Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

25 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеонӕй ахур кӕнтӕ

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеонӕй ахур кӕнтӕ

«Гедеони... туххӕй дзорон, уойбӕрцӕ рӕстӕг кӕми ес» (ДЗИУИТ. 11:32).

124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

РАЗДЗУРД a

1. 1 Петури 5:2 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕхуӕн кадгин гъуддаг баихӕс кодта?

 ЙЕГОВӔ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ин ӕ дзогӕ гъӕуай кӕнонцӕ ӕма ибӕл зӕрдиагӕй тухсонцӕ. Еци ӕнсувӕртӕ сӕ ихӕсӕн хъӕбӕр аргъ кӕнунцӕ ӕма се ’гас хъауритӕй архайунцӕ, цӕмӕй хуарз фиййӕуттӕ уонцӕ (Йер. 23:4; бакӕсӕ 1 Петури 5:2). Еци еузӕрдон нӕлгоймӕгти туххӕй мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан!

2. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?

2 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнгӕй берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, ӕма сӕ берӕ хъауритӕ фӕгъгъӕуй. Еугонд Штаттӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Тони балӕдӕрдтӕй, куд ӕхсидзгӕ ’й бонзонгӕ ун. Е зӕгъуй: «Коронавируси пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд берӕ нӕуӕг хабӕрттӕ фӕззиндтӕй, зӕгъӕн, не ’мбурдтӕ куд уадздзиан ӕма куд игъосун кӕндзиан, уой фӕдбӕл. Мӕхемӕ берӕ ихӕстӕ есун райдӕдтон, фал кӕд хъӕбӕр архайдтон, уӕддӕр куст минкъийдӕр нӕ кодта. Уой туххӕй мин нӕбал уадӕй Библи, куд гъӕуй, уотӕ кӕсун, ӕртасун ӕй ӕма ковун». Косовӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Илир ба ӕндӕр зиндзийнадӕбӕл исӕмбалдӕй. Тугъд кӕми цудӕй, уоми ку адтӕй, уӕд ин зин адтӕй организаций разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Е зӕгъуй: «Филиал мин баихӕс кодта, цӕмӕй тӕссаг рауӕнти ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕрунцӕ, уонӕн ӕнхус кодтайнӕ. Уой туххӕй нифсхаст гъӕуама адтайнӕ, ӕз ба хъӕбӕр тарстӕн ӕма мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума нӕ организаци ци разамунд дӕттуй, е еугур раст нӕй». Азий миссионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕр Тимӕн ба ӕнцон н’ адтӕй, бонӕй-бонмӕ ’й ци гъуддӕгтӕ кӕнун гъудӕй, уонӕн рӕстӕг ерун. Е зӕгъуй: «Еуӕй-еухатт уотӕ бафӕллаинӕ, ӕма мӕмӕ хъауритӕ нецӕмӕнбал фӕууидӕ». Цума ауӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ка исӕмбӕлуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ци банхус кӕндзӕй?

3. Тӕрхонгӕнӕг Гедеони хабармӕ ӕркӕсун хуарз цӕмӕн уодзӕй?

3 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн пайда уодзӕй тӕрхонгӕнӕг Гедеони хабармӕ ӕркӕсун (Дзиуит. 6:12; 11:32). Е Хуцауи адӕнӕн адтӕй сӕ ервӕзунгӕнӕг ӕма сӕ фиййау (Тӕрх. 2:16; 1 Анз. 17:6). Хестӕр нӕлгоймӕгти хузӕн Гедеонӕн дӕр ӕ ихӕс адтӕй Хуцауи адӕнбӕл тухсун, хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг ку адтӕй, уӕд (Гъуд. 20:28; 2 Тим. 3:1). Не ’гасей бон дӕр ӕй Гедеони хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун. Е адтӕй сӕрниллӕг, бонзонгӕ ӕма коммӕгӕс. Удта ма ’й ӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ гъудӕй нифсхастдзийнадӕ дӕр. Уӕлдай нӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггадӕ кӕнӕн ан ӕви нӕ, не ’гасей бон дӕр ӕй еци уодуӕлдай фиййӕутти хъиамӕтӕн никки фулдӕр аргъ кӕнун. Гъӕйдӕ мадта еци ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнӕн ӕма син нифси хуасӕ уӕн (Дзиуит. 13:17).

ЦӔХУӔН УАВӔРТИ РАБӔРӔГ УЙ СӔРНИЛЛӔГДЗИЙНАДӔ ӔМА БОНЗОНГӔДЗИЙНАДӔ?

4. Гедеон бонзонгӕ ӕма сӕрниллӕг ке адтӕй, е цӕмӕй адтӕй бӕрӕг?

4 Гедеон адтӕй бонзонгӕ ӕма сӕрниллӕг адӕймаг b. Еухатт ин изӕд загъта, Хуцау ӕй ке равзурста, цӕмӕй ин ӕ адӕн мадиамӕгтӕй фӕййервӕзун кӕна. Фал ин Гедеон ба бонзонгӕ дзуапп равардта: «Манассий муггаги астӕу мӕ хӕдзарвӕндаг зингӕ дӕр ку нӕ кӕнуй, ӕма ӕз дӕр мӕ фиди хӕдзари ку неке дӕн» (Тӕрх. 6:15). Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма ервӕзунгӕнӕгӕн нӕ бӕззуй, фал ӕй Йеговӕ хуӕздӕр зудта. Е ’нхуси фӕрци Гедеон еци гъуддаги ӕнтӕстгун адтӕй.

5. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зин цӕхуӕн уавӕрти фӕууй сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ ун?

5 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ архайунцӕ, цӕмӕй алли гъуддаги дӕр сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ уонцӕ (Мих. 6:8; Гъуд. 20:18, 19). Хуарз цӕмӕ арӕхсунцӕ кенӕ син ци бантӕстӕй, уой нӕ ниддессаг кӕнунцӕ. Иннердиги ба син ести ку нӕ рауайуй, уӕд сӕхе ӕгӕр нӕ фефхуӕрунцӕ. Фал син уӕддӕр еуӕй-еухатт ӕнцон нӕ фӕууй сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ ун. Гӕнӕн ес, ӕма хестӕр нӕлгоймаг ӕхемӕ цалдӕр ихӕси райса, фал ӕй уой фӕсте ба балӕдӕра, се ’гасебӕл ке не ’схъаурӕ кӕндзӕй. Кенӕ ба ӕндӕр уавӕр: хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ ихӕстӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой туххӕй сӕ еуӕй-еухатт ’стаугӕ фӕккӕнунцӕ, иннӕ хатт ба – фаугӕ. Уӕхӕн уавӕрти хестӕр нӕлгоймӕгтӕн Гедеони хабар куд банхус кӕндзӕй?

Бонзонгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Гедеони хузӕн ӕнхус ракорунмӕ цӕттӕ фӕуунцӕ, зӕгъӕн, ӕмбурд стендти хӕццӕ куд игъосун кӕндзӕй, уой испълан кӕнунмӕ (кӕсӕ 6 абзац)

6. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Гедеони бонзонгӕдзийнадӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

6 Ӕнхус коретӕ. Бонзонгӕ адӕймаг ӕй лӕдӕруй, алци ӕ бон ке нӕй. Гедеон бонзонгӕ адӕймаг адтӕй ӕма иннетӕй ӕнхус ракорунмӕ не ’фсӕрми кодта (Тӕрх. 6:27, 35; 7:24). Зундгин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр уотӕ фӕййархайунцӕ. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Тони зӕгъуй: «Ести мин ку баихӕс кӕниуонцӕ, уӕд „нӕъ“ некӕд фӕззӕгъинӕ, уомӕн ӕма мӕ уотӕ исгъомбӕл кодтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ мӕ бафӕндадтӕй нӕ бийнонти ахури рӕстӕг бонзонгӕдзийнади туххӕй фулдӕр базонун. Мӕ бийнойнагӕн загътон, цӕмӕй мин зӕгъа, еци менеуӕг ӕвдесун мин уайуй ӕви нӕ. Удта нӕ сайти бакастӕн видеороликмӕ „Обучайте других, доверяйте им и передавайте полномочия, подражая Иисусу“». Уой фӕсте Тони ӕнсувӕртӕй ӕнхус корун райдӕдта. Уавӕр куд раййивта? Е зӕгъуй: «Ӕмбурди дӕр куст размӕ цудӕй, удта мин рӕстӕг дӕр фӕззиндтӕй, цӕмӕй мин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уой федардӕр кӕнон».

7. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Гедеони фӕнзун, ку сӕ фӕффаунцӕ, уӕд? (Иакови 3:13).

7 Фаугӕ уӕ ку кӕнонцӕ, уӕддӕр фӕлмӕнӕй дзоретӕ. Уомӕй уӕлдай мӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцон нӕ фӕууй, еске син фауӕн дзубандитӕ ку фӕккӕнуй, уӕд. Уӕхӕн уавӕри дӕр сӕ бон ӕй Гедеони фӕнзун. Ӕхуӕдӕг дӕр арӕх ке рӕдудӕй, уой лӕдӕрдтӕй. Ӕма ’й ефремӕгтӕ уайдзӕфти буни ку фӕккодтонцӕ, уӕд сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзурдта (Тӕрх. 8:1–3). Гедеон сӕмӕ нӕ рамӕстгун ӕй, фал сӕрниллӕгдзийнадӕ бавдиста: ба сӕмӕ игъуста ӕма сӕ ӕрсабур кодта. Лӕдӕргӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Гедеони фӕнзунцӕ. Ку сӕ фӕффаунцӕ, уӕд лӕмбунӕг байгъосунцӕ ӕма фӕлмӕнӕй дзуапп раттунцӕ. (Бакӕсӕ Иакови 3:13.) Уотемӕй ӕмбурди фарнӕ багъӕуай кӕнунцӕ.

8. Хестӕр нӕлгоймӕгти ку фестаунцӕ, уӕд сӕхе куд гъӕуама даронцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

8 Еугур кадӕ дӕр Йеговӕн дӕттетӕ. Гедеон мадиамӕгтӕбӕл ку фӕууӕлахез ӕй, уӕд ӕй адӕн кадгин кодтонцӕ, фал е ба еугур кадӕ дӕр Йегови бакодта (Тӕрх. 8:22, 23). Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Гедеони фӕнзун? Кӕд цӕмӕдӕр хуарз арӕхсунцӕ, уӕддӕр гъӕуама уой туххӕй Йеговӕн кадӕ кӕнонцӕ (1 Кор. 4:6, 7). Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймаги еске ку ’стауа, иннети ахур кӕнунмӕ дӕсни ке ӕй, уой туххӕй, уӕд ӕ бон ӕй адӕймаги ’ргом раздахун, Хуцау не ’гасейдӕр ӕ Дзурд ӕма ӕ организаций фӕрци куд дзӕбӕх ахур кӕнуй, уомӕ. Еуӕй-еухӕттити ба хестӕр нӕлгоймагӕн хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун, цума ӕхемӕ ӕгӕр берӕ ’ргом не ’здахуй. Ӕркӕсӕн не ’нсувӕр Тимотий хабармӕ. Хестӕр нӕлгоймагӕй ӕй ку иснисан кодтонцӕ, уӕд ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, радзубандитӕ ин ку фӕууидӕ. Е зӕгъуй: «Аллихузи дессаг гъудитӕ ӕма цӕветтонтӕ ӕргъуди кӕнинӕ, ӕма мӕ уой фӕсте арӕх растауиуонцӕ. Фал уӕхӕн радзубандитӕй фулдӕр ӕргом мӕхемӕ ’здахтон, Йеговӕмӕ ӕма Библимӕ нӕ, фал». Рӕстӕг рацудӕй ӕма ’й Тимоти балӕдӕрдтӕй, ӕ радзубандити ’й цидӕр раййевун ке гъӕуй, цӕмӕй ӕхемӕ минкъийдӕр ӕргом ӕздаха (Ӕмб. 27:21). Е зӕгъуй: «Нур мӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку фестаунцӕ, уӕд фӕззӕгъунцӕ мӕ радзубанди син куд банхус кодта зиндзийнӕдти сӕрти рахезун, фӕлварӕнти рӕстӕг федар фӕллӕуун ӕма Йеговӕмӕ фӕххӕстӕгдӕр ун. Нур мӕ ку фестаунцӕ, уӕд мин дзӕвгарӕ ӕхцӕуӕндӕр фӕууй, уомӕн ӕма мӕ раздӕр ’студтонцӕ, дзурдарӕхст ке адтӕн, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй».

ЦӔХУӔН УАВӔРТИ РАБӔРӔГ УЙ КОММӔГӔСДЗИЙНАДӔ ӔМА НИФСХАСТДЗИЙНАДӔ?

Гедеон Йеговӕмӕ байгъуста, ӕма е ’фсад фӕмминкъийдӕр кодта. Ниууагъта си ӕрмӕстдӕр 300 ӕфсӕддони, уӕлдай къӕрцгъос ка адтӕй, уони (кӕсӕ 9 абзац)

9. Гедеони коммӕгӕсдзийнадӕ ӕма нифсхастдзийнадӕ цӕмӕн гъудӕнцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

9 Гедеон Израили тӕрхонгӕнӕг ку иссӕй, уӕд ӕй гъудӕй коммӕгӕсдзийнадӕ ӕма нифсхастдзийнадӕ. Йеговӕ ин, ӕ цардӕн тӕссаг ка адтӕй, уӕхӕн гъуддаг баихӕс кодта. Гъӕуама ниппурхӕ кодтайдӕ, ӕ фидӕ Ваалӕн ци нивондхӕссӕн искодта, уой (Тӕрх. 6:25, 26). Фӕстӕдӕр ба ин Йеговӕ дууӕ хатти загъта, цӕмӕй е ’фсад фӕмминкъийдӕр кодтайдӕ (Тӕрх. 7:2–7). Уомӕй уӕлдай ма ин загъд адтӕй, цӕмӕй ӕмбесӕхсӕви е знӕгтӕбӕл ӕхе ниццӕва (Тӕрх. 7:9–11).

10. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн коммӕгӕс ун зин цӕхуӕн уавӕрти фӕууй?

10 Хестӕр нӕлгоймӕгти гъӕуй «коммӕгӕс» ун (Иак. 3:17). Коммӕгӕс хестӕр нӕлгоймаг алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй, Библий ци финст ес ӕма организаци ци разамунд дӕттуй, уомӕ гӕсгӕ архайун. Уомӕй етӕ фӕнзуйнаг ӕнцӕ. Фал син уӕддӕр коммӕгӕс ун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн арӕх нӕуӕг амундтӕ рацӕуй, ӕма син ӕнцон нӕ фӕууй уайтагъд еци амундтӕмӕ гӕсгӕ архайун райдайун. Кенӕ ба уотӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ: «Аци амундтӕ мах уавӕртӕмӕ нӕ хаунцӕ». Кенӕ ба син, ка ’й зонуй, цӕхуӕндӕр ихӕси туххӕй ахӕстдони исбадунӕй дӕр тӕссаг уодзӕй. Уӕхӕн уавӕрти хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Гедеони фӕнзун?

11. Гедеони цӕветтон хестӕр нӕлгоймӕгти коммӕгӕсдзийнадӕбӕл куд ахур кӕнуй?

11 Разамундмӕ лӕмбунӕг игъосетӕ ӕма уомӕ гӕсгӕ архайетӕ. Хуцау Гедеонӕн загъта, ӕ фиди нивондхӕссӕн ниппурхӕ кӕнун куд гъӕуй, нӕуӕг нивондхӕссӕн искӕнун кӕми гъӕуй ӕма нивондӕн цӕхуӕн фонс гъӕуй ӕрхӕссун. Гедеон еци амундти нихмӕ неци загъта, фал ин Йеговӕ куддӕриддӕр бафӕдзахста, уотӕ бакодта. Абони дӕр Йегови организаци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн разамунд дӕттуй финстӕгутӕ, игъосуйнӕгтӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн мадзӕлтти фӕрци. Уотемӕй не ’ууӕндундзийнадӕн дӕр ӕма нӕхецӕн дӕр тӕссаг нецӕмӕй фӕууй. Мах хестӕр нӕлгоймӕгтӕн хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, ци разамунд рацӕуй, уомӕ лӕмбунӕг ке фӕуунцӕ ӕма уомӕ гӕсгӕ ке фӕййархайунцӕ. Е ӕгас ӕмбурдӕн дӕр пайда хӕссуй (Пс. 119:112).

12. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:17 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ архайун, нӕуӕг амундтӕ ку рацӕуй, уӕд?

12 Цӕттӕ уо уавӕртӕмӕ гӕсгӕ архайун. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Йегови загъдмӕ гӕсгӕ Гедеон е ’фсад 99 проценттемӕй фулдӕр ке фӕмминкъийдӕр кодта (Тӕрх. 7:8). Ӕ бон адтайдӕ расагъӕс кӕнун: «Цума е ӕнӕмӕнгӕ гъуддаг ӕй? Уотемӕй ку фӕммулд уӕн, уӕдта?» Фал уӕддӕр Гедеон Йеговӕмӕ байгъуста. Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Гедеони хузӕн архайунцӕ. Организаций ести разамунд ку рацӕуй кенӕ ести раййевун ку фӕгъгъӕуй, уӕд еци фӕдбӕл архайун райдайунцӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:17.) Зӕгъӕн, 2014 анзи Разамонӕг совет унаффӕ рахаста, Паддзахади залтӕ ӕма Конгрессти залтӕ кӕнунмӕ ци нисайнӕгтӕ ӕрӕмбурд уй, уонӕй ӕндӕрхузи ке пайда кӕндзӕнцӕ (2 Кор. 8:12–14). Раздӕр нӕ организаци Паддзахади зал исамайунмӕ ӕмбурдӕн ӕхца ӕфстау раттидӕ, фӕстӕдӕр ба еци ихӕс гъудӕй бафедун. Нур ба ӕгас дуйней ӕмбурдтӕ дӕр сӕ нисайнӕгтӕ байеу кӕнунцӕ ӕма уой фӕрци, Паддзахади зал искӕнун кӕми фӕгъгъӕуй, уоми ’й искӕнунцӕ, кӕд бунӕттон ӕмбурдмӕ ӕхца нӕ фӕууй, уӕддӕр. Еу ӕнсувӕр Хосе ку базудта, уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ке ’рцудӕй, уӕд уотӕ расагъӕс кодта: «Уотемӕй еунӕг Зал дӕр не ’скӕндзиан. Мах бӕстӕн еци унаффӕ неци пайда ӕрхӕсдзӕй». Хосейӕн ци банхус кодта, цӕмӕй нӕуӕг разамундмӕ гӕсгӕ архайдтайдӕ? Е зӕгъуй: «Ӕмбесӕндти 3:5, 6 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ’й балӕдӕрдтӕн, Йеговӕбӕл мӕ мӕ зӕрдӕ дарун ке гъӕуй. Еци унаффӕ уӕхӕн устур пайда ке ӕрхӕсдзӕй, уой ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕн. Нур нин никки фулдӕр Паддзахади залтӕ кӕнун ӕнтӕсуй, ӕма еци ӕййивддзийнӕдти фӕрци нӕ фӕрӕзтӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнӕн, удта е пайда хӕссуй ӕгас дуйней хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр».

Нифсхаст ку уӕн, уӕд зингзӕрдӕй игъосун кӕндзиан, кӕд, кӕми цӕрӕн, уоми нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕй, уӕд дӕр (кӕсӕ 13 абзац)

13. а) Гедеон федарӕй цӕбӕл ӕууӕндтӕй? б) Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Гедеони хузӕн архайун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Йегови фӕндон нифсгунӕй ӕнхӕст кӕнтӕ. Гедеон Йеговӕмӕ байгъуста, кӕд тӕрсгӕ кодта ӕма ӕ цардӕн тӕссаг адтӕй, уӕддӕр (Тӕрх. 9:17). Йеговӕ ин зӕрдӕ байвардта, ке ин ӕнхус кӕндзӕй. Уомӕ гӕсгӕ Гедеон ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, ӕ бон ке исуодзӕй Хуцауи адӕни багъӕуай кӕнун. Нӕ рӕстӕги еуӕй-еу бӕстити нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕй. Ӕма еци бӕстити ци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕрунцӕ, етӕ Гедеони хузӕн архайунцӕ. Цӕмӕй ӕмбурдтӕ уадзонцӕ, игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕттонцӕ ӕма си сӕхуӕдтӕ дӕр архайонцӕ, уой туххӕй сӕ нифсхастдзийнадӕ фӕгъгъӕуй, уомӕн ӕма син тӕссаг фӕууй, ку сӕ ниййахӕссонцӕ, ку сӕ рафӕрсӕ-бафӕрсӕ кӕнонцӕ, кенӕ сӕ фуднад ку фӕккӕнонцӕ, уомӕй c. Устур бӕллӕхи рӕстӕг ци амундтӕ уодзӕй, уони ӕнхӕст кӕнунмӕ хестӕр нӕлгоймӕгти нифсхаст ун гъӕудзӕй. Ка ’й зонуй, еци амундтӕ баст уодзӕнцӕ, Магоги зӕнхӕй Гог ӕхе Хуцауи адӕнбӕл ку ниццӕва, уӕд куд ес фӕййервӕзӕн, уой хӕццӕ кенӕ ба ци карз тӕрхони хабар игъосун кӕндзиан, уой хӕццӕ. Еци хабар Библий барст цӕуй ех уаруни хӕццӕ (Йез. 38:18; Рарг. 16:21).

ЦӔХУӔН УАВӔРТИ РАБӔРӔГ УЙ ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ?

14. Гедеони фӕразондзийнадӕ цӕхуӕн уавӕри рабӕрӕг ӕй?

14 Гедеон тӕрхонгӕнӕг адтӕй, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ хъауритӕ ӕрӕвӕрун гъудӕй, цӕмӕй ин Йеговӕ ци баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кодтайдӕ. Ӕнӕгъӕнӕ ӕхсӕвӕ мадиамӕгти хӕццӕ тохгӕ фӕккодтонцӕ. Ӕма мадиамӕгтӕ ледзӕги ку фӕцӕнцӕ, уӕд сӕ Гедеон е ’фсади хӕццӕ сорун райдӕдта. Сӕ фӕдбӕл цудӕнцӕ Изреели дӕлфӕзӕй сауӕнгӕ Иордани уӕнгӕ, уоми ба цӕугӕ дони билгӕрӕнтти берӕ къотӕртӕ ирӕзтӕй (Тӕрх. 7:22). Цума е Гедеони бауорӕдта? Нӕъ. Кӕд ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ 300 ӕфсӕддони дӕр бафӕлладӕнцӕ, уӕддӕр цӕугӕдони сӕрти рахизтӕнцӕ ӕма идарддӕр мадиамӕгти сурдтонцӕ, цалинмӕ сӕ нӕ баййафтонцӕ ӕма сӕ нӕ ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕдмӕ (Тӕрх. 8:4–12).

15. Еуӕй-еухатт хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зин цӕмӕн фӕууй федар фӕллӕуун?

15 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн бийнонти медӕг ӕма ӕмбурди дӕр берӕ ихӕстӕ ке фӕууй, уой туххӕй еуӕй-еухатт хъӕбӕр бафӕллайунцӕ ӕма сӕмӕ хъауритӕ ӕппундӕр нӕбал байзайуй. Цума син уӕхӕн уавӕри Гедеони цӕветтон куд банхус кӕндзӕй?

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ банхус кӕнунцӕ, зин уавӕри ка бахауй, уонӕн (кӕсӕ 16 ӕма 17 абзацтӕ)

16, 17. а) Гедеонӕн ӕ ихӕс исӕнхӕст кӕнун ӕ бон цӕй фӕрци иссӕй? б) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун? (Исаййи 40:28–31). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

16 Йеговӕ уин хъауритӕ ке ратдзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндетӕ. Гедеон ибӕл федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ин хъауритӕ ке ратдзӕй. Ӕма ’й Хуцау нӕ фӕффудӕнгъӕл кодта (Тӕрх. 6:14, 34). Гедеон ӕма е ’фсӕддонтӕ мадиамаг паддзӕхти ку сурдтонцӕ, уӕд фестӕгӕй цудӕнцӕ, еци паддзӕхтӕ ба – теуатӕбӕл (Тӕрх. 8:12, 21). Фал сӕ уӕддӕр Хуцауи фӕрци баййафтонцӕ ӕма сӕбӕл фӕууӕлахез ӕнцӕ. Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгти бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ син гъӕугӕ сахат хъауритӕ ке ратдзӕй, уомӕн ӕма «е некӕд истухсуй ӕма некӕд бафӕллайуй». (Бакӕсӕ Исаййи 40:28–31.)

17 Еу хестӕр нӕлгоймаг Мэтью лӕггадӕ кӕнуй, сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ка ӕмгуст кӕнуй, еци комитети. Цума ин ӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ ци ӕнхус кӕнуй? Е зӕгъуй: «Филиппӕгтӕмӕ 4:13 финст дзурдтӕ раст ке ’нцӕ, уой мӕхецӕй зонун. Хъӕбӕр ку бафӕллаинӕ ӕма ку исӕнӕхъаурӕ уинӕ, уӕд Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкковинӕ. Лигъстӕ ин кодтон, цӕмӕй мин лӕвардтайдӕ хъауритӕ, удта зунд, ӕма мӕ бон адтайдӕ идарддӕр дӕр ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун. Уӕхӕн уавӕрти ’й уӕлдай хъӕбӕрдӕр фӕууининӕ, Йеговӕ ми хъауритӕ куд бауадзуй, цӕмӕй мӕ бон уа мӕ ихӕстӕ идарддӕр дӕр ӕнхӕст кӕнун». Гедеони хузӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕгас хъауритӕй архайунцӕ, цӕмӕй Йегови уӕриккитӕбӕл тухсонцӕ, кӕд син алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕддӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, сӕхуӕдтӕ дӕр ӕй гъӕуама лӕдӕронцӕ, алцӕбӕл ке не ’схъаурӕ кӕндзӕнцӕ. Фал сӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ сӕ ке фегъосдзӕй ӕма син сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ хъауритӕ ке ратдзӕй (Пс. 116:1; Фил. 2:13).

18. Гедеони хабар хестӕр нӕлгоймӕгтӕн пайда цӕмӕй ӕй?

18 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй хестӕр нӕлгоймӕгти бон ӕй Гедеони хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун. Гъӕуама уонцӕ бонзонгӕ ӕма сӕрниллӕг, цӕмӕй ӕй лӕдӕронцӕ, сӕ бон цӕйбӕрцӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун ӕй, уой ӕма цӕмӕй сӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсонцӕ, фаугӕ сӕ ку кӕнонцӕ кенӕ сӕ ’стаугӕ ку кӕнонцӕ, уӕд. Уомӕй уӕлдай ма ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ коммӕгӕс ӕма нифсхаст уонцӕ, уӕлдайдӕр ба аци дуйне кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ. Ӕма ибӕл гъӕуама ма гурусхӕ кӕнонцӕ, Хуцауи ӕнхуси фӕрци син алцидӕр ке бантӕсдзӕй. Гъӕйдӕ мадта нӕ уодуӕлдай фиййӕуттӕн аргъ кӕнӕн! (Фил. 2:29).

120 ЗАР Киристей хузӕн фӕлмӕн уодигъӕди хецау уотӕ

a Израили зин рӕстӕг ку адтӕй, уӕд Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамонӕгӕй ӕма ервӕзунгӕнӕгӕй исӕвардта Гедеони. Ӕма Гедеон еци ихӕс 40 анзей дӕргъи еузӕрдонӕй ӕнхӕст кодта. Фал еци рӕстӕг берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Гедеони хабарӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ, уомӕ.

b Бонзонгӕдзийнадӕ ӕма сӕрниллӕгдзийнадӕ кӕрӕдзей хӕццӕ хъӕбӕр баст ӕнцӕ. Бонзонгӕ адӕймагӕн ӕ бон ци ӕй ӕма ци нӕй, уой фӕллӕдӕруй. Сӕрниллӕг адӕймаг ба иннетӕн аргъ кӕнун фӕззонуй ӕма сӕ ӕхецӕй уӕлдӕрбӕл фӕннимайуй (Фил. 2:3). Бонзонгӕ адӕймаг арӕхдӕр фӕууй сӕрниллӕг.