Зудтай ӕй?
Вавилони кӕлӕддзӕгти астӕу ци агоритӕ иссирдтонцӕ ӕма сӕ куд кодтонцӕ, уонӕй куд зиннуй, Библий ӕцӕг хабӕрттӕ финст ке ’нцӕ?
АРХЕОЛОГТӔ рагон Вавилони хъӕбӕр берӕ агоритӕ иссирдтонцӕ. Пайда си кодтонцӕ горӕт амайгӕй. Археолог Роберт Кольдеви куд загъта, уомӕ гӕсгӕ еци агоритӕ ци пецти кодтонцӕ, етӕ адтӕнцӕ «горӕтӕй еуварс рауӕн, дзӕбӕх ӕргъӕ кӕми адтӕй ӕма берӕ къотӕртӕ кӕми ирӕзтӕй, уоми. Еци къотӕртӕ содзунмӕ хуарз бӕзтӕнцӕ».
Рагон финститӕмӕ гӕсгӕ Вавилони хецӕуттӕ еци пецтӕй арӕх фӕппайда кӕниуонцӕ аллихузи фудгъуддӕгтӕ кӕнунмӕ. Торонтаг университети ассириологий профессор Поль-Ален Больё ниффинста: «Рагон Вавилони финститӕмӕ гӕсгӕ паддзах бардзурд раттидӕ, цӕмӕй хецауади нихмӕ ка цӕуй кенӕ дини ӕгъдӕутти нихмӕ ка ӕй, уони пеци басодзонцӕ». Зӕгъӕн, еу финстмӕ гӕсгӕ паддзах Навуходоносор уӕхӕн бардзурд равардта: «Фесафетӕ сӕ, пеци сӕ басодзетӕ... уадзӕ ма хъуӕцӕ кӕнӕнтӕ, сӕ мӕлӕт арти иссерӕнтӕ, пеллон арти».
Аци дзурдтӕ нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнунцӕ Данели 3 сӕри финст хабӕрттӕ. Уоми финст ӕй, паддзах Навуходоносор Вавилони ӕндаг фарс Деири дӕлфӕзи ке искӕнун кодта хъӕбӕр устур сугъзӕрийнӕ гумери. Ӕртӕ ӕригон дзиуиттаги, Седрах, Мисах ӕма Авденаго, еци гумерийӕн ковун ку нӕ бакумдтонцӕ, уӕд Навуходоносор хъӕбӕр исмӕстгун ӕй. Е загъта, «цӕмӕй пец авд хатти хъӕбӕрдӕр истӕвдӕ кодтайуонцӕ» ӕма еци ӕртей «содзгӕ пеци багӕлстайуонцӕ». Фал сӕ Хуцауи хъаурӕгин изӕд фӕййервӕзун кодта (Дан. 3:1–6, 19–28).
Вавилони ци агоритӕ иссирдтонцӕ, етӕ сӕхуӕдтӕ дӕр бӕлвурд кӕнунцӕ, Библий ӕцӕг хабӕрттӕ финст ке ес. Беретӕбӕл си финст ес, паддзахи ка кадгин кӕнуй, уӕхӕн дзурдтӕ. Еци финститӕй еу уӕхӕн адтӕй: «Навуходоносор, Вавилони паддзах... Ӕз искодтон аци галауан, кадгин паддзахи цӕрӕнбунат... [...] Мӕ байзӕддӕгтӕ си хецӕуттӕ уӕнтӕ ӕносмӕ!» Аци дзурдтӕ хъӕбӕр ӕмхузӕн ӕнцӕ Данели 4:30 финст дзурдти хӕццӕ: «Айӕ ӕй номдзуд Вавилон. Ӕз аци горӕт искодтон ме ’стур хъаурӕй, цӕмӕй си паддзахи хӕдзарӕ уа ӕма цӕмӕй мӕ кадӕ райгъуса!»