Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?
Фиццагидӕр ци гъӕуй ӕртасун?
Библи ӕртасунмӕ нин алкӕд берӕ рӕстӕг нӕ фӕууй. Дӕ бон куд ӕй, ци рӕстӕг дин фӕууй, уомӕй хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнун? Фиццаг: тагъд ма кӕнӕ. Берӕ ӕрмӕгмӕ тагъд-тагъдӕй ку ӕркӕсай, уӕд дин е неци пайда ӕрхӕсдзӕй. Уой бӕсти минкъийдӕр ӕрмӕг лӕмбунӕг рартасӕ.
Дуккаг: расагъӕс кӕнӕ, фиццагидӕр ци ӕртасдзӕнӕ, уобӕл (Еф. 5:15, 16). Мӕнӕ цалдӕр унаффи:
Библи алли бон дӕр кӕсӕ (Пс. 1:2). Дӕ бон ӕй райдайун, «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ» ка хуннуй, уоми Библийӕй ци сӕртӕ фӕккӕсӕн, уонӕй.
Дӕхе бацӕттӕ кӕнисӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги ахурмӕ» ӕма «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ», ка хуннуй, еци фембӕлдмӕ, цӕмӕй дӕ бон уа дзуӕппитӕ дӕр раттун (Пс. 22:22).
Рӕстӕг дин ку уа, уӕд ӕндӕр публикаци дӕр бакӕсисӕ, зӕгъӕн, журнал парахат кӕнунмӕ, сайти jw.org ци статьятӕ рацӕуй, уони, удта видеороликтӕмӕ дӕр бакӕсисӕ.
Цӕхуӕн темӕ дӕ фӕндадтайдӕ рартасун, уой равзарӕ. Ка ’й зонуй, зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис, цӕхуӕндӕр фарста дӕмӕ ес кенӕ дӕ Библий кӕцидӕр гъуди хуӕздӕр базонун фӕндуй. Уӕд еци фарстати фӕдбӕл ӕрмӕг байагорӕ. Сайти jw.org ӕртасунмӕ хуарз ӕрмӕг ес, хаййи «Библейские задания»