Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

53 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕригон ӕнсувӕртӕ, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуотӕ

Ӕригон ӕнсувӕртӕ, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуотӕ

«Ме ’нсувӕртӕ, зундӕй сувӕллӕнтти хузӕн ма уотӕ... Зундӕй... [уотӕ] устур адӕймӕгти хузӕн» (1 КОР. 14:20).

135 ЗАР Йеговӕ фӕлмӕнӕй дзоруй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ»

РАЗДЗУРД a

1. Ӕнсувӕр ци гъӕуама кӕна, цӕмӕй ӕнтӕстгун уа?

 АПОСТОЛ Павел Коринфи ӕнсувӕрти баразӕнгард кодта, цӕмӕй зундӕй сувӕллӕнтти хузӕн ма уонцӕ, фал устур адӕймӕгти хузӕн сагъӕс кӕнонцӕ (1 Кор. 14:20). Аци дзурдтӕ ӕмбурди еугур ӕнсувӕртӕмӕ дӕр хаунцӕ. Фӕлтӕрдгун киристон Хуцауи закъӕнттӕмӕ игъосуй ӕма Библий уагӕвӕрдтӕй алли гъуддаги дӕр пайда кӕнуй (Лук. 2:52). Цума ӕригон ӕнсувӕрти цӕмӕн гъӕуй архайун, цӕмӕй уӕхӕн фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуонцӕ?

2, 3. Ӕнсувӕри фӕлтӕрдгун киристон исун цӕмӕн гъӕуама фӕндӕуа?

2 Нӕлгоймагӕн бийнонти дӕр ӕма ӕмбурди дӕр берӕ ихӕстӕ фӕууй. Ӕригон ӕнсувӕр, ду дӕр, ӕвӕдзи, арӕх фӕссагъӕс кӕнис, федӕни дин цӕхуӕн ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уобӕл? Ка ’й зонуй, дӕ фӕндуй ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, ӕмбурди кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй, фӕстӕдӕр ба – хестӕр нӕлгоймагӕй. Кенӕ ба дӕ, ка ’й зонуй, бафӕнддзӕй, цӕмӕй дин бийнойнаг ӕма сувӕллӕнттӕ фӕззинна (Еф. 6:4; 1 Тим. 3:1). Цийфӕнди нисан ма равзарай, уӕддӕр дӕ гъӕудзӕй цӕхуӕндӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун. Цӕмӕй еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнгӕй ӕнтӕстгун уай, уой туххӕй ба дӕ гъӕуй фӕлтӕрдгун киристон исун b.

3 Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристон исуай? Уой туххӕй гъӕуама дӕ уодигъӕди цӕхуӕндӕр менеугутӕ ӕрфедар кӕнай ӕма цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл исахур уай. Гъӕйдӕ уобӕл фулдӕр радзубанди кӕнӕн.

ДӔ БОН КУД ӔЙ ФӔЛТӔРДГУН КИРИСТОН ИСУН?

Расагъӕс кӕнӕ, Киристей менеугутӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕцитӕ цӕунцӕ, уобӕл ӕма архайӕ, цӕмӕй ӕй фӕнзай. Уотемӕй исуодзӕнӕ фӕлтӕрдгун киристон нӕлгоймаг (кӕсӕ 4 абзац)

4. Фӕнзуйнаг ка ӕй, уӕхӕн цӕветтонтӕ дӕ бон кӕми ӕй иссерун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

4 Фӕнзуйнаг дин ка ӕй, уони цӕветтонтӕмӕ гӕсгӕ архайӕ. Библий финст ес, Йегови ка уарзта ӕма ин ӕ адӕнбӕл ка тухстӕй, берӕ уӕхӕн нӕлгоймӕгти хабӕрттӕ. Се ’гасдӕр фӕнзуйнаг ӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй, де ’мбурди ци фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ ес кенӕ дӕ хӕстӕгутӕй фӕнзуйнаг ка ӕй, уони хузӕн архайун (Дзиуит. 13:7). Тӕккӕ хуӕздӕр цӕветтон ба нин ниууагъта Йесо Киристе (1 Пет. 2:21). Ӕгас еци нӕлгоймӕгти менеугутӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ си хъӕбӕрдӕр кӕцитӕ цӕунцӕ? Байархайӕ, цӕмӕй сӕ дӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнай (Дзиуит. 12:1, 2).

5. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови хузӕн сагъӕс кӕнай ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Псалом 119:9).

5 «Сагъӕс кӕнун зонӕ» (Ӕмб. 3:21). Сагъӕс кӕнун ка зонуй, уӕхӕн адӕймаг хӕлӕф-тъӕппитӕй унаффитӕ нӕ фӕххӕссуй. Е алцӕбӕлдӕр лӕмбунӕг расагъӕс кӕнуй, удта Хуцау еци гъуддаги туххӕй ци гъуди кӕнуй, уой дӕр базонуй. Фал аци дуйней ӕригӕнттӕ ба бустӕги ӕндӕрхузи фӕййархайунцӕ. Сӕхе ци фӕффӕндуй ӕма сӕхемӕ раст ци фӕккӕсуй, уой фӕккӕнунцӕ (Ӕмб. 7:7; 29:11). Уомӕй уӕлдай ма сӕ унаффитӕбӕл хъӕбӕр рабӕрӕг унцӕ интернет ӕма социалон сетьтӕ. Уомӕ гӕсгӕ архайӕ, цӕмӕй дӕубӕл дӕр аци дуйней зундахаст ма рабӕрӕг уа. Унаффитӕ хӕсгӕй бал базонисӕ, Йеговӕ ци гъуди кӕнуй, уой. Уой фӕсте ба расагъӕс кӕнисӕ, ци дин зӕгъуй, е тӕккӕ хуӕздӕр цӕмӕн ӕй, уобӕл. Ци базонис, уомӕй пайда кӕнӕ. Гъе уотемӕй дӕ унаффитӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзӕнӕ. (Бакӕсӕ Псалом 119:9.) Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнун ку исахур уай, уӕд фӕлтӕрдгун киристон исунмӕ устур къахдзӕф искӕндзӕнӕ (Ӕмб. 2:11, 12; Дзиуит. 5:14). Ӕркӕсӕн, е куд рабӕрӕг уодзӕй: 1) хуӕрти хӕццӕ дӕхе куд дарис, уобӕл ӕма 2) де ’ндаг бакаст ӕма цӕхуӕн хъӕппӕлтӕ равзарис, уобӕл.

6. Ӕригон ӕнсувӕри бон куд ӕй бавдесун, хуӕрти ке нимайуй, уой?

6 Йегови хузӕн сагъӕс кӕнун ка исахур ӕй, уӕхӕн ӕнсувӕр силгоймӕгтӕн фӕййаргъ кӕнуй. Зӕгъӕн, ӕригон ӕнсувӕри бафӕндадтӕй хуӕри хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ ун. Ӕма е дессаг нӕй, удта уоми лӕгъузӕй дӕр неци ес. Фал Йегови хузӕн ка сагъӕс кӕнуй, уӕхӕн ӕнсувӕр ӕхе уотӕ нӕ дардзӕй, цӕмӕй хуӕрӕмӕ уотӕ фӕккӕса, ӕма ӕнсувӕри ӕ хӕццӕ ӕмбӕлун фӕндуй, уотемӕй ба еци ӕнсувӕри зӕрди неци ес. Зӕгъӕн, нӕ дзордзӕй, нӕ финсдзӕй кенӕ уӕхӕнӕй неци кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕрӕмӕ уотӕ фӕккӕса, ӕма ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй (1 Тим. 5:1, 2). Хуӕри хӕццӕ ӕмбӕлун ку райдайа, уӕдта архайдзӕй, цӕмӕй ин ӕ хуарз ном мацӕмӕй фегадӕ кӕна. Зӕгъӕн, ӕ хӕццӕ хебарӕ рауӕн нӕ байзайдзӕй, сӕ хӕццӕ фӕлтӕрдгун киристӕнттӕй еске ку нӕ уа, уӕд (1 Кор. 6:18).

7. Ӕригон ӕнсувӕр, е ’ндаг бакаст цӕхуӕн уодзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй ӕ гъудий ци гъӕуама дара?

7 Ӕригон ӕнсувӕр ӕхе Йегови хузӕн сагъӕс кӕнунбӕл ку исахур кӕна, уӕд е рабӕрӕг уодзӕй е ’ндаг бакаст ӕма ӕ хъӕппӕлтӕбӕл дӕр. Цӕхуӕндӕр модӕ ка рауадзуй, етӕ арӕхдӕр ӕнӕгъдау цард фӕккӕнунцӕ ӕма сӕмӕ Йеговӕ нимади дӕр нӕ фӕууй. Еци фесинмӕ зунд адӕн ци хъӕппӕлтӕ ӕргъуди кӕнунцӕ, етӕ хъӕбӕр ӕлхъивд фӕббадунцӕ кенӕ ба еци хъӕппӕлти нӕлгоймӕгтӕ силгоймӕгти хузӕн фӕуунцӕ. Цума ӕнсувӕр уӕледарӕс ӕвзаргӕй цӕбӕл гъӕуама сагъӕс кӕна? Кӕд ӕй Киристей къахвӕдтӕбӕл цӕун фӕндуй, уӕд Библий уагӕвӕрдтӕй пайда кӕндзӕй ӕма ӕмбурди фӕлтӕрдгун киристӕнтти хузӕн архайдзӕй. Ӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун: «Куд конд дӕн, уой туххӕй иннетӕ ци зӕгъдзӕнцӕ? Мӕнмӕ кӕсгӕй адӕн балӕдӕрдзӕнцӕ, Хуцауи лӕггадгӕнӕг ке дӕн?» (1 Кор. 10:31–33; Тит. 2:6). Йегови гъуди ка нимайуй ӕма ин е ’нкъарӕнтӕбӕл ка сагъӕс кӕнуй, уӕхӕн ӕригон ӕнсувӕр ӕхецӕн хуарз ном искӕндзӕй айдагъ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу нӕ, фал ӕ уӕларвон Фиди цӕсти дӕр.

8. Ӕригон ӕнсувӕри бон куд ӕй ӕууӕнки аккаг исун?

8 Ӕууӕнкгун уо. Ӕууӕнки аккаг ка фӕууй, уӕхӕн ӕнсувӕр фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ ихӕстӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕса (Лук. 16:10). Ӕркӕсӕн Киристей ӕнхӕст цӕветтонмӕ. Е ӕ ихӕстӕмӕ кудфӕндий цӕстӕй нӕ кастӕй. Йеговӕ ин цидӕриддӕр баихӕс кӕнидӕ, уой исӕнхӕст кӕнидӕ, е ӕнцон ку нӕ фӕууидӕ, уӕд дӕр. Еугурейдӕр, уӕлдайдӕр ба ӕ ахуркӕнуйнӕгти хъӕбӕр берӕ уарзта ӕма адӕни туххӕй ӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта (Иоан. 13:1). Ду дӕр дӕ ихӕстӕ Киристей хузӕн ӕгас зӕрдӕй ӕнхӕст кӕнисӕ. Ку ’й нӕ зонай, цӕхуӕндӕр ихӕс куд ӕнхӕст кӕнгӕ ’й, уой, уӕд сӕрниллӕгӕй ӕнхус ракорӕ фӕлтӕрдгундӕр ӕнсувӕртӕй. Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма ци гъудӕй, уой искодтай, фал ма дӕ бон ӕй никкидӕр ести искӕнун, уӕд ма зийнадӕ кӕнӕ (Ром. 12:11). Дӕ алли ихӕсмӕ дӕр уӕхӕн цӕстӕй кӕсӕ, «цума ’й адӕймагӕн нӕ, фал Йеговӕн кӕнис» ӕма дӕ гъуддаг ӕрдӕгбӕл макӕд ниууадзисӕ (Кол. 3:23). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ду дӕр ӕнӕнхӕст дӕ. Уомӕ гӕсгӕ уо бонзонгӕ ӕма дӕ рӕдудтитӕбӕл басӕттисӕ (Ӕмб. 11:2).

ЦАРДИ ДӔ КА БАГЪӔУДЗӔЙ, УӔХӔН ГЪУДДӔГТӔБӔЛ АХУР КӔНӔ

9. Ӕригон ӕнсувӕр цӕмӕн гъӕуама исахур уа, царди ’й ка багъӕудзӕй, еци гъуддӕгтӕбӕл?

9 Цӕмӕй фӕлтӕрдгун ӕнсувӕр исуай, уой туххӕй гъӕуама исахур уай, царди дӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл. Етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕмбурди дӕ ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнай, дӕхе ӕма дӕ бийнонти ке фӕрци фӕддарай, уӕхӕн куст иссерай ӕма иннети хӕццӕ хуӕздӕр федауай. Ӕркӕсӕн еци гъуддӕгтӕй цалдӕремӕ.

Хуарз кӕсун ӕма финсунбӕл ку исахур уай, уӕд е пайда уодзӕй дӕхецӕн дӕр ӕма ӕмбурдӕн дӕр (кӕсӕ 10 ӕма 11 абзацтӕ)

10, 11. Ӕригон ӕнсувӕри хуарз кӕсун ӕма финсунбӕл исахур ун цӕмӕн гъӕуй? (Псалом 1:1–3). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

10 Ахур кӕнӕ хуарз кӕсун ӕма финсунбӕл. Библий финст ӕй, Хуцауи Дзурд алли бон дӕр ка кӕсуй ӕма ибӕл ка сагъӕс кӕнуй, е амондгун ӕма ӕнтӕстгун ке уодзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 1:1–3.) Кӕд Библи алли бон дӕр кӕсис, уӕд дин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови хузӕн сагъӕс кӕнун райдайай. Уотемӕй унаффитӕ хӕсгӕй дӕхе зундӕй нӕ архайдзӕнӕ, фал Библий уагӕвӕрдтӕй (Ӕмб. 1:3, 4). Уотӕ ка фӕййархайуй, уӕхӕн нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурди хъӕбӕр гъӕунцӕ. Цӕмӕн?

11 Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕгъгъӕуй ахур кӕнун ӕма син Библий уагӕвӕрдтӕ амонун (Тит. 1:9). Кӕд хуарз кӕсун ӕма финсун зонис, уӕд дӕ хуарз дзуӕппитӕй ӕма радзубандитӕй дӕ бон уодзӕй иннети ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма уотемӕй дӕ бон уодзӕй Библи ӕртасгӕй, удта ӕмбурдти ӕма конгрессти радзубандитӕмӕ игъосгӕй дӕхемӕ хуарз гъудитӕ финсун. Еци гъудитӕ ба дин ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй дӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр федар кӕнай ӕма иннетӕн дӕр ӕнхус кӕнай.

12. Дӕ бон куд ӕй хуӕздӕр дзорун ӕма игъосунбӕл исахур ун?

12 Ахур кӕнӕ хуӕздӕр дзорун ӕма игъосунбӕл. Киристон гъӕуама иннети хӕццӕ дзорунмӕ хуарз арӕхса. Е куд лӕдӕргӕ ’й? Гъӕуама иннетӕмӕ игъосун зона, удта син сӕ гъудитӕ ӕма се ’нкъарӕнтӕ лӕдӕра (Ӕмб. 20:5). Уой туххӕй гъӕуама е ’ргом ӕздаха сӕ дзурдигъӕдӕмӕ, удта сӕ цӕсгони ӕма сӕ бауӕри ’змӕлдмӕ. Цӕмӕй ин е ӕнтӕса, уой туххӕй гъӕуама адӕни хӕццӕ ӕ рӕстӕг лӕгӕй-лӕгмӕ ӕрвета. Айдагъдӕр смс-тӕй ӕма мессенджертӕй ку пайда кӕна, уӕд иннети хӕццӕ дзорунмӕ хуарз нӕбал арӕхсдзӕй. Байархайисӕ, цӕмӕй адӕни хӕццӕ ӕнӕуой лӕгмӕ-лӕгмӕ фембӕлай ӕма сӕ хӕццӕ уотемӕй дзубанди кӕнай (2 Иоан. 12).

Хуарз уайдӕ, федӕни дин куст иссерунмӕ ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл исахур ун (кӕсӕ 13 абзац)

13. Ӕригон ӕнсувӕри ма никкидӕр цӕбӕл гъӕуй исахур ун? (1 Тимофеймӕ 5:8). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Ахур кӕнӕ, цӕмӕй дӕ бон уа дӕхе фӕддарун. Фӕлтӕрдгун киристон гъӕуама ӕхе ӕма ӕ бийнонти дарунгъон уа. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 5:8.) Еуӕй-еу бӕстити ӕригон ӕнсувӕрти бон ӕй цӕхӕуӕндӕр кустбӕл исахур ун сӕ фидӕй кенӕ ӕндӕр хеуонӕй. Иннӕ бӕстити ба цӕхуӕндӕр кустбӕл исахур унцӕ скъолай ахур кӕнгӕй. Ӕригон уогӕй естӕбӕл ку исахур уай, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма исонибонбӕл сагъӕс кӕнис. Федӕни дин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй куст иссерай (Гъуд. 18:2, 3; 20:34; Еф. 4:28). Кустуарзагӕ уо, ӕма ци гъуддагмӕ равналис, уой кӕронмӕ бакӕнисӕ. Гъе уӕд дин, ӕууӕнки аккаг ка ӕй, уӕхӕн адӕймаги ном уодзӕй. Уӕхӕн косгутӕ ба ӕнӕ куст некӕд байзайунцӕ. Ци гъуддӕгтӕ ӕма менеугутӕбӕл радзубанди кодтан, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй дин федӕни ци ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уонӕмӕ дӕхе бацӕттӕ кӕнай.

ФЕДӔНИ ДИН ЦИ ИХӔСТӔ УОДЗӔЙ, УОНӔМӔ ДӔХЕ ЦӔТТӔ КӔНӔ

14. Ӕригон ӕнсувӕри бон куд ӕй ӕхе ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕмӕ бацӕттӕ кӕнун?

14 Ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг. Фӕлтӕрдгун киристӕнттӕй беретӕ ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун ӕригонӕй райдӕдтонцӕ. Ӕригон ӕнсувӕр пионерӕй ку фӕллӕггадӕ кӕнуй, уӕд исахур уй аллихузи адӕни хӕццӕ ӕмгуст кӕнун. Удта ма ин е банхус кӕнуй, цӕмӕй исахур уа ӕ хӕрзтӕ пълан кӕнун (Фил. 4:11–13). Ӕнхусгӕнӕг пионерӕй ку балӕггадӕ кӕнай, уӕд дӕ е бацӕттӕ кӕндзӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ. Беретӕ сӕ лӕггадӕ гъе уомӕй райдӕдтонцӕ. Уой фӕсте ба ӕнхӕстрӕстӕг пионертӕ иссӕнцӕ. Фӕстӕдӕр син Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ никки фулдӕр фадуӕттӕ фӕззиндтӕй, зӕгъӕн, нӕ организаций арӕзтадон гъуддӕгти архайун кенӕ Вефили лӕггадӕ кӕнун.

15, 16. Ӕригон ӕнсувӕрӕн ӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр кенӕ хестӕр нӕлгоймаг исуа?

15 Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр кенӕ хестӕр нӕлгоймаг. Ӕгас ӕнсувӕртӕ дӕр гъӕуама архайонцӕ, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ исуонцӕ. Уой туххӕй ба сӕ гъӕуй, Библий ци домӕнтӕ финст ес, уони аккаг ун. Ӕ рази уӕхӕн нисан ка исӕвӕруй, уони туххӕй Библий фист ӕй, зӕгъгӕ, «е хуарз гъуддагмӕ бӕллуй» (1 Тим. 3:1). Цӕмӕй ӕнсувӕр хестӕр нӕлгоймаг исуа, уой туххӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг гъӕуама кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй балӕггадӕ кӕна. Еци ӕнсувӕртӕ ӕмбурдӕн устур ӕнхус фӕуунцӕ аллихузи фарстати. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ дӕр ӕнцӕ сӕрниллӕг. Етӕ Йегови уӕриккитӕбӕл тухсунцӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй архайунцӕ. Ӕригон ӕнсувӕрӕн ӕ бон ӕй 17 анземӕй фӕстӕмӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй лӕггадӕ кӕнун. Ӕ ихӕстӕ дзӕбӕх ку ӕнхӕст кӕна, уӕдта 20 анземӕй фӕстӕмӕ ӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнун.

16 Дӕ бон куд ӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр кенӕ хестӕр нӕлгоймаг исун? Ӕгас домӕнтӕ дӕр Библий финст ӕнцӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма сӕйрагидӕр гъӕуй, цӕмӕй ӕнсувӕр Йегови, ӕ бийнонти ӕма ӕмбурд уарза (1 Тим. 3:1–13; Тит. 1:6–9; 1 Пет. 5:2, 3). Аци абзацци ци стихтӕ ес, уони бакӕсӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, ци кӕнун дӕ гъӕуй, уой. Удта Йеговӕй ӕнхус корӕ, цӕмӕй дӕмӕ, ка гъӕуй, еци менеугутӕ фӕззиннонцӕ c.

Йегови фӕндуй, цӕмӕй нӕлгоймӕгтӕ сӕ бийнойнӕгти ӕма сӕ сувӕллӕнтти уарзонцӕ, архайонцӕ, цӕмӕй маци гъӕуагӕ уонцӕ, удта син цӕмӕй хуарз ӕмбал уонцӕ. Тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ба ӕй, цӕмӕй син Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнунмӕ ӕнхус кӕнонцӕ (кӕсӕ 17 абзац)

17. Ӕригон ӕнсувӕри бон куд ӕй ӕхе бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй хуарз сӕрихецау ӕма бийнонти хестӕр уа? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

17 Сӕрихецау ӕма бийнонти хестӕр. Киристе куд загъта, уотемӕй, фӕлтӕрдгун киристӕнттӕй алке бийнонтӕ не ’скӕнуй (Матф. 19:12). Фал дӕ бийнонтӕ искӕнун ку бафӕндӕуа, уӕд дин нӕуӕг ихӕстӕ фӕззиндзӕй: исуодзӕнӕ сӕрихецау ӕма бийнонти хестӕр (1 Кор. 11:3). Йегови фӕндуй, цӕмӕй лӕг ӕ уоси уарза, удта архайа, цӕмӕй маци гъӕуагӕ уа. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама ӕ уосӕн хуарз ӕмбал исуа ӕма ин ӕнхус кӕна, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕна (Еф. 5:28, 29). Аци статьяй ӕркастан, ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, цӕмӕй ӕнсувӕр силгоймӕгти Йегови хузӕн нимайа ӕма ӕууӕнки аккаг уа. Ӕгас еци гъуддӕгти фӕрци ӕ бон уодзӕй хуарз сӕрихецау ӕма бийнонти хестӕр исун.

18. Ӕригон ӕнсувӕри бон куд ӕй ӕхе бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй хуарз фидӕ исуа?

18 Фидӕ. Бийнонтӕ ку искӕнай, уӕд дин, ка ’й зонуй, сувӕллӕнттӕ дӕр фӕззиндзӕй. Цӕмӕй хуарз фидӕ уай, уой туххӕй дӕ бон ӕй Йеговӕй ахур кӕнун. Ӕма уомӕ берӕ цидӕртӕ хауй (Еф. 6:4). Зӕгъӕн, Йеговӕ ӕ Фурт Киристейӕн не ’фсӕрми кодта дзорун, ке ’й уарзуй ӕма си арази ке ӕй (Матф. 3:17). Сувӕллӕнттӕ дин ку фӕззинна, уӕд син арӕхдӕр дзорисӕ, куд берӕ сӕ уарзис, уой. Минкъий естӕй туххӕй дӕр сӕ растауисӕ. Йегови ка фӕнзуй, уӕхӕн фидӕ ӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуонцӕ. Ӕма дӕ бон ӕй, еци ихӕсмӕ дӕхе нур цӕттӕ кӕнун райдайун. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсӕ. Дзорӕ син, ке сӕ уарзис ӕма син цӕй туххӕй аргъ кӕнис, уой (Иоан. 15:9). Уотемӕй дӕхе бацӕттӕ кӕндзӕнӕ, цӕмӕй хуарз сӕрихецау ӕма фидӕ уай. Гъе уӕд Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзӕнӕ, дӕ алливарс ка ӕй, етӕ ба амондгундӕр уодзӕнцӕ.

ЦӔХУӔН НАД РАВЗАРДЗӔНӔ?

Ӕнсувӕртӕй беретӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтонцӕ сувӕллон уогӕй. Ци базониуонцӕ уомӕй царди пайда кодтонцӕ, ӕма уой фӕрци иссӕнцӕ фӕлтӕрдгун киристон нӕлгоймӕгтӕ (кӕсӕ 19 ӕма 20 абзацтӕ)

19, 20. Ӕригон ӕнсувӕртӕн ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй си фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ рауайа? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

19 Адӕймаг фӕлтӕрдгун ӕхегъӕди нӕ исуй. Ӕригон ӕнсувӕртӕ, сумах лӕмбунӕг гъӕуй равзарун, ке цӕветтон фӕнздзиайтӕ, уой. Удта гъӕуама, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнун уӕхе исахур кӕнайтӕ, уайтӕ ӕууӕнки аккаг, царди уӕ ка багъӕудзӕй, еци гъуддӕгтӕбӕл ахур кӕнайтӕ ӕма уин федӕни ци ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уонӕмӕ уӕхе бацӕттӕ кӕнайтӕ.

20 Цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ дӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнис, уӕд дӕмӕ, ка ’й зонуй, уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕгас еци гъуддӕгтӕбӕл не ’схъаурӕ кӕндзӕнӕ. Фал дин алцидӕр бантӕсдзӕй! Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, ке дин ӕнхус кӕндзӕй (Ис. 41:10, 13). Удта ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕ фарсмӕ уодзӕнцӕ ӕма фӕккӕсунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уодзӕнцӕ. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ди фӕлтӕрдгун киристон рауайа. Е ’й зонуй, уотемӕй дӕ цард дзӕвгарӕ зӕрдӕрохсдӕр ӕма амондгундӕр ке уодзӕй. Нӕ ӕригон ӕнсувӕртӕ, мах уӕ хъӕбӕр берӕ уарзӕн! Архайетӕ, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуайтӕ. Ӕма уӕ уӕд Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕ хуарздзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй (Ӕмб. 22:4).

65 ЗАР Размӕ цо!

a Ӕмбурди фӕлтӕрдгун нӕлгоймӕгтӕ хъӕбӕр гъӕунцӕ. Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, ӕригон ӕнсувӕрти бон куд ӕй уӕхӕн киристӕнттӕ исун.

b Айразиккон статьяй кӕсӕ феппайуйнаг «Е ци нисан кӕнуй».