27 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йеговӕй цӕмӕн гъӕуама тӕрсӕн?
«Йегови ӕмбӕлттӕ ӕнцӕ, ка си тӕрсуй, етӕ» (ПС. 25:14).
8 ЗАР Йеговӕ ӕй нӕ мӕсуг
РАЗДЗУРД a
1, 2. Псалом 25:14 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ исуӕн?
ӔЦӔГ ӕмбӕлттӕ кӕрӕдземӕ цӕхуӕн зӕрдӕ фӕддарунцӕ? Ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнӕ: «Гъӕуама кӕрӕдзей уарзонцӕ ӕма кӕрӕдзей фарсмӕ багъӕуаги балӕууонцӕ». Уотӕ неке зӕгъдзӕй, ӕма гъӕуама кӕрӕдземӕй тӕрсонцӕ. Фал аци статьяй сӕйраг стихи куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, цӕмӕй Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн, уой туххӕй си гъӕуама тӕрсӕн. (Бакӕсӕ Псалом 25:14.)
2 Йеговӕн цӕйбӕрцӕфӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр си гъӕуама тӕрсӕн. Фал Хуцауӕй тӕрсун ци нисан кӕнуй? Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй исахур уӕн Хуцауӕй тӕрсун? Хуцауӕй тӕрсун ци нисан кӕнуй, уой туххӕй нӕ бон ци ӕй базонун паддзахи хӕдзари унаффӕгӕнӕг Овадий, хестӕр саугин Иодаййи ӕма паддзах Иоаси цӕветтонтӕй?
ХУЦАУӔЙ ТӔРСУН ЦИ НИСАН КӔНУЙ?
3. Адӕймаг еуӕй-еухатт цӕмӕй фӕттӕрсуй ӕма е хуарз цӕмӕн ӕй?
3 Ку ’й фӕллӕдӕрӕн, цӕхуӕндӕр гъуддаг нин зиан ке ӕрхӕсдзӕй, уӕд фӕттӕрсӕн. Ӕма е хуарз ӕй, уомӕн ӕма нӕхе ӕнӕзунд гъуддагӕй багъӕуай кӕнӕн. Зӕгъӕн, къӕхӕни кӕронмӕ ӕгӕр хӕстӕг нӕ бацӕудзиан, уомӕн ӕма нин рахаунӕй тӕссаг уодзӕй. Ку ’й лӕдӕрӕн, цӕхуӕндӕр гъуддаг нин зиан ке ӕрхӕсдзӕй, уӕд уомӕй нӕхе гъӕуай кӕндзиан. Нӕ хуарз ӕмбалӕн ӕ зӕрдӕ цӕмӕй фӕрресдзӕй, уӕхӕнӕй неци зӕгъдзиан ӕма неци искӕндзиан, уомӕн ӕма тӕрсдзиан, кӕрӕдземӕй ке раидард уодзиан.
4. Сайтан цӕбӕл архайуй?
4 Сайтани фӕндуй, цӕмӕй Йеговӕй уотӕ тӕрсӕн, ӕма фур тӕссӕй зир-зир кӕнӕн. Е архайуй, цӕмӕй мах дӕр Елифази хузӕн гъуди кӕнӕн, цума Йеговӕ адӕнӕй ӕ маст фӕййесуй, ӕй ӕнӕхатир Хуцау, ӕма ин ӕ зӕрдӕ неци хузи барохс кӕнӕн ес (Иов 4:18, 19). Сайтани фӕндуй, цӕмӕй Йеговӕй гъе уотӕ хъӕбӕр тӕрсун райдайӕн, ӕма ин уой туххӕй лӕггадӕ дӕр мабал кӕнӕн. Цӕмӕй Сайтани скъӕппӕги ма бахауӕн, уой туххӕй гъӕуама раст лӕдӕрӕн, Хуцауӕй тӕрсун ци нисан кӕнуй, уой ӕма архайӕн, цӕмӕй нӕмӕ уӕхӕн тас уа.
5. Хуцауӕй тӕрсун цӕбӕл дзорӕг ӕй?
5 Хуцауӕй ка тӕрсуй, еци адӕймагӕй зӕгъӕн ес, ӕма Хуцауи уарзуй, нимайуй ӕй, ӕма ’й нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕна. Киристе дӕр Хуцауӕй тарстӕй (Дзиуит. 5:7). Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма фур тӕссӕй зир-зир кодта (Ис. 11:2, 3). Йеговӕмӕ игъосун ин ӕхцӕуӕн адтӕй, уомӕн ӕма ’й берӕ уарзта (Иоан. 14:21, 31). Мах дӕр Киристей хузӕн Йегови уарзӕн. Е ӕй уарзӕгой, зундгин, рӕстаг, ӕма хъаурӕгин Хуцау. Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй, ӕма ин ӕ зундамундтӕмӕ игъосӕн ӕви нӕ, уомӕ цийфӕндий цӕстӕй нӕ кӕсуй. Ку имӕ нӕ байгъосӕн, уӕд ин ӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕнӕн, ку имӕ байгъосӕн уӕдта ин ӕхцӕуӕн фӕууй (Пс. 78:41; Ӕмб. 27:11).
ЦИ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ, ЦӔМӔЙ ЙЕГОВӔЙ ТӔРСУН ИСАХУР УӔН?
6. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй исахур уӕн Хуцауӕй тӕрсун? (Псалом 34:11).
6 Йеговӕй тӕрсун мади губунӕй неке рахӕссуй. Уобӕл гъӕуама ахур кӕнӕн. (Бакӕсӕ Псалом 34:11.) Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Нӕ бон ӕй, Хуцау ци сфӕлдиста, уобӕл сагъӕс кӕнун. Е ’сконд гъуддӕгтӕй бӕрӕг ӕй, куд берӕ нӕ уарзуй, куд хъаурӕгин ӕй ӕма, ци устур зунди хецау ӕй, е. Аци гъуддӕгтӕбӕл куд фулдӕр сагъӕс кӕнӕн, уотӕ ’й фулдӕр нимайдзиан ӕма ’й уарздзиан (Ром. 1:20). Еу хуӕрӕ Эйдриен зӕгъуй: «Йеговӕ ци сфӕлдиста, е мӕ деси ’фтауй. Ӕ зундӕн кӕрон нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнун, уомӕй хуӕздӕр ӕй ке неке зонуй, хуарз мин ци уодзӕй, уой». Е уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕй: «Йеговӕй мӕ ка раидард кӕндзӕй, уӕхӕн ести цӕмӕн гъӕуама искӕнон, кӕд ӕма мин цард е балӕвар кодта?» Аци къуӕре дӕ бон н’ адтайдӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнун, цӕмӕй, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уобӕл расагъӕс кӕнай? Е дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови никки хъӕбӕрдӕр уарзай ӕма ’й нимайай (Пс. 111:2, 3).
7. Кувд нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Хуцауӕй тӕрсун исахур уӕн?
7 Кувд дӕр нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй исахур уӕн Хуцауӕй тӕрсун. Йеговӕмӕ куд фулдӕр фӕкковӕн, уотӕ ’й хуӕздӕр базонӕн. Йеговӕй ку фӕккорӕн, цӕмӕй нин ести фӕлварӕни сӕрти рахезунмӕ хъауритӕ ратта, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, ци устур ӕма ӕнӕкӕрон хъаури Хецау ӕй, уой. Ӕ Фурти нивонди ке ’рхаста, уой туххӕй ин ку фӕййарфӕ кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй, куд берӕ нӕ уарзуй, е. Цӕхуӕндӕр унаффӕ рахӕссун нӕ ку фӕгъгъӕуй ӕма Йеговӕй ӕнхус ку фӕккорӕн, уӕд бабӕй ӕй фӕууинӕн, ци устур зунди Хецау ӕй, уой. Уӕхӕн кувдтити фӕрци Йегови хъӕбӕрдӕр нимайун райдайӕн ӕма нӕ Йеговӕй ци раидард кӕндзӕй, уомӕй нӕхе еуварс фӕддарӕн.
8. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй алкӕддӕр Хуцауӕй тӕрсӕн?
8 Библий ес, Йеговӕй ка тарстӕй ӕма ка нӕ тарстӕй, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ. Ӕма Библи ӕртасгӕй сӕ цӕветтонтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй си алкӕддӕр тӕрсӕн. Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка адтӕй, дууӕ уӕхӕн лӕггадгӕнӕгей туххӕй: паддзахи хӕдзари унаффӕгӕнӕг Овади ӕма хестӕр саугин Иодай. Уой фӕсте ба радзубанди кӕндзиан паддзах Иоасбӕл. Е фиццӕгти Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй, фал ӕй фӕстӕдӕр ниууагъта.
ОВАДИЙ ХУЗӔН НИФСХАСТ УО
9. Овади Йеговӕй ке тарстӕй, е ин куд банхус кодта? (1 Паддзӕхти 18:3, 12).
9 Библий Овадий туххӕй финст ӕй: «Овади Йеговӕй хъӕбӕр тарстӕй». (Бакӕсӕ 1 Паддзӕхти 18:3, 12.) Хуцауӕй ке тарстӕй, е ин куд банхус кодта? Е адтӕй ӕууӕнки аккаг ӕма ибӕл зӕрдӕ дарӕн адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ ’й паддзах ӕ хӕдзари унаффӕгӕнӕгӕй исӕвардта. (Рабарӕ Нееми 7:2.) Овади Хуцауӕй ке тарстӕй, уой фӕрци дессаги нифсхастдзийнадӕ бавдиста. Е цардӕй паддзах Ахави рӕстӕг. «Ахав кодта, Йегови цӕсти лӕгъуз ци адтӕй, уой ӕма, ӕ разӕй ка адтӕй уонӕй [гъома паддзӕхтӕй] се ’гасемӕй фуддӕр фӕцӕй» (1 Пад. 16:30). Уомӕй уӕлдай ӕ уосӕ Йезавел кувта мӕнгӕ хуцау Ваалӕн. Йеговӕй е сӕфт уидта ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй цӕгаттаг паддзахади Йегови лӕггадгӕнгути еугурейдӕр ниццагътайдӕ. Ӕма си берети маргӕ дӕр ракодта (1 Пад. 18:4). Мадта бӕрӕг ӕй, Овади Йеговӕн хъӕбӕр зин рӕстӕги ке лӕггадӕ кодта.
10. Овади нифсхаст ке адтӕй, уой куд бавдиста?
10 Овади нифсхаст ке адтӕй, уой куд бавдиста? Йезавел Йегови пахампарти ку мардта, уӕд си Овади «сӕдӕ лӕгӕтти фӕндзайгӕйттӕй... баримахста ӕма син уордӕмӕ дзол ӕма дон... хаста» (1 Пад. 18:13, 14). Уой ку базудтайуонцӕ, уӕд ӕй рамардтайуонцӕ. Овади тӕрсгӕ дӕр куд нӕ кодтайдӕ. Мӕлун ӕй кӕцӕй фӕндадтӕй. Фал Йеговӕ ӕма ин ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ ин ӕхе цардӕй хъазардӕр адтӕнцӕ.
11. Абони Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ Овадий хузӕн куд архайунцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
11 Абони Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ цӕрунцӕ, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ’й, уӕхӕн бӕстити. Етӕ сӕ бӕсти закъӕнттӕ нимайунцӕ, фал Овадий хузӕн еузӕрдон Йеговӕбӕл ӕнцӕ (Матф. 22:21). Хуцауӕй ке тӕрсунцӕ, уой ӕвдесунцӕ, фиццагидӕр уомӕ ке игъосунцӕ, адӕнмӕ нӕ, фал (Гъуд. 5:29). Уомӕ гӕсгӕ идарддӕр дӕр еумӕ ӕмбурд кӕнунцӕ ӕма хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ, сӕхе гъӕуай кӕнунцӕ, уотемӕй (Матф. 10:16, 28). Уомӕй уӕлдай ма архайунцӕ, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ ӕууӕндундзийдӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг уа. Ӕркӕсӕн еу ӕнсувӕр Анрий цӕветтонмӕ. Е цӕруй Африки, нӕ гъуддаг раздӕр ӕхгӕд кӕми адтӕй, уӕхӕн бӕститӕй еуеми. Еци рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг бахъӕртун кӕнун гъудӕй, ӕма Анрий бафӕндадтӕй банхус кӕнун. Е зӕгъуй: «Ӕнӕуой ӕнӕнифсхаст адӕймаг дӕн ӕма Йегови ку нӕ уарзтайнӕ, уӕд мӕмӕ уӕхӕн нифс некӕд разиндтайдӕ». Хуцауӕй ку тӕрсай, уӕд дӕу бон дӕр исуодзӕй нифсхаст ун.
ИОДАЙЙИ ХУЗӔН ЕУЗӔРДОН УО
12. Саугин Иодай ӕма ӕ бийнойнаг Йеговӕбӕл еузӕрдон ке адтӕнцӕ, уой куд бавдистонцӕ?
12 Хестӕр саугин Иодай Хуцауӕй тарстӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕхуӕдӕг дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй ӕма иннети дӕр уомӕ разӕнгард кодта. Е уӕлдай хъӕбӕрдӕр рабӕрӕг ӕй, Йезавели кизгӕ Гофоли Иуди паддзахбадӕн ку байахӕста, уӕд. Адӕн си тарстӕнцӕ, ӕма е дзӕгъӕли н’ адтӕй. Гофоли хъӕбӕр ӕнӕхатир адӕймаг адтӕй. Цӕмӕй паддзахбадӕн байахӕстайдӕ, уой туххӕй ӕ фурти зӕнӕг ниццагъта (2 Анз. 22:10, 11). Иодаййи уосӕ Иосавеф еци сувӕллӕнттӕй еуей фӕййервӕзун кодта. Е адтӕй Иоас. Иодай ӕма Иосавеф сувӕллони римахстонцӕ ӕма ’й гъомбӕл кодтонцӕ. Уотемӕй Давиди хӕдзарвӕндаг – паддзӕхти хӕдзарвӕндаг – багъӕуай кодтонцӕ. Иодай Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй ӕма Гофолийӕй нӕ фӕттарстӕй (Ӕмб. 29:25).
13. Иоасбӕл авд анзи ку цудӕй, уӕд бабӕй Иодай куд бавдиста, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ӕй?
13 Иоасбӕл авд анзи ку цудӕй, уӕд бабӕй Иодай бавдиста, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ӕй, уой. Исфӕндӕ кодта Иоаси паддзахӕй исӕвӕрун. Е ин ку бантӕстайдӕ, уӕд паддзах иссайдӕ Давиди байзӕддаг. Ку неци си рауадайдӕ, уӕдта Иодаййи, ӕвӕдзи, рамардайуонцӕ. Фал ин Йегови фӕрци алцидӕр бантӕстӕй. Иодаййӕн ма банхус кодтонцӕ левиттӕ, Израили хӕдзарвӕндӕгти хестӕртӕ, удта гъӕуайгӕнгути хестӕртӕ. Ӕма Иоаси паддзахӕй исӕвардтонцӕ, Гофолий ба рамарун кодтонцӕ (2 Анз. 23:1–5, 11, 12, 15; 24:1). «Уой фӕсте Иодай бадзурд искодта Йегови, паддзахи ӕма адӕни астӕу, Йегови адӕн ке уодзӕнцӕ» (2 Пад. 11:17). Уомӕй уӕлдай «Иодай дуаргӕсти исӕвардта Йегови хӕдзари колдуӕртти рази, цӕмӕй, цӕйфӕндий туххӕй дӕр кӕдзос ка н’ адтӕй, уӕхӕн адӕймаг медӕмӕ ма бацудайдӕ» (2 Анз. 23:19).
14. Иодай цӕхуӕн кадӕй исхайгин ӕй?
14 Раздӕр Йеговӕ уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Ӕз кадӕ кӕндзӕн, мӕнӕн ка кадӕ кӕнуй, уонӕн». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр Хуцау Иодаййӕн райарфӕ кодта (1 Сам. 2:30). Еци еузӕрдон хестӕр саугини туххӕй Библий финст ӕрцудӕй, цӕмӕй ӕ хуарз цӕветтонӕй мах ахур кӕнӕн (Ром. 15:4). Иодай ку рамардӕй, уӕдта уӕлдай кадӕй исхайгин ӕй. Библий финст ӕй: «Ӕма ’й байвардтонцӕ Давиди горӕти паддзӕхти фарсмӕ, уомӕн ӕма Иодай Израилӕн берӕ хуӕрзтӕ фӕцӕй, ӕцӕг Хуцауи туххӕй ӕма ин ӕ хӕдзари туххӕй берӕ хуарз гъуддӕгтӕ искодта» (2 Анз. 24:15, 16).
15. Иодаййи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 Иодаййи хабар ни алкӕмӕндӕр ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Хуцауӕй тӕрсун ахур кӕнӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Иодаййи фӕнзунцӕ, Йегови уӕриккитӕбӕл ке тухсунцӕ ӕма сӕ ке гъӕуай кӕнунцӕ, уомӕй (Гъуд. 20:28). Иодаййи цӕветтон каргунти дӕр бафедар кӕндзӕй. Йеговӕй ку тӕрсонцӕ ӕма ибӕл еузӕрдон ку уонцӕ, уӕд си Йеговӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ идарддӕр дӕр пайда кӕндзӕй. Кӕд сӕ кари бацудӕнцӕ, уӕддӕр сӕ некӕд ниууадздзӕй. Ӕригӕнттӕн ба сӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, Йеговӕ Иодаймӕ ци зӕрдӕ дардта, уобӕл, ӕма уой хузӕн каргунтӕн кадӕ кӕнун, удта сӕ нимайун, уӕлдай дӕр ба берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн (Ӕмб. 16:31). Ӕма не ’гасей бон дӕр ӕй фӕнзун левитти, Израили хӕдзарвӕндӕгти хестӕрти ӕма гъӕуайгӕнгути хестӕрти. Етӕ ӕгасӕйдӕр Иодаййи фарс адтӕнцӕ. Гъӕйдӕ мадта, разамунд ка дӕттуй, уонӕмӕ игъосӕн ӕма син уотемӕй ӕнхус кӕнӕн (Дзиуит. 13:17).
ПАДДЗАХ ИОАСИ ХУЗӔН МА УО
16. Цӕмӕй бӕрӕг ӕй, Иоасӕн ӕууӕндундзийнадӕ ке нӕ фагӕ кодта?
16 Паддзах Иоас рӕстӕй архайдта, цалинмӕ Иодай ӕ фарсмӕ адтӕй, уӕдмӕ (2 Пад. 12:2). Ӕригонӕй ӕй фӕндадтӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун. Фал Иодай ку рамардӕй, уӕд Иоас Йегови ка ниууагъта, еци къниӕзтӕмӕ игъосун райдӕдта. Е цӕмӕ ӕркодта? Ӕхуӕдӕг дӕр, ӕма ӕ дӕлбарӕ ци адӕн адтӕй, етӕ дӕр «ковун райдӕдтонцӕ цӕгиндзитӕн ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн» (2 Анз. 24:4, 17, 18). Уомӕй Йегови зӕрдӕ хъӕбӕр фӕрресун кодтонцӕ. Фал сӕмӕ Йеговӕ уӕддӕр «ӕрвиста пахампарти, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕхемӕ раздахтайдӕ. ...Фал сӕмӕ игъосӕг н’ адтӕй». Етӕ Иодаййи фурт Захаримӕ b дӕр нӕ байгъустонцӕ. Е айдагъ Йегови пахампар ӕма саугин н’ адтӕй, фал ма Иоасӕн ӕ фиди хуӕри биццеу дӕр. Иодаййи бийнонтӕ ин цӕйбӕрцӕ хуӕрзтӕ фӕцӕнцӕ, уомӕн не ’саргъ кодта ӕма Захарий рамарун кодта (2 Анз. 22:11; 24:19–22).
17. Иоаси кӕрон цӕхуӕн адтӕй?
17 Иоас Йеговӕй нӕбал тарстӕй, ӕма ӕгадӕ мӕлӕт баййафта. Йеговӕ загъта: «Нимади кӕмӕ нӕ дӕн, етӕ ба уодзӕнцӕ ӕгадӕ бунати» (1 Сам. 2:30). Фӕстӕдӕр сирийӕгтӕ Иоаси нихмӕ рацудӕнцӕ, ӕма кӕд Сирий ӕфсад устур н’ адтӕй, уӕддӕр ин ӕ «устур ӕфсад» ниппурхӕ кодтонцӕ. Иоаси ба «хъӕбӕр сӕйгӕй ниууагътонцӕ», гъома хъӕбӕр цӕфтӕй. Сирийӕгтӕ ку рандӕ ’нцӕ, уӕд Иоаси лӕггадгӕнгутӕ ӕ нихмӕ сосӕгвӕндӕ искодтонцӕ ӕма ’й рамардтонцӕ, Захарий тог ке никкалдта, уой туххӕй. Иоас уӕхӕн лӕгъуз паддзах адтӕй, ӕма ’й паддзӕхти хӕццӕ банигӕнуни аккагбӕл дӕр нӕ банимадтонцӕ (2 Анз. 24:23–25).
18. Йеремий 17:7, 8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй Иоаси хузӕн ма исуӕн?
18 Иоаси цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Иоас адтӕй, ӕ едагӕ арф кӕмӕн н’ адтӕй, ӕма ӕнӕбуцӕутӕй лӕуун ӕ бон кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн бӕласи хузӕн. Иодай ин рахӕсгӕ хузи уӕхӕн «буцӕуи» хузӕн адтӕй. Фал ку рамардӕй, уӕд Иоас, Хуцауи ка ниууагъта, уонӕмӕ игъосун райдӕдта ӕма ӕнӕйедагӕ бӕласи хузӕн ӕрхаудтӕй. Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй: Йеговӕмӕ гъӕуама игъосӕн, нӕхе ке фӕндуй, уой туххӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ кенӕ нӕ бийнонтӕ уотӕ ке кӕнунцӕ, уой туххӕй нӕ, фал. Не ’ууӕндундзийнадӕ алкӕддӕр федар уодзӕй, нӕхуӕдтӕ Йеговӕй ку тӕрсӕн ӕма ’й ку нимайӕн, уӕд. Уой туххӕй ба гъӕуама Библи кӕсӕн, сагъӕс ибӕл кӕнӕн ӕма Хуцаумӕ ковӕн. (Бакӕсӕ Йеремий 17:7, 8; Кол. 2:6, 7.)
19. Йеговӕ ни ци агоруй?
19 Йеговӕ ни ӕгӕр берӕ нӕ агоруй. Ци ни агоруй, е финст ӕй Екклесиасти 12:13: «Тӕрсӕ ӕцӕг Хуцауӕй ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнӕ, уомӕн ӕма е адӕймагӕн ӕ ихӕс ӕй». Хуцауӕй ку тӕрсӕн, уӕд федӕни цийфӕнди фӕлварӕнтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр нӕ бон уодзӕй Овади ӕма Иодаййи хузӕн еузӕрдонӕй байзайун, ӕма Йеговӕй некӕд раидард уодзиан!
3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт
a Библий дзурдӕн «тӕрсун» контекстмӕ гӕсгӕ аллихузи нисанеуӕг фӕууй. Зӕгъӕн, фӕннисан кӕнуй «фур тӕссӕй зир-зир кӕнун», «кадӕ кӕнун» кенӕ «деси ’фтаун». Аци статья нин банхус кӕндзӕй Хуцауӕй уотӕ тӕрсун, цӕмӕй нӕ бон уа нифсхаст ун, удта нӕ уӕларвон Фидӕбӕл еузӕрдон ун.
b Матфеййи 23:35 финст ӕй, Йесо Захарий ке исхудта Варахий фурт. Еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ Иодаййӕн адтӕй дууӕ номи. Еци рӕстӕг дугай нӕмттӕ беретӕн фӕууидӕ. (Рабарӕ Матфеййи 9:9 ӕма Марки 2:14.) Кенӕ ба, гӕнӕн ес, ӕма Варахи адтӕй Захарийӕн ӕ фиди фидӕ кенӕ ӕ рагфиддӕлтӕй кадӕр.
c ХУЗӔ. Нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕй кӕми ӕй, еци бӕсти ӕнсувӕр литературӕ ӕрбахаста бийнонтӕн (хузӕбӕл ӕцӕг хабар ӕвдист нӕй).
d ХУЗӔ. Ӕригон хуӕрӕ каргун хуӕрӕй ахур кӕнуй, телефонӕй игъосун кӕнун куд гъӕуй, уобӕл; каргун ӕнсувӕр нифсгунӕй стенди хӕццӕ игъосун кӕнуй; фӕлтӕрдгун ӕнсувӕр иннетӕн амонуй, Паддзахади залмӕ зелун куд гъӕуй, уой.