Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

52 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕригон хуӕртӕ, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуотӕ

Ӕригон хуӕртӕ, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуотӕ

«Силгоймӕгтӕ дӕр гъӕуама... алцӕмӕйдӕр бӕрцӕ зононцӕ, алли гъуддаги уонцӕ Хуцаубӕл еузӕрдон» (1 ТИМ. 3:11).

133 ЗАР Не ’ригон бонти Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн

РАЗДЗУРД a

1. Ци гъӕуй, цӕмӕй ни фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ рауайа?

 СУВӔЛЛӔНТТӔ куд тагъд ирӕзунцӕ, е дессаг ӕй. Ӕма сӕ уой туххӕй кӕнун дӕр неци фӕгъгъӕуй. Фал цӕмӕй адӕймаг фӕлтӕрдгун киристон исуа, уой туххӕй ба хъауритӕ ӕрӕвӕрун фӕгъгъӕуй (1 Кор. 13:11; Дзиуит. 6:1) b. Цӕмӕй е нӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн. Удта ма нӕ гъӕуй сугъдӕг хъаури ӕнхус дӕр. Ӕрмӕстдӕр уотемӕй исуодзӕй нӕ бон киристон менеугутӕ нӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун, царди нӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл исахур ун ӕма нин федӕни ци ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уонӕмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун (Ӕмб. 1:5).

2. Райдайӕни 1:27 финст дзурдтӕй нӕ бон ци ӕй базонун ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Йеговӕ сфӕлдиста нӕлгоймаги ӕма силгоймаги. (Бакӕсӕ Райдайӕн 1:27.) Айдагъ сӕ кондӕй нӕ, фал ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрти дӕр хецӕн кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, Йеговӕ си алкӕмӕндӕр фӕйнӕхузи ихӕстӕ бабарӕ кодта. Цӕмӕй еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун сӕ бон уа, уой туххӕй гъӕуама цӕхуӕндӕр менеугутӕ сӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнонцӕ ӕма цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл исахур уонцӕ (Райд. 2:18). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ӕригон хуӕртӕн сӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуонцӕ. Иннӕ статьяй ба радзубанди кӕндзиан, ӕригон ӕнсувӕрти бон ци ӕй кӕнун, уобӕл.

ХУЦАУИ ЗӔРДӔМӔ КА ЦӔУЙ, УӔХӔН МЕНЕУГУТӔ ДӔ УОДИГЪӔДИ ФЕДАР КӔНӔ

Ревеккӕ, Есфир ӕма Авигейи хузӕн еузӕрдон силгоймӕгти ку фӕнзай, уӕд исуодзӕнӕ фӕлтӕрдгун киристон силгоймаг (кӕсӕ 3 ӕма 4 абзацтӕ)

3, 4. Ӕригон хуӕрти бон кӕми ӕй иссерун, фӕнзуйнаг ка ӕй, уӕхӕн цӕветтонтӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

3 Библий финст ӕй, Йегови ка уарзта ӕма ин ка лӕггадӕ кодта, берӕ уӕхӕн силгоймӕгти хабӕрттӕ. Нӕ бон си ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун c. Уонӕмӕ адтӕй, аци статьяй сӕйраг стихи ци менеугути туххӕй финст ес, етӕ – алцӕмӕйдӕр бӕрцӕ зудтонцӕ ӕма алли гъуддаги дӕр адтӕнцӕ Хуцаубӕл еузӕрдон. Уомӕй уӕлдай ма ӕригон хуӕрти бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун се ’мбурди фӕлтӕрдгун хуӕртӕй.

4 Ӕригон хуӕртӕ, расагъӕс кӕнтӕ, фӕлтӕрдгун хуӕртӕй уӕ бон ке адтайдӕ фӕнзун. Ци хуарз менеугутӕ сӕмӕ ес, уонӕмӕ уе ’ргом раздахетӕ, уой фӕсте ба расагъӕс кӕнтӕ, уӕ бон сӕ куд адтайдӕ фӕнзун. Иннӕ абзацти радзубанди кӕндзиан ӕртӕ ӕхсидзгӕ менеуӕгебӕл. Ӕнӕ уонӕй уӕ бон не ’суодзӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исун.

5. Фӕлтӕрдгун хуӕрӕ сӕрниллӕг цӕмӕн гъӕуама уа?

5 Фӕлтӕрдгун киристон фӕууй сӕрниллӕг. Сӕрниллӕг хуӕрӕ, Йегови хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн фӕййаргъ кӕнуй ӕма иннети хӕццӕ фӕрнӕй фӕццӕруй (Иак. 4:6). Зӕгъӕн, Йегови ка уарзуй, уӕхӕн силгоймаг фӕййархайуй, 1 Коринфӕгтӕмӕ 11:3 Йеговӕ ци уагӕвӕрд ниффинсун кодта, уомӕ гӕсгӕ. Уоми Йеговӕ балӕдӕрун кодта, ӕмбурди дӕр ӕма бийнонти дӕр разамунд дӕттуни барӕ кӕмӕн равардта, уой d.

6. Ӕригон хуӕрти бон куд ӕй Ревеккӕй сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл исахур ун?

6 Ӕркӕсӕн Ревекки хабармӕ. Е цӕргӕ-цӕрӕнбонти адтӕй нифсхаст силгоймаг, удта ’й зудта, кӕми куд архайгӕ ’й, уой (Райд. 24:58; 27:5–17). Кӕд уотӕ адтӕй, уӕддӕр иннети гъуди фӕннимайидӕ ӕма фӕууидӕ коммӕгӕс (Райд. 24:17, 18, 65). Дӕу бон дӕр ӕй уӕхӕн сӕрниллӕг ун ӕма, Йеговӕ разамунд дӕттуни барӕ кӕмӕн равардта, уонӕмӕ игъосун. Гъе уӕд ӕмбурди дӕр ӕма бийнонти дӕр иннетӕн фӕнзуйнаг уодзӕнӕ.

7. Ӕригон хуӕрти бон куд ӕй Есфири хузӕн бонзонгӕ ун?

7 Иннӕ ӕхсидзгӕ менеуӕг ӕй бонзонгӕдзийнадӕ. Библий финст ӕй: «Зунд ба ес бонзонгитӕмӕ» (Ӕмб. 11:2). Ӕркӕсӕн Есфири хабармӕ. Е адтӕй бонзонгӕ ӕма ӕхецӕй ӕгӕр берӕ ӕнгъӕл н’ адтӕй, сауӕнгӕ ма паддзахуосӕ ку иссӕй, уӕд дӕр. Есфир ӕ хӕстӕг Мардохеййи унаффитӕмӕ фегъосидӕ (Есф. 2:10, 20, 22). Дӕу бон ба куд ӕй Есфири хузӕн архайун? Иннети хӕццӕ унаффӕ кӕнӕ ӕма дӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ, уомӕй пайда кӕнӕ (Тит. 2:3–5).

8. 1 Тимофеймӕ 2:9, 10 ци уагӕвӕрдтӕ финст ес, етӕ хуӕртӕн куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ бакаст уӕздан, ӕма киристон силгоймӕгтӕн куд ӕмбӕлуй, уӕхӕн уа?

8 Есфири бонзонгӕдзийнадӕ ма никкидӕр цӕмӕй бӕрӕг адтӕй? Кӕд «хуӕрзконд ӕма рӕсугъд» адтӕй, уӕддӕр ӕхемӕ ӕргом раздахунбӕл нӕ архайдта (Есф. 2:7, 15). Хуӕрти бон ба куд ӕй Есфири фӕнзун? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, 1 Тимофеймӕ 2:9, 10 ци финст ес, уомӕ (ба сӕ кӕсӕ). Павел силгоймӕгти баразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ хъӕппӕлӕй бӕрӕг уа, уӕздан ӕма лӕдӕргӕ ке ’нцӕ. Ами ци грекъаг дзурдтӕ финст ес, етӕ амонунцӕ, хуӕрӕн ӕ хъӕппӕлтӕй ке гъӕуама уа бӕрӕг, уӕззау зундбӕл хуӕст ке ӕй ӕма иннети гъуди ке нимайуй. Ӕ уӕледарӕс рӕсугъд ӕма уӕздан кӕмӕн ӕй, уӕхӕн хуӕртӕй мах хъӕбӕр сӕрустур ан.

9. Авигейӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

9 Хуӕрти ма ка рӕсугъд кӕнуй, иннӕ уӕхӕн менеуӕг ӕй лӕдӕргӕдзийнадӕ. Уомӕ хауй, адӕймаг ку фӕллӕдӕруй, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой ӕма зундгин унаффитӕ хӕссун ку фӕззонуй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн Авигейи хабар. Ӕ сӕрихецау лӕгъуз унаффӕ рахаста, ӕма уой туххӕй минкъийтӕбӕл, ӕ хӕдзари кадӕриддӕр цардӕй, етӕ нӕ фӕццагъди ’нцӕ. Авигейӕ еци фӕдбӕл архайун райдӕдта, ӕма уотемӕй берети фӕййервӕзун кодта (1 Сам. 25:14–23, 32–35). Уомӕй уӕлдай ма нин лӕдӕргӕдзийнадӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕй зонӕн, гъосӕй лӕуун ӕма дзорун кӕд гъӕуй, уой. Удта ма нӕ иннетӕн банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд еци менеуӕги фӕрци, махмӕ ка нӕ хауй, еци гъуддӕгти нӕхе нӕ тъунсдзиан (1 Фес. 4:11).

ЦАРДИ ДӔ КА БАГЪӔУДЗӔЙ, УӔХӔН ГЪУДДӔГТӔБӔЛ ИСАХУР УО

Хуарз кӕсун ӕма финсун ку базонай, уӕд дин е цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй? (кӕсӕ 11 абзац)

10, 11. Хуарз кӕсун ӕма финсунбӕл ку исахур уай, уӕд е дӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр куд банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

10 Кизгӕ минкъийӕй цӕбӕл исахур уй, е ин хъӕбӕр фӕппайда уй, ку исустур уй, уӕд. Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

11 Ахур кӕнӕ хуарз кӕсун ӕма финсунбӕл. Еуӕй-еу адӕнихӕттити ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ силгоймагӕн ӕхсидзгӕ нӕй, цӕмӕй кӕсун ӕма финсун зона. Фал еци гъуддӕгтӕ еугур киристӕнттӕн дӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ (1 Тим. 4:13) e. Уомӕ гӕсгӕ байархайӕ, цӕмӕй еци гъуддӕгтӕбӕл исахур уай, ӕнцон дин ку нӕ уа, уӕддӕр. Цума дин еци гъуддӕгтӕ царди медӕг куд банхус кӕндзӕнцӕ? Зӕгъӕн, куст иссерун дин ӕнцондӕр уодзӕй. Удта дӕ бон уодзӕй Библи лӕмбунӕгдӕр ӕртасун ӕма иннети ахур кӕнунмӕ хуӕздӕр арӕхсдзӕнӕ. Тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма Библи кӕсгӕй, удта ибӕл сагъӕс кӕнгӕй федарӕй-федардӕр кӕндзӕнӕ, Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой (Йес. Н. 1:8; 1 Тим. 4:15).

12. Ӕмбесӕндти 31:26 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

12 Ахур кӕнӕ хуӕздӕр дзорун ӕма игъосунбӕл. Алли киристон дӕр гъӕуама зона лӕмбунӕг игъосун ӕма фӕлмӕнӕй дзорун. Ӕркӕсӕн, Иаков ӕ финстӕги цӕхуӕн унаффӕ равардта, уомӕ: «Алли адӕймаг дӕр гъӕуама рӕвдзӕ уа байгъосунмӕ, дзорунмӕ... ба хӕлӕф ма кӕна» (Иак. 1:19). Иннетӕмӕ лӕмбунӕг ку фегъосис, уӕд ӕй уотемӕй бавдесис, цийфӕндий цӕстӕй сӕмӕ ке нӕ кӕсис (1 Пет. 3:8). Кӕронмӕ ’й ку нӕ лӕдӕрай, ке хӕццӕ дзорис, е ци зӕгъуйнаг ӕй кенӕ имӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ ес, уой, уӕд имӕ еу цалдӕр фарстай раттӕ. Дзурди барӕ дӕубӕл ку ӕруайа, уӕд, фиццаг дӕ сӕри ци фӕммедӕг уодзӕй, уой ма дзорӕ (Ӕмб. 15:28). Дӕхе бафӕрсӕ: «Ци зӕгъуйнаг дӕн, е раст ӕй? Иннети бафедар кӕндзӕй? Ке сӕ нимайун, е мӕ дзурдтӕй бӕрӕг уодзӕй?» Игъосун ӕма фӕлмӕнӕй дзорун ка зонуй, уӕхӕн фӕлтӕрдгун хуӕртӕй ахур кӕнӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 31:26.) Дӕ гъос ӕрдарисӕ, куд дзорунцӕ, уомӕ. Иннети хӕццӕ дзорунбӕл ку исахур уай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй адӕни хӕццӕ фӕрнӕй цӕрун.

Хӕдзари куститӕмӕ дзӕбӕх арӕхсун ка базудта, уӕхӕн силгоймаг устур арфӕдзийнадӕ ӕй ӕ бийнонтӕн дӕр ӕма ӕмбурдӕн дӕр (кӕсӕ 13 абзац)

13. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хӕдзари алцӕмӕдӕр хуарз арӕхсай? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Ахур кӕнӕ хӕдзари медӕг алцӕмӕдӕр арӕхсун. Берӕ бӕстити хӕдзарӕмӕ кӕсун силгоймаги ихӕс ӕй. Дӕ бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун дӕ мадӕй кенӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй. Еу хуӕрӕ Синди загъта: «Мӕ мадӕ ’й зонуй, зӕрдидзӕбӕхӕн косӕн куд ес, уой, ӕма мӕн дӕр уобӕл исахур кодта. Уой фӕрци хуӕруйнаг кӕнун, ӕфснайун, хуйун ӕма ӕлхӕнуйнӕгтӕ асландӕрӕй ӕлхӕнун куд гъӕуй, уой зонун. Ӕгас еци гъуддӕгтӕ мин пайда ӕнцӕ ма царди дӕр ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕр. Уомӕй уӕлдай ма, нӕ хӕдзари алкӕддӕр иуазгутӕ фӕууидӕ. Ӕз дӕр архайун, цӕмӕй мӕ мади хузӕн иуазӕгуарзон уон. Уой фӕрци берӕ заманай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ базонгӕ дӕн» (Ӕмб. 31:15, 21, 22). Ӕ хӕдзарӕмӕ хуарз ка зелуй, уӕхӕн кустуарзагӕ ӕма иуазӕгуарзон силгоймаг ӕй ӕцӕг лӕвар ӕгас бийнонтӕн дӕр ӕма ӕмбурдӕн дӕр (Ӕмб. 31:13, 17, 27; Гъуд. 16:15).

14. Кристали хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис ӕма дӕ бон цӕхуӕн нисӕнттӕ ’й дӕ рази исӕвӕрун?

14 Ахур кӕнӕ, цӕмӕй дӕ бон уа дӕхе фӕддарун. Алли киристонӕн дӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ӕхе дарунгъон уа (Фил. 4:11). Еу хуӕрӕ Кристал зӕгъуй: «Хестӕр кълӕсти ку ахур кодтон, уӕд мин мӕ ниййергутӕ загътонцӕ, цӕхуӕн предметтӕ хуарз уайдӕ равзарун. Фӕндадтӕй сӕ, цӕмӕй цӕбӕл исахур уон, е мин уой фӕсте царди дӕр пайда адтайдӕ. Мӕ фиди хӕццӕ ку унаффӕ кодтон, уӕд мин загъта, цӕмӕй бухгалтербӕл исахур кодтайнӕ ӕма е ӕцӕгӕйдӕр хуарз адтӕй». Фал айдагъ ӕхца бакосун фагӕ нӕй, гъӕуама ма зонай дӕ хӕрзтӕ пълан кӕнун ӕма еци пъланмӕ гӕсгӕ архайун (Ӕмб. 31:16, 18). Йегови гъуддаги дӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрӕ. Цӕмӕй еци нисӕнттӕ дӕ къохи ӕфтуйонцӕ, уой туххӕй ба архайӕ, цӕмӕй ӕнӕгъӕугӕ дзаумӕттӕ ма ’лхӕнай ӕма ’фстӕуттӕ ма есай (1 Тим. 6:8).

ФЕДӔНИ ДИН ЦИ ИХӔСТӔ УОДЗӔЙ, УОНӔМӔ ДӔХЕ ЦӔТТӔ КӔНӔ

15, 16. Ӕнӕцуд хуӕртӕ киристон ӕмбурди цӕхуӕн бунат ахӕссунцӕ? (Марки 10:29, 30).

15 Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци менеугутӕ дӕмӕ ку фӕззинна ӕма дӕ царди ка багъӕудзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ку исахур уай, уӕд федӕнмӕ хуӕздӕр цӕттӕ уодзӕнӕ. Радзубанди кӕнӕн цалдӕр гъуддагебӕл.

16 Ка ’й зонуй, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг киндзи не ’рцӕудзӕнӕ. Киристе куд загъта, уотемӕй киристӕнттӕй кадӕртӕ унаффӕ рахӕссунцӕ, цӕмӕй бийнонтӕ ма ’скӕнонцӕ, кӕд сӕ адӕнихатмӕ уӕхӕн ӕгъдау нӕййес, уӕддӕр (Матф. 19:10–12). Иннетӕ ба киндзи не ’рцудӕнцӕ ӕндӕр цӕйдӕр туххӕй. Фал Йеговӕ ӕма Киристе, киндзицуд ка нӕй, уӕхӕн хуӕртӕн минкъийдӕр кадӕ нӕ кӕнунцӕ. Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Йегови организаций ӕнӕцуд хуӕртӕ хъӕбӕр ӕхсидзгӕ бунат ахӕссунцӕ. Етӕ иннетӕбӕл зӕрдиагӕй тухсунцӕ ӕма сӕ ке уарзунцӕ, уой гъуддагӕй ӕвдесунцӕ. Беретӕн еци хуӕртӕ исунцӕ хуӕртӕ ӕма мадтӕлти хузӕн. (Бакӕсӕ Марки 10:29, 30; 1 Тим. 5:2.)

17. Ӕригон хуӕрӕн ӕ бон куд ӕй ӕхе ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕмӕ бацӕттӕ кӕнун?

17 Дӕ бон ӕй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ райдайун. Ӕгас зӕнхӕбӕл игъосун кӕнуни гъуддаги хуӕртӕ фулдӕр архайунцӕ (Пс. 68:11). Дӕу бон ба нӕй бӕлвурдӕй испълан кӕнун, ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕд райдайдзӕнӕ, уой? Зӕгъӕн, дӕ бон адтайдӕ пионер исун кенӕ арӕзтадон гъуддӕгти архайун, кенӕ ба Вефили лӕггадӕ кӕнун. Уӕхӕн нисан ку исӕвӕрай, уӕд уой туххӕй Йеговӕмӕ ковӕ. Пионерӕй, арӕзтадон гъуддӕгти кенӕ Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй еске хӕццӕ радзорӕ ӕма сӕ бафӕрсӕ, дӕ бон куд ӕй дӕхе бацӕттӕ кӕнун. Уой фӕсте ба, дӕ къохи ка бафтуйа, уӕхӕн пълан искӕнӕ. Ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ ку райдайай, уӕд уобӕл некӕд рафӕсмон кӕндзӕнӕ. Уотемӕй дин фӕззиндзӕй берӕ дессаги фадуӕттӕ Йегови хӕццӕ никки фулдӕр ӕмгуст кӕнунмӕ.

Кӕд дӕ цардӕмбал иссерун фӕндуй, уӕд еци гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕ (кӕсӕ 18 абзац)

18. Сӕрихецау равзаруни гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕмӕннӕ ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

18 Ка ’й зонуй дӕ бафӕнддзӕй киндзи ӕрцӕун. Ци гъуддӕгтӕбӕл ӕма менеугутӕбӕл радзубанди кодтан, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ди хуарз бийнойнаг рауайа. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еци гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕййес. Дӕ гъудий дарӕ, ке равзарай е дӕ сӕрихецау ке исуодзӕй ӕма дин имӕ игъосун ке гъӕудзӕй (Ром. 7:2; Еф. 5:23, 33). Уомӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ: «Еци адӕймаг архайуй, цӕмӕй Киристей фӕнза? Ӕ цардӕй бӕрӕг ӕй, фиццаг бунати ин Йеговӕ ке ӕй? Зундгин унаффитӕ рахӕссуй? Ӕ рӕдудтитӕбӕл фӕссӕттуй? Силгоймӕгтӕн аргъ кӕнуй? Ӕ бон мин исуодзӕй банхус кӕнун, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнон? Бийнонтӕ дарун ӕ бон уодзӕй? Хуарз ӕмбал мин уодзӕй? Ӕ дзурдӕн лӕг ӕй? Ӕмбурди ин цӕхуӕн ихӕстӕ ес ӕма сӕ куд ӕнхӕст кӕнуй?» (Лук. 16:10; 1 Тим. 5:8). Хуарз сӕрихецау куд иссерай, айдагъ уобӕл ма сагъӕс кӕнӕ, фал ма дӕхуӕдӕг дӕр хуарз бийнойнаг куд исуай, уобӕл дӕр.

19. Ӕнхусгӕнӕги бунат кадгин цӕмӕн ӕй?

19 Библий финст ӕй, хуарз бийнойнаг ӕ сӕрихецауӕн ӕнхусгӕнӕг ке ӕй (Райд. 2:18). Цума си уотӕ финст ке ес, е силгоймаги кадӕ дӕлдӕр кӕнуй? Нӕъ. Ӕнхусгӕнӕги ихӕс хъӕбӕр кадгин ӕй. Дӕ гъудий дарӕ, Библи ка финста, етӕ дӕр арӕх Йегови ӕнхусгӕнӕг ке худтонцӕ (Пс. 54:4; Дзиуит. 13:6). Хуарз бийнойнаг ӕ сӕрихецауӕн алкӕддӕр фенхус кӕнуй. Зӕгъӕн, бийнонти туххӕй ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ку фӕгъгъӕуй, уӕд хуарз уосӕ алкӕддӕр ӕ лӕги фарс фӕууй. Уӕхӕн силгоймаг Йегови ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ сӕрихецауӕн иннети рази хуарз ном уа ӕма ин алкӕддӕр ӕ хуарзи кой фӕккӕнуй (Ӕмб. 31:11, 12; 1 Тим. 3:11). Дӕ бон куд ӕй уӕхӕн бийнойнаг исун? Архайӕ, цӕмӕй Йегови фулдӕрӕй-фулдӕр уарзай ӕма хуарз ӕнхусгӕнӕг уай дӕ бийнонтӕн дӕр, удта ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр.

20. Мадӕй цӕйбӕрцӕ кӕнгӕ ’й?

20 Ка ’й зонуй, еу бон бӕдоли адӕ базонай. Киндзи ку ’рцӕуай, уӕд уин, гӕнӕн ес, ӕма еу афони сувӕллӕнттӕ фӕззиндзӕй (Пс. 127:3). Аци статьяй ци унаффитӕмӕ ӕркастӕн, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй хуарз бийнойнаг ӕма хуарз мадӕ исуай. Иннети ку уарзай, хӕларзӕрдӕ ӕма фӕразон ку уай, уӕд хӕдзари еугурӕйдӕр уодзӕнцӕ амондгун. Сувӕллӕнттӕ рӕвдудцох нӕ уодзӕнцӕ ӕма сӕ ниййергутӕй уодзӕнцӕ нифсгун (Ӕмб. 24:3).

Хуӕртӕй беретӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтонцӕ сувӕллон уогӕй. Ци базониуонцӕ, уомӕй царди пайда кодтонцӕ, ӕма уой фӕрци иссӕнцӕ фӕлтӕрдгун киристон силгоймӕгтӕ (кӕсӕ 21 абзац)

21. Не ’ригон хуӕртӕн цӕмӕн аргъ кӕнис, уой радзорӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

21 Не ’ригон хуӕртӕ, сумах Йеговӕн ӕма ӕ адӕнӕн хъӕбӕр берӕ кӕнтӕ (Дзиуит. 6:10). Зӕрдиагӕй архайетӕ, цӕмӕй киристон менеугутӕ уӕ уодигъӕди федар кӕнайтӕ, царди уӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ахур кӕнайтӕ ӕма уин федӕни ци ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уонӕмӕ уӕхе бацӕттӕ кӕнайтӕ. Ӕгас еци гъуддӕгти фӕрци уӕхе цард дӕр ӕма уӕ алливарс ка ӕй, уони цард дӕр амондгундӕр уодзӕй. Нӕ хъазар ӕригон хуӕртӕ, мах уин ӕцӕгӕйдӕр устур аргъ кӕнӕн!

137 ЗАР Еузӕрдон силгоймӕгтӕ, нӕ киристон хуӕртӕ

a Не ’ригон хуӕртӕ, ӕмбурд уӕ берӕ уарзуй. Йегови фӕндуй цӕмӕй уи фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ рауайа. Уой туххӕй ба уӕ гъӕуй уӕ менеугутӕбӕл косун, царди уӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ахур кӕнун ӕма уин федӕни ци ихӕстӕ уодзӕй, уонӕмӕ уӕхе бацӕттӕ кӕнун. Гъе уотемӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй берӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин уодзиайтӕ.

b Е ЦИ НИСАН КӔНУЙ: фӕлтӕрдгун киристон исхонӕн ес, аци дуйней зундӕй нӕ, фал Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уой. Уӕхӕн адӕймаг фӕййархайуй, цӕмӕй Киристей фӕдбӕл цӕуа, удта ин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн фӕййаргъ кӕнуй ӕма иннети уодуӕлдай уарзтӕй фӕууарзуй.

c Сайти jw.org кӕсӕ статья «Женщины в Библии: чему учит их пример?».

d Кӕсӕ 2021 анзи феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Ӕмбурди кӕмӕн цӕхуӕн бартӕ ес?», 14–19 фӕрстӕ.