Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кӕсгути фарстатӕ

Кӕсгути фарстатӕ

Киристе ку райгурдӕй, уӕд Иосиф ӕма Марийӕ, Вифлееми цӕмӕн байзадӕнцӕ, кӕд ӕма сӕ бон адтӕй Назаретмӕ сӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхун?

Библий аци фарстабӕл дзуапп нӕййес. Фал си финст ӕнцӕ сӕ царди хабӕрттӕ. Уони фӕрци нӕ бон ӕй балӕдӕрун, уӕхӕн унаффӕ цӕмӕн рахастайуонцӕ, уой.

Изӕд Марийӕн загъта, сувӕллон ин ке райгурдзӕй. Уӕд Иосиф ӕма Марийӕ цардӕнцӕ галилейаг горӕт Назарети (Лук. 1:26–31; 2:4). Уой фӕсте цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг Египети рацардӕнцӕ, удта Назаретмӕ ӕрӕздахтӕнцӕ (Матф. 2:19–23). Уомӕ гӕсгӕ, Йесой, Марийи ӕма Иосифи кой ку фӕккӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл Назарет ӕрлӕууй.

Марийӕн адтӕй еу хӕстӕг, хундтӕй Елизаветӕ, цардӕй Иудейи. Е адтӕй саугин Захарий уосӕ, удта иссӕй Аргъауӕг Иоанни мадӕ (Лук. 1:5, 9, 13, 36). Марийӕ Елизавети бабӕрӕг кодта ӕма Иудейи еу ӕртӕ мӕйи фӕцӕй. Удта фӕстӕмӕ Назаретмӕ ӕрӕздахтӕй (Лук. 1:39, 40, 56). Уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма Марийӕн Иудейи зӕнхитӕ зонгӕ адтӕнцӕ.

Минкъий фӕстӕдӕр паддзахӕй рацудӕй бардзурд, цӕмӕй адӕн сӕхе ниффинстайуонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Иосиф Назаретӕй Вифлееммӕ рандӕ ’й. Вифлеем адтӕй «Давиди горӕт». Пахампарӕдтӕмӕ гӕсгӕ Мессийӕ гъӕуама уоми райгурдайдӕ (Лук. 2:3, 4; 1 Сам. 17:15; 20:6; Мих. 5:2). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр Йесо уоми райгурдӕй. Иосифи нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй Марийӕ нӕуӕгигурд сувӕллони хӕццӕ Назаретмӕ идард надбӕл рандӕ адтайдӕ, ӕма бал Вифлееми байзадӕнцӕ. Еци горӕт Йерусалимӕй 9 километри идарддӕр адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ син зин н’ адтайдӕ сӕ нӕуӕгигурд сувӕллони хӕццӕ Йерусалиммӕ ковӕндонӕмӕ ӕрбацӕун ӕма закъонмӕ гӕсгӕ нивонд ӕрхӕссун (Лев. 12:2, 6–8; Лук. 2:22–24).

Киристе ку нӕма райгурдӕй, уӕд изӕд Марийӕн загъта, ӕ фурт «Давиди паддзахбадӕн[бӕл]» ке исбаддзӕй ӕма паддзах ке исуодзӕй. Ка ’й зонуй, Иосиф ӕма Марийӕ расагъӕс кодтонцӕ, Йесо Давиди горӕти дзӕгъӕли ке нӕ райгурдӕй (Лук. 1:32, 33; 2:11, 17). Ӕвӕдзи сӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма сӕ гъӕуй уоми байзайун ӕма Йеговӕ ци зӕгъдзӕй, уомӕ бангъӕлмӕ кӕсун.

Мах ӕй нӕ зонӕн, стъалудӕснитӕ сӕмӕ ку ’рбацудӕнцӕ, уӕдмӕ Вифлееми цӕйбӕрцӕ цардӕнцӕ, уой. Фал уӕдмӕ хӕдзари цӕрун райдӕдтонцӕ ӕма сӕ фурт нӕуӕгигурд нӕбал адтӕй (Матф. 2:11). Уомӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ес, ӕма Назаретмӕ нӕбал раздахтӕнцӕ, фал Вифлееми расабур ӕнцӕ.

Ирод бардзурд равардта, цӕмӕй Вифлееми «ниццагътайуонцӕ, дууӕ анзи ӕма уомӕй минкъийдӕр кӕбӕл цудӕй, еци биццеути се ’гасейдӕр» (Матф. 2:16). Хуцау Иосифи бафӕдзахста, ӕма уомӕ гӕсгӕ Марийӕ ӕма Йесой хӕццӕ Египетмӕ рандӕ ’й. Уоми цардӕнцӕ, цалинмӕ Ирод нӕ рамардӕй, уӕдмӕ. Уой фӕсте Иосиф ӕ бийнонти хӕццӕ Назаретмӕ рандӕ ’й. Цума Вифлееммӕ цӕмӕннӕ ӕрӕздахтӕй? Цӕмӕй ӕхе ӕма ӕ бийнонти Ироди ӕнӕхатир фурт Архелаййӕй багъӕуай кодтайдӕ. Уомӕй уӕлдай ма ин Йеговӕ дӕр бафӕдзахста, цӕмӕй Вифлееммӕ мабал раздахтайдӕ. Назарети син тӕссаг нецӕмӕй адтӕй, ӕма уоми сӕ бон адтӕй сӕ фурти Хуцауӕн хуарз лӕггадгӕнӕгӕй исгъомбӕл кӕнун (Матф. 2:19–22; 13:55; Лук. 2:39, 52).

Ӕвӕдзи, Иосиф рамардӕй, Киристе уӕларвон цардмӕ над ку нӕма райгон кодта, уӕд. Мадта зӕгъӕн ес, ӕма Иосиф зӕнхӕбӕл райгас уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ беретӕн сӕ бон исуодзӕй Иосифи хӕццӕ лӕгӕй-лӕгмӕ радзорун ӕма базонун, Киристе ку райгурдӕй, уӕд Марийи хӕццӕ Вифлееми цӕмӕн байзадӕнцӕ, уой.