).

10. Йеговӕ паддзах Давидӕн куд райарфӕ кодта?

10 Кӕд Йеговӕ Давидӕн загъта, ковӕндонӕ ин е ке не ’скӕндзӕй, уӕддӕр еци фӕдбӕл ӕ хӕццӕ бадзурд искодта ӕма ин зӕрдӕ байвардта, ӕ байзӕддӕгтӕй еу паддзах ӕносмӕ ке уодзӕй (2 Сам. 7:16). Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг Давид ку базона, Паддзах Йесо Киристе уой хӕдзарвӕндагӕй ке рацудӕй, уӕд ин кунӕг ӕхцӕуӕн нӕ уодзӕй! Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Кӕд ӕй балӕдӕрдтан, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ рази ци нисӕнттӕ исӕвардтан, етӕ нӕ къохи ке нӕ бафтуйдзӕнцӕ, уӕд дӕр нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ӕнӕмӕнгӕй ке искӕндзӕй, нӕ гъудий кӕрон дӕр ка н’ адтӕй, уӕхӕн лӕвӕрттӕ.

11. Йеговӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн куд арфӕ кодта, кӕд Хуцауи Паддзахадӕ хецауеуӕг кӕнун нӕма райдӕдта, уӕд дӕр? (Гъуддӕгтӕ 6:7).

11 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ Хуцауи Паддзахадӕмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, фал кӕд ӕрцӕудзӕй, уой ба нӕ зудтонцӕ (Гъуд. 1:6, 7). Цалинмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, уӕдмӕ ци кустонцӕ? Сӕ хъауритӕ исаразтонцӕ хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ. Куд фулдӕр игъосун кодтонцӕ, уотӕ ’й хъӕбӕрдӕр уидтонцӕ, Хуцау син сӕ хъиамӕттӕн ке арфӕ кӕнуй. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 6:7.)

12. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ куд архайдтонцӕ, стонг дзаман ку искодта, уӕд?

12 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ ма ӕндӕр зиндзийнадӕбӕл дӕр исӕмбалдӕнцӕ. «Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр» стонг дзаман искодта (Гъуд. 11:28). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, куд зин син адтайдӕ. Бийнонти хестӕртӕ кунӕг нӕ тухстӕнцӕ, сӕ бийнонтӕ ци бахуӕронцӕ, е син ке нӕ уодзӕй, уобӕл. Фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ке фӕндадтӕй, еци ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ӕвӕдзи сӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма еци нисӕнттӕн нур хуарз рӕстӕг нӕй ӕма сӕ минкъий бангъӕлмӕ кӕсун гъӕуй. Кӕд хъӕбӕр зин уавӕри адтӕнцӕ, уӕддӕр исарӕхстӕнцӕ ӕма идарддӕр дӕр хуарз хабар игъосун кодтонцӕ, сӕ уавӕртӕ куд амудтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Удта ма, кӕмӕ ци адтӕй, уомӕй рӕдауӕй фӕххай кодтонцӕ Иудейи хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕн (Гъуд. 11:29, 30).

13. Йеговӕ киристӕнттӕн стонг дзамани рӕстӕг куд райарфӕ кодта?

13 Еци рӕстӕг Йеговӕ киристӕнттӕн куд райарфӕ кодта? Кӕмӕн банхус кодтонцӕ, етӕ сӕхе цӕститӕй фӕууидтонцӕ, Йеговӕ сӕбӕл ке тухсуй (Матф. 6:31–33). Ӕвӕдзи, ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кодтонцӕ, уони хӕццӕ никки ӕнгомдӕр иссӕнцӕ. Нисайнӕгтӕ ка лӕвардта кенӕ ӕндӕрхузи ка ӕнхус кодта, етӕ дӕр ӕй сӕхебӕл бавзурстонцӕ, дӕттун цӕйбӕрцӕбӕл амондгун гъуддаг ӕй, уой (Гъуд. 20:35). Йеговӕ син се ’гасемӕндӕр райарфӕ кодта, нӕуӕг уавӕрти сӕ къохтӕ ке не ’руагътонцӕ, уой туххӕй.

14. Павел ӕма Варнавӕбӕл ци ’рцудӕй ӕма гъуддаг куд рауадӕй? (Гъуддӕгтӕ 14:21, 22).

14 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ ӕфхуӕрд баййафиуонцӕ, хатгай, уой ӕнгъӕл ку нӕ фӕууиуонцӕ, уӕд. Ӕркӕсӕн, апостол Павел ӕма Варнавӕ Листри ку игъосун кодтонцӕ, уӕд сӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Фиццаг сӕмӕ адӕн хъӕбӕр хуарз цӕстӕй ракастӕнцӕ. Фал сӕ фӕстӕдӕр фудзӕрдӕ адӕн ке исахъилдтонцӕ, уой туххӕй Павели дортӕй фӕннадтонцӕ, ӕма рамардӕй зӕгъгӕ, уотемӕй ӕй ниууагътонцӕ (Гъуд. 14:19). Фал Павел ӕма Варнавӕ уой туххӕй сӕ къохтӕ не ’руагътонцӕ. Етӕ идарддӕр дӕр игъосун кодтонцӕ, ӕрмӕст ӕндӕр рауӕн. Уой фӕрци син ци бантӕстӕй? Етӕ «берӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ» бацӕттӕ кодтонцӕ, удта дзурдӕй ӕма гъуддагӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кодтонцӕ. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 14:21, 22.) Павел ӕма Варнавӕ ӕнӕнгъӕлти ӕфхуӕрд баййафгӕй сӕ гъуддаг ке нӕ ниууагътонцӕ, е берӕ пайда ӕрхаста. Ӕма мах дӕр, Йеговӕ нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой ӕнхӕст кӕнгӕй нӕ къохтӕ ку нӕ уадзӕн, уӕд берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан.

НӔ РӔСТӔГИ

15. Ӕнсувӕр Макмиллани хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 1914 анзи размӕ Йегови лӕггадгӕнгутӕ еу хабармӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ. Ӕркӕсӕн Александр Макмиллани цӕветтонмӕ. Е дӕр берети хузӕн гъуди кодта, тагъд уӕлӕрвтӕмӕ ке иссӕудзӕй. 1914 анзи сентябри ин ци радзубанди адтӕй, уоми уотӕ загъта: «Ӕнгъӕлдӕн, ӕма айӕ мӕ фӕстаг радзубанди ӕй». Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, е уотӕ н’ адтӕй. Фӕстӕдӕр ӕнсувӕр Макмиллан ниффинста: «Кадӕртӕ ни уотӕ ӕнгъӕл адтӕнцӕ, ӕма мӕнӕ-мӕнӕ уӕлӕрвтӕмӕ иссӕудзиан. Фал куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй ӕгӕр ратагъд кодтан». Е ма загъта: «Хецауи гъуддаги гъӕуама зингзӕрдӕй архайӕн». Ӕма ӕхуӕдӕг дӕр ӕ дзурдтӕмӕ гӕсгӕ архайдта. Хуарз хабар зингзӕрдӕй игъосун кодта, федар кодта, ӕфсадмӕ цӕун ка нӕ бакумдта, уой туххӕй ке исбадун кодтонцӕ, еци ӕнсувӕрти, удта ӕмбурдтӕ дӕр нӕ цох кодта, кӕд ибӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, уӕддӕр. Ӕнсувӕр Макмиллан, цалинмӕ ӕ хуӕрзеуӕгмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уӕдмӕ зингзӕрдӕй ке игъосун кодта, е ин цӕхуӕн пайда ӕрхаста? Ӕ мӕлӕти хуӕдразмӕ 1966 анзи ниффинста: «Абони ме ’ууӕндундзийнадӕ куд федар ӕй, уотӕ некӕдма». Ӕ цӕветтон ни алкӕмӕндӕр фӕнзуйнаг ӕй, уӕлдай дӕр ба нӕ зиндзийнӕдтӕ, куд ӕнгъӕл адтан, уомӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ку рахӕссунцӕ, уӕд (Дзиуит. 13:7).

16. Ӕнсувӕр Херберт Дженнингс ӕма ӕ бийнойнаг ӕнӕнгъӕлти цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕнцӕ? (Иакови 4:14).

16 Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕнӕнгъӕлти ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, уонӕй еуетӕ фӕуунцӕ се ’нӕнездзийнади хӕццӕ баст. Ӕркӕсӕн Херберт Дженнингси b хабармӕ. Ӕ биографий радзурдта, ӕ уоси хӕццӕ миссионертӕй Гани куд лӕггадӕ кодтонцӕ. Сӕ лӕггадӕ сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Фал ӕнсувӕр Дженнингсмӕ цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте иссирдтонцӕ, психики хӕццӕ баст ка ’й, уӕхӕн нез. Ӕнсувӕр Дженнингс ӕрхаста Иакови 4:14 финст дзурдтӕ ӕма загъта, еци хабар син ке адтӕй, ӕнгъӕл дӕр ке н’ адтӕнцӕ, еци «исон» (ба ’й кӕсӕ). Е ниффинста: «Ку ’й балӕдӕрдтан, идарддӕр уотӕ лӕггадӕ кӕнун нӕ бон ке нӕбал уодзӕй, уӕд Гани нӕ лӕггадӕ ӕма нӕ хуарз ӕмбӕлтти ниууагътан ӕма дзӕбӕх кӕнунмӕ Канадамӕ ӕрӕздахтан». Йеговӕ ӕнсувӕр Дженнингсӕн ӕма ӕ бийнойнагӕн ӕнхус кодта, цӕмӕй идарддӕр сӕ бон адтайдӕ лӕггадӕ кӕнун, кӕд уӕхӕн уӕззау фӕлварӕни бахаудтӕнцӕ, уӕддӕр.

17. Ӕнсувӕр Дженнингси хабар иннетӕн куд банхус кодта?

17 Ӕнсувӕр Дженнингс ӕ биографий ӕ уавӕри туххӕй уотӕ ’ргом ке радзурдта, е хъӕбӕр беретӕн банхус кодта. Еу хуӕрӕ ниффинста: «Херберд Дженнингси биографи мӕ зӕрдӕбӕл куд бамбалдӕй, уотӕ неци. Мессионерӕй ӕ лӕггадӕ ке ниууагъта ӕма е ’нӕнездзийнадӕмӕ уӕлдай ӕргом ке раздахта, е мӕнӕн дӕр банхус кодта, цӕмӕй мӕ уавӕртӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун райдӕдтайнӕ». Еу ӕнсувӕр ба загъта: «10 анзей дӕргъи лӕггадӕ кодтон хестӕр нӕлгоймагӕй. Фал гъигагӕн, психики хӕццӕ баст нези туххӕй мӕ бон нӕбал адтӕй, берӕ ке уарзтон, еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун. Мӕхемӕ уотӕ ӕнӕпайда кастӕн, ӕма нӕ журналти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти биографити ку фӕккӕсинӕ, куд ӕнтӕстгун ӕнцӕ, уой, уӕд мӕ мӕ къохтӕ ӕруадзунмӕ берӕ нӕбал фӕгъгъӕуидӕ. Фал ӕнсувӕр Дженнингс куд федар разиндтӕй, уой ку бакастӕн, уӕд мӕхе нифс дӕр бафедар ӕй». Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, ӕнӕнгъӕлти ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд дӕр нӕ бон ке фӕууй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун. Кӕд алли хатт нӕ царди, мах куд фӕффӕндуй, алци уотӕ нӕ рауайуй, уӕддӕр нӕ бон ӕй не ’ууӕндундзийнадӕй ӕма нӕ федардзийнадӕй иннетӕн фӕнзуйнаг ун (1 Пет. 5:9).

Ӕнӕнгъӕлти ести зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлгӕй нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд имӕ еци зиндзийнӕдти фӕрци фӕххӕстӕгдӕр уодзиан (кӕсӕ 18 абзац)

18. Нигерий седзӕргӕс хуӕри хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Кӕсӕ ма кӕнгӕ хузӕмӕ.)

18 Коронавируси пандемийи хузӕн бӕллӕхтӕ ку ’рцӕунцӕ, уӕд Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ. Ӕркӕсӕн Нигерий еу седзӕргӕс хуӕри хабармӕ. Еу сӕумӕ ’й ӕ кизгӕ бафарста, пириндзӕй ма сӕмӕ ци къохидзаг байзадӕй, уой ку бахуӕронцӕ, уӕд идарддӕр ци кӕндзӕнцӕ. Мадӕ ин загъта, нӕдӕр сӕмӕ ӕхца, нӕдӕр хуӕруйнаг ке нӕбал ес, фал сӕ бон ке ӕй Сарепти идӕдзӕ силгоймаги бафӕнзун, ӕма сӕмӕ ци байзадӕй уомӕй хуӕруйнаг искӕнун, идарддӕр ба сӕ нифс Йеговӕбӕл дарун (1 Пад. 17:8–16). Рӕфтадӕн ци искӕндзӕнцӕ, уобӕл сагъӕс дӕр нӕма ракодтонцӕ, уотемӕй син хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ гуманитарон ӕнхус ӕрбарвистонцӕ. Ӕма син е дууӕ къуӕремӕй фулдӕри фагӕ иссӕй. Хуӕрӕ куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ’й ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕй, ӕ кизгӕн ци дзоруй, уомӕ Йеговӕ уотӕ лӕмбунӕг ке игъосуй. Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд ӕнӕнгъӕлти ести зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлгӕй ӕ хӕццӕ никки хӕстӕгдӕр исуодзиан (1 Пет. 5:6, 7).

19. Ӕнсувӕр Алексей Ершов цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй?

19 Фӕстаг ӕнзти рӕстӕг нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕнӕнгъӕлти хъӕбӕр берӕ ӕфхуӕрд баййафтонцӕ. Ӕркӕсӕн Уӕрӕсей еу ӕнсувӕр Алексей Ершови хабармӕ. Е донаргъуд райста 1994 анзи. Еци рӕстӕг ма, зӕгъӕн ес, Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕ бон адтӕй сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнун. Фал фӕстӕдӕр Уӕрӕсей уавӕр раййивта. 2020 анзи ин ӕ хӕдзарӕмӕ ӕрбампурстонцӕ, бадеголӕ ’й кодтонцӕ ӕма ин ӕ дзаумӕуттӕй цидӕртӕ байстонцӕ. Цалдӕр мӕйей фӕсте ӕй хецауадӕ фудгъуддӕгти фӕффудгин кодта. Расагъӕс кӕнай: ӕнсувӕри фӕффудгин кӕнунмӕ хецауадӕ испайда кодтонцӕ, не ’нсувӕр анзӕй фулдӕр Библи ке хӕццӕ ахур кодта, еци нӕлгоймаг сосӕггай ке фӕййиста, еци видеотӕй. Ци цъамар разиндтӕй!

20. Ӕнсувӕр Алексей Ершов куд архайуй, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕна?

20 Уӕхӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлгӕй Алексей нӕ басастӕй, фал ма Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр иссӕй. Алексей загъта: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ Йеговӕмӕ арӕхдӕр ковун райдӕдтан. Ӕз ӕй лӕдӕрун, ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй аци уавӕри мӕ бон ке не ’суодзӕй бафӕразун». Уой фӕсте ба загъта: «Устур ӕнхус ма мин ӕй, Библи ке фертасун, е дӕр. Рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕбӕл фӕссагъӕс кӕнун. Библий финст хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, ӕцӕгӕйдӕр куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн».

21. Аци статья нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй?

21 Аци статья нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Сайтани фуддуйней цӕргӕй, гӕнӕн ес, ӕма нӕ уавӕртӕ ӕвваст феййевонцӕ. Фал Йеговӕ алкӕддӕр банхус кӕнуй, ӕ зӕрдӕ ибӕл ка даруй, уонӕн. Нӕ статьяй сӕйраг стихи куд загъд адтӕй, уомӕ гӕсгӕ «берӕ мӕститӕ ес рӕстгӕнӕгӕн, фал ӕй Йеговӕ се ’гасемӕйдӕр фӕййервӕзун кӕнуй» (Пс. 34:19). Гъӕйдӕ мадта идарддӕр дӕр не ’ргом ӕздахӕн нӕ зиндзийнӕдтӕмӕ нӕ, фал нин Йеговӕ ци хъаурӕ дӕттуй, уомӕ. Ӕма гъе уӕд мах бон дӕр уодзӕй апостол Павели хузӕн зӕгъун: «Алцидӕр мӕ бон ӕй, хъаурӕ мин ка дӕттуй, уой фӕрци» (Фил. 4:13).

38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй

a Аци дуйней хатгай ӕнӕнгъӕлти цидӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн. Фал нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, уони ке некӕд ниууадздзӕй. Цума рагидзаманти ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кодта ӕма нин нӕ рӕстӕги куд ӕнхус кӕнуй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн Библий ӕма нӕ рӕстӕгӕй цалдӕр хабаремӕ. Уой фӕрци никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан, Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд мах дӕр ке нӕ ниууадздзӕй.