Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ниуӕзтӕмӕ дин Хуцауи цӕстингас ес?

Ниуӕзтӕмӕ дин Хуцауи цӕстингас ес?

ЙЕГОВӔ нин берӕ аллихузи лӕвӕрттӕ искодта. Ӕма еци лӕвӕрттӕй куд пайда кӕндзиан, уой лух кӕнун нӕхе бон ке ӕй, уой туххӕй си хъӕбӕр боз ан. Еци лӕвӕрттӕй сӕ еу ӕй – сӕнӕ. Библий ма уотӕ финст дӕр ес: «Дзол игъӕлдзӕг кӕнуй косӕг лӕги зӕрдӕ, сӕнӕ дӕттуй цийнӕдзийнадӕ» (Еккл. 10:19; Пс. 104:15). Фал, ӕвӕдзи, ду дӕр зонис, ниуӕзтӕй бӕрцӕ ка нӕ зонуй, уӕхӕн адӕни. Уомӕй уӕлдай ма алли бӕстӕ ӕма алли адӕнихатт дӕр ниуӕзтӕмӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй кӕсунцӕ. Мадта уӕд киристонӕн ба уомӕ цӕхуӕн цӕстингас гъӕуама уа?

Унаффӕ хӕсгӕй мах фӕндуй, нӕ алливарс адӕни гъудимӕ гӕсгӕ нӕ, фал Хуцауи гъудимӕ гӕсгӕ архайун. Мах ӕй зонӕн, Хуцауи зӕрдӕ нин ӕрмӕстдӕр хуарз ке зӕгъуй.

Аци дуйней адӕн арӕх ӕма берӕ фӕнниуазунцӕ. Еуети уотемӕй фӕффӕндуй сӕ фӕллад исуадзун. Иннети ба сӕ зиндзийнӕдтӕ феронх кӕнун. Кӕмидӕрти ба адӕймаг берӕ ку ниуаза, уӕд сӕмӕ е кадгин фӕккӕсуй кенӕ ба уой лӕгдзийнадӕбӕл фӕннимайунцӕ.

Фал киристӕнттӕ сӕ уарзӕгой Сфӕлдесӕги унаффитӕмӕ игъосунцӕ. Е нин загъта, фурниуӕзт цӕхуӕн лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнуй, уой. Уой туххӕй хуарз финст ӕй Ӕмбесӕндти 23:29–35 стихти a. Европӕй еу хестӕр нӕлгоймаг радзурдта, ӕ цард цӕхуӕн адтӕй, Йегови ку нӕма зудта, уӕд. Е зӕгъуй: «Раздӕр ниуӕзтӕбӕл ӕгӕр баст адтӕн. Уой туххӕй арӕх ӕнӕзунд миутӕ фӕккӕнинӕ. Хъӕбӕр берӕ рист ӕма маст бавзурстон, ӕма еци риститӕй кӕцидӕртӕ нур дӕр нӕма исдзӕбӕх ӕнцӕ».

Цума киристӕнтти бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фурниуӕзт кӕнуни скъӕппӕги ма бахауонцӕ? Уой туххӕй гъӕуама унаффитӕ хӕсгӕй еци гъуддагмӕ Хуцауи цӕстӕй кӕсонцӕ.

Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библий ниуӕзти туххӕй ци финст ес, уомӕ ӕма еуӕй-еуетӕ ниуӕзтӕбӕл ӕхцул цӕмӕн фӕуунцӕ, уомӕ.

БИБЛИЙ НИУӔЗТИ ТУХХӔЙ ЦИ ФИНСТ ЕС?

Хуцауи Дзурди уотӕ финст некӕми ес, ӕма ниуазун ӕппундӕр не ’нгъезуй. Фал си гъӕуама адӕймаг бӕрцӕ зона. Уоми финст ӕй: «Адгинӕй хуӕрӕ дӕ къӕбӕр ӕма игъӕлдзӕгзӕрдӕй ниуазӕ сӕнӕ» (Еккл. 9:7). Киристе ӕма Хуцауи иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр еуӕй-еухатт сӕнӕ ниуазтонцӕ (Матф. 26:27–29; Лук. 7:34; 1 Тим. 5:23).

Хуцауи Дзурд ниуӕзти нихмӕ нӕй, фал нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсуй: «Уӕхе сӕнӕй ма ниррасуг кӕнтӕ» (Еф. 5:18). Уотӕ дӕр ма си загъд ес: «Расуггӕнгутӕ... Хуцауи Паддзахадӕ бунӕн нӕ райсдзӕнцӕ» (1 Кор. 6:10). Йеговӕ нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй нӕхе гъӕуай кӕнӕн фудниуӕзт ӕма расуг кӕнунӕй. Уомӕ гӕсгӕ нӕ алливарс адӕнмӕ ниуӕзти фӕдбӕл ци ӕгъдӕуттӕ ес, уонӕмӕ гъӕуама ма кӕсӕн. Ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ унаффитӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн.

Еуӕй-еуетӕ кӕд берӕ баниуазунцӕ, уӕддӕр сӕбӕл бӕрӕг ба неци фӕууй. Фал е тӕссаг ӕй. Библий финст ӕй, адӕймаг ниуӕзтӕбӕл ӕхцул ку уа, уӕд ӕй е, гӕнӕн ес, ӕма рӕдуд къахдзӕфмӕ ӕркӕна кенӕ ма ин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уой дӕр фесафа (Тит. 2:3; Ӕмб. 20:1). Киристе загъта, нӕ зӕрдитӕ «фурниуӕзтӕй... ку ӕруӕззау уонцӕ», уӕд нӕ бон ке не ’суодзӕй Хуцауи нӕуӕг дуйнемӕ бацӕун (Лук. 21:34–36). Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй ниуӕзтӕ арӕх лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнунцӕ. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци фӕстеугутӕй нӕхе багъӕуай кӕнӕн?

ЦӔМӔН, КӔД ӔМА ЦӔЙБӔРЦӔ ФӔННИУАЗИС, УОБӔЛ РАСАГЪӔС КӔНӔ

Алли адӕнихатмӕ дӕр ниуӕзти фӕдбӕл сӕхе ӕгъдӕуттӕ фӕууй. Ӕма унаффитӕ хӕсгӕй айдагъ еци ӕгъдӕуттӕмӕ ку кӕсӕн, уӕд е тӕссаг уодзӕй. Ци хуӕрӕн ӕма ци ниуазӕн, уой лух кӕнгӕй гъӕуама нӕ гъудий дарӕн, Йеговӕ ци гъуди кӕнуй, уой. Библий финст ӕй: «Хуӕргӕ кӕнайтӕ, ниуазгӕ кӕнайтӕ ӕви ӕндӕр ести,– алцидӕр кӕнтӕ Хуцауи кадӕн» (1 Кор. 10:31). Гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл ӕма Библий уагӕвӕрдтӕбӕл.

Иннетӕй хецӕн кӕнун мӕ ке нӕ фӕндуй, уой туххӕй ниуазун? Рацуди 23:2 нӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй адӕнӕн сӕ фулдӕрей фӕдбӕл ма цӕуӕн. Йегови нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй израилӕгтӕ фӕнзтайуонцӕ, ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ка кӕнуй, еци адӕни. Ӕма Йеговӕ абони дӕр ӕ гъуди нӕ раййивта. Ци унаффӕ равардта, е махмӕ дӕр хауй. Нӕ алливарс адӕн ниуӕзтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, е мах зундахастбӕл дӕр ку рабӕрӕг уа, уӕд сабургай Йеговӕй раидард уодзиан ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ нӕбал цӕрдзиан (Ром. 12:2).

Куд федар дӕн, уой бавдесун мӕ ке фӕндуй, уой туххӕй ниуазун? Еуӕй-еу адӕнихӕттитӕмӕ берӕ ниуазун лӕгъуз нӕй кенӕ ба ма кадгин дӕр фӕууй (1 Пет. 4:3). Фал дӕ гъос ӕрдарай, 1 Коринфӕгтӕмӕ 16:13 ци финст ес, уомӕ: «Ма бафунӕй уотӕ, ӕууӕндундзийнади федар лӕууетӕ, уотӕ нифсхаст ӕма федар». Цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ниуӕзти фӕрци адӕймаг ӕцӕг хъаурӕгин исуй? Ниуӕзтӕ адӕймаги нигъгъӕла кӕнунцӕ ӕма ӕ бон нӕбал фӕууй рӕстмӕ сагъӕс кӕнун. Мадта берӕ ка ниуазуй, етӕ хъаурӕгин нӕ, фал ходӕг ӕма ӕнӕзунд адӕни хузӕн фӕуунцӕ. Исаййи 28:7 уӕхӕн адӕни туххӕй финст ӕй, зӕгъгӕ, дан, сӕ надӕй радзӕгъӕл унцӕ ӕма сӕ бон нӕбал фӕууй рӕстмӕ сагъӕс кӕнун.

Ӕцӕг хъаурӕ Йеговӕ дӕттуй (Пс. 18:32). Е нин раттуй хъауритӕ, цӕмӕй нӕ бон уа, раст ци ӕй, уой кӕнун. Мах архайӕн, цӕмӕй тӕссаг уавӕртӕй нӕхе хезӕн ӕма ци унаффитӕ хӕссӕн, уонӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Уомӕй нин Киристе фӕнзуйнаг ӕй. Е ӕцӕг хъаурӕгин адӕймаг адтӕй, уомӕн ӕма Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цардӕй ӕма, адӕн ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕй нӕ тарстӕй.

Мӕ зиндзийнӕдтӕ феронх кӕнун мӕ ке фӕндуй, уой туххӕй ниуазун? Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Тухст сагъӕстӕ мин ӕнцойнӕ ку нӕбал лӕвардтонцӕ, уӕд мин дӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ рӕвдудтонцӕ мӕ уод» (Пс. 94:19). Кӕд нур зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис, уӕд уодӕнцойнӕ Йеговӕмӕ агорӕ, ниуӕзти нӕ, фал. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма ку баниуазай, уӕд ди дӕ зиндзийнӕдтӕ феронх уодзӕнцӕ. Цӕмӕй ӕгӕр ма тухсай, уой туххӕй арӕхдӕр ковӕ. Дӕ бон ма ӕй, ци дӕ тухсун кӕнуй, уой фӕлтӕрдгун хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрӕн радзорун. Етӕ дин хуарз унаффӕ ратдзӕнцӕ. Адӕймаг ӕ зиндзийнӕдтӕ феронх кӕнуни туххӕй ку ниуаза, уӕд ӕй, гӕнӕн ес, ӕма раст ци ӕй, уой кӕнун фӕндгӕ дӕр нӕбал кӕндзӕй ӕма имӕ тӕрегъӕди хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъауритӕ дӕр нӕбал уодзӕй (Оси 4:11). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Дэниел зӕгъуй: «Ӕдзох фӕттухсинӕ ӕма мӕ мӕ цӕсгон хуардта. Цӕмӕй еци рист ма лӕдӕрон, уой туххӕй ниуазтон, фал уомӕй уавӕр фуддӕр кодта. Ӕмбӕлттӕ дӕр мин нӕбал адтӕй ӕма мӕхемӕ нецӕййаг кӕсун райдӕдтон». Дэнилӕн ци банхус кодта? Е зӕгъуй: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн: цӕмӕй мӕ зиндзийнӕдтӕй фӕййервӕзон, уой туххӕй мӕ Йегови ӕнхус гъӕуй, ниуӕзтӕ нӕ, фал. Ӕма Йегови фӕрци мӕ зиндзийнӕдтӕбӕл фӕууӕлахез дӕн, кӕд уомӕн рӕстӕг багъудӕй, уӕд дӕр». Мах ӕй федарӕй зонӕн: Йеговӕ нин алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй банхус кӕнунмӕ, сауӕнгӕ ма нӕмӕ уотӕ ку фӕккӕсуй, ӕма нин неке бон ӕй банхус кӕнун (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7).

Кӕд карз ниуӕзтӕ фӕнниуазис, уӕд расагъӕс кӕнӕ: ӕгӕр арӕх ӕма берӕ нӕ фӕнниуазун? Цӕмӕй уой балӕдӕрай, уой туххӕй расагъӕс кӕнӕ аци фарстатӕбӕл: «Цӕйбӕрцӕ кенӕ куд арӕх фӕнниуазун, уой туххӕй мин мӕ бийнонтӕ кенӕ ме ’мбӕлттӕ неци фӕдздзорунцӕ?» Кӕд гъо, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма тӕссаг надбӕл цӕуис, кӕд ӕй дӕхуӕдӕг нӕ лӕдӕрис, уӕд дӕр, ӕма дӕ цидӕр раййевун ке гъӕуй. «Раздӕр цӕйбӕрцӕ ниуазтон, нур уомӕй фулдӕр ниуазун райдӕдтон?» Кӕд гъо, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ниуӕзтӕбӕл ахур кӕнун райдӕдтай. «Мӕ бон ӕй цалдӕр бони кенӕ фулдӕр ӕнӕ ниуӕзтӕй бабухсун?» Кӕд нӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ниуӕзтӕбӕл ӕгӕр райахур дӕ кенӕ ба ибӕл фӕццӕфстӕ. Уӕхӕн уавӕри дӕ, ка ’й зонуй, дохтирти ӕнхус дӕр багъӕудзӕй.

Ниуӕзтӕ ци лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнунцӕ, уой зонгӕй киристӕнттӕй беретӕ унаффӕ рахастонцӕ, карз ниуӕзтӕ ӕппундӕр ке нӕ ниууадздзӕнцӕ, иннетӕн ба карз ниуӕзти адӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй, ӕма уой туххӕй нӕ ниуазунцӕ. Де ’мбӕлттӕй еске уӕхӕн унаффӕ ку рахӕсса, уӕд хӕларзӕрдӕ уо ӕма ин ӕ гъуди нимайӕ.

Ка ’й зонуй, дӕ бафӕнддзӕй дӕхецӕн арӕнтӕ искӕнун, цӕйбӕрцӕ ӕма куд арӕх ниуаздзӕнӕ, уомӕн. Кадӕр фӕнниуазуй къуӕремӕ еу хатт, кадӕр ба еу минкъий хуӕрди рӕстӕг. Иннетӕ ба сӕхецӕн ниллух кодтонцӕ, цӕхуӕн ниуӕзтӕ ниуаздзӕнцӕ, цӕхуӕн ба – нӕ. Зӕгъӕн, кадӕр унаффӕ рахаста, еу минкъий сӕнӕ кенӕ бӕгӕни ке ниуаздзӕй, фал карз ниуӕзтӕ ӕма коктейльтӕ ба – нӕ. Адӕймаг ӕхецӕн бӕлвурд арӕнтӕ ку искӕна, уӕд ин еци арӕнтӕмӕ гӕсгӕ ӕнцондӕр архайӕн уодзӕй. Фӕлтӕрдгун киристон нӕ тухсдзӕй, ци унаффӕ рахаста, уой туххӕй иннетӕ ци рагъуди кӕндзӕнцӕ, уобӕл.

Нӕ зӕрдӕбӕл ма никкидӕр ци гъӕуама дарӕн? Ромӕгтӕмӕ 14:21 уӕхӕн гъуди финст ес: «Де ’нсувӕрӕн къахкъуӕрӕн исуни бӕсти фид дӕр ма хуӕрӕ, сӕнӕ дӕр ма ниуазӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн ести дӕр ма кӕнӕ». Дӕ бон куд ӕй аци унаффӕй испайда кӕнун? Де ’нсувӕрти уарзӕ. Ку зонай, ӕма кӕмӕндӕр ниуӕзтӕ къахкъуӕрӕн ӕй, уӕд дӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй ӕ рази ма ниуазай. Уотемӕй ӕй бавдесдзӕнӕ, инней пайдабӕл дӕхе пайдайӕй фулдӕр ке сагъӕс кӕнис (1 Кор. 10:24).

Уомӕй уӕлдай ма киристӕнттӕ ци бӕсти фӕццӕрунцӕ, еци бӕсти закъӕнттӕ фӕннимайунцӕ. Арӕхдӕр хецауадӕ ниуӕзти фӕдбӕл цӕхуӕндӕр закъӕнттӕ ӕрфедар кӕнуй. Зӕгъӕн, закъони ниффинсунцӕ, ниуазун ци карӕй фӕстӕмӕ ’нгъезуй, уой. Кенӕ ба ниффинсунцӕ, адӕймаг ку баниуаза, уӕд ӕ бон ке нӕй машинӕ ’скъӕрун кенӕ техники хӕццӕ архайун (Ром. 13:1–5).

Йеговӕ нин уой барӕ равардта, цӕмӕй нӕхуӕдтӕ скъуддзаг кӕнӕн, ци лӕвӕрттӕ нин искодта, уонӕй куд пайда кӕндзиан, уой. Уомӕ хауй, равзаруни барӕ нин ке ес, е дӕр, зӕгъӕн, ци ниуаздзиан кенӕ ци хуӕрдзиан. Гъӕйдӕ мадта, еци сӕребарӕдзийнадӕй уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ ма ресун кӕнӕн.

a Америки Еугонд Штатти еу медицинон организаци куд зӕгъуй, уотемӕй адӕймаг еу хатт дӕр берӕ ку баниуаза, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма ’й е уомӕ ӕркӕна, ӕма еске рамардзӕй, ӕхе рамардзӕй, ескӕмӕн тухмиуӕ бакӕндзӕй, ӕ цардӕмбалӕн фудмиутӕ бакӕндзӕй, еске хӕццӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕй ӕма ибӕл ести нез фӕццӕфсдзӕй кенӕ ба уӕззау силгоймагӕн ӕ сувӕллон ести кӕндзӕй.