Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

30 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ уарзондзийнадӕ идарддӕр дӕр ирӕзӕд

Дӕ уарзондзийнадӕ идарддӕр дӕр ирӕзӕд

«Уарзондзийнади фӕрци алли гъуддаги дӕр ирӕзӕн» (ЕФ. 4:15).

2 ЗАР Йеговӕ ӕй дӕ ном

РАЗДЗУРД a

1. Библи ахур кӕнун ку райдӕдтай, уӕд ци базудтай?

 БИБЛИ ахур кӕнун ку райдӕдтай, уӕд, ӕвӕдзи, берӕ нӕуӕг цидӕртӕ базудтай. Ка ’й зонуй, базудтай, Хуцауӕн ном ке ес, ӕма дӕмӕ е дессаг фӕккастӕй. Ку ’й базудтай, Хуцау адӕни зиндони арти гъезӕмарӕй ке нӕ маруй, уӕд, ӕвӕдзи, исуолӕфтӕ. Кенӕ ба ку базудтай, ка дин рамардӕй, уони нӕуӕгӕй ке фӕууиндзӕнӕ ӕма сӕ хӕццӕ дзенети ке цӕрдзӕнӕ, уӕд, ӕвӕдзи, дӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй.

2. Библи ахур кӕнгӕй дин ци бантӕстӕй? (Ефесӕгтӕмӕ 5:1, 2).

2 Библи ахур кӕнгӕй Йегови хъӕбӕрдӕр бауарзтай ӕма дӕ бафӕндадтӕй, цӕмӕй ци базудтай, уомӕ гӕсгӕ цӕрай. Уомӕй уӕлдай ма унаффитӕ хӕссун райдӕдтай Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ. Удта дӕ Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндадтӕй, уой туххӕй дӕ зундахаст ӕма дӕ цард раййивтай. Ӕма минкъий сувӕллони куд фӕффӕндуй, цӕмӕй ӕ ниййергути хузӕн уа, уотӕ дӕу дӕр бафӕндадтӕй, цӕмӕй дӕ уӕларвон Фиди хузӕн уай. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:1, 2.)

3. Нӕ бон нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ ӕй раттун?

3 Дӕ бон ӕй дӕхе бафӕрсун: «Кӕдӕй донаргъуд райстон, уӕдӕй нурмӕ мӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ фӕффулдӕр ӕй? Мӕнӕй дӕр уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ куд гъуди кӕнуй, уотӕ гъуди кӕнун кенӕ, Йеговӕ куд архайуй, ӕз дӕр уотӕ архайун? Зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ мӕ уарзондзийнадӕ ирӕзуй?» Кӕд дӕмӕ райдайӕни ци уарзондзийнадӕ адтӕй, е ӕруазал ӕй, уӕд дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Уӕхӕн уавӕри адтӕнцӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕй кадӕртӕ, фал си Киристе уой туххӕй ӕхе нӕ рахадта, дӕуӕй дӕр нӕ рахатдзӕй (Рарг. 2:4, 7). Е ӕй зонуй, фиццаг нӕмӕ ци уарзондзийнадӕ адтӕй, уой нӕуӕгӕй нӕ бон ке ӕй иссодзун.

4. Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

4 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ ӕма иннетӕмӕ идарддӕр дӕр ирӕза. Удта мӕ радзубанди кӕндзиан, нӕ уарзондзийнадӕ ку ирӕза, уӕд цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй махмӕ дӕр ӕма иннетӕмӕ дӕр.

ДӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ЙЕГОВӔМӔ ИДАРДДӔР ДӔР ИРӔЗӔД

5, 6. а) Павел цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй? б) Ци ин банхус кодта, цӕмӕй ӕ къохтӕ ма ’руадза ӕма идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕна?

5 Апостол Павел Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кодта, фал е уобӕл дзорӕг н’ адтӕй ӕма зиндзийнӕдтӕбӕл не ’мбалдӕй. Арӕх ӕй хъӕбӕр идард рауӕнтӕмӕ цӕун фӕгъгъӕуидӕ, уӕди рӕстӕг ба е ӕнцон н’ адтӕй. Еуӕй-еухатт ин тӕссаг фӕууидӕ «цӕугӕдӕнттӕбӕл хезгӕй» кенӕ «абӕргутӕй». Мадта ’й цалдӕр хатти, рӕстдзийнади нихмӕ ка цудӕй, етӕ нӕмгӕ дӕр фӕккодтонцӕ (2 Кор. 11:23–27). Уомӕй уӕлдай ма ӕнсувӕртӕ дӕр алкӕд нӕ аргъ кодтонцӕ, ке син ӕнхус кодта, уомӕн (2 Кор. 10:10; Фил. 4:15).

6 Цума Павелӕн ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ къохтӕ ма ’руадза? Финстадӕй ӕй зудта, Йеговӕ цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой, удта ин ӕ къох уидта лӕггадӕ кӕнгӕй дӕр. Павел нӕ дузӕрдуг кодта, Хуцау ӕй ке уарзуй, уобӕл. Ӕма ӕхуӕдӕг дӕр Йегови хъӕбӕр бауарзта (Ром. 8:38, 39; Еф. 2:4, 5). Павел ӕ уарзондзийнадӕ бавдиста, сугъдӕгутӕн ке лӕггадӕ кодта, уомӕй (Дзиуит. 6:10).

7. Йеговӕмӕ нӕ уарзондзийнадӕ цӕй фӕрци ирӕзуй?

7 Библи лӕмбунӕг ке ахур кӕнӕн, е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Хуцаумӕ нӕ уарзондзийнадӕ ирӕза. Библи кӕсгӕй расагъӕс кӕнисӕ: «Ци бакастӕн, уомӕй Йегови туххӕй ци базудтон?» Кенӕ ба дӕхе бафӕрсисӕ: «Аци хабарӕй куд зиннуй, Йеговӕ мӕ берӕ ке уарзуй? Аци стихтӕ мӕ куд разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови уарзон?»

8. Кувд нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ ирӕза?

8 Йеговӕмӕ алли бон дӕр ку ковай ӕма ин, дӕ зӕрди ци ес, уой ку дзорай, уӕд ӕй никки фулдӕр уарздзӕнӕ (Пс. 25:4, 5). Йеговӕ ба дин дӕ кувдтитӕн дзуапп дӕтдзӕй (1 Иоан. 3:21, 22). Азиӕй еу хуӕрӕ Кхан b зӕгъуй: «Библи ку ахур кодтон, уӕд Йегови базудтон ӕма ’й бауарзтон. Фал ӕй ку фӕууидтон, Йеговӕ мӕ кувдтитӕн дзуапп куд дӕттуй, уой, уӕд ӕй никки хъӕбӕрдӕр бауарзтон ӕма мӕ бафӕндадтӕй, цӕмӕй ин алкӕддӕр мӕ цардӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнон».

ДӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ИННЕТӔМӔ ИДАРДДӔР ДӔР ИРӔЗӔД

9. Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, Тимофей ке архайдта, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фулдӕр уарза?

9 Павел ӕ еу балций рӕстӕг базонгӕ ’й ӕригон лӕхъуӕн Тимофеййи хӕццӕ. Тимофей Йегови дӕр ӕма адӕни дӕр берӕ уарзта. Цалдӕр анзей фӕсте Павел Тимофеййи туххӕй филиппӕгтӕмӕ ниффинста: «Мӕнӕн ӕндӕр уӕхӕн адӕймаг нӕййес, сумахбӕл уотӕ зӕрдиагӕй ка батухса» (Фил. 2:20). Ӕвӕдзи, ами Павел Тимофеййи уомӕ гӕсгӕ не ’студта, ӕма дзурдарӕхст ӕй кенӕ ӕмбурдти гъуддӕгтӕ пълан кӕнунмӕ хуарз арӕхсуй, фал хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ ке уарзуй, уой туххӕй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр ке ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ Тимофеййи ӕрцудмӕ (1 Кор. 4:17).

10. Аннӕ ӕма ӕ сӕрихецау хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзунцӕ, уой куд бавдистонцӕ?

10 Мах дӕр фадуӕттӕ агорӕн, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнӕн (Дзиуит. 13:16). Ӕркӕсӕн, айразиккон статьяй ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Анни хабармӕ. Тухдунги фӕсте Аннӕ ӕма ӕ сӕрихецау бабӕрӕг кодтонцӕ еу бийнонти, Йегови Ӕвдесӕнти. Етӕ ’й фӕууидтонцӕ, сӕ хӕдзари сӕр ке никкалдӕй. Уой туххӕй сӕ еугур дзаумӕттӕ дӕр ницъцъумур ӕнцӕ. Аннӕ загъта: «Сӕ хъӕппӕлтӕ син райстан, ни сӕ ’хснадтан, туй сӕбӕл ниввардтан ӕма син сӕ фӕххастан. Еци гъуддаг уотӕ устур дессаг н’ адтӕй, фал уой фӕрци хуарз ӕмбӕлттӕ иссан ӕма абони уӕнгӕ дӕр лимӕнӕй цӕрӕн». Аннӕ ӕма ӕ сӕрихецау хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзунцӕ, уой гъуддагӕй бавдистонцӕ (1 Иоан. 3:17, 18).

11. а) Иннетӕмӕ уарзондзийнадӕ ку ’вдесӕн, уӕд сӕбӕл е куд рабӕрӕг уодзӕй? б) Ӕмбесӕндти 19:17 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ нӕ хуарз гъуддӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?

11 Иннетӕмӕ уарзондзийнадӕ ку ’вдесӕн ӕма сӕ хӕццӕ хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд ӕй уиндзӕнцӕ, Йегови фӕнзунбӕл ке архайӕн. Нӕ хуарз гъуддӕгтӕ кӕбӕл куд бандавунцӕ, уой ка ’й зонуй, алкӕд зонгӕ дӕр ма бакӕнӕн. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Кхан гъуди кӕнуй, ӕригон ма ку адтӕй, уӕд ин хуӕртӕ зӕрдиагӕй куд ӕнхус кодтонцӕ, уой. Е зӕгъуй: «Игъосун кӕнунмӕ мӕ ӕ хӕццӕ ка худта, еци хуӕртӕй хъӕбӕр боз дӕн. Машинӕй мӕмӕ ӕрбацӕуиуонцӕ, уой фӕсте ескӕми рахуӕрианӕ, удта мӕ нӕхемӕ ӕрбаласиуонцӕ. Нур ӕй лӕдӕрун, е син уотӕ ӕнцон ке н’ адтӕй, фал цидӕриддӕр кодтонцӕ, уой кодтонцӕ се ’гас зӕрдӕй». Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алке бон нин не ’суодзӕй райарфӕ кӕнун. Кхан ма зӕгъуй: «Ци хъӕбӕр мӕ фӕффӕндуй, боз си ке дӕн, уой естӕмӕй бавдесун. Гъигагӕн, нур кӕми цӕрунцӕ, уой нӕ зонун, фал ӕй Йеговӕ ба зонуй, ӕма имӕ фӕкковун, цӕмӕй син сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй мӕ бӕсти райарфӕ кӕна». Кӕд цӕхуӕндӕр гъуддаг адӕймаги цӕсти хъӕбӕр минкъий фӕууй, уӕддӕр ӕй Йеговӕ ба фӕууинуй ӕма ин устур аргъ фӕккӕнуй. Е ӕй нимайуй, ӕхуӕдӕг ке гъӕуама бафеда, уӕхӕн ихӕсбӕл. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 19:17.)

Адӕймагӕн е ’ууӕндундзийнадӕ ку ферӕзуй, уӕд иннетӕн ӕнхус кӕнунмӕ фадуӕттӕ фӕййагоруй (кӕсӕ 12 абзац)

12. Ӕнсувӕртӕн сӕ бон куд ӕй ӕмбурди сӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй ӕвдесун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

12 Кӕд ӕнсувӕр дӕ, уӕд дӕ бон куд ӕй иннетӕн ӕнхус кӕнун ӕма сӕмӕ фулдӕр уарзондзийнадӕ ӕвдесун? Еу ӕригон ӕнсувӕр Джордан, зӕгъгӕ, хестӕр нӕлгоймаги бафарста, ӕ бон куд ӕй ӕмбурдӕн фулдӕр ӕнхус кӕнун. Хестӕр нӕлгоймаг ӕй растудта, нурмӕти ин ци бантӕстӕй, уой туххӕй, уой фӕсте ба ин цалдӕр унаффи равардта. Е ин загъта, цӕмӕй Паддзахади залмӕ минкъий раздӕр цӕуа ӕма ка ӕрбацӕуй, уонӕн зӕрдиагӕй салам дзора, игъосун кӕнуни къуари хӕццӕ игъосун кӕна, удта сагъӕс кӕна, ӕ бон куд адтайдӕ иннетӕн гъуддагӕй банхус кӕнун. Джордан еци унаффитӕмӕ ку байгъуста, уӕд хуарз цӕбӕлдӕрти исахур ӕй. Уомӕй уӕлдай ма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фулдӕр уарзун райдӕдта. Джордан ӕй балӕдӕрдтӕй, ӕнсувӕр иннетӕн ке гъӕуама ӕнхус кӕна, кӕд кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр нӕма иссӕй, уӕд дӕр. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр ку исуа, уӕдта идарддӕр дӕр архайдзӕй ӕма иннетӕн ӕнхус кӕндзӕй (1 Тим. 3:8–10, 13).

13. Кристиан идарддӕр дӕр уарзондзийнадӕ ке ӕвдиста, е ин куд банхус кодта, цӕмӕй нӕуӕгӕй хестӕр нӕлгоймаг иссайдӕ?

13 Фал, зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймагӕй кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй нӕбал лӕггадӕ кӕнис, уӕдта? Зонӕ ’й, дӕ хуарз гъуддӕгтӕ ӕма дӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕй иронх ке нӕ ’нцӕ (1 Кор. 15:58). Е ӕй уинуй, нур дӕр дӕ уарзондзийнадӕ куд ӕвдесис, уой. Еу ӕнсувӕр Кристианӕн хъӕбӕр зин адтӕй, ку ин загътонцӕ, хестӕр нӕлгоймагӕй ке нӕбӕл лӕггадӕ кӕндзӕй. Фал уӕддӕр ӕхецӕн загъта: «Кадгин ихӕстӕ мин уа ӕви нӕ, уӕддӕр идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕн ӕма мӕ бон ци ӕй, уой иннетӕн кӕндзӕн». Рӕстӕг рацудӕй ӕма ’й нӕуӕгӕй хестӕр нӕлгоймагӕй иснисан кодтонцӕ. Кристиан зӕгъуй: «Раст зӕгъгӕй, фиццаг рӕстӕг еу минкъий тухстӕн, фал уой фӕсте мӕхецӕн загътон: „Кӕд мин Йеговӕ ӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнади фӕрци еци ихӕс нӕуӕгӕй мӕ барӕ бакодта, уӕд мин алцидӕр бантӕсдзӕй, уомӕн ӕма Йегови ӕма мӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзун“».

14. Гурдзийӕй Елени дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14 Йегови лӕггадгӕнгутӕ уарзунцӕ иннӕ адӕни дӕр (Матф. 22:37–39). Гурдзийӕй еу хуӕрӕ Еленӕ загъта: «Раздӕр хуарз хабар игъосун кодтон, Йегови ке уарзун, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй. Фал мӕ уӕларвон Фиди фулдӕр ку бауарзтон, уӕд иннӕ адӕни дӕр фулдӕр уарзун райдӕдтон. Мӕхецӕн фӕссагъӕс кӕнун, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, удта сӕ хӕццӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл хуӕздӕр адтайдӕ радзорун. Ӕма сӕбӕл куд фулдӕр сагъӕс кодтон, уотӕ мӕ никки фулдӕр фӕндадтӕй ӕнхус кӕнун» (Ром. 10:13–15).

ИННЕТИ КЕ УАРЗӔН, Е ХӔССУЙ БЕРӔ АРФӔДЗИЙНӔДТӔ

Гӕнӕн ес, ӕма еу хуарз гъуддаг беретӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ)

15, 16. Кӕсӕ хузӕмӕ. Цӕхуӕн арфӕдзийнадӕй исхайгин уодзӕнцӕ, иннетӕмӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй ка ӕвдесуй, етӕ?

15 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ уарзондзийнадӕ ку февдесӕн, уӕд е айдагъ уонӕн пайда не ’рхӕсуй. Коронавируси пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд ӕнсувӕр Паоло ӕма ӕ бийнойнаг каргун хуӕртӕн ӕнхус кодтонцӕ, цӕмӕй сӕ бон исуа планшетӕй, телефонӕй кенӕ компьютерӕй игъосун кӕнун. Зӕгъӕн, еу хуӕрӕн фиццаг планшетӕй пайда кӕнун хъӕбӕр зин адтӕй, фал ин ке банхус кодтонцӕ, уой фӕрци ин рауадӕй ӕма ӕ бон иссӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕ хӕстӕгути фӕххонун. Гъема си Имисӕн изӕрмӕ видосвязӕй ӕрбайеу ӕй 60 адӕймаги. Паоло ӕма ӕ уосӕ ке байархайдтонцӕ, е пайда ӕрмӕст хуӕрӕн не ’рхаста, фал ма ӕ хеуӕнттӕн дӕр. Уой фӕсте еци хуӕрӕ Паоломӕ ниффинста: «Арфӕ уин кӕнун, мах, каргунти, ке ахур кӕнтӕ. Некӕд ӕй феронх кӕндзӕн, Йеговӕ мах туххӕй цӕйбӕрцӕ хуарз гъуддӕгтӕ кӕнуй, уой, удта сумах дӕр».

16 Уӕхӕн хабӕртти фӕрци Паоло хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрдтӕй: уарзондзийнадӕ зонундзийнӕдтӕй кенӕ искурдиӕдтӕй берӕ ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй. Е загъта: «Раздӕр лӕггадӕ кодтон районон цӕстӕдарӕгӕй. Ӕвӕдзи мин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мӕ радзубандитӕ гъуди дӕр нӕбал кӕнунцӕ, фал си иронх нӕй, куд син ӕнхус кодтон, е».

17. Уарзондзийнадӕ гъуддагӕй ку ӕвдесӕн, уӕд ма е пайда кӕмӕн уодзӕй?

17 Иннети ке уарзӕн, уой гъуддагӕй ку ӕвдесӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр пайда ӕрхӕсдзӕй. Нӕуӕг Зеландийӕй еу ӕнсувӕр Джонатан уой ӕхецӕй зонуй. Еухатт сабати фӕууидта, еу пионер еунӕгӕй куд игъосун кодта. Е адтӕй хъӕбӕр тӕвдӕ бон. Джонатан унаффӕ рахаста, алли сабати дӕр ӕ хӕццӕ ке игъосун кӕндзӕй. Уӕд ӕй нӕма лӕдӕрдтӕй, е ӕхецӕн дӕр устур пайда ке ӕрхӕсдзӕй, уой. Е зӕгъуй: «Уӕди рӕстӕги игъосун кӕнун неци уотӕ уарзтон. Фал еци пионер куд игъосун кӕнуй, удта е цӕхуӕн тиллӕг ӕрхӕссуй, уой ку фӕууидтон, уӕд игъосун кӕнуни гъуддаг мӕ зӕрдӕмӕ цӕун райдӕдта, удта еци ӕнсувӕр мӕ хуарз ӕмбал иссӕй. Е мин банхус кодта, цӕмӕй мин мӕ лӕггадӕ цийнӕ хӕссун райдӕдтайдӕ ӕма Йеговӕмӕ бахӕстӕгдӕр адтайнӕ».

18. Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

18 Йегови фӕндуй, цӕмӕй не ’гасемӕндӕр сӕ уарзондзийнадӕ ирӕза. Куд ӕй базудтан, уотемӕй Йегови никки фулдӕр бауарздзиан, ӕ Дзурд ин ку кӕсӕн, ку ибӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма имӕ арӕх ку ковӕн, уӕд. Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти никки фулдӕр уарздзиан, гъуддагӕй син ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд. Нӕ уарзондзийнадӕ ку ирӕза, уӕд Йеговӕмӕ ӕма нӕ киристон бийнонтӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Ӕма ӕностӕмӕ уодзиан ӕмбӕлттӕ!

109 ЗАР Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн

a Уӕлдай нӕй, рӕстдзийнадӕ рагӕй зонис ӕви ’й ӕрӕги базудтай, алкедӕр ни гъӕуама идарддӕр дӕр ӕхе хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййева. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ ӕма иннетӕмӕ идарддӕр дӕр ирӕза. Статья кӕсгӕй ма расагъӕс кӕнӕ, нурмӕти дин ци бантӕстӕй ӕма ма дӕ тундзун цӕмӕ гъӕуй, уобӕл.

b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.