26 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегови бонмӕ цӕттӕ уотӕ
«Давӕг ӕхсӕвигон куд ӕрбацӕуй, раст гъе уотӕ... ӕрцӕудзӕй Йегови бон дӕр» (1 ФЕС. 5:2).
143 ЗАР Лӕмбунӕг уӕн, лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн!
РАЗДЗУРД a
1. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй Йегови бон ку ’рцӕуа, уӕд фӕййервӕзӕн?
БИБЛИЙ «Йегови бони» туххӕй дзурд ку фӕццӕуй, уӕд е фӕййамонуй, Алцигъон Хуцау е знӕгтӕн тӕрхон кӕнун ку райдайа ӕма ӕ лӕггадгӕнгути ку ервӕзун кӕна, еци рӕстӕгмӕ. Рагидзаманти дӕр Йеговӕ кӕцидӕр адӕнихӕттити бафхуӕридӕ (Ис. 13:1, 6; Йез. 13:5; Соф. 1:8). Нӕ рӕстӕги ба «Йегови бон» райдайдзӕй, Устур Вавилон исӕфт ке ’рцӕудзӕй, уомӕй, ӕма фӕууодзӕй тугъд Армагеддонӕй. Цӕмӕй еци бон фӕййервӕзӕн, уой туххӕй гъӕуама абони нӕхе цӕттӕ кӕнӕн. Киристе дӕр ахур кодта, «устур бӕллӕхмӕ» цийфӕнди рӕстӕги дӕр цӕттӕ ке гъӕуама уӕн (Матф. 24:21; Лук. 12:40).
2. 1 Фессалоникӕгтӕмӕ финстӕг рартасун пайда цӕмӕн ӕй?
2 1 Фессалоникӕгтӕмӕ финстӕги апостол Павел цалдӕр цӕветтонемӕй испайда кодта, цӕмӕй киристӕнттӕн банхус кодтайдӕ, Йегови тӕрхони устур бонмӕ сӕхе бацӕттӕ кӕнун. Павел ӕй зудта, еци бон дзӕвгарӕ фӕстӕдӕр ке ралӕудзӕй (2 Фес. 2:1–3). Фал уӕддӕр ӕнсувӕрти разӕнгард кодта, цӕмӕй еци бонмӕ сӕхе уотӕ цӕттӕ кӕнонцӕ, цума исон ралӕудзӕй. Махӕн дӕр хуарз уайдӕ Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн: 1) Йегови бон куд ралӕудзӕй, 2) еци бон ка нӕ фӕййервӕздзӕй ӕма 3) нӕ бон куд ӕй еци бонмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун.
ЙЕГОВИ БОН КУД РАЛӔУДЗӔЙ?
3. Йегови бон давӕги хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
3 «Давӕг ӕхсӕвигон куд ӕрбацӕуй, раст гъе уотӕ» (1 Фес. 5:2). Йегови бони туххӕй Павел ци ӕртӕ цӕветтони ӕрхаста, уонӕй айӕ ӕй фиццаг. Давӕг хӕдзарӕмӕ арӕх ӕхсӕвӕ ӕрбабуруй, хецау хусгӕ ку фӕккӕнуй ӕма уой ӕнгъӕл ку нӕ фӕууй, уӕд. Йегови бон дӕр гъе уотӕ ралӕудзӕй, адӕнӕн сӕ фулдӕр уой ӕнгъӕл ку нӕ уонцӕ, уӕд. Ка ’й зонуй, ӕма ӕцӕг киристӕнттӕ дӕр бадес кӕндзӕнцӕ, хабӕрттӕ куд тагъд цӕудзӕнцӕ, уобӕл. Фал фудгӕнӕг адӕнӕй уӕлдай мах исӕфт не ’рцӕудзиан.
4. Йегови бон рабарӕн цӕмӕн ес, «сувӕллон райгуруни размӕ силгоймагӕн ӕ риститӕ ӕвваст куд райдайунцӕ», уой хӕццӕ?
4 «Сувӕллон райгуруни размӕ силгоймагӕн ӕ риститӕ ӕвваст куд райдайунцӕ, уотӕ» (1 Фес. 5:3). Уӕззау силгоймаг ӕй бӕлвурдӕй нӕ фӕззонуй, ӕ сувӕллон кӕци бон райгурдзӕй, уой. Фал ӕй фӕззонуй, еци бон ӕнӕмӕнгӕй ке ралӕудзӕй. Арӕхдӕр еци рӕстӕг ӕнӕнгъӕлти ралӕууй ӕма ин бауорамӕн нӕбал фӕууй, удта силгоймаг хъӕбӕр фӕрресуй. Раст гъе уотӕ мах дӕр нӕ зонӕн, Йегови бон кӕд ӕма ци афони ралӕудзӕй, уой. Фал ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, еци бон ӕнӕмӕнгӕй ке ралӕудзӕй ӕма Хуцау фудзӕрдӕ адӕнӕн ке истӕрхон кӕндзӕй. Е уодзӕй ӕвваст ӕма ин бауорамӕн нӕ уодзӕй.
5. Устур бӕллӕх бонивайӕни хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?
5 Бонивайӕни хузӕн. Ӕртиккаг цӕветтони дӕр бабӕй Павел, ӕхсӕвигон ка ӕрбацӕуй еци давгути кой ракодта. Фал ӕй аци хатт, ӕвӕдзи, фӕндадтӕй Йегови бон рабарун бонивайӕни хӕццӕ (1 Фес. 5:4). Хатгай давгутӕ гъе уотӕ байевдӕлунцӕ, ӕма рӕстӕгмӕ кӕсгӕ дӕр нӕбал фӕккӕнунцӕ. Гӕнӕн ес, ӕма сӕ бонирохс ӕнӕнгъӕлти ӕрбаййафа, ӕма сӕ еугурӕйдӕр фӕууинонцӕ. Уотӕ устур бӕллӕхи дӕр рабӕрӕг уодзӕнцӕ, талинги ӕнӕпайда гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ. Уонӕй уӕлдай мах бон ӕй Йегови бонмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун, Хуцауи зӕрдӕ ка ресун кӕнуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй нӕхе ку гъӕуай кӕнӕн ӕма «алли хуарздзийнадӕ, рӕстдзийнадӕ ӕма ӕцӕгдзийнадӕмӕ» ку тундзӕн, уӕд (Еф. 5:8–12). Идарддӕр Павел ӕ финстӕги дууӕ цӕветтоней фӕрци балӕдӕрун кодта, Йегови бон ка нӕ фӕййервӕздзӕй, уой.
ЙЕГОВИ БОН КА НӔ ФӔЙЙЕРВӔЗДЗӔЙ?
6. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма адӕнӕн сӕ фулдӕр фунӕй кӕнунцӕ? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:6, 7).
6 «Фунӕй ка кӕнуй, етӕ». (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:6, 7.) Йегови бон ка нӕ фӕййервӕздзӕй, уони Павел рабарста, фунӕй ка кӕнуй, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Сӕ алливарс цитӕ фӕццӕуй, уони нӕ фӕззонунцӕ ӕма, рӕстӕг куд цӕуй, уой дӕр нӕ фӕллӕдӕрунцӕ. Сӕ алливарс цидӕр ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ ке фӕццӕунцӕ, уой фӕууинун гъон дӕр нӕ фӕуунцӕ. Абони дӕр адӕнӕн сӕ фулдӕр ӕнцӕ, фунӕй ка кӕнуй, уони хузӕн (Ром. 11:8). Фӕстаг бӕнтти ке цӕрӕн ӕма хъӕбӕр тагъд устур бӕллӕх ке ралӕудзӕй, уомӕн ци бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уони нецӕмӕ дарунцӕ. Дуйней ести ку ’рцӕуй, уӕд цубур рӕстӕгмӕ фегъал унцӕ ӕма хуарз хабармӕ байгъосунцӕ. Фал си беретӕ нӕуӕгӕй бафунӕй унцӕ. Хуцауи тӕрхони бон ке ралӕудзӕй, уобӕл ка ӕууӕндуй, уонӕй дӕр беретӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма еци бон тагъд нӕма ралӕудзӕй (2 Пет. 3:3, 4). Фал ӕй мах лӕдӕрӕн, бонӕй-бонмӕ никки ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй, цӕмӕй «ма бафунӕй уӕн».
7. Хуцау ке фесафдзӕй, уони, ниуазгӕ ка кӕнуй, еци адӕни хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?
7 «Ниуазгӕ ка кӕнуй, етӕ». Хуцау ке фесафдзӕй, уони апостол Павел рабарста, ниуазгӕ ка кӕнуй, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Ниуӕзтгун адӕймагмӕ ӕрӕгӕмӕ фӕгъгъаруй, ӕ алливарс цитӕ фӕццӕуй, е, удта рӕстмӕ унаффитӕ хӕссун дӕр ӕ бон нӕ фӕууй. Уотӕ зӕгъӕн ес фудзӕрдӕ адӕни туххӕй дӕр. Хуцау сӕ ке фӕдзӕхсуй, уой нецӕмӕ дарунцӕ. Уӕхӕн адӕн ислӕудтӕнцӕ, исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл. Фал киристӕнтти ба Библи разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй уонцӕ къӕрцгъос (1 Фес. 5:6). «Къӕрцгъос»-ӕй ци грекъаг дзурд ратӕлмац кодтонцӕ, е комкоммӕ нисан кӕнуй «ӕрвонг». Еу библиртасӕг аци дзурди туххӕй ниффинста, зӕгъгӕ, «ӕрвонг зундӕй ка фӕййархайуй, еци адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ фӕууй сабур, не ’стухсуй, уӕззау зундӕй фӕййархайуй, алцӕбӕлдӕр расагъӕс кӕнуй, ӕма уой фӕрци раст унаффӕ рахӕссуй». Махӕн ба ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн ӕма уӕззау зундӕй архайӕн? Цӕмӕй аци дуйней гъуддӕгтӕй нӕхе еуварс дарӕн, уомӕн ӕма нӕ нӕ фӕндуй политики хӕццӕ баст фарстати еске фарс ислӕуун кенӕ адӕни цард фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл тох кӕнун. Йегови бон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ аци дуйне никки хъӕбӕрдӕр архайдзӕй, цӕмӕй еске фарс ислӕууӕн. Фал нӕ уӕддӕр ӕгӕр тухсун нӕ гъӕуй, ци син зӕгъдзиан, уобӕл. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсӕн, уӕззау зундӕй архайӕн ӕма раст унаффитӕ хӕссӕн (Лук. 12:11, 12).
НӔ БОН КУД ӔЙ НӔХЕ ЙЕГОВИ БОНМӔ БАЦӔТТӔ КӔНУН?
8. Цӕмӕй ма бафунӕй уӕн ӕма къӕрцгъос уӕн, уой туххӕй ци менеугутӕ гъӕуй, етӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:8 цӕй хӕццӕ барст цӕунцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
8 «Нӕ уӕле искӕнӕн... згъӕрхӕдонӕ, удта... згъӕрходӕ». Павел нӕ рабарста, гӕрзефтонгӕй ка лӕууй ӕма алкӕддӕр цӕттӕ ка фӕууй, уӕхӕн ӕфсӕддонти хӕццӕ. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:8.) Тугъд цийфӕнди рӕстӕг ма райдайа, уӕддӕр ӕфсӕддон алкӕддӕр гъӕуама цӕттӕ уа. Махӕй дӕр ес уотӕ зӕгъӕн. Мах дӕр Йегови бонмӕ цӕттӕ уодзиан, нӕ уӕле ку искӕнӕн ӕууӕндундзийнади ӕма уарзондзийнади згъӕрхӕдонӕ, удта ервӕзундзийнади нифси згъӕрходӕ. Махӕн нӕ цард кӕнгӕ ’й аци менеугутӕй: ӕууӕндундзийнадӕ, уарзондзийнадӕ ӕма нифс.
9. Ӕууӕндундзийнадӕ нӕ куд гъӕуай кӕнуй?
9 Рагидзаманти згъӕрхӕдонӕ ӕфсӕддонӕн ӕ зӕрдӕ куд гъӕуай кодта, уотӕ абони махӕн дӕр ӕууӕндундзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнунцӕ. Еци менеугутӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕдзохдӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнӕн ӕма Киристей фӕдбӕл цӕуӕн. Ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд ибӕл нӕ гурусхӕ кӕндзиан, Йегови ӕгас зӕрдӕй ке агорӕн, уой туххӕй нин ке райарфӕ кӕндзӕй (Дзиуит. 11:6). Ӕма нӕ не ’ууӕндундзийнадӕ баразӕнгард кӕндзӕй нӕ разамонӕг Киристебӕл еузӕрдон ун, кӕд уой туххӕй фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уӕддӕр. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕууӕндундзийнадӕ банхус кӕндзӕй царди аллихузи уавӕрти. Нӕ бон ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ахур кӕнун. Етӕ Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕнцӕ, кӕд сӕ фӕдбӕл зилдӕнцӕ кенӕ ’хцайӕй батухстӕнцӕ, уӕддӕр. Федар ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд ма нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕхцауарзагӕ ма исуӕн. Уотӕ архайунмӕ ба нин банхус кӕндзӕнцӕ, Хуцауи Паддзахадӕ ӕ царди фиццаг бунати ка исӕвардта ӕма ӕ цард ка фӕххумӕтӕгдӕр кодта, уони цӕветтонтӕ b.
10. Хуцауи ӕма адӕни ке уарзӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нифсгунӕй игъосун кӕнӕн?
10 Цӕмӕй ма бафунӕй уӕн ӕма къӕрцгъос уӕн, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй уарзондзийнадӕ дӕр (Матф. 22:37–39). Хуцауи ку уарзӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нифсгунӕй игъосун кӕнӕн, цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма ’мбӕлӕн, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Адӕни ке уарзӕн, уомӕ гӕсгӕ син игъосун кӕнӕн хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ, телефонӕй, удта финстӕгути фӕрци. Ӕма нӕ нифс ес, еу уӕхӕни етӕ дӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун ке райдайдзӕнцӕ (Йез. 18:27, 28).
11. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:11).
11 Иннети уарзунмӕ ма хауй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзун дӕр. Ке сӕ уарзӕн, е рабӕрӕг уодзӕй, апостол Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд: «Уӕ кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ». (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:11.) Тугъди будури ӕфсӕддонтӕ усхъӕй-усхъӕмӕ ке тох кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ бон адтӕй кӕрӕдзей фарсмӕ балӕуун. Мах дӕр фӕййархайӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей нифс бафедар кӕнӕн ӕма багъӕуаги не ’нхуси къох бадӕттӕн. Гъигагӕн, ӕфсӕддон тугъди будури ӕ карзи ку бацӕуидӕ, уӕд ӕ бон адтӕй ӕнӕбари ӕ хеуони фӕццӕф кӕнун, фал барӕй ба уотӕ некӕд бакодтайдӕ. Гъе уотӕ мах дӕр барӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти зӕрдӕ нӕ ресун кӕндзиан, ӕма син лӕгъуз лӕгъузӕй нӕ феддзиан (1 Фес. 5:13, 15). Уомӕй уӕлдай ма нӕ уарзондзийнадӕ бавдесдзиан, разамунд нин ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрти ку нимайӕн, уӕд дӕр (1 Фес. 5:12). Павел Фессалоники ӕмбурдмӕ ку финста, уӕд сӕбӕл анзӕй минкъийдӕр цудӕй. Ци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ си лӕггадӕ кодтонцӕ, етӕ, ӕвӕдзи, ӕвӕлтӕрд адтӕнцӕ ӕма рӕдуйгӕ дӕр кодтонцӕ. Фал уой аккаг адтӕнцӕ, цӕмӕй сӕ нимадтайуонцӕ. Устур бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнуй, ӕма, ка ’й зонуй, федӕни нӕ бунӕттон хестӕр нӕлгоймӕгти разамунд никки хъӕбӕрдӕр гъӕудзӕй. Гӕнӕн ес, ӕма уӕхӕн рӕстӕг ралӕудзӕй, ӕма нӕмӕ сӕйраг хайадӕй кенӕ филиалӕй разамунд нӕбал хъӕртдзӕй. Мадта хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕхе ахур кӕнӕн хестӕр нӕлгоймӕгти уарзун ӕма сӕ нимайун. Гъӕйдӕ мадта цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕд дӕр уӕззау зундӕй архайӕн ӕма син сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ ма никкомкоммӕ уӕн, фал нӕ гъудий дарӕн, еци нӕлгоймӕгтӕн Йеговӕ Киристей фӕрци разамунд ке дӕттуй.
12. Нифс нин нӕ зундахаст куд гъӕуай кӕнуй?
12 Згъӕрходӕ ӕфсӕддонӕн ӕ сӕр куд гъӕуай кодта, уотӕ махӕн ба ервӕзундзийнади нифс гъӕуай кӕнуй нӕ зундахаст. Федар нифс нин ке ес, уой фӕрци ’й лӕдӕрӕн, аци дуйне нин хуарзӕй ке неци ратдзӕй (Фил. 3:8). Нифси фӕрци аллихузи уавӕрти ӕгӕр нӕ фӕттухсӕн ӕма ӕнӕргъуди унаффитӕ нӕ фӕххӕссӕн. Уой сӕхебӕл балӕдӕрдтӕнцӕ, Африки Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, еци лӕг ӕма уосӕ Уоллис ӕма Лориндӕ. Ӕртӕ къуӕремӕ Уоллисӕн ӕ фидӕ рамардӕй, Лориндӕн ба – ӕ мадӕ. Фал коронавируси пандемийи туххӕй сӕ бон н’ адтӕй хӕдзарӕмӕ раздӕхун, цӕмӕй сӕ хеуӕнтти фарсмӕ балӕууонцӕ. Уоллис уотӕ ниффинста: «Нифс мӕ ес, нӕуӕг дуйней ке райгас уодзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ фӕссагъӕс кӕнун, аци дуйней сӕ царди фӕстаг бӕнттӕ цӕхуӕн адтӕнцӕ, уобӕл нӕ, фал нӕуӕг дуйней сӕ фиццаг бӕнттӕ куд амондгун уодзӕнцӕ, уобӕл. Еци нифс мин устур уодӕнцойни хуасӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба мӕ тар гъудитӕ сӕ буни ку искӕнунцӕ, уӕд».
13. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕтта?
13 «Хуцауи сугъдӕг хъаури зинг ма хуссун кӕнтӕ» (1 Фес. 5:19). Павел сугъдӕг хъаурӕ рабарста, нӕ медӕг ци зинг содзуй, уой хӕццӕ. Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци зингзӕрдӕй фӕййархайӕн, цӕмӕй раст ци ӕй, уой кӕнӕн, ӕма нӕмӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ хъауритӕ фӕууй (Ром. 12:11). Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕтта? Нӕ бон ӕй уой туххӕй ковун, удта, ӕ сугъдӕг хъаури разамундӕй финст ка ’рцудӕй, еци киунугӕ, гъома Библи, кӕсун. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуй ӕ организаций хӕццӕ ӕмгуст кӕнун, уомӕн ӕма уомӕн дӕр разамунд ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци дӕттуй. Гъе уотемӕй нӕ бон уодзӕй, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, уони нӕ царди ӕвдесун (Гал. 5:22, 23).
14. Нӕхе цӕмӕй гъӕуама гъӕуай кӕнӕн, цӕмӕй Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ма фенӕхай уӕн? (Кӕса ма хузӕмӕ.)
14 Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку раттуй, уӕд гъӕуама архайӕн, цӕмӕй ин ӕ зинг ма ниххуссун кӕнӕн. Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ раттуй, ӕрмӕстдӕр ӕ гъудитӕ ӕма ӕ гъуддӕгтӕ кӕдзос кӕмӕн ӕнцӕ, уонӕн. Ӕнаккаг естӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн ӕма еци сагъӕсти фӕдбӕл ку цӕуӕн, уӕд нин Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ нӕ дӕтдзӕй (1 Фес. 4:7, 8). Уомӕй уӕлдай ма нӕ гъӕуй аци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун: «Пахампар-дзурдтӕбӕл ӕнӕнвӕрсон ма кӕнтӕ» (1 Фес. 5:20). Ами ци «пахампар-дзурдти» кой цӕуй, етӕ ’нцӕ, Хуцау ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ци хабӕрттӕ фегъосун кӕнуй, етӕ. Уонӕмӕ хаунцӕ, хабӕрттӕ Йегови бони туххӕй ӕма ци рӕстӕги цӕрӕн, уой туххӕй. Мах уотӕ нӕ сагъӕс кӕнӕн, ӕма Армагеддон тагъд нӕ уодзӕй ӕма уой уӕнгӕ нӕ фӕццӕрдзиан. Еци бон тагъд ке ралӕудзӕй, уой федарӕй зонӕн, ӕма уомӕ гӕсгӕ кӕдзос цард кӕнӕн ӕма Хуцауи гъуддӕгти ӕгас хъауритӕй архайӕн (2 Пет. 3:11, 12).
«АЛЦИДӔР ИСБӔЛВУРД КӔНИАЙТӔ»
15. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй еске мӕнгӕттӕбӕл ӕма сайтӕнтти мӕнгӕттӕбӕл ма баууӕндӕн? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:21).
15 Тагъд рӕстӕги Хуцауи знӕгтӕ фегъосун кӕндзӕнцӕ: «Сабурдзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ!» (1 Фес. 5:3). Е бӕлвурдӕй куд уодзӕй, уой нӕ зонӕн, фал еци рӕстӕг зӕнхӕ байдзаг уодзӕй сайтӕнтти мӕнгӕттӕй ӕма сӕбӕл адӕнӕн сӕ фулдӕр баууӕнддзӕнцӕ (Рарг. 16:13, 14). Фал мах еци мӕнгӕттӕбӕл нӕ баууӕнддзиан, Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд: «Алцидӕр исбӕлвурд кӕниайтӕ». (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:21.) Аци стихи «исбӕлвурд кӕниайтӕ» ци грекъаг дзурдӕй тӕлмацгонд ӕрцудӕй, уомӕй фӕппайда кӕниуонцӕ, дзурд ку фӕццӕуидӕ цӕхуӕндӕр дзаума ӕцӕг сугъзӕрийнӕй кенӕ ӕвзестӕй конд ке ӕй, уой исбӕрӕг кӕнун ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд. Гъӕуама, цит, исбӕрӕг кӕнӕн, ци фегъосӕн ӕма ци бакӕсӕн, е раст ӕй, ӕви нӕ. Фессалоники хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн е ӕхсидзгӕ адтӕй. Махӕн ба е тагъд рӕстӕги никки ӕхсидзгӕдӕр уодзӕй, уомӕн ӕма устур бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнуй. Иннетӕ ци дзорунцӕ, уобӕл уайтагъд ӕууӕндуни бӕсти гъӕуама зундӕй архайӕн. Ци бакӕсӕн ӕма ци фегъосӕн, уой, цит, гъӕуама рабарӕн, Библи ӕма Йегови организаци уой туххӕй ци дзоруй, уой хӕццӕ. Уотемӕй сайтӕнтти мӕнгӕттӕбӕл нӕ баууӕнддзиан (Ӕмб. 14:15; 1 Тим. 4:1).
16. Нӕ нифс цӕбӕл дарӕн ӕма нӕ е цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?
16 Хуцау ӕ адӕни устур бӕллӕхи ӕнӕмӕнгӕй фӕййервӕзун кӕндзӕй, фал ни исон кӕбӕл ци ӕрцӕудзӕй, уой нӕ зонӕн (Иак. 4:14). Кӕд ни Армагеддони размӕ еске рамӕла, фал Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ку байзайа, уӕд нӕуӕг дуйней исхайгин уодзӕй ӕ хуӕрзеуӕгӕй, ӕносон цардӕй – исӕрст киристӕнттӕ цӕрдзӕнцӕ уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ, иннӕ фустӕ ба – зӕнхӕбӕл дзенети. Гъӕйдӕ мадта нӕ дессаги нифс алкӕддӕр нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн ӕма Йегови бонмӕ цӕттӕ уӕн!
150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай
a 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5 сӕри ци цӕветтонтӕ ес, уонӕй нӕ бон ӕй берӕ цидӕртӕ базонун Йегови бони туххӕй. Цума е цӕхуӕн «бон» ӕй ӕма кӕд ралӕудзӕй? Еци бон ка фӕййервӕздзӕй, ка ба нӕ? Удта имӕ нӕ бон куд ӕй нӕхе бацӕттӕ кӕнун? Мах апостол Павели дзурдтӕмӕ лӕмбунӕг ӕркӕсдзиан ӕма аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссердзиан.
b Сайти jw.org кӕсӕ статьятӕ «Етӕ адтӕнцӕ цӕттӕ».