29 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Устур бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?
«Уӕхе цӕттӕ даретӕ» (МАТФ. 24:44).
150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай
РАЗДЗУРД a
1. Бӕллӕхтӕмӕ цӕттӕ цӕмӕн гъӕуама уӕн?
ЕСТИ бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд цӕттӕ ка разиннуй, етӕ арӕхдӕр фӕййервӕзунцӕ ӕма ма сӕ бон фӕууй иннетӕн дӕр банхус кӕнун. Европи еу гуманитарон организаци уотӕ загъта: «Дӕхе ку бацӕттӕ кӕнай, уӕд уомӕй берӕ кӕнгӕ уодзӕй».
2. Устур бӕллӕхмӕ нӕ рагацау цӕттӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй? (Матфеййи 24:44).
2 «Устур бӕллӕх» райдайдзӕй ӕнӕнгъӕлти (Матф. 24:21). Фал ӕнӕнгъӕлти алкӕмӕн нӕ уодзӕй. Еу 2 000 анзей размӕ Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта, еци бонмӕ сӕ цӕттӕ ун ке гъӕуй. (Бакӕсӕ Матфеййи 24:44.) Цӕттӕ ку уӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй еци зин рӕстӕг федар фӕллӕуун, ӕма ма иннетӕн дӕр ӕнхус кӕнун (Лук. 21:36).
3. Федардзийнадӕ нӕмӕ ку уа, иннети зин ку лӕдӕрӕн ӕма сӕ ку уарзӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй устур бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕн?
3 Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, цӕхуӕн ӕртӕ менеуӕги нин банхус кӕндзӕнцӕ устур бӕллӕхмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун. Тӕрхони хабар игъосун кӕнун нӕ ку гъӕуа ӕма адӕн нӕ нихмӕ ку цӕуонцӕ, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзиан? (Рарг. 16:21). Гъӕудзӕй нӕ федардзийнадӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ игъосӕн ӕма ма гурусхӕ кӕнӕн, ке нӕ багъӕуай кӕндзӕй, уобӕл. Куд бакӕндзиан, не ’нсувӕртӕ ӕнӕ нецӕмӕй ку байзайонцӕ, уӕд? (Ав. 3:17, 18). Гъӕудзӕй нӕ иннети зин лӕдӕрун, цӕмӕй син банхус кӕнӕн. Зӕнхон хецауӕдти цӕдес нӕ нихмӕ ку рацӕуонцӕ, ӕма нӕ уой туххӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ нӕхе римӕхсун ку багъӕуа, уӕд нӕхе куд бадардзиан? Уоми ба нин банхус кӕндзӕй уарзондзийнадӕ, цӕмӕй еумӕ еци зин рӕстӕгутӕн бафӕразӕн.
4. Библийӕй куд зиннуй, ӕхсидзгӕ ке ӕй, цӕмӕй нӕмӕ уа федардзийнадӕ, цӕмӕй иннети зин лӕдӕрӕн ӕма сӕ уарзӕн?
4 Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнӕн аци ӕртӕ менеуӕги: федардзийнадӕ, иннети зин лӕдӕрун ӕма уарзондзийнадӕ. Лукай 21:19 финст ӕй: «Уӕ федардзийнади фӕрци фӕййервӕзун кӕндзиайтӕ уӕ уодтӕ». Колоссӕгтӕмӕ 3:12 ба уотӕ финст ӕй: «Уӕ зӕрдитӕмӕ арф есетӕ кӕрӕдзей зин». 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 4:9, 10 ба кӕсӕн: «Уомӕн ӕма уӕ Хуцау ӕхуӕдӕг ахур кӕнуй уӕ кӕрӕдзей уарзун. [...] Фал ма уин фӕдзӕхсӕн, не ’нсувӕртӕ, цӕмӕй уӕ уарзондзийнадӕ никки хъӕбӕрдӕр кӕна». Аци дзурдтӕ финст адтӕнцӕ киристӕнттӕмӕ. Етӕ уой разӕй дӕр аци менеугутӕ ӕвдистонцӕ, фал сӕ идарддӕр дӕр гъудӕй архайун. Ӕма е махмӕ дӕр хауй. Цума нин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, фиццаг ӕноси киристӕнттӕ аци менеугутӕ куд ӕвдистонцӕ ӕма сӕ нӕ бон куд ӕй фӕнзун. Уотемӕй базондзиан, устур бӕллӕхмӕ цӕттӕ ан ӕви нӕ.
ФЕДАР УОТӔ
5. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн ци банхус кодта федар фӕллӕуунмӕ?
5 Фиццаг киристӕнтти гъудӕй федардзийнадӕ (Дзиуит. 10:36). Ӕнӕуой адӕн ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уонӕй уӕлдай ма ӕфхуӕрд ӕййафтонцӕ дзиуиттаг дини разамонгутӕй, Роми хецауадӕй, удта ма сӕ хеуӕнттӕй дӕр (Матф. 10:21). Ӕмбурди ба фӕззиндтӕй, раст дини нихмӕ цӕун ка райдӕдта, уӕхӕнттӕ дӕр (Гъуд. 20:29, 30). Фал уӕддӕр еци киристӕнттӕ адтӕнцӕ федар (Рарг. 2:3). Цума син ци ӕнхус кодта? Етӕ сагъӕс кодтонцӕ рагидзаманти еузӕрдон адӕни хабӕрттӕбӕл. Зӕгъӕн, Иови хабарбӕл (Иак. 5:10, 11). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕй хъаурӕ курдтонцӕ (Гъуд. 4:29–31). Удта ма еци киристӕнттӕ сӕ зӕрдӕбӕл дардтонцӕ, Йеговӕ син хуӕрзеуӕг ке ӕрцӕттӕ кодта, уой (Гъуд. 5:41).
6. Ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд нин Мерити цӕветтон куд банхус кӕндзӕй?
6 Мах бон дӕр уодзӕй федар фӕллӕуун, Хуцауи Дзурди, удта нӕ публикацити ци цӕветтонтӕ ес, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд. Албанийӕй еу хуӕрӕ Меритӕ ӕ бийнонтӕй карз ӕфхуӕрд баййафта. Е зӕгъуй: «Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй Иови цӕветтон. Е устур гъезӕмӕрттӕ бавзурста, ӕма ма ’й зонгӕ дӕр нӕ кодта, ке фудӕй ибӕл ӕрцудӕнцӕ. Фал уӕддӕр загъта: „Цалинмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуцаубӕл мӕ зӕрдӕ не ’сӕййевдзӕн!“ (Иов 27:5). Гъема ӕз дӕр расагъӕс кодтон, мӕ зиндзийнӕдтӕ Иови зиндзийнӕдти рази ку неци ’нцӕ. Фал ӕй Иовӕй уӕлдай ӕз зонун, ке фудӕй мӕбӕл цӕунцӕ, уой».
7. Цалинмӕ уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл не ’сӕмбалдан, уӕдмӕ цӕбӕл гъӕуама исахур уӕн?
7 Никки федардӕр исуодзиан, нӕ тухститӕ Йеговӕн арӕхдӕр ку дзорӕн, уӕд (Фил. 4:6; 1 Фес. 5:17). Ка ’й зонуй, мӕнӕ гъе нуртӕккӕ уӕззау фӕлварӕнбӕл не ’мбӕлис. Фал дӕхе бафӕрсӕ: «Естӕбӕл ку фӕттухсун кенӕ куд бакӕнон, уой ку нӕ фӕззонун, уӕд Йеговӕй ӕнхус ракорун?» Цийфӕнди уавӕри дӕр Йеговӕмӕ ковунбӕл ахур ку уай, уӕд уӕззау фӕлварӕнти дӕр гъе уотӕ архайдзӕнӕ. Уӕд ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕндзӕнӕ, е ӕй хуӕздӕр ке зонуй, кӕд ӕма дин куд банхус кӕна, уой (Пс. 27:1, 3).
8. Мири хабарӕй куд зиннуй, абони фӕлварӕнти федар ку фӕллӕууӕн, уӕд нин е федӕни дӕр ке банхус кӕндзӕй? (Иакови 1:2–4). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
8 Абони зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй федар ку уӕн, уӕд нин устур бӕллӕхи дӕр федар фӕллӕуун ӕнцондӕр уодзӕй (Ром. 5:3) Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Ӕнсувӕртӕй беретӕ сӕхецӕй зонунцӕ, еу фӕлварӕни сӕрти ку рахезунцӕ, уӕд син иннӕ фӕлварӕнти дӕр федар фӕллӕуун ӕнцондӕр ке фӕууй. Уой фӕрци ’й никки хуӕздӕр фӕууинунцӕ, Йеговӕ сӕ фарсмӕ ке ӕй. Уотемӕй се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уй ӕма иннӕ фӕлварӕнтӕмӕ никки хуӕздӕр цӕттӕ фӕуунцӕ. (Бакӕсӕ Иакови 1:2–4.) Албанийӕй еу пионер хуӕрӕ Мирӕ радзурдта, федар фӕллӕуунмӕ ин ци банхус кодта. Еуӕй-еухатт имӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма уой хузӕн зиндзийнӕдтӕбӕл неке ӕмбӕлуй. Фал уӕд ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй, Йеговӕ ’й фӕстаг 20 анзей дӕргъи куд федар кодта, е, ӕма ӕхецӕн фӕззӕгъуй: «Йегови фӕрци цӕйбӕрцӕ фӕлварӕнти федар фӕллӕудтӕ, уой макӕд иронх кӕнӕ ӕма дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Цӕйбӕрцӕ ӕнзтӕ фӕллӕггадӕ кодтай, етӕ дин дзӕгъӕли ма фӕууӕнтӕ». Дӕу бон дӕр ӕй дӕ зӕрдӕбӕл дарун, Йеговӕ дин раздӕр куд ӕнхус кодта федар фӕллӕуунмӕ, уой. Ӕма устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд ӕй зондзӕнӕ, ци кӕнун дӕ гъӕуй, цӕмӕй фӕлварӕнти сӕрти рахезун дӕ бон уа ӕма кӕронмӕ федар фӕллӕууай. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, фӕлварӕнти федар ку фӕллӕууис, уӕд уой Йеговӕ фӕууинуй, ӕма дин ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй (Матф. 5:10–12).
КӔРӔДЗЕЙ ЗИН ЛӔДӔРЕТӔ
9. Сирий Антиохий киристӕнттӕ се ’нсувӕртӕн куд банхус кодтонцӕ?
9 Еухатт Иуди ӕрцудӕй стонг рӕстӕг. Сирий Антиохий уой ку фегъустонцӕ, уӕ се ’нсувӕртӕн фӕттӕрегъӕд кодтонцӕ. Фал айдагъ тӕрегъӕд нӕ бакодтонцӕ. Еци киристӕнттӕ син гъуддагӕй банхус кодтонцӕ. Етӕ унаффӕ рахастонцӕ, «алкедӕр си, ӕ бон цӕйбӕрцӕ ’й, уойбӕрцӕ ке ратдзӕй, цӕмӕй Иудейи ӕнсувӕртӕн банхус кӕнонцӕ» (Гъуд. 11:27–30). Антиохий киристӕнтти хъӕбӕр фӕндадтӕй се ’нсувӕртӕн банхус кӕнун, кӕд Иудейӕ идард адтӕй, уӕддӕр (1 Иоан. 3:17, 18).
10. Бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ зин ке лӕдӕрӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Мах дӕр гъӕуама кӕрӕдзей зин лӕдӕрӕн, уӕлдайдӕр ба тухст уавӕрти ка бахаудтӕй, уони. Мах еци фӕдбӕл не ’нхуси къох бадарӕн. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фегъосун кӕнӕн, нӕ бон банхус кӕнун цӕмӕй ӕй, уой. Уомӕй уӕлдай ма дӕттӕн нисайнаг ӕгасдуйнеуон гъуддагӕн, уӕдта бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй фӕкковӕн (Ӕмб. 17:17) b. 2020 анзи ӕгас дуйнебӕл дӕр нисангонд ӕрцудӕнцӕ 950 комитетти. Еци комитеттӕ ӕнхус кодтонцӕ, бӕллӕхтӕ ӕма коронавируси пандемийӕ зиан кӕмӕн ӕрхаста, еци ӕнсувӕртӕн. Сӕ хӕццӕ ӕмгуст ка кӕнуй, етӕ растауйнаг ӕнцӕ, уомӕн ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн гуманитарон ӕнхус бахъӕртун кӕниуонцӕ, удта син ӕнхус кодтонцӕ, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ дӕр федар уа, еуӕй-еухӕттити ба син сӕ хӕдзӕрттӕ кенӕ Паддзахади залтӕ барӕвдзӕ кӕнунмӕ банхус кӕниуонцӕ. (Рабарӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:1–4.)
11. Нӕ хуарз гъуддӕгтӕ нӕ уӕларвон Фиди куд кадгин кӕнунцӕ?
11 Ӕрдзон бӕллӕхи нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку фенхус кӕнӕн, уӕд уой иннетӕ дӕр фӕууинунцӕ. Зӕгъӕн, 2019 анзи Багамити ураган «Дориан» рацудӕй ӕма си нӕ Паддзахади зал ниппурхӕ ’й. Зал ка рӕвдзӕ кодта, еци ӕнсувӕрти гъудӕй кӕцидӕр куститӕ бакӕнунмӕ ӕндӕр еске байхуӕрсун. Ке хӕццӕ бадзубанди кодтонцӕ, е Йегови Ӕвдесӕн н’ адтӕй. Ӕма ’й ку бафарстонцӕ, цӕйбӕрцӕ ӕхца, дан, гъӕудзӕй бафедун, уӕд син е ба загъта: «Ӕз уин косӕн ӕрмӕг, косӕндзаумӕуттӕ ӕма косгути лӕвар дӕттун. Мӕн фӕндуй уӕ организацийӕн естӕмӕй банхус кӕнун. Уӕ кӕрӕдзебӕл куд тухсетӕ, е мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй». Адӕнӕн сӕ фулдӕр Йегови нӕ зонунцӕ, фал Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕ гъуддӕгтӕ фӕууинунцӕ. Махӕн устур кадӕ ’й, нӕ гъуддӕгти фӕрци нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцаумӕ се ’ргом ке раздахунцӕ (Еф. 2:4).
12. Иннети зин лӕдӕрунбӕл абони нӕхе ке ахур кӕнӕн, е нӕ устур бӕллӕхмӕ куд бацӕттӕ кӕндзӕй? (Раргомадӕ 13:16, 17).
12 Устур бӕллӕхи рӕстӕг нӕ кӕрӕдзей зин лӕдӕрун цӕмӕн гъӕудзӕй? Библийӕй бӕрӕг ӕй, хецауади фарс ка нӕ уа, етӕ абони дӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ке ӕмбӕлдзӕнцӕ, удта устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 13:16, 17.) Ка ’й зонуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ уодзӕй, цардӕн ӕнӕмӕнгӕй ци фӕгъгъӕуй, е. Тагъд рӕстӕги нӕ Паддзах Йесо Киристе ӕрцӕудзӕй, цӕмӕй аци дуйнебӕл Хуцауи тӕрхон исӕнхӕст кӕна. Уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ӕй фӕууина, нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ке ӕнхус кӕнӕн. Уӕд нин зӕгъдзӕй: «Бунӕн райсетӕ... Паддзахадӕ» (Матф. 25:34–40).
КӔРӔДЗЕЙ УАРЗЕТӔ
13. Ромӕгтӕмӕ 15:7 ци унаффӕ финст ес, е фиццаг ӕноси киристӕнттӕн куд банхус кодта, цӕмӕй кӕрӕдзей уарзтайуонцӕ?
13 Фиццаг киристӕнтти базонӕн адтӕй сӕ уарзондзийнадӕй. Фал син цума еци менеуӕг ӕвдесун ӕнцон адтӕй? Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн Роми ка адтӕй, еци киристон ӕмбурд. Еци ӕмбурди адтӕй аллихузи адӕн. Адтӕй си дзиуиттӕгтӕ, Моисеййи закъон сӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ ка зудта, етӕ, удта си адтӕй, Йегови ка нӕ зудта ӕма бустӕги ӕндӕр уавӕрти ка исгъомбӕл ӕй, уӕхӕнттӕ дӕр. Ӕвӕдзи, киристӕнтти астӕу адтӕй, цагъартӕ дӕр, сӕребарӕ адӕн дӕр, сауӕнгӕ ма цагъартӕ ка дардта, уӕхӕнттӕ дӕр. Сӕ бон ци адтӕй кӕнун, цӕмӕй кӕрӕдзей уарзтайуонцӕ, кӕд кӕрӕдземӕй хъӕбӕр хецӕн кодтонцӕ, уӕддӕр? Апостол Павел сӕ разӕнгард кодта: «Кӕрӕдзей... баиуазӕг кӕниайтӕ». (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 15:7.) Дзурдбаст «баиуазӕг кӕнун» ами нисан кӕнуй адӕймагбӕл бацийнӕ кӕнун кенӕ ӕ хӕццӕ балимӕн ун. Зӕгъӕн, Павел Филимони баразӕнгард кодта, цӕмӕй си ка фӕллигъдӕй, еци цагъар Онисими баиуазӕг кодтайдӕ (Филим. 17). Прискиллӕ ӕма Акилӕ ба баиуазӕг кодтонцӕ, киристон дини туххӕй сӕхецӕй минкъийдӕр ка зудта, уӕхӕн ӕнсувӕр Апполоси (Гъуд. 18:26). Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ кӕд уотӕ фӕйнӕхузи адтӕнцӕ, уӕддӕр кӕрӕдземӕй сӕхе нӕ еуварс кодтонцӕ, фал кӕрӕдзей баиуазӕг кӕниуонцӕ ӕма кӕрӕдзебӕл бацийнӕ уиуонцӕ.
14. Миссионертӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн бийнонтӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй куд бавдистонцӕ?
14 Мах дӕр ку архайӕн, цӕмӕй нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу фулдӕр ӕмбӕлттӕ уа, уӕд ӕй ӕвдесдзиан, берӕ сӕ ке уарзӕн, удта нӕмӕ етӕ дӕр сӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесдзӕнцӕ (2 Кор. 6:11–13). Ӕркӕсӕн Анни цӕветтонмӕ. Ӕ сӕрихецауи хӕццӕ сӕ Нигулӕн Африки миссионертӕй ку иснисан кодтонцӕ, уӕд коронавируси пандемийӕ райдӕдта. Уой туххӕй сӕ бон н’ адтӕй нӕуӕг ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕууинун. Сӕ бон куд адтӕй сӕ уарзондзийнадӕ бавдесун? Етӕ сӕмӕ видеосвязӕй бадзориуонцӕ ӕма син дзурдтонцӕ, хъӕбӕр сӕ ке фӕндуй сӕ хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ ун. Берӕ бийнонти зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй, еци миссионертӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистонцӕ, е ӕма сӕмӕ нӕуӕгӕй сӕхуӕдтӕ дӕр бадзориуонцӕ кенӕ сӕмӕ еститӕ рафинсиуонцӕ. Аннӕ ӕма ӕ сӕрихецау уотӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайдтонцӕ, цӕмӕй сӕ нӕуӕг ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базудтайуонцӕ? Аннӕ зӕгъуй: «Мӕ бийнонтӕ арӕх бавзариуонцӕ сӕхебӕл хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзондзийнадӕ – зин рӕстӕгути дӕр ӕма цийни рӕстӕгути дӕр. Уой хъӕбӕр нигъгъуди кодтон ӕма мӕхе дӕр фӕндуй уӕхӕн уарзондзийнадӕ ӕвдесун».
15. Ванессӕн ци банхус кодта, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй алкедӕр уарза, ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 Не ’мбурдти ес берӕ аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕма нин хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй син сӕ хуарз менеугутӕ уинӕн. Уӕд сӕ никки фулдӕр уарздзиан. Нӕуӕг Зеландий ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Ванессӕн ӕнцон н’ адтӕй еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ федаун. Фал ӕхецӕн загъта, ӕхе си ке нӕ еуварс кӕндзӕй, фал ке архайдзӕй, цӕмӕй сӕ хӕццӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрвета. Уой фӕрци ’й фӕууидта, Йеговӕ сӕ цӕй туххӕй уарзуй, уой. Ванессӕ зӕгъуй: «Мӕ сӕрихецау районон цӕстӕдарӕг ку иссӕй, уӕд никки фулдӕр аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕмбалдан. Фал мин сӕ хӕццӕ зин нӕбал адтӕй, уомӕн ӕма мӕ зӕрдӕмӕ цӕун райдӕдта, ӕмхузӕн ке нӕ ан, е. Ӕма, ӕвӕдзи, Йегови зӕрдӕмӕ дӕр е цӕуй, уомӕн ӕма не ’гасейдӕр ӕхемӕ ӕрбахудта». Иннетӕмӕ Йегови цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, уарзгӕ сӕ ке кӕнӕн (2 Кор. 8:24).
16. Устур бӕллӕхи рӕстӕг уӕлдай ӕхсидзгӕ цӕмӕн уодзӕй кӕрӕдзей уарзун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
16 Устур бӕллӕхи рӕстӕг хъӕбӕр ӕхсидзгӕ уодзӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзун. Цума нӕ Йеговӕ куд багъӕуай кӕндзӕй? Мидиӕгтӕ ӕма персӕгтӕ Вавилонмӕ ку бампурстонцӕ, уӕд Йеговӕ ӕ адӕнӕн загъта, ци син кӕнгӕ ’й, уой: «Цотӕ, мӕ адӕн, уӕ медӕггаг уӕттӕмӕ бацотӕ, уӕхебӕл дуӕрттӕ нихгӕнетӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг уӕхе баримӕхсетӕ, цалинмӕ фудӕнхӕ нӕ райевгъуйа, уӕдмӕ» (Ис. 26:20). Ӕвӕдзи, мах дӕр устур бӕллӕхи рӕстӕг уотӕ бакӕнун гъӕудзӕй. «Медӕггаг уӕттӕ», ка ’й зонуй, амонунцӕ не ’мбурдтӕмӕ. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, устур бӕллӕхи рӕстӕг нӕ ке багъӕуай кӕндзӕй, идарддӕр дӕр ин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ еумӕ ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд. Уомӕ гӕсгӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнӕуой бухсун фагӕ нӕй, гъӕуама сӕ уарзгӕ кӕнӕн. Нӕ цард уомӕй кӕнгӕ уодзӕй!
ДӔХЕ НУР ЦӔТТӔ КӔНӔ
17. Устур бӕллӕхи рӕстӕг куд архайдзиан, нур нӕхе ку цӕттӕ кӕнӕн, уӕд?
17 «Йегови устур бон» ку ралӕууа, уӕд райдайдзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегови лӕггадгӕнгутӕн дӕр ӕнцон нӕ уодзӕй. Фал нӕхе нур ку цӕттӕ кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдитӕ уодзӕнцӕ сабур ӕма нӕ бон уодзӕй иннетӕн дӕр ӕнхус кӕнун. Цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр федар фӕллӕудзиан. Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уӕззау уавӕри ку уонцӕ, уӕд син сӕ зин нӕ зӕрдӕмӕ райсдзиан ӕма син банхус кӕндзиан. Ӕма абони ку архайӕн, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзӕн, уӕд устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр нӕ бон уодзӕй еци менеуӕг бавдесун. Гъе уӕд нин Йеговӕ ӕносон цард балӕвар кӕндзӕй, зиндзийнӕдтӕн сӕ кой дӕр кӕми нӕбал уодзӕй, уӕхӕн дуйне (Ис. 65:17).
144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!
a Устур бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнуй, ӕма имӕ цӕмӕй цӕттӕ разиннӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй федардзийнадӕ, удта гъӕуама кӕрӕдзей зин лӕдӕрӕн ӕма кӕрӕдзей уарзӕн. Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, аци менеугутӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн куд банхус кодтонцӕ, махӕн куд банхус кӕндзӕнцӕ ӕма уони фӕрци нӕ бон куд ӕй нӕхе устур бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнун.
b Кӕд дӕ фӕндуй, ӕрдзон бӕллӕх кӕми ӕрцудӕй, уӕхӕн рауӕн банхус кӕнун, уӕд бал байдзаг кӕнӕ «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50) кенӕ «Заявление на добровольное служение» (A-19). Уой фӕсте ба дӕ гъӕудзӕй бангъӕлмӕ кӕсун, кӕд дӕмӕ фӕдздзордзӕнцӕ, уомӕ.