50 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕууӕндундзийнади ӕма гъуддӕгти фӕрци рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ӕрцӕудзиан
«Авраам ӕууӕндтӕй Йеговӕбӕл, ӕма уой туххӕй нимад ӕрцудӕй рӕстгӕнӕгбӕл» (РОМ. 4:3).
119 ЗАР Гъӕуама нӕмӕ уа ӕууӕндундзийнадӕ
РАЗДЗУРД a
1. Хатгай нӕмӕ цӕхуӕн фарста фӕззиннуй, Авраами ӕууӕндундзийнади туххӕй ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд?
АВРААМИ туххӕй беретӕ фегъустонцӕ. Фал цӕхуӕн адӕймаг адтӕй, уой туххӕй, зӕгъӕн ес, ӕма неци зонунцӕ. Махӕй ба ’й алкедӕр хуарз зонуй. Зӕгъӕн, мах ӕй зонӕн, Библий Авраами туххӕй уотӕ финст ке ес, ӕма е ӕй «ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ ес, уонӕн се ’гасемӕндӕр... сӕ фидӕ» (Ром. 4:11). Ка ’й зонуй, ду дӕр ескӕд сагъӕс кодтай: «Уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй мӕнмӕ дӕр Авраами хузӕн федар ӕууӕндундзийнадӕ уа?» Гъо, ес.
2. Авраами цӕветтонмӕ ӕркӕсун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Иакови 2:22, 23).
2 Цӕмӕй мах ӕууӕндундзийнадӕ дӕр Авраами ӕууӕндундзийнади хузӕн федар уа, уой туххӕй гъӕуй ӕ цӕветтонмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсун. Авраам Хуцауи дзурдмӕ гӕсгӕ идард бӕстӕмӕ рандӕ ’й, дӕсгай ӕнзти дӕргъи цатурти фӕццардӕй ӕма ӕ уарзон фурт Исакки нивонди ӕрхӕссунмӕ цӕттӕ адтӕй. Ӕгас еци гъуддӕгтӕй бӕрӕг адтӕй ӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ. Уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ имӕ ке адтӕй, ӕма ’й гъуддӕгтӕй ке ӕвдиста, уой туххӕй си Хуцау арази адтӕй, удта ма ’й е ’мбалбӕл дӕр нимадта. (Бакӕсӕ Иакови 2:22, 23.) Ӕма Йегови фӕндуй, цӕмӕй махӕй алкедӕр ӕ хуарзӕнхӕй исхайгин уа ӕма е ’мбал исуа. Уомӕ гӕсгӕ Павел ӕма Иакови баразӕнгард кодта Авраами туххӕй ниффинсун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Ромӕгтӕмӕ 4 сӕри ӕма Иакови 2 сӕри уой туххӕй ци финст ес, уомӕ. Еци сӕртӕй Авраами туххӕй ӕхсидзгӕ гъудитӕ базондзиан.
3. Павел дӕр ӕма Иаков дӕр Финстадӕй цӕхуӕн стих ӕрхастонцӕ?
3 Павел дӕр ӕма Иаков дӕр ӕрхастонцӕ Райдайӕни 15:6 финст дзурдтӕ. Уоми финст ӕй: «Авраам баууӕндтӕй Йеговӕбӕл, ӕма ’й уой туххӕй банимадта рӕстгӕнӕгбӕл». Рӕстгӕнӕг адӕймаг цӕхуӕн фӕууй? Йеговӕ уӕхӕн адӕймагӕй фӕууй арази ӕма ӕ цӕсти фӕууй ӕнӕфау. Е дессаг ӕй – ӕнӕнхӕст ӕма тӕрегъӕдгун адӕни бон ӕй Хуцауи цӕсти ӕнӕфау ун. Ӕвӕдзи, дӕу дӕр фӕндуй, цӕмӕй дин Хуцауи рази уӕхӕн ном уа. Ӕма уомӕн гӕнӕн ес. Цӕмӕй ӕй базонӕн кутемӕй, уой туххӕй гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕ Авраами рӕстгӕнӕгбӕл цӕмӕн нимадта, уомӕ.
ЦӔМӔЙ РӔСТГӔНГУТӔБӔЛ НИМАД ӔРЦӔУӔН, УОЙ ТУХХӔЙ ГЪӔУЙ ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДӔ
4. Адӕни ци хъор кӕнуй, цӕмӕй рӕстгӕнгутӕ исуонцӕ?
4 Ромӕгтӕмӕ финстӕги апостол Павел ниффинста, ӕгас адӕн дӕр тӕрегъӕдгун ке ’нцӕ (Ром. 3:23). Мадта уӕд уомӕн гӕнӕн куд ес, цӕмӕй ни Хуцау арази уа, ӕ цӕсти уӕн ӕнӕфау ӕма нӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимайа? Уой балӕдӕрун кӕнунмӕ Павел ӕрхаста Авраами цӕветтон.
5. Йеговӕ Авраами рӕстгӕнӕгбӕл цӕмӕн банимадта? (Ромӕгтӕмӕ 4:2–4).
5 Йеговӕ Авраами рӕстгӕнӕгбӕл банимадта, Ханаани ку цардӕй, уӕд. Цӕмӕн? Моисеййи закъон ке ӕнхӕст кодта, уой туххӕй? Нӕъ (Ром. 4:13). Еци закъон фӕззиндтӕй ӕрмӕстдӕр 400 анзей фӕсте. Мадта уӕд цӕмӕн? Авраам Йеговӕбӕл федарӕй ке ӕууӕндтӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й Йеговӕ е ’стур хуарзӕнхи фӕрци рӕстгӕнӕгбӕл банимадта. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 4:2–4.)
6. Йеговӕ тӕрегъӕдгун адӕймаги рӕстгӕнӕгбӕл цӕй фӕрци банимайуй?
6 Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ адӕймаг Хуцаубӕл ку баууӕндуй, уӕд уӕхӕн адӕймаги Хуцау растгӕнӕгбӕл банимайуй (Ром. 4:5). Идарддӕр Павел ниффинста: «Хуцау ӕ гъуддӕгтӕмӕ кӕмӕн нӕ кӕсуй ӕма уотемӕй рӕстгӕнӕгбӕл ке нимайуй, еци адӕймаги амондгун хонуй Давид дӕр: „Амондгун ӕнцӕ, Хуцау ӕ фудгъуддӕгтӕ кӕмӕн ниххатир кодта ӕма ӕ тӕрегъӕдтӕ ӕмбӕрзт кӕмӕн ӕрцудӕнцӕ“» (Ром. 4:6–8; Пс. 32:1, 2). Адӕймаг Хуцаубӕл ку феууӕндуй, уӕд ин Хуцау ӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кӕнуй кенӕ ин сӕ нимбӕрзуй ӕма сӕ некӕдбал ӕргъуди кӕнуй. Уӕхӕн адӕймаги Хуцау ӕнӕфуд ӕма рӕстгӕнӕгбӕл фӕннимайуй е ’ууӕндундзийнади фӕрци.
7. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма рагидзаманти Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ рӕстгӕнгутӕ адтӕнцӕ?
7 Кӕд Авраам, Давид ӕма Хуцауи иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр ма адтӕнцӕ ӕнӕнхӕст ӕма тӕрегъӕдгун. Фал се ’ууӕндундзийнади фӕрци Хуцауи цӕсти адтӕнцӕ ӕнӕфау, уӕлдай дӕр ба, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндтӕй, уони хӕццӕ рабаргӕй (Еф. 2:12). Мадта Павели дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, цӕмӕй Хуцауи ӕмбал уай, уой туххӕй дӕмӕ гъӕуама уа ӕууӕндундзийнадӕ. Уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ Авраами ӕма Давиди куд гъудӕй, уотӕ гъӕуй мах дӕр.
ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ӔМА ГЪУДДӔГТӔ КӔРӔДЗЕЙ ХӔЦЦӔ КУД БАСТ ӔНЦӔ?
8, 9. Еуӕй-еуетӕ Павели ӕма Иакови дзурдтӕ куд лӕдӕрун кӕнунцӕ ӕма е цӕмӕ ӕркӕнуй?
8 Ӕности дӕргъи дини разамонгути бон нӕй еу гъудимӕ ӕрцӕун: ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй – ӕууӕндундзийнадӕ ӕви гъуддӕгтӕ? Сӕ еуетӕ ахур кӕнунцӕ, цӕмӕй фӕййервӕзай, уой туххӕй Хецау Йесо Киристебӕл ӕууӕндун ке гъӕуй. Уотӕ фӕззӕгъунцӕ: «Баууӕндӕ Киристебӕл, ӕма фӕййервӕздзӕнӕ». Бӕлвурдгӕнӕнӕн ӕрхӕссунцӕ Павели дзурдтӕ, зӕгъгӕ, дан, адӕймаг ӕ гъуддӕгти фӕрци не ’рцӕуй рӕстгӕнӕгбӕл нимад (Ром. 4:6). Фал иннетӕ ба уотӕ зӕгъунцӕ, ковӕн бунӕттӕмӕ ку нӕ цӕуай ӕма аргъауӕни ӕгъдӕуттӕ ку не ’нхӕст кӕнай, уӕд, дан, неци хузи фӕййервӕздзӕнӕ. Етӕ ба бӕлвурдгӕнӕнӕн ӕрхӕссунцӕ Иакови 2:24 дзурдтӕ: «Адӕймаг рӕстгӕнӕгбӕл нимад ӕрцӕуй ӕ гъуддӕгти фӕрци, айдагъ ӕууӕндундзийнади фӕрци нӕ, фал».
9 Уомӕ гӕсгӕ, Библи ка ’ртасуй, уонӕй еуӕй-еуетӕ уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕнцӕ, ӕма ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой фӕдбӕл Павел ӕма Иаков фӕйнӕхузи гъудитӕбӕл хуӕст адтӕнцӕ. Еуӕй-еу дини разамонгути гъудимӕ гӕсгӕ Павелмӕ уотӕ кастӕй, ӕма адӕймаг рӕстгӕнӕгбӕл нимад ӕрцӕуй е ’ууӕндундзийнади фӕрци, ӕ гъуддӕгти фӕрци нӕ, фал. Иаков ба уотӕ ахур кодта, ӕма ӕнӕ гъуддӕгтӕй Хуцауи хуарзӕнхӕ иссерӕн нӕййес. Хуцауи Дзурд ка ’ртасуй, еу уӕхӕн ахургонд уотӕ загъта: «Иаков ӕй нӕ лӕдӕрдтӕй, Павел уотӕ цӕмӕн дзурдта, ӕма, дан, адӕймагӕн ӕ гъуддӕгтӕй неци кӕнгӕ ’й, фал цӕмӕй рӕстгӕнӕгбӕл нимад ӕрцӕуа, уой туххӕй ӕрмӕстдӕр ӕууӕндундзийнадӕ гъӕуй». Фал Павел дӕр ӕма Иаков дӕр сӕ финстӕгутӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинстонцӕ (2 Тим. 3:16). Мадта гъӕуама уомӕн гӕнӕн уа, цӕмӕй син сӕ дзурдтӕ балӕдӕрӕн. Уой туххӕй ба гъӕуама еци дзурдтӕн сӕ контекстмӕ лӕмбунӕг ӕркӕсӕн.
10. Апостол Павел сӕйрагидӕр цӕхуӕн гъуддӕгти кой кодта? (Ромӕгтӕмӕ 3:21, 28). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Цума Павел Ромӕгтӕмӕ 3 ӕма 4 сӕрти цӕхуӕн гъуддӕгти кой кодта? Сӕйрагидӕр дзурдта, Закъон ци гъуддӕгтӕ агоруй, уони туххӕй, гъома Синаййи хонхи рази Хуцау Моисеййӕн ци закъӕнттӕ равардта, уони туххӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 3:21, 28.) Ӕвӕдзи, Павели рӕстӕг дзиуиттӕгтӕй киристон ка иссӕй, уонӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма ма Моисеййи закъон, удта е ’гъдӕуттӕ идарддӕр дӕр гъӕуй ӕнхӕст кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ син Павел цӕветтонӕн ӕрхаста Авраами ӕма син балӕдӕрун кодта, адӕймаг Хуцауи цӕсти рӕстгӕнӕгбӕл нимад ке ’рцӕуй ӕууӕндундзийнади фӕрци, закъон ке ӕнхӕст кӕнуй, уой фӕрци нӕ, фал. Еци гъуди нин нӕ нифс куд нӕ федар кӕнуй! Уой фӕрци ’й зонӕн, Хуцаубӕл ӕма Киристебӕл ку ’ууӕндӕн, уӕд ни Хуцау арази ке уодзӕй.
11. Иаков цӕхуӕн гъуддӕгти туххӕй финста?
11 Иаков ӕ финстӕги 2 сӕри ци гъуддӕгти кой кӕнуй, етӕ, «закъон ци гъуддӕгтӕ агоруй», уонӕмӕ нӕ амонунцӕ. Иаков дзурдта, киристон адӕймаг алли бон дӕр ци хуарз гъуддӕгтӕ фӕккӕнуй, уони туххӕй. Гъе уонӕй бӕрӕг фӕууй, адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр Хуцаубӕл ӕууӕндуй ӕви нӕ. Ӕркӕсӕн, Иаков ци дууӕ цӕветтонемӕй испайда кодта, уонӕмӕ.
12. Иаков, ӕууӕндундзийнадӕ ӕма гъуддӕгтӕ куд баст ӕнцӕ, уой куд балӕдӕрун кодта? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
12 Фиццаг цӕветтони Иаков зӕгъуй, киристӕнттӕ еуети иннетӕй уӕлдӕр ке гъӕуама ма ивӕронцӕ. Цӕмӕй уой балӕдӕрун кӕна, уой туххӕй син цӕветтонӕн ӕрхаста, гъӕздуг адӕймагӕн балӕггадӕ кӕнунбӕл ка архайуй, мӕгурмӕ ба сӕрӕй бунмӕ ка кӕсуй, уӕхӕн адӕймаги. Уӕхӕн адӕймаг, гӕнӕн ес, ӕма дзора, ӕууӕндундзийнадӕ имӕ ке ес, фал ӕ гъуддӕгтӕ ба уобӕл дзорӕг нӕ уодзӕнцӕ. Дуккаг цӕветтони ба Иаков ӕндӕр адӕймаги туххӕй радзурдта. Е ӕй уинуй, хуӕртӕ кенӕ ӕнсувӕртӕй кӕмӕндӕр, ӕхебӕл ци ’скӕна, уӕхӕн ке нӕййес кенӕ хуӕруйнаг гъӕуагӕ ке ӕй, фал ин не ’нхус кӕнуй. Кӕд уӕхӕн адӕймаг уотӕ дзоруй, ӕма имӕ ӕууӕндундзийнадӕ ес, уӕддӕр ӕ гъуддӕгтӕй ба е бӕрӕг нӕй (Иак. 2:1–5, 9). Уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕй неци пайда ес. Иаков куд загъта, уотемӕй «ӕууӕндундзийнадӕ... ӕнӕ гъуддӕгтӕй мард ӕй» (Иак. 2:14–17).
13. Ӕууӕндундзийнадӕ дӕр ӕма гъуддӕгтӕ дӕр ӕхсидзгӕ ке ’нцӕ, уой балӕдӕрун кӕнунмӕ Иаков ке цӕветтон ӕрхаста? (Иакови 2:25, 26).
13 Ӕууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесун ке гъӕуй, уой балӕдӕрун кӕнунмӕ Иаков цӕветтонӕн ӕрхаста Раави. (Бакӕсӕ Иакови 2:25, 26.) Е Йегови туххӕй фегъуста ӕма ’й балӕдӕрдтӕй, израилӕгтӕн ке ӕнхус кӕнуй (Йес. Н. 2:9–11). Раав е ’ууӕндундзийнадӕ гъуддагӕй бавдиста. Дууӕ израилаг ӕсгарӕги ӕхемӕ баримахста, сӕ цардӕн тӕссаг ку адтӕй, уӕд. Гъе уой фӕрци еци ӕнӕнхӕст силгоймаг, кӕд израилаг н’ адтӕй, уӕддӕр Авраами хузӕн рӕстгӕнӕгбӕл нимад ӕрцудӕй. Раави хабарӕй зиннуй, ӕууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ке гъӕуама уа.
14. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Павел, удта Иакови дзурдтӕ кӕрӕдзей нихмӕ нӕ ’нцӕ?
14 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй ӕууӕндундзийнадӕ дӕр ӕма гъуддӕгтӕ дӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ. Ӕма уой Павел ӕма Иаков фӕйнӕхузи балӕдӕрун кодтонцӕ. Павел загъта, дзиуиттаг киристӕнтти бон ке не ’суодзӕй Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнун, ӕрмӕстдӕр Моисеййи закъон ку ӕнхӕст кӕнонцӕ, уӕд. Иаков ба загъта, киристӕнттӕ ӕгасӕйдӕр се ’ууӕндундзийнадӕ ке гъӕуама ӕвдесонцӕ, хуарз гъуддӕгтӕ ке кӕнунцӕ, уомӕй.
15. Не ’ууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй бавдесунмӕ цӕхуӕн фадуӕттӕ ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 Йеговӕ Авраами рӕстгӕнӕгбӕл банимадта. Е ӕ райгурӕн зӕнхӕ ниууагъта, цатурти цардӕй ӕма ӕ уарзон фурти нивондӕн ӕрхӕссунмӕ цӕттӕ адтӕй. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма махӕй дӕр Хуцау гъе уой агоруй. Не ’ууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй бавдесунмӕ берӕ аллихузи фадуӕттӕ ес. Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй, ӕмбурдмӕ ка ’рбацӕуй, еци нӕугутӕн зӕрдиагӕй расалам кӕнун, гъӕуагӕ ка ӕййафуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун ӕма нӕ бийнонтӕбӕл тухсун (Ром. 15:7; 1 Тим. 5:4, 8; 1 Иоан. 3:18). Ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ке ес, е ма бӕрӕг уодзӕй еу ӕхсидзгӕ гъуддагӕй дӕр – игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ку архайӕн (1 Тим. 4:16). Не ’гасей бон дӕр ӕй, нӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесун, ке ибӕл ӕууӕндӕн, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕй ӕма алкӕддӕр хуӕздӕр куд ӕй, уотӕ ке фӕййархайуй. Уотемӕй нӕ Хуцау рӕстгӕнгутӕбӕл нимайдзӕй ӕма нӕ е ’мбӕлттӕ хондзӕй.
НӔ НИФСБӔЛ КУ САГЪӔС КӔНӔН, УӔД НЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАРДӔР КӔНДЗӔЙ
16. Авраами нифс цӕмӕй адтӕй ӕма федарӕй цӕбӕл ӕууӕндтӕй?
16 Ромӕгтӕмӕ 4 сӕри ма финст ӕй, Авраамӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, еу уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг. Еци сӕрӕй бӕрӕг ӕй, нифс цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й, е. Йеговӕ Авраамӕн зӕрдӕ байвардта, уой фӕрци зӕнхӕбӕл ӕгас адӕнихӕттитӕ дӕр арфӕгонд ке ’рцӕудзӕнцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Хуцау Авраамӕн ци дессаги нифс балӕвар кодта (Райд. 12:3; 15:5; 17:4; Ром. 4:17). Фал Авраамбӕл 100 анзи ку цудӕй, ӕ бийнойнаг Саррӕбӕл ба – 90 анзи, уӕд дӕр син Хуцау зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци фурт нӕма райгурдӕй. Адӕймаги цӕстӕй ракӕсгӕй, уомӕн гӕнӕн н’ адтӕй, цӕмӕй син сувӕллон райгурдайдӕ. Авраами ӕууӕндундзийнадӕн е ӕцӕг фӕлварӕн адтӕй. Фал уӕддӕр Авраами «нифс адтӕй ӕма ӕууӕндтӕй, берӕ адӕнти фидӕ ке исуодзӕй» (Ром. 4:18, 19). Ӕма ’й куд зонӕн, уотемӕй нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй. Ра ин игурдӕй, хъӕбӕр кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, еци фурт – Исаак (Ром. 4:20–22).
17. Кӕцӕй ӕй зонӕн, нӕ бон ке ӕй Хуцауи цӕсти рӕстгӕнӕг ун ӕма е ’мбӕлттӕ исун?
17 Авраами хабарӕй бӕрӕг ӕй, нӕ бон ке ӕй Хуцауи хуарзӕнхӕ иссерун, ӕ цӕсти рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ӕрцӕун ӕма е ’мбӕлттӕ исун. Раст гъе уой туххӕй финста апостол Павел: «Аци дзурдтӕ, „уой туххӕй нимад ӕрцудӕй“, зӕгъгӕ, Авраамӕн ӕрмӕст ӕхе туххӕй не ’рцудӕнцӕ финст, фал мах туххӕй дӕр, рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ка гъӕуама ӕрцӕуа, уони туххӕй, уомӕн ӕма мах ӕууӕндӕн, нӕ Хецау Йесой мӕрдтӕй ка райгас кодта, уобӕл» (Ром. 4:23, 24). Ӕ рӕстӕги Авраами куд гъудӕнцӕ ӕууӕндундзийнадӕ дӕр, гъуддӕгтӕ дӕр ӕма нифс дӕр, уотӕ мах дӕр гъӕунцӕ. Нифси кой Павел идарддӕр кӕнуй Ромӕгтӕмӕ 5 сӕри. Уой туххӕй ба радзордзиан иннӕ статьяй.
28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн
a Мах фӕндуй, цӕмӕй ни Хуцау арази уа ӕма нӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимайа. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ни Хуцау арази уа, ӕма нӕмӕ уой туххӕй ӕууӕндундзийнадӕ цӕмӕн гъӕуама уа, удта еци ӕууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй цӕмӕн гъӕуама ӕвдесӕн. Уомӕн нин банхус кӕндзӕнцӕ апостол Павел ӕма Иакови финстӕгутӕ.
b ХУЗӔ. Павел дзиуиттаг киристӕнттӕн балӕдӕрун кодта, Хуцауи цӕсти рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ке ’рцӕунцӕ се ’ууӕндундзийнади фӕрци, Моисеййи закъон ке ’нхӕст кӕнунцӕ, уой фӕрци нӕ, фал. Нӕбал сӕ гъудӕй ӕрвхуз халӕ сӕ уӕледарӕсбӕл хуйун, Комуадзӕн бӕрӕг кӕнун ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ къохтӕ ’хснун.
c ХУЗӔ. Иаков киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ хуарз гъуддӕгтӕй ӕвдесонцӕ, зӕгъӕн, мӕгуртӕн ӕнхус кӕнонцӕ.