Цӕмӕдесаг цау
Алкӕмӕндӕр тӕрегъӕд кӕнун зонӕ
Еухатт Нӕуӕг Зеландий хуӕрӕ бакастӕй видеороликмӕ «Заботьтесь друг о друге». Дзурд си цудӕй, Йеговӕ адӕнӕн айдагъ тӕрегъӕд ке нӕ кӕнуй, фал ма ’й е ке разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син ӕнхус кӕна (Ис. 63:7–9). Хуӕрӕ исфӕндӕ кодта, цӕмӕй ци базудта, уомӕй испайда кӕна ӕма гъуддагӕй ескӕмӕн банхус кӕна. Еци бон ӕлхӕнуйнӕгтӕмӕ ку цудӕй, уӕд ибӕл рамбалдӕй еу ӕнӕхӕдзарӕ силгоймаг. Хуӕрӕ загъта, ӕ бон ин ке ӕй хуӕрунмӕ ести балхӕнун. Ӕма силгоймаг дӕр исарази ӕй. Хуӕрӕ хуӕруйнӕгти хӕццӕ ку раздахтӕй, уӕд ин радзурдта, тагъд рӕстӕги цард ке фӕххуӕздӕр уодзӕй ӕма ин бавдиста буклет «Адӕми гъезӕмӕрттӕн кӕрон уодзӕй?».
Силгоймаг кӕун райдӕдта ӕма радзурдта Йегови Ӕвдесӕнти бийнонти ке исирӕзтӕй, фал берӕ ӕнзти размӕ рӕстдзийнадӕ ке ниууагъта. Ӕрӕги ба Йеговӕмӕ кувта ӕма ин лигъстӕ кодта, цӕмӕй ин фӕстӕмӕ раздӕхунмӕ банхус кӕна. Хуӕрӕ еци силгоймагӕн Библи равардта ӕма ӕ хӕццӕ Библий ахурбӕл бадзубанди кодта a.
Мах бон дӕр ӕй Йегови хузӕн иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун, фӕнди нӕ хеуӕнттӕ уонцӕ фӕнди ба – ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Уомӕй уӕлдай ма иннетӕн ку тӕрегъӕд кӕнӕн, уӕд фадуӕттӕ агордзиан, цӕмӕй син Библий зӕрдӕвӕрдти туххӕй радзорӕн.
a Ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕн фӕстӕмӕ раздӕхунмӕ банхус кӕнун дӕ бон куд ӕй, уой туххӕй кӕсӕ 2020 анзи июни «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Раздӕхетӕ мӕмӕ».