51 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ци нифс нин ес, е ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст уодзӕй
«[Адӕймаг] еци нифсӕй... фудӕнгъӕл нӕ фӕууодзӕй» (РОМ. 5:5).
142 ЗАР Нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн
РАЗДЗУРД a
1. Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, Авраам ӕ нифсӕй ке нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй?
ЙЕГОВӔ е ’мбал Авраамӕн зӕрдӕ байвардта, ӕ байзӕддаги фӕрци зӕнхӕбӕл ӕгас адӕн дӕр арфӕгонд ке ӕрцӕудзӕнцӕ (Райд. 15:5; 22:18). Хуцау еци зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл Авраам ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, уомӕн ӕма имӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ адтӕй. Фал рӕстӕг цудӕй, Авраамбӕл 100 анзи исӕнхӕст ӕй, ӕ бийнойнаг Саррӕбӕл ба – 90 анзи, фал син фурт ба нӕма адтӕй (Райд. 21:1–7). Фал уӕддӕр Библий финст ӕй: «Авраами нифс адтӕй ӕма ӕууӕндтӕй, берӕ адӕнти фидӕ ке исуодзӕй» (Ром. 4:18). Мах ӕй зонӕн, Авраам ӕ нифс цӕбӕл дардта, е ӕцӕгӕйдӕр ке исӕнхӕст ӕй. Ра ин игурдӕй, хъӕбӕр кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, еци фурт – Исак. Цума ӕ нифс уотӕ федар цӕй фӕрци адтӕй?
2. Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл Авраам федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй?
2 Авраам Йегови хуарз зудта, ӕма ибӕл уомӕ гӕсгӕ нӕ гурусхӕ кодта, ӕ зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст кӕндзӕй (Ром. 4:21). Уӕхӕн федар ӕууӕндундзийнадӕ имӕ ке адтӕй, уой фӕрци си Йеговӕ арази адтӕй ӕма ’й рӕстгӕнӕгбӕл нимадта (Иак. 2:23). Ромӕгтӕмӕ 4:18 финст дзурдтӕй куд зиннуй, уотемӕй Аврааммӕ нифс дӕр адтӕй ӕма ’ууӕндундзийнадӕ дӕр. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Ромӕгтӕмӕ 5 сӕри апостол Павел нифси туххӕй ци загъта, уомӕ.
3. Павели дзурдтӕй нифси туххӕй ци ес базонӕн?
3 Павел балӕдӕрун кодта, нӕ нифсӕй цӕмӕннӕ фӕффудӕнгъӕл уодзиан, уой (Ром. 5:5). Уомӕй уӕлдай ма нин лӕдӕрун кӕнуй, нӕ бон ке ӕй нӕ нифс федарӕй-федардӕр кӕнун. Уомӕн куд ес гӕнӕн, уой туххӕй финст ӕй Ромӕгтӕмӕ 5:1–5 стихмӕ. Аци стихтӕбӕл ку дзубанди кӕнӕн, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ, киристон надбӕл ку ӕрлӕудтӕ, уӕд дӕ нифс федарӕй-федардӕр куд кодта, уой. Мах фӕууиндзиан, нӕ бон куд ӕй, ци нифс нин ес, уой никки федардӕр кӕнун. Фал бал фиццаг ӕркӕсӕн, Павел цӕхуӕн дессаги нифси кой кодта, уомӕ.
НӔ ДЕССАГИ НИФС
4. Ромӕгтӕмӕ 5:1, 2 дзурд цӕбӕл цӕуй?
4 Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:1, 2. Павел аци дзурдтӕ ниффинста Роми хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ. Етӕ Йегови ӕма Киристей ку базудтонцӕ, уӕд сӕбӕл баууӕндтӕнцӕ ӕма киристӕнттӕ иссӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ Хуцау рӕстгӕнгутӕбӕл банимадта ӕма сӕ сугъдӕг хъаурӕй байсарста. Уотемӕй син федар нифс фӕззиндтӕй, Хуцау ци хуӕрзеуӕгӕй зӕрдӕ байвардта, уомӕй ке исхайгин уодзӕнцӕ.
5. Исӕрст киристӕнттӕн цӕхуӕн нифс ес?
5 Фӕстӕдӕр Павел Ефеси цӕрӕг исӕрст киристӕнттӕмӕ сӕ нифси туххӕй ниффинста ӕма загъта, Хуцау син ке ратдзӕй, «сугъдӕгутӕн бунӕн ци дессаги гъӕздугдзийнӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта», уони (Еф. 1:18). Колосси киристӕнттӕмӕ ба Павел ниффинста, Хуцау син ци хуӕрзеуӕгӕй зӕрдӕ байвардта, уомӕй уӕлӕрвти ке исхайгин уодзӕнцӕ (Кол. 1:4, 5). Мадта исӕрст киристӕнттӕн нифс ес, уӕлӕрвти ӕносон цардмӕ ке райгас уодзӕнцӕ ӕма уоми Киристей хӕццӕ ке хецауеуӕг кӕндзӕнцӕ (1 Фес. 4:13–17; Рарг. 20:6).
6. Еу исӕрст ӕнсувӕр ӕ нифси туххӕй ци загъта?
6 Исӕрст киристӕнттӕ сӕ нифсӕн хъӕбӕр аргъ кӕнунцӕ. Уой туххӕй ӕнсувӕр Фредерик Френц уотӕ загъта: «Нӕ нифсӕй некӕд фӕффудӕнгъӕл уодзиан. Минкъий дзогӕмӕ ци 144 000 исӕрст киристони хаунцӕ, уонӕй алкӕмӕндӕр ӕ нифс исӕнхӕст уодзӕй. Ӕма еци нифс уодзӕй, мах куд ӕнгъӕл ан, уомӕй дзӕвгарӕ дессагдӕр». Аци дзурдтӕ ӕнсувӕр Френц загъта 1991 анзи. Уӕди уӕнгӕ Йеговӕн дӕсгай ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кодта. Е ма загъта: «Еци нифсӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, е ни иронх нӕй. [...] Куд фулдӕр имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уотӕ ин фулдӕр аргъ кӕнӕн. Еци нифс уой аргъ ӕй, цӕмӕй имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, сауӕнгӕ ма милиуангай ӕнзти дӕргъи ӕнгъӕлмӕ кӕсун ку багъӕуа, уӕддӕр. Нур еци нифсӕн куд хъӕбӕр аргъ кӕнун, уотӕ некӕдма».
7, 8. Нӕ фулдӕремӕн цӕхуӕн нифс ес? (Ромӕгтӕмӕ 8:20, 21).
7 Фал Йегови лӕггадгӕнгутӕй сӕ фулдӕремӕн ӕндӕр нифс ес. Еци нифс ӕй, Авраамӕн цӕхуӕн адтӕй, уӕхӕн – ӕносмӕ зӕнхӕбӕл Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ цӕрун (Дзиуит. 11:8–10, 13). Павел еци дессаги нифси туххӕй дӕр финста. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 8:20, 21.) Хуцау цӕхуӕн цардӕй нифс байвардта, уой фиццаг хатт ку фегъустай, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ фулдӕр ци фӕццудӕй? Ӕнхӕст ке исуодзиан ӕма нӕ зӕрдӕ лӕгъуз естӕмӕ дзоргӕ дӕр ке нӕбал кӕндзӕй? Кенӕ ба дӕ, ка ’й зонуй, деси бафтудта, ка рамардӕй, еци хеуӕнтти хӕццӕ нӕуӕгӕй ке фембӕлдзӕнӕ. Хуцау уӕхӕн дессаги цӕмӕйдӕрти зӕрдӕ ке байвардта, уой ку базудтай, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, еци цард ӕцӕгӕйдӕр уой аккаг ке ӕй, цӕмӕй имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсай.
8 Мах не ’гасдӕр федӕнмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕлдай си нӕййес зӕнхӕбӕл цӕруни нифс нин ес ӕви уӕлӕрвти. Ӕма нӕ бон ӕй еци нифс никки федардӕр кӕнун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уомӕн куд ес гӕнӕн, уой Павел куд балӕдӕрун кодта, уомӕ. Уой фӕрци федӕни зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан.
НӔ НИФС ФЕДАРДӔР ЦӔЙ ФӔРЦИ КӔНДЗӔЙ?
9, 10. Павели хабар киристӕнттӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? (Ромӕгтӕмӕ 5:3). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
9 Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:3. Павел куд загъта, уотемӕй фудӕвзарӕнти рӕстӕг нӕ нифс исфедар уй. Кӕмӕдӕр, ка ’й зонуй, аци гъуди фиццаг ӕнахур фӕккӕсдзӕй. Фал зиндзийнӕдтӕй хизт еунӕг киристон дӕр нӕ уодзӕй. Ӕркӕсӕн Павелӕн ӕхе хабармӕ. Фессалоники киристӕнттӕн уотӕ загъта: «Сумахмӕ ку адтан, уӕд дӕр уин рагацау дзурдтан, зиндзийнӕдтӕ нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, ӕма уотӕ ке рауадӕй, уой дӕр зонетӕ» (1 Фес. 3:4). Коринфи киристӕнттӕмӕ ба уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Уӕхӕн уӕззау уавӕри адтан, ӕма нӕмӕ хъауритӕ дӕр нӕбал адтӕй ӕма уодӕгасӕй ке байзайдзиан, уой ӕнгъӕл дӕр нӕбал адтан» (2 Кор. 1:8; 11:23–27).
10 Киристон надбӕл ка ӕрлӕууй, е аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй (2 Тим. 3:12). Дӕу ба цӕхуӕн зиндзийнӕдти сӕрти гъудӕй рахезун, Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ку исдӕ, уӕд? Ка ’й зонуй дӕбӕл дӕ хеуӕнттӕ кенӕ де ’мбӕлттӕ худтӕнцӕ кенӕ ба ма дӕ нихмӕ дӕр рацудӕнцӕ. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, кусти цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдтӕ, рӕстӕй архайун дӕ ке фӕндадтӕй, уой туххӕй (Дзиуит. 13:18). Кенӕ ма, гӕнӕн ес, дӕ нифси туххӕй иннетӕн ке дзорис, уой туххӕй хецауадӕй ӕфхуӕрд ӕййафис. Цийфӕнди фӕлварӕнтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ цийнӕ кӕнӕн. Уомӕн куд ес гӕнӕн?
11. Фӕлварӕнти рӕстӕг нӕ къохтӕ уадзун цӕмӕннӕ гъӕуй?
11 Нӕ бон ӕй цийнӕ кӕнун, уомӕн ӕма зиндзийнӕдти фӕрци нӕ уодигъӕди дессаги менеуӕг фӕззиннуй. Ромӕгтӕмӕ 5:3 финст ӕй: «Фудӕвзарӕнти адӕймаг исфедар уй». Зиндзийнӕдтӕбӕл еугур киристӕнттӕ дӕр исӕмбӕлдзӕнцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ федардзийнадӕ еугурейдӕр гъӕуй. Ӕрмӕстдӕр уой фӕрци исуодзӕй нӕ бон алцидӕр исфӕразун ӕма нӕ нифс куд исӕнхӕст уодзӕй, уой фӕууинун. Мах нӕ фӕндуй, доргун зӕнхӕмӕ ка ’рхаудтӕй, еци нӕмгути хузӕн ка ӕй, уӕхӕн адӕни хузӕн ун. Киристе сӕ кой ракодта ӕ фӕсномуг дзурди. Етӕ рӕстдзийнади дзурд уайтагъддӕр райсунцӕ, «фал фудӕвзарӕнти ку бахаунцӕ» кенӕ сӕ «ӕфхуӕрун ку райдайунцӕ», уӕд уайтагъд се ’ууӕндундзийнадӕ фесӕфуй (Матф. 13:5, 6, 20, 21). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ фӕдбӕл ку фӕззелунцӕ кенӕ нӕ ку фефхуӕрунцӕ, уӕд е ӕхцӕуӕн некӕмӕн фӕууй. Фал уӕхӕн уавӕрти федар ку фӕллӕууӕн, уӕд е пайда ӕрхӕссуй. Цӕхуӕн?
12. Фӕлварӕнтӕ цӕхуӕн пайда ӕрхӕссунцӕ?
12 Иаков балӕдӕрун кодта, фӕлварӕнтӕ цӕхуӕн пайда хӕссунцӕ, уой. Е ниффинста: «Уадзӕ, ӕма уӕ федардзийнадӕ ӕ куст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕйдӕр уайтӕ ӕнхӕст ӕма ӕнӕфау, ӕппундӕр уӕмӕ гъӕндзийнадӕ куд ма уа» (Иак. 1:2–4). Ами Иаков уотӕ зӕгъуй, цума федардзийнадӕн цӕхуӕндӕр ихӕс ес ӕма ’й гъӕуама исӕнхӕст кӕна. Цума еци ихӕс ци ӕй? Уой фӕрци нӕмӕ гъӕуама фӕззинна фӕразондзийнадӕ, удта гъӕуама Хуцаубӕл хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн. Фал ма си уомӕй уӕлдай, никкидӕр цидӕр ес.
13, 14. Фӕлварӕнти федар ку фӕллӕууӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕссуй? (Ромӕгтӕмӕ 5:4).
13 Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:4. Павел куд загъта, уотемӕй «федардзийнадӕ... ӕркӕнуй уомӕ, ӕма адӕймаг иссеруй Хуцауи хуарзӕнхӕ». Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йегови зӕрдӕмӕ цӕуй, фӕлварӕнтӕбӕл ке исӕмбӕлӕн, е? Е уотӕ нӕй. Фал Хуцаубӕл фӕлварӕнти рӕстӕг еузӕрдонӕй ку байзайӕн, уӕд ин ӕ зӕрдӕ барохс кӕнӕн. Гъе уотемӕй ин иссерӕн ӕ хуарзӕнхӕ. Куд федар ан, уой уингӕй ни Йеговӕ сӕрустур ке фӕууй, уой зонун нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй (Пс. 5:12).
14 Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн Авраами хабар. Е хъӕбӕр уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕй, фал еузӕрдонӕй байзадӕй. Уомӕ гӕсгӕ ’й Йеговӕ исхудта е ’мбал ӕма ’й рӕстгӕнӕгбӕл банимадта (Райд. 15:6; Ром. 4:13, 22). Ӕвӕдзи, дӕу дӕр фӕндадтайдӕ, цӕмӕй ди Хуцау уотӕ зӕгъа, ӕма уомӕн гӕнӕн ес. Е, цӕйбӕрцӕ лӕггадӕ кӕнӕн ӕма цӕхуӕн ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнӕн, уомӕй кӕнгӕ нӕй. Хуцауӕн ӕхсидзгӕдӕр ӕй, цӕмӕй ибӕл уӕззау фӕлварӕнти рӕстӕг еузӕрдон уӕн. Фӕлварӕнти рӕстӕг алке бон дӕр ӕй федар ун, ӕма си уӕлдай нӕййес, адӕймаг ци кари ӕй, цӕхуӕн искурдиӕдтӕ имӕ ес кенӕ цӕхуӕн уавӕрти ӕй, уомӕй. Аци рӕстӕг ести фӕлварӕнти сӕрти хезис? Кӕд гъо, уӕд ӕй зонӕ, Йеговӕ дин дӕ еузӕрдондзийнадӕ уинуй ӕма ди арази ӕй. Хуцау ни арази ке ӕй, уой ку фӕззонӕн, уӕд нӕ нифс никкидӕр бафедар уй, гъома хъӕбӕрдӕр баууӕндӕн, нифс нин цӕмӕй байвардта, е ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст уодзӕй.
ФӔЛВАРӔНТИ КА БАФЕДАР ӔЙ, ЕЦИ НИФС
15. Павел Ромӕгтӕмӕ 5:4, 5 ци загъта ӕма е, ка ’й зонуй, кӕмӕдӕр ӕнахур цӕмӕн фӕккӕсдзӕй?
15 Павел ӕй балӕдӕрун кодта, фӕлварӕнти рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ку байзайӕн, уӕд ин ӕ хуарзӕнхӕ ке иссердзиан. Дӕ гъос ӕрдарай, идарддӕр Павел ци загъта, уомӕ: «Адӕймаг... Хуцауи хуарзӕнхӕ ку иссеруй, уӕдта ин фӕззиннуй нифс, ӕма еци нифсӕй ба фудӕнгъӕл нӕ фӕууодзӕй» (Ром. 5:4, 5). Ка ’й зонуй, аци дзурдтӕ кӕмӕдӕр ӕнахур фӕккӕсдзӕнцӕ. Цӕмӕн? Уой размӕ Ромӕгтӕмӕ 5:2, Павел ромаг киристӕнттӕн загъта, ке син ес нифс – «Хуцау... [сӕ] ке искадгин кӕндзӕй, уой нифс». Ӕма син кӕд уӕдмӕ дӕр нифс адтӕй, уӕд ма Павел уой фӕсте уотӕ цӕмӕн зӕгъуй, адӕймагӕн фӕззиннуй нифс, зӕгъгӕ?
16. Балӕдӕрун кӕнӕ, нифс федарӕй-федардӕр куд фӕккӕнуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
16 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй рӕстӕг куд цӕуй, уотӕ нифс дӕр федардӕр кӕнуй. Уой нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд нин Павели дзурдтӕ балӕдӕрун ӕнцондӕр уодзӕй. Гъуди ма ’й кӕнис, фиццаг хатт ӕй куд фегъустай, зӕнхӕ дзенет ке исуодзӕй ӕма ӕносмӕ ке цӕрдзӕнӕ? Ӕвӕдзи загътай: «Бӕргӕ, алцидӕр уотӕ ку уайдӕ, фал уомӕн гӕнӕн нӕййес». Фал фӕстӕдӕр, Йегови ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куд хуӕздӕр зонгӕ цудтӕ, уотӕ сӕбӕл баууӕндтӕ ӕма балӕдӕрдтӕ, еци нифсӕн ӕцӕгӕйдӕр федар бундор ке ес.
17. Донаргъуди фӕсте дӕ нифс никки федардӕр цӕй фӕрци иссӕй?
17 Дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кодтай ӕма донаргъуд ку райстай, уой фӕсте дӕр дӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма дӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кодтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма фулдӕрӕй-фулдӕр ӕууӕндтӕ, ци нифс дин ес, е ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл (Дзиуит. 5:13–6:1). Ромӕгтӕмӕ 5:2–4 ци финст ес, уой, ӕвӕдзи, ду дӕр дӕхебӕл бавзурстай. Аллихузи фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбалдтӕ, фал сӕ сӕрти ку хизтӕ уӕд ӕй лӕдӕрдтӕ, Хуцау ди арази ке ӕй. Ду ӕй зонис, Хуцау дӕ берӕ ке уарзуй ӕма ибӕл уомӕ гӕсгӕ нӕ гурусхӕ кӕнис, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, уой ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Ӕма дин абони ци нифс ес, е дзӕвгарӕ федардӕр ӕй, райдайӕни дин ци нифс адтӕй, уомӕй. Нур ин никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнис. Уӕхӕн нифс дин ке ес, е фӕббӕрӕг ӕй дӕ царди алли фӕззелӕнбӕл дӕр: зӕгъӕн, дӕ бийнонти хӕццӕ куд дӕ, унаффитӕ куд фӕххӕссис ӕма ма сауӕнгӕ, рӕстӕгӕй куд фӕппайда кӕнис, уобӕл дӕр.
18. Йеговӕ куд балӕдӕрун кодта, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон ке ӕй?
18 Мадта ’й ку фӕззонӕн, Хуцау ни арази ке ӕй, уӕд нӕ нифс федардӕр фӕууй. Идарддӕр ба Павел загъта, еци нифс ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст уодзӕй. Уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «[Адӕймаг] еци нифсӕй... фудӕнгъӕл нӕ фӕууодзӕй, уомӕн ӕма, хайгин ци сугъдӕг хъаурӕй ан, уой фӕрци нӕ зӕрдитӕ Хуцауи уарзтӕй байдзаг ӕнцӕ» (Ром. 5:5). Аци дзурдти фӕрци нин Йеговӕ балӕдӕрун кодта: некӕд нӕ ниууадздзӕй ӕма нӕ некӕд фӕффудӕнгъӕл кӕндзӕй. Нӕ зӕрдӕ цӕбӕлдӕриддӕр дарӕн, е исӕнхӕст уодзӕй.
19. Федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕбӕл ӕй?
19 Авраамбӕл расагъӕс кӕнӕн. Е Хуцауи зӕрдӕвӕрд кӕд исӕнхӕст уодзӕй, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Хуцау си арази адтӕй ӕма ’й е ’мбалбӕл нимадта, ӕма Авраам нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй. Библий финст ӕй: «Хуцау Авраамӕн аци гъуддагӕй зӕрдӕ байвардта, е фӕразондзийнадӕ ку бавдиста, уӕд» (Дзиуит. 6:15; 11:9, 18; Ром. 4:20–22). Ӕма ’й Хуцау нӕ басайдта. Ду дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уай, уӕд ӕнӕмӕнгӕй дӕ хуӕрзеуӕгӕй исхайгин уодзӕнӕ. Дӕ нифс цӕбӕл дарис, е уотид аргъау нӕй. Дӕ зӕрдӕ уодзӕй цийнӕйдзаг, уомӕн ӕма дӕ нифс цӕбӕл дардтай, етӕ ӕгасӕйдӕр исӕнхӕст уодзӕнцӕ, нецӕмӕй фӕффудӕнгъӕл уодзӕнӕ (Ром. 12:12). Павел ниффинста: «Мадта уин нифсдӕттӕг Хуцау, уӕ зӕрдӕ ибӕл ке даретӕ, уомӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдитӕ байдзаг кӕнӕд цийнӕ ӕма фарнӕй, цӕмӕй Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци уӕ нифс федар уа» (Ром. 15:13).
139 ЗАР Кӕсай, нӕуӕг дуйне!
a Аци статьяй ӕркӕсдзиан, киристӕнттӕн федӕнӕй цӕхуӕн нифс ес, уомӕ. Удта ма радзубанди кӕндзиан, федарӕй цӕмӕн ӕууӕндунцӕ, сӕ нифсӕй ке нӕ фӕффудӕнгъӕл уодзӕнцӕ, уобӕл. Ромӕгтӕмӕ 5 сӕрмӕ лӕмбунӕгдӕр ку ’ркӕсӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, нӕ нифс, рӕстӕг куд цӕуй, уотӕ федарӕй-федардӕр куд кӕнуй.