Гъуди ма ’й кӕнис?
Аци анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» ци статьятӕ адтӕй, уони лӕмбунӕг кастӕ? Цума дӕ бон исуодзӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп раттун?
Ци нисан кӕнунцӕ дзурдтӕ, «уӕ зунд нӕуӕг кӕнтӕ», зӕгъгӕ? (Ром. 12:2).
Уотид хуарз гъуддӕгтӕ кӕнун фагӕ нӕй. Гъӕуама нӕхемӕ арфдӕр никкӕсӕн ӕма нӕ зӕрди къумтӕмӕ дзӕбӕх базелӕн, цӕмӕй нин никки хуӕздӕр уайа Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (w23.01, 8, 9 фф.).
Нӕ бон куд ӕй, дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун?
Дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕмӕ лӕмбунӕг кӕсӕн, уомӕн ӕма нӕ фӕндуй лӕдӕрун, Библий пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой. Фал ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй хабӕрттӕ нӕхуӕдтӕ куд лӕдӕрӕн, уой ма дзорӕн. Уотемӕй ӕмбурди еудзийнадӕ багъӕуай кӕндзиан. Хуӕздӕр уайдӕ, Йегови организаци ци публикацитӕ рауадзуй, уоми ци финст ес, уомӕ ӕргом ӕздахун (1 Кор. 1:10) (w23.02, 16 ф.).
Киристей донаргъуд ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугути донаргъуд цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?
Киристей ӕхе нивонд кӕнун нӕ гъудӕй, уомӕн ӕма, Йеговӕн нивондгонд ка адтӕй, еци адӕни астӕу райгурдӕй. Уой нӕ гъудӕй ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл фӕсмон кӕнун кенӕ Хуцауӕй корун, цӕмӕй ин ӕ рази кӕдзос цӕсгон адтайдӕ, уомӕн ӕма адтӕй ӕнхӕст, ӕнӕтӕрегъӕд адӕймаг (w23.03, 5 ф.).
Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фулдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фадуат уа дзуапп раттунмӕ?
Дзуапп дӕттӕ цубуртӕй ӕма ӕгӕр берӕ гъудитӕ ма дзорӕ, цӕмӕй фулдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ бон уа дзуапп раттун. Абзац кӕрӕй-кӕронмӕ ку радзорай, уӕд иннетӕ ци зӕгъонцӕ, е нӕбал уодзӕй (w23.04, 23 ф.).
Исаййи 35:8 цӕхуӕн «Сугъдӕг нади» туххӕй дзурд цӕуй?
Уотӕ рахӕсгӕ хузи хуннуй, дзиуиттӕгтӕ Вавилонӕй ци надбӕл цудӕнцӕ, е. Нӕ рӕстӕги «Сугъдӕг нади» туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? 1919 анзӕй цалдӕр ӕноси раздӕр Йеговӕ еци над цӕттӕ кӕнун райдӕдта. Зӕгъӕн, ка ’й нимадта, еци нӕлгоймӕгтӕ Библи тӕлмац ӕма мухур кодтонцӕ. Абони Хуцауи адӕн рахӕсгӕ хузи цӕрунцӕ дзенети ӕма «Сугъдӕг надбӕл» цӕунцӕ, ӕма сӕ еци «над» ӕркӕндзӕй Хуцауи Паддзахади арфӕдзийнӕдтӕмӕ (w23.05, 15–19 фф.).
Ӕмбесӕндти 9 сӕри цӕхуӕн дууӕ силгоймагей туххӕй дзурд цӕуй?
Сӕ еу ӕй «ӕнӕзунд силгоймаг». Иуазӕгуати имӕ ка бацӕуй, етӕ «ингӕни» равзурунцӕ. Иннӕ силгоймаг ба ӕй «ӕцӕг зунд». Е ба адӕни хонуй, цӕмӕй цӕуонцӕ «лӕдӕргӕдзийнади надбӕл» ӕма цӕронцӕ (Ӕмб. 9:1, 6, 13, 18) (w23.06, 22–24 фф.).
Йеговӕ Лотӕн куд исдзуапп кодта, уомӕй ӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ куд рабӕрӕг ӕнцӕ?
Йеговӕ Лотӕн загъта, цӕмӕй Содомӕй хуӕнхтӕмӕ ледза. Фал ин Лот ку ниллигъстӕ кодта, цӕмӕй ӕй Сигормӕ ледзун бауадза, уӕд ӕй Йеговӕ бауагъта (w23.07, 21 ф.).
Уоси бон ци ӕй кӕнун, ӕ лӕг порнографимӕ ку кӕса, уӕд?
Гъӕуама ӕхе ма фудгин кӕна, фал е ’ргом раздаха, Йегови хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕ ӕма сагъӕс кӕна, рагидзаманти зин уавӕри ка адтӕй ӕма Хуцау уодӕнцойнӕ кӕмӕн равардта, уӕхӕн силгоймӕгти хабӕрттӕбӕл. Удта ма уоси бон ӕй ӕ лӕгӕн ӕнхус ӕнхус кӕнун, цӕмӕй ӕхе гъӕуай кӕна, фӕррӕдуйунӕй ин тӕссаг кӕми уодзӕй, уӕхӕн уавӕртӕй (w23.08, 14–17 фф.).
Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй алке хӕццӕ дӕр фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорӕн?
Адӕймаг дӕ естӕбӕл ку фӕрса, уӕд уомӕ уӕхӕн цӕстӕй ма кӕсӕ, цума ’й дӕу кенӕ дӕ дини нихмӕ ести зӕгъун фӕндуй, фал байархайӕ, цӕмӕй балӕдӕрай, адӕймаги ӕцӕгӕй ци тухсун кӕнуй, уой. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй, фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзуапп дӕттун (w23.09, 17 ф.).
Марийӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
Марийӕ ку базудта, Мессийи мадӕ ке исуодзӕй, уой, уӕд иннетӕй ӕнхус ракурдта. Изӕд Гавриил ӕма ’й Елизаветӕ Финстади фӕрци бафедар кодтонцӕ. Мах бон дӕр ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ӕнхус корун (w23.10, 15 ф.).
Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд раттуй?
Хуцау нин зӕрдӕ байвардта, нӕ кувдтитӕмӕ нин ке игъосдзӕй, удта ӕ гъос даруй, нӕ кувдтитӕ ӕ фӕндони хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уомӕ (Йер. 29:12). Йеговӕ ӕмхузӕн кувдтитӕбӕл алкӕд ӕмхузӕн не ’сдзуапп кӕнуй, фал нин зӕрдӕ ӕвӕруй, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ке уодзӕй (w23.11, 21, 22 фф.).
Ромӕгтӕмӕ 5:2 финст ӕй, киристӕнттӕн «нифс» ке ес, фал ма 4 стихи, уотӕ финст цӕмӕн ӕй, ӕма адӕймагӕн «фӕззиндзӕй нифс», зӕгъгӕ?
Адӕймаг хуарз хабар ку фегъосуй, уӕд ин фӕззиннуй нифс, ӕносмӕ дзенети ке цӕрдзӕй. Фал зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлуй, сӕ сӕрти ку рахезуй ӕма ’й ку фӕууинуй, Хуцау си арази ке ӕй, уӕд ин ци нифс ес, е никки федардӕр исуй ӕма ин хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдайуй (w23.12, 12, 13 фф.).