32 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегови хузӕн лӕдӕргӕ уо
«Уӕ лӕдӕргӕдзийнадӕй уӕ зонӕд алкедӕр» (ФИЛ. 4:5).
89 ЗАР Байгъосӕ, ӕма арфӕгонд уай
РАЗДЗУРД a
1. Киристон бӕласи хузӕн кутемӕй гъӕуама уа? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
«ТАСАГӔ бӕласӕ дунгӕ нӕ сӕттуй». Аци ӕмбесондӕн ӕ гъуди уой медӕги ӕй, ӕма дунгӕ ку фӕккӕнуй, уӕд еуӕй-еу бӕлӕстӕ ратасӕ-батасӕ фӕккӕнунцӕ ӕма уой фӕрци нӕ басӕттунцӕ. Цӕмӕй нӕ бон уа Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун, уой туххӕй гъӕуама мах дӕр тасӕн. Е куд лӕдӕргӕ ’й? Гъӕуама лӕдӕргӕй архайӕн, уавӕртӕ ку феййевунцӕ, уӕд, удта гъӕуама иннети гъудийӕн аргъ кӕнӕн, мах куд гъуди кӕнӕн, уотӕ ку нӕ гъуди кӕнонцӕ уӕд дӕр.
2. Нӕ уавӕртӕ ку раййевунцӕ, уӕд нин цӕхуӕн менеугутӕ банхус кӕндзӕнцӕ ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Мах фӕндуй лӕдӕргӕй архайун фиццагидӕр уой туххӕй, ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн. Удта ма нӕ фӕндуй, цӕмӕй уӕн сӕрниллӕг ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еуӕй-еу киристӕнттӕн аци менеугутӕ куд банхус кодтонцӕ, сӕ уавӕртӕ ку раййивтонцӕ, уӕд. Удта ма фӕууиндзиан, махӕн дӕр куд банхус кӕндзӕнцӕ, уой. Фал фиццагидӕр ӕркӕсӕн Йеговӕ ӕма Киристе аци менеугутӕ куд ӕвдесунцӕ, уомӕ.
ЙЕГОВӔ ӔМА КИРИСТЕ ЛӔДӔРГӔЙ ФӔЙЙАРХАЙУНЦӔ
3. Йеговӕ лӕдӕргӕй ке фӕййархайуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
3 Библий финст ӕй, Йеговӕ Къӕдзӕх ке ӕй, уомӕн ӕма ӕй федар (Дук. з. 32:4). Уой хӕццӕ ба ма ӕй лӕдӕргӕ Хуцау. Аци дуйней уавӕртӕ ӕййевунцӕ, фал нӕ Хуцау лӕдӕргӕй фӕййархайуй ӕма цӕттӕ фӕууй, ци гъӕуй, уой раййевунмӕ, цӕмӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕна. Йеговӕ нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста ӕма мах бон дӕр ӕй, уавӕртӕ ку феййевунцӕ, уӕд уонӕмӕ гӕсгӕ архайун. Удта ма нин Библий бӕлвурд уагӕвӕрдтӕ ниффинсун кодта, цӕмӕй нӕ бон уа раст унаффитӕ хӕссун, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр. Йеговӕн ӕхе цӕветтон, удта нин ци уагӕвӕрдтӕ равардта, уони фӕрци ’й уинӕн, лӕдӕргӕй ке фӕййархайуй, кӕд къӕдзӕхи хузӕн федар ӕй, уӕддӕр.
4. Йеговӕ лӕдӕргӕй ке архайуй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ (Левит 5:7, 11).
4 Йегови гъуддӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕфау ӕма алли гъуддаги дӕр лӕдӕргӕй фӕййархайуй. Израилӕгтӕн ци закъон равардта, уобӕл расагъӕс кӕнӕн. Е нӕ агурдта, цӕмӕй гъӕздугутӕ ӕма мӕгуртӕ ӕмхузӕн нивӕндтӕ хастайуонцӕ. Кӕцидӕр уавӕрти Йеговӕ нивонд хӕссун уагъта, сӕ къох цӕйбӕрцӕ амудта, уойбӕрцӕ. (Бакӕсӕ Левит 5:7, 11.)
5. Йеговӕ сӕрниллӕг ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
5 Йеговӕ ӕй сӕрниллӕг ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ дӕр уой туххӕй бавдесуй. Зӕгъӕн, сӕрниллӕг ке ӕй, уой бавдиста, Содом фесафунмӕ ку гъавта, уӕд. Йеговӕ ӕ изӕдти рарвиста, цӕмӕй Лотӕн зӕгъонцӕ, е ба хуӕнхтӕмӕ ледза. Фал Лот фӕттарстӕй, ӕма Йеговӕн лигъстӕ кӕнун райдӕдта, цӕмӕй ӕй Сигормӕ раледзун бауадза. Сигор минкъий горӕт адтӕй ӕма уой дӕр Йеговӕ гъӕуама фесафтайдӕ. Йеговӕн ӕ бон адтӕй Лотӕн зӕгъун, цӕмӕй ин куддӕриддӕр загъд адтӕй, уотӕ кӕна. Фал Лотмӕ байгъуста ӕма еци горӕт уомӕ гӕсгӕ нӕ фесафта (Райд. 19:18–22). Цалдӕр сӕдӕ анзей фӕсте ба Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдиста Ниневий цӕргутӕмӕ. Пахампар Иони сӕмӕ рарвиста, цӕмӕй син фегъосун кодтайдӕ, сӕхе дӕр, удта син сӕ горӕт дӕр исафгӕ ке кӕнуй. Фал Ниневий цӕргутӕ ку ӕрфӕсмон кодтонцӕ, уӕд син Йеговӕ фӕттӕрегъӕд кодта ӕма сӕ нӕбал фесафта (Ионӕ 3:1, 10; 4:10, 11).
6. Радзорӕ, Киристе дӕр Йегови хузӕн лӕдӕргӕй куд архайдта, уой.
6 Киристе дӕр ӕ Фиди хузӕн лӕдӕргӕй архайдта. Е ӕрвист адтӕй, цӕмӕй хуарз хабар игъосун кодтайдӕ, исӕфт фусти хузӕн ка адтӕй, еци Израили адӕнӕн, ӕма еци гъуддаги лӕдӕргӕй архайдта. Еухатт ин, Израили адӕнӕй ка н’ адтӕй, еу уӕхӕн силгоймаг ниллигъстӕ кодта, мӕ кизги, дан, мин сайтӕнттӕ гъезӕмарӕй марунцӕ ӕма мин ӕй исдзӕбӕх кӕнӕ. Киристе дӕр ин фӕттӕрегъӕд кодта ӕма ин ӕ кизги исдзӕбӕх кодта (Матф. 15:21–28). Еухатт ба Киристе ӕ апостолтӕн загъта: «Мӕнӕй уотӕ ка зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонун, зӕгъгӕ, уомӕй ӕз дӕр мӕ уӕларвон Фиди рази зӕгъдзӕн, нӕ ’й зонун, зӕгъгӕ» (Матф. 10:33). Фал си Петур ӕртӕ хатти ку загъта, нӕй зонун, зӕгъгӕ, уӕд си Киристе ӕхе нӕ рахатта. Е ӕй уидта, Петур еузӕрдон адӕймаг ке ӕй ӕма хъӕбӕр ке фӕсмон кӕнуй. Киристе ку райгас ӕй, уӕд Петурмӕ фӕззиндтӕй ӕма ин, ӕвӕдзи, загъта, ке ’й уарзуй ӕма ин ке ниххатир кодта (Лук. 24:33, 34).
7. Цӕхуӕн ном нӕ фӕндуй искӕнун Филиппӕгтӕмӕ 4:5 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ?
7 Мадта Йеговӕ ӕма Киристе лӕдӕргӕй ке архайунцӕ, уой фӕууидтан. Махӕй ба ци ес зӕгъӕн? Йегови фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр лӕдӕргӕ уӕн. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:5.) Библий тӕлмацтӕй еуеми Филиппӕгтӕмӕ стих уотӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕй: «Гъӕуама нин лӕдӕргӕ адӕймаги ном уа». Дӕхе бафӕрсӕ: «Иннетӕ мӕ лӕдӕргӕ, ӕнцондзурд ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй зонунцӕ? Ӕви мӕ зонунцӕ хеваст, ӕнӕбасӕтгӕ ӕма гурумухъ адӕймагӕй? Алкӕддӕр мӕхе дзурдбӕл ниллӕуун? Ӕви иннетӕмӕ дӕр байгъосун ӕма гӕнӕн ку фӕууй, уӕд уони куд фӕндуй, уотӕ бакӕнун?» Лӕдӕргӕй ку архайӕн, уӕд Йеговӕ ӕма Киристей фӕнздзиан. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, лӕдӕргӕдзийнадӕ нӕ кӕми фӕгъгъӕуй, уӕхӕн дууӕ гъуддагемӕ: нӕ царди ести ку раййевуй кенӕ нӕ гъудитӕ ӕма ци унаффитӕ рахӕссӕн, етӕ иннети гъудитӕ ӕма унаффитӕй ку фӕххецӕн кӕнунцӕ. 4:5
УАВӔРТӔ КУ ФЕЙЙЕВУНЦӔ, УӔД ЛӔДӔРГӔЙ АРХАЙӔ
8. Нӕ уавӕртӕ ку феййевонцӕ, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй лӕдӕргӕй архайунмӕ? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)
8 Лӕдӕргӕ адӕймагӕн ӕнӕнгъӕлти ӕ уавӕртӕ ку феййевунцӕ, уӕд зундӕй фӕййархайуй. Зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр нез нӕмӕ иссирдтонцӕ кенӕ ба, кӕми цӕрӕн, уоми экономики ӕма политики уавӕр фӕффуддӕр ӕй, ӕма адӕни цард цӕхгӕрмӕ феййивта (Еккл. 9:11; 1 Кор. 7:31). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ лӕггади ести ку феййевуй, уӕд ма нин е дӕр фӕлварӕн исуй. Мадта дӕ уавӕртӕ кудфӕнди ма раййевонцӕ, уӕддӕр дин сӕбӕл исахур унмӕ ци банхус кӕндзӕй? Цуппар гъуддаги: 1) гъӕуама балӕдӕрай, нур дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхузи ке ’нцӕ, 2) федӕнбӕл сагъӕс кӕнӕ, 3) дӕ царди хуарзӕй ци ес, уой уинӕ ӕма 4) иннетӕн ӕнхус кӕнӕ b. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, аци цуппар гъуддаги кӕмӕн банхус кодтонцӕ, еци адӕни хабӕрттӕмӕ.
9. Еу миссионер бийнонтӕ ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уони сӕрти куд рахизтӕнцӕ?
9 Гъӕуй балӕдӕрун, нур дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхузи ке ’нцӕ. Эмануэле ӕма Франчески иснисан кодтонцӕ миссионертӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ. Нӕуӕг ӕвзаг ахур кӕнун куддӕр райдӕдтонцӕ ӕма ӕмбурди хӕццӕ куддӕр базонгӕ ’нцӕ, уотӕ ба коронавируси пандемийӕ райдӕдта ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмбӕлун сӕ бон нӕбал адтӕй. Минкъий фӕстӕдӕр ба ӕнӕнгъӕлти Франческӕн ӕ мадӕ рамардӕй. Уӕхӕн тухст уавӕри ’й хъӕбӕр фӕндадтӕй ӕ бийнонти фарсмӕ ун, фал пандемийи туххӕй ӕ бон не ’ссӕй рандӕ ун. Ци ин банхус кодта, цӕмӕй федар фӕллӕудтайдӕ? Фиццаг: сӕ дууӕ дӕр еумӕ кувтонцӕ, цӕмӕй син Йеговӕ зунд равардтайдӕ, ӕма исон ци уодзӕй, уобӕл ӕгӕр ма тухстайуонцӕ. Йеговӕ син ӕ афонӕбӕл исдзуапп кодта. Зӕгъӕн, хъӕбӕр сӕ бафедар кодта, еу ӕнсувӕр интервьюй ци загъта, е: «Дӕ уавӕртӕбӕл куд тагъддӕр исахур уай, уотӕ хуӕздӕр. Уой фӕрци дӕ зӕрди уодзӕй цийнӕдзийнадӕ ӕма дӕ рӕстӕгӕй хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕндзӕнӕ» c. Дуккаг: етӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй телефонӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кодтайуонцӕ, ӕма сӕмӕ уой фӕрци еу Библий ахур фӕззиндтӕй. Ӕртиккаг: хуӕртӕ ӕма сӕ ӕнсувӕртӕ ке федар кодтонцӕ, уомӕй хъӕбӕр боз адтӕнцӕ. Еу фӕлмӕнзӕрдӕ хуӕрӕ ба син ӕнӕгъӕнӕ анзи дӕргъи алли бон дӕр минкъий финстӕгутӕ финста Библий стихти хӕццӕ. Мах дӕр еци миссионерти хузӕн нӕ нӕуӕг уавӕртӕбӕл тагъддӕр ку исахур уӕн, уӕд нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ ӕма нӕ уавӕрти нӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл цийнӕ кӕндзиан.
10. Еу хуӕрӕ ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕбӕл куд исахур ӕй?
10 Сагъӕс кӕнӕ, раздӕр ци адтӕй, уобӕл нӕ, фал федӕнбӕл. Еу румынаг хуӕрӕ Кристинӕ цӕруй Японий. Е цудӕй англисаг ӕмбурдмӕ. Фал син удта загътонцӕ, англисаг ӕвзагбӕл ӕмбурд ке нӕбал уадздзӕнцӕ, ӕма ин е хъӕбӕр зин адтӕй. Фал Кристинӕ, раздӕр ци адтӕй, уобӕл нӕ сагъӕс кодта. Е япойнаг ӕмбурдмӕ рахизтӕй ӕма архайдта, цӕмӕй игъосун дӕр еци ӕвзагбӕл кодтайдӕ. Раздӕр ке хӕццӕ куста, еци силгоймагӕн загъта, цӕмӕй имӕ ӕвзаг ахур кӕнунмӕ фӕккастайдӕ. Еци силгоймаг дӕр исарази ӕй ӕма япойнаг ӕвзаг ахур кӕнун райдӕдтонцӕ Библи ӕма брошюри фӕрци «Амондгунӕй цӕрӕ ӕносмӕ!». Кристинӕ япойнаг ӕвзаг исахур кодта. Фал уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба е адтӕй, ӕма ин ци силгоймаг ӕнхус кодта, уой Библий туххӕй фулдӕр базонун бафӕндадтӕй. Раздӕр ци адтӕй, уобӕл ку нӕ тухсӕн ӕма алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд ӕнӕнгъӕлти ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй, етӕ нин арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕнцӕ.
11. Еу бийнонтӕн ци банхус кодта, ӕхцайӕй ку батухстӕнцӕ, уӕд?
11 Иннетӕн ӕнхус кӕнтӕ. Нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, еу уӕхӕн бӕсти экономикон уавӕр ке фӕффуддӕр ӕй, уой туххӕй еу бийнонтӕ ӕхцайӕй батухстӕнцӕ. Уӕхӕн уавӕри син ци банхус кодта? Сӕ цард фӕххумӕтӕгдӕр кодтонцӕ. Удта унаффӕ рахастонцӕ, сӕ зиндзийнӕдтӕмӕ ке нӕ никкомкоммӕ уодзӕнцӕ, фал иннетӕн ке ӕнхус кӕндзӕнцӕ ӕма зингзӕрдӕй хуарз хабар ке дзордзӕнцӕ (Гъуд. 20:35). Лӕг зӕгъуй: «Мах не ’гас хъауритӕ дӕр хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ исаразтан ӕма Йегови гъуддӕгтӕбӕл берӕ рӕстӕг харз кодтан. Уой фӕрци нин тухст сагъӕстӕн рӕстӕг н’ адтӕй». Нӕ уавӕртӕ ку раййевунцӕ, уӕд ӕхсидзгӕ фӕууй, цӕмӕй идарддӕр дӕр иннетӕн ӕнхус кӕнӕн. Алцӕмӕй хуӕздӕр ба е ӕй, ӕма иннетӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар ку дзорӕн.
12. Апостол Павели цӕветтон нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр уӕн?
12 Хуарз хабар игъосун кӕнгӕй ци адӕнбӕл исӕмбӕлӕн, етӕ фӕуунцӕ аллихузи адӕнихӕттитӕй, аллихузи динтӕбӕл ӕма ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕст. Ӕма гъӕуама зонӕн, сӕ хӕццӕ куд дзоргӕ ’й, цӕмӕй син сӕ зӕрдитӕмӕ над иссерӕн. Еци гъуддаги нин фӕнзуйнаг ӕй апостол Павел. Киристе ӕй иснисан кодта «иннӕ адӕнтӕмӕ ӕрвист апостолӕй» (Ром. 11:13). Павелӕн еци гъуддаг ӕ къохи бафтудӕй. Е игъосун кодта айдагъ дзиуиттӕгтӕн нӕ, фал ма грекъӕгтӕн дӕр, ахургонд адӕнӕн, хумӕтӕг адӕнӕн, хецӕуттӕн ӕма паддзӕхтӕн. Цӕмӕй син сӕ зӕрдитӕмӕ над иссирдтайдӕ, уой туххӕй иссӕй «аллихузи адӕнӕн... алцидӕр» (1 Кор. 9:19–23). Павел ӕ гъудий дардта, цӕхуӕн ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕст ӕнцӕ, цӕхуӕн уавӕрти исирӕзтӕнцӕ, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ дзурд раййевидӕ. Мах дӕр арӕхстгун игъосунгӕнгутӕ уодзиан, адӕни хӕццӕ радзубанди кӕнун хуӕздӕр цӕй туххӕй уодзӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд.
ИННЕТИ ГЪУДИ НИМАЙЕТӔ
13. 1 Коринфӕгтӕмӕ 8:9 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕхе цӕмӕй багъӕуай кӕндзиан, иннети гъудийӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд?
13 Лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд иннети гъуди нимайдзиан. Зӕгъӕн, еуӕй-еу хуӕртӕ уарзунцӕ сӕхе хуарун, иннетӕ ба сӕхе нӕ хуарунцӕ. Еуӕй-еу киристӕнттӕ еу минкъий раниуазунцӕ, иннетӕ ба унаффӕ рахастонцӕ, ӕппундӕр ке нӕ ниуаздзӕнцӕ. Алкедӕр ни фӕндуй ӕнӕнез ун, фал ӕхе ка куд дзӕбӕх кӕндзӕй, уой фӕдбӕл ба унаффӕ алкедӕр ӕхуӕдӕг хӕссуй. Кӕд нӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма мах ци унаффӕ рахастан, ӕрмӕстдӕр е ӕй раст ӕма иннетӕн дӕр уотӕ кӕнун кӕнӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн къахкъуӕрӕн исуӕн ӕма ӕмбурди фарнӕ фехалӕн. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй уотӕ рауайа. (Бакӕсӕ1 Коринфӕгтӕмӕ 8:9; 10:23, 24.) Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн дууӕ уавӕремӕ ӕма фӕууинӕн, Библий уагӕвӕрдтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй лӕдӕргӕ уӕн ӕма ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕнӕн.
14. Библийӕй нин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ке ан, е не ’ндаг бакастӕй бӕрӕг уа?
14 Уӕледарӕс ӕма ӕндаг бакаст. Ци гъӕуама дарӕн, уой фӕдбӕл нин Йеговӕ карз амундтӕ нӕ равардта, фал нин равардта уагӕвӕрдтӕ. Нӕ конд гъӕуама уа, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ. Нӕ уӕледарӕсӕй гъӕуама бӕрӕг уа, «уӕздан ӕма лӕдӕргӕ» ке ан (1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:3). Мах нӕ фӕндуй нӕхемӕ ӕгӕр берӕ ӕргом ӕздахун. Библий уагӕвӕрдтӕ ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ӕмбурди сӕхе закъӕнттӕ ма ӕрфедар кӕнонцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн се ’ндаг бакаст цӕхуӕн гъӕуама уа, уой фӕдбӕл. Еу ӕмбурди еуӕй-еу ӕригон ӕнсувӕртӕн сӕ дзиккотӕ модӕмӕ гӕсгӕ ӕлвид адтӕнцӕ: цубур, фал пихцил. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон син куд иссӕй банхус кӕнун, цӕмӕй сӕхе закъӕнттӕ ма ӕрфедар кодтайуонцӕ, уотемӕй? Районон цӕстӕдарӕг син загъта: «Еци ӕригон ӕнсувӕрти уӕ бон ӕй уотӕ рафӕрсун: „Сценӕбӕл ку фӕууотӕ, уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ фулдӕр се ’ргом цӕмӕ фездахунцӕ: куд арӕзт айтӕ уомӕ ӕви ци дзоретӕ, уомӕ? Кӕд куд арӕзт айтӕ, уомӕ, уӕд уӕ, ӕвӕдзи, уе ’ндаг бакасти цидӕр раййевун гъӕуй“». Еци хумӕтӕг унаффи фӕрци ӕригон ӕнсувӕртӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, ци сӕ раййевун гъӕуй, уой, ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти дӕр закъӕнттӕ ӕвӕрун нӕ багъудӕй d.
15. Библийӕй цӕхуӕн закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕй пайда кӕндзиан, нӕхе куд дзӕбӕх кӕндзиан, уой фӕдбӕл унаффӕ ку хӕссӕн, уӕд? (Ромӕгтӕмӕ 14:5).
15 Ӕнӕнездзийнадӕ. Алли киристон дӕр ӕнӕнездзийнади хӕццӕ баст фарстати фӕдбӕл унаффӕ ӕхуӕдӕг хӕссуй (Гал. 6:5). Нӕхе куд дзӕбӕх кӕндзиан, уомӕ ка хауй, уӕхӕн закъӕнттӕ Библий цалдӕр ӕнцӕ. Зӕгъӕн, нӕхе ке гъӕуама хезӕн тогӕй, хинттӕй ӕма дӕсни фӕрсунӕй (Гъуд. 15:20; Гал. 5:19, 20). Иннӕ дзӕбӕх кӕнуни мадзӕлттӕ ба адӕймагӕн ӕхе барӕ ’нцӕ. Кадӕр дохтиртӕмӕ бацӕуй, кадӕртӕ ба сӕхе дзӕбӕх кӕнунмӕ кӕрдӕгутӕй кенӕ ӕндӕр мадзӕлттӕй фӕппайда кӕнунцӕ. Кӕд ӕй федарӕй зонис, ӕма ду ци дзӕбӕх кӕнуни мадзал равзурстай, е алцӕмӕйдӕр хуӕздӕр ӕй, уӕддӕр дӕ гъудий дарӕ, иннетӕн уой барӕ ке ес, цӕмӕй сӕхе куд дзӕбӕх кӕндзӕнцӕ, уой сӕхуӕдтӕ равзаронцӕ. Ма иронх кӕнӕ: 1) айдагъдӕр Хуцауи Паддзахадӕн ӕй ӕ бон адӕни еугур незтӕй дӕр исуӕгъдӕ кӕнун (Ис. 33:24); 2) алли киристон дӕр унаффӕ ӕхуӕдӕг хӕссуй (бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 14:5); 3) иннетӕн гъӕуама ма тӕрхон кӕнӕн ӕма син къахкъуӕрӕн ма исуӕн (Ром. 14:13); 4) киристӕнттӕ кӕрӕдзей уарзунцӕ, ӕма син кӕд равзаруни барӕ е, уӕддӕр фулдӕр сагъӕс кӕнунцӕ ӕмбурди еудзийнадӕ багъӕуай кӕнунбӕл (Ром. 14:15, 19, 20). Аци гъуддӕгтӕ нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзиан.
16. Хестӕр нӕлгоймаги иннӕ хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ ести фарстай фӕдбӕл унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕд лӕдӕргӕй куд архайдзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
16 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама сӕ лӕдӕргӕдзийнадӕй фӕнзуйнаг уонцӕ (1 Тим. 3:2, 3). Уомӕ гӕсгӕ ӕнсувӕр гъӕуама уотӕ ма сагъӕс кӕна, ӕма кӕд хестӕр ӕй ӕма фӕлтӕрдгундӕр ӕй, уӕд иннӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕддӕр, е ци загъта, уобӕл арази кӕндзӕнцӕ. Е ӕй лӕдӕруй, Хуцауи сугъдӕг хъаури бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти совети кефӕнди дӕр баразӕнгард кӕнун, цӕмӕй син банхус кӕна зундгин унаффӕ рахӕссунмӕ. Ӕма кӕд Библий уагӕвӕрдти сӕрти нӕ рахизтӕнцӕ, уӕд лӕдӕргӕ хестӕр нӕлгоймаг исарази уодзӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фулдӕр ци унаффӕ рахастонцӕ, уобӕл.
ЛӔДӔРГӔДЗИЙНАДӔ БЕРӔ АРФӔДЗИЙНӔДТӔ ХӔССУЙ
17. Лӕдӕргӕй ка фӕййархайуй, е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уй?
17 Лӕдӕргӕй ку фӕййархайӕн, уӕд берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ кӕрӕдзей фӕллӕдӕрӕн, удта ӕмбурди фӕууй фарнӕ. Йеговӕ нӕ ӕ бийнонтӕмӕ ке ӕрбакодта, уобӕл фӕццийнӕ кӕнӕн, кӕд ӕма ни алкедӕр аллихузи адӕнихаттӕй ӕй ӕма нин аллихузи уодигъӕдӕ ес, уӕддӕр. Алцӕмӕй ӕхцӕуӕндӕр ба нин е ӕй, ӕма нӕ Хуцау Йегови хузӕн лӕдӕргӕ ан.
90 ЗАР Кӕрӕдзей федар кӕнӕн
a Йеговӕ ӕма Киристе лӕдӕргӕ ’нцӕ ӕма сӕ фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр лӕдӕргӕ уӕн. Лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй нӕ царди ести ку раййева, уӕд, зӕгъӕн, ку фӕссӕйгӕ уӕн кенӕ ӕхцайӕй ку батухсӕн. Удта ма лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕнӕн.
c Цӕмӕй аци видеороликмӕ бакӕсай, уой туххӕй бацо сайтмӕ jw.org ӕма «Найти» финст кӕми ес, уоми ниффинсӕ «Интервью с Дмитрием Михайловым».
d Не ’ндаг бакаст цӕхуӕн гъӕуама уа, уой туххӕй фулдӕр кӕсӕ киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!», 52 урок.