28 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Хуцауӕй ке тӕрсӕн, е нӕ гъӕуай кӕнуй
«Ӕ нӕдтӕ раст кӕмӕн ӕнцӕ, е тӕрсуй Йеговӕй» (ӔМБ. 14:2).
122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!
РАЗДЗУРД a
1, 2. Нӕ рӕстӕг, Лот ци рӕстӕги цардӕй, уой хӕццӕ ӕмхузӕн цӕмӕй ӕй?
АЦИ дуйне куд исӕфт ӕй, уой уингӕй нӕ зӕрдӕбӕл Лот ӕрлӕууй. Е дӕр «гъезӕмарӕ кодта... ци фудгъуддӕгтӕ уидта, уони туххӕй», уомӕн ӕма ’й зудта, Йеговӕ уӕхӕн гъуддӕгтӕй е ’сӕфт ке уинуй (2 Пет. 2:7, 8). Лот Хуцауӕй тарстӕй ӕма ’й уарзта. Уой фӕрци, ке астӕу цардӕй, уони хузӕн не ’ссӕй. Абони мах дӕр цӕрӕн, Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, уӕхӕн адӕни астӕу. Фал уӕддӕр нӕ бон ӕй Хуцауи рази хуӕрзӕгъдау цард кӕнун. Е нӕ къохи бафтуйдзӕй, Хуцауи ку уарзӕн ӕма ин ӕ зӕрдихудти бацӕунӕй ку тӕрсӕн, уӕд (Ӕмб. 14:2).
2 Йеговӕ нин ӕхуӕдӕг ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй хуӕрзӕгъдау цард кӕнӕн. Уой туххӕй ниффинсун кодта Ӕмбесӕндти киунугӕ. Еци киунуги ци зундгин унаффитӕ ес, уонӕбӕл расагъӕс кӕнун алкӕмӕндӕр пайда уодзӕй: нӕлгоймӕгтӕн, силгоймӕгтӕн, ӕригӕнттӕн ӕма каргунтӕн.
ХУЦАУӔЙ КЕ ТӔРСӔН, Е НӔ ГЪӔУАЙ КӔНУЙ
3. Ӕмбесӕндти 17:3 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
3 Йеговӕ ни алке зӕрдӕ дӕр уинуй, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ гъӕуама гъӕуай кӕнӕн. Е, иннетӕ ци уинунцӕ, уомӕй дзӕвгарӕ фулдӕр уинуй ӕма ’й зонуй, ӕцӕгӕй цӕхуӕн ан, уой. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 17:3.) Йеговӕн ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕ зундӕй нӕ зӕрдӕ ке федзаг кӕнӕн, уомӕн ӕма еци зунд цард дӕттуй (Иоан. 4:14). Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ма бауадзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ багъара, Сайтанӕй ӕма аци дуйнейӕй ка цӕуй, еци марг: ӕнӕгъдау цард ӕма мӕнгӕ ахурӕдтӕ (1 Иоан. 5:18, 19). Хуцаумӕ куд хӕстӕгдӕр кӕнӕн, уотӕ нӕ уарзондзийнадӕ дӕр ирӕздзӕй ӕма ’й никки хъӕбӕрдӕр нимайдзиан. Мах нӕ фӕндуй нӕ уӕларвон Фиди зӕрдихудти бацӕун. Уомӕ гӕсгӕ, ӕ рази тӕрегъӕд искӕнун, уобӕл уотид расагъӕс кӕнун дӕр нин ӕнадӕ ’й. Фӕррӕдуйунӕй нин тӕссаг ку уа, уӕд хуарз уайдӕ нӕхемӕ уӕхӕн фарста ку раттианӕ: «Ӕцӕгӕйдӕр мӕ фӕндуй, уотӕ берӕ мӕ ка уарзуй, уой зӕрдӕ фӕрресун кӕнун?» (1 Иоан. 4:9, 10).
4. Еу хуӕрӕ Йеговӕй ке тарстӕй, е ин куд банхус кодта, цӕмӕй ӕ бауӕри монцтӕбӕл фӕууӕлахез адтайдӕ?
4 Хорватийӕй еу хуӕрӕ Марти b берӕ нӕбал гъудӕй ӕнӕгъдау миуӕ искӕнунмӕ. Е загъта: «Еци рӕстӕг бауӕри монцтӕ раст сагъӕстӕбӕл уӕлахез кодтонцӕ, тӕрегъӕд мӕ ӕхемӕ уотӕ ӕлваста, ӕма мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума мӕмӕ ӕ хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъауритӕ нӕййес. Фал Йеговӕй ке тарстӕн, е мин банхус кодта». Цума куд? Мартӕ сагъӕс кодта, тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ӕй е цӕхуӕн фӕстеугутӕмӕ ӕркӕндзӕй. Мах бон дӕр ӕй уотӕ сагъӕс кӕнун. Алцӕмӕй фуддӕр ба е уодзӕй, ӕма адӕймаг тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд Йегови зӕрдӕ ке фӕрресун кӕндзӕй. Гӕнӕн ес, ӕма уой туххӕй фенӕхай уа Йеговӕн ӕносмӕ лӕггадӕ кӕнуни фадуатӕй (Райд. 6:5, 6).
5. Леой хабарӕй нӕ бон ци ӕй зундӕн райсун?
5 Йегови ку уарзӕн, уӕд лӕгъуз гъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ нӕ лимӕн кӕндзиан. Е цӕмӕ ӕркӕнуй, уой ӕхебӕл бавзурста Конгой еу ӕнсувӕр Лео. Донаргъуд ку райста, уой фӕсте цуппар анзи ку рацудӕй, уӕд Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кодта, уони хӕццӕ балимӕн ӕй. Лео уотӕ сагъӕс кодта, кӕд ӕхуӕдӕг лӕгъуз гъуддӕгтӕ нӕ кӕнуй, уӕд Хуцауи рази тӕрегъӕд нӕ кӕнуй. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма ӕхуӕдӕг дӕр ниуазун ӕма ӕнӕгъдау цард кӕнун райдӕдта. Фӕстӕдӕр ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй, ӕ киристон ниййергутӕ ’й цӕбӕл ахур кодтонцӕ ӕма Йеговӕн ку лӕггадӕ кодта, уӕд ци амондгун адтӕй, е. Уой фӕрци ӕхемӕ ӕрцудӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхуси фӕрци Хуцаумӕ ӕрбаздахтӕй. Абони Лео лӕггадӕ кӕнуй хестӕр нӕлгоймагӕй ӕма сӕрмагонд пионерӕй.
6. Цӕхуӕн дууӕ силгоймагей туххӕй радзубанди кӕндзиан?
6 Ӕркӕсӕн Ӕмбесӕндти киунуги 9 сӕрмӕ. Уоми рахӕсгӕ хузи дзурд цӕуй дууӕ силгоймагей туххӕй. Еу си амонуй зундмӕ, иннӕ ба – ӕнӕзунддзийнадӕмӕ. (Библий ма цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ кенӕ хабӕрттӕ адӕни хӕццӕ барст ке цӕунцӕ, уомӕн цӕветтонтӕмӕ кӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:14 ӕма Галатӕгтӕмӕ 4:24.) Дууӕ силгоймаги дӕр сӕхемӕ хонунцӕ, ӕвӕлтӕрд ӕма ӕнӕзунд ка ’й, уони. Алкедӕр си цума уотӕ зӕгъуй: «Медӕмӕ рацотӕ, фингтӕ цӕттӕ ’нцӕ!» (Ӕмб. 9:1, 5, 6, 13, 16, 17). Кӕд сӕ дууӕ дӕр медӕмӕ ӕмхузӕн хонунцӕ, уӕддӕр сӕмӕ ка бацӕуа, уони е ци фӕстеугутӕмӕ ӕркӕндзӕй, е ба ӕмхузӕн нӕ уодзӕй. Абони Сайтани дуйней ӕнӕгъдау цард ӕма порнографи хъӕбӕр рапарахат ӕй (Еф. 4:19). Уомӕ гӕсгӕ ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй Йеговӕй тӕрсӕн, лӕгъуздзийнадӕй ба нӕхе гъӕуай кӕнӕн (Ӕмб. 16:6). Ӕмбесӕндти 9 сӕри ци унаффитӕ ес, етӕ не ’гасемӕндӕр – нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕма силгоймӕгтӕн дӕр – пайда уодзӕнцӕ.
ӔНӔЗУНДТИ НАДӔЙ ДӔХЕ ЕУВАРС ДАРӔ
7. Ӕмбесӕндти 9:13–18 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, «ӕнӕзунд силгоймаги» иуазгутӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
7 Ӕркӕсӕн «ӕнӕзунд силгоймаг» адӕни кумӕ хонуй, уомӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 9:13–18.) Е ӕнӕфсӕрмӕй рамийнасӕ кӕнунмӕ медӕмӕ хонуй, ӕвӕлтӕрд ка ’й, уони, кӕд ӕма ’й зонуй, ци сӕбӕл ӕрцӕудзӕй, уой. Медӕмӕ имӕ ка бацӕуа, уонӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй мӕлӕт. Ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй, уӕхӕн рабарститӕ ма Ӕмбесӕндти киунуги иннӕ сӕрти дӕр ке ес. Зӕгъӕн, уоми нӕ Библи фӕдзӕхсуй, цӕмӕй нӕхе гъӕуай кӕнӕн «ихӕлд силгоймагӕй, рӕсугъд дзубандитӕй ка сайуй, уӕхӕн силгоймагӕй». Уомӕн «ӕ хӕдзарӕй адӕймаг цӕуй мӕлӕтмӕ» (Ӕмб. 2:11–19). Ӕмбесӕндти 5:3–10 ес ӕндӕр «ихӕлд силгоймаги» кой. Уомӕн дӕр «ӕ над цӕуй мӕлӕтмӕ».
8. Еуӕй-еухатт нӕ ци фӕгъгъӕуй равзарун?
8 «Ӕнӕзунд силгоймаг» ӕхемӕ ке хонуй, етӕ гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ, ба имӕ цӕуонцӕ ӕви нӕ. Мах дӕр, гӕнӕн ес, уӕхӕн уавӕри бахауӕн. Дӕхе куд бадардзӕнӕ, еске дин ӕнӕгъдау миуӕ ку кӕнун кӕна, уӕд? Куд бакӕндзӕнӕ, телевизори кенӕ телефони ести ӕнӕгъдау хузтӕ ку фӕууинай, уӕд?
9, 10. Нӕхе ӕнӕгъдау цардӕй еуварс цӕмӕн гъӕуама дарӕн?
9 Ӕнӕгъдау цардӕй гъӕуама нӕхе еуварс дарӕн. «Ӕнӕзунд силгоймаг» зӕгъуй: «Давӕггаг дон адгин ӕй». Цума «давӕггаг дон» ци ӕй? Библи лӕг ӕма уоси астӕу ци кӕдзос сосӕг ахастдзийнӕдтӕ фӕууй, уони баруй сауӕдони хӕццӕ (Ӕмб. 5:15–18). Уӕхӕн ахастдзийнӕдтӕ гъӕуама уонцӕ, ӕ къохтӕ ка ӕрфинста, еци нӕлгоймаг ӕма силгоймаги астӕу. Фал «давӕггаг донӕн» ӕ хабар ӕндӕрхузи ӕй. Е, ӕвӕдзи, амонуй, лӕг ӕма уосӕ ка нӕй, етӕ ӕмуат ку ’рцӕунцӕ, уомӕ. Уӕхӕн гъуддӕгтӕ арӕх фӕккӕнунцӕ сосӕггай, давӕг куд фӕййархайуй, уотӕ. «Давӕггаг дон» сӕмӕ уӕлдай адгин, ка ’й зонуй, уой туххӕй фӕккӕсуй, ӕма уотӕ фӕгъгъуди кӕнунцӕ, цума сӕ миути туххӕй неке базондзӕй. Фал уомӕй сӕхе сайунцӕ. Йеговӕ алцидӕр уинуй, ӕма уӕхӕн гъуддӕгти туххӕй адӕймаг, гӕнӕн ес, ӕ хуарзӕнхӕй фенӕхай уа. Адӕймаг Хуцауи хуарзӕнхӕй ку фенӕхай уй, уӕд уоми «адгинӕй» неци ес (1 Кор. 6:9, 10). Фал ма ӕндӕр цӕйдӕрти туххӕй дӕр гъӕуама нӕхе еуварс дарӕн уӕхӕн гъуддӕгтӕй.
10 Адӕймаг ӕнӕгъдау цард ке фӕккӕнуй, уой туххӕй ӕй арӕх ӕ цӕсгон фӕххуӕруй, удта ма ӕхемӕ нецӕййаг кӕсун дӕр райдайуй. Уой туххӕй арӕх силгоймаг бауӕззау уй, сувӕллон ӕй нӕ фӕгъгъӕуй, уотемӕй. Кенӕ ба ма бийнонтӕ дӕр фехӕлунцӕ. Мадта зундбӕл дзорӕг уодзӕй, «ӕнӕзунд силгоймаги хӕдзарӕмӕ» хӕстӕг дӕр ку нӕ цӕуӕн ӕма ин ӕ «фингтӕмӕ» дӕр ку нӕ хицӕ кӕнӕн. Ӕ хӕдзарӕмӕ ин ка бацӕуй, е, Йегови хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ ес, айдагъ уой нӕ фесафуй. Фал ма ӕнӕгъдау цард ка кӕнуй, еци адӕн арӕх фӕссӕйгӕ унцӕ, мӕлӕтмӕ ка ’ркӕнуй, уӕхӕн незтӕй (Ӕмб. 7:23, 26). Ӕмбесӕндти 9:18 финст ӕй: «Медӕмӕ ке бакодта, етӕ ингӕни ке ’нцӕ». Мадта беретӕ «ӕнӕзунд силгоймаги» хӕдзарӕмӕ цӕмӕн бацӕунцӕ ӕма е скъӕппӕги цӕмӕн бахаунцӕ? (Ӕмб. 9:13–18).
11. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма порнографи адӕймагӕн зиан хӕссуй?
11 Нӕхе ма кӕмӕй гъӕуама гъӕуай кӕнӕн, еци гъуддӕгтӕй сӕ еу ӕй порнографи. Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, цума уоми лӕгъузӕй неци ес. Фал ӕцӕгӕй ба устур зиан хӕссуй, уомӕн ӕма уой туххӕй адӕймаг ӕхемӕ нецӕййаг кӕсун райдайуй, удта ин зин фӕууй еци гъуддаг ниууадзун. Еци ӕнӕгъдау хузтӕ адӕймаги сӕри гъе уотӕ арф ниххезунцӕ, ӕма сӕ феронх кӕнун хъӕбӕр зин фӕууй. Порнографи адӕймагӕн е ’нӕгъдау фӕндтӕй исуӕгъдӕ ун нӕ банхус кӕнуй, фал ма сӕ никки карздӕр фӕккӕнуй (Кол. 3:5; Иак. 1:14, 15). Порнографимӕ ка кӕсуй, уони е ӕнӕгъдау цардмӕ ’ркӕнуй.
12. Ӕнӕгъдау гъудитӕ нӕмӕ ке туххӕй фӕззиндзӕй, уӕхӕн хузтӕ ку фӕууинӕн, уӕд куд гъӕуама бакӕнӕн?
12 Киристони куд бакӕнун гъӕуй, ӕ телефони кенӕ планшетти ести ӕнӕгъдау хузӕ ку фӕззинна, уӕд? Гъӕуама ’й еци фӕдбӕл рандӕ кӕна. Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, тӕккӕ хъазардӕр нин ке ӕй, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, е. Кӕд цӕхуӕндӕр хузтӕ порнографибӕл нимад нӕ ’нцӕ, уӕддӕр, гӕнӕн ес, ӕма адӕймагмӕ ӕнӕгъдау гъудитӕ фӕззинна. Ӕма уӕхӕн хузтӕмӕ дӕр нӕ кӕсдзиан, уомӕн ӕма мах нӕ фӕндуй тӕрегъӕди ’рдӕмӕ къахдзӕфтӕ кӕнун ӕма нӕ цардӕмбалбӕл гадзирахаттӕй рацӕун, сауӕнгӕ ма нӕ зӕрди медӕг дӕр (Матф. 5:28, 29). Таиландӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Дэвид зӕгъуй: «Ӕз расагъӕс кӕнун: „Кӕд ӕнӕгъдау хузтӕ нӕ ’нцӕ, уӕддӕр Йегови зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕй, ку сӕмӕ кӕсон, уӕд?“ Е мин банхус кӕнуй зундӕй архайун».
13. Зундӕй архайунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?
13 Кӕд нӕ Йегови зӕрдӕ фӕрресун кӕнун нӕ фӕндуй, уӕд зундӕй архайдзиан, уомӕн ӕма Йеговӕй тӕрсун ӕй «зунди райдайӕн» (Ӕмб. 9:10). Уой нӕ бон ӕй фӕууинун Ӕмбесӕндти киунуги 9 сӕри. Уоми дзурд цӕуй ӕндӕр «силгоймаги» туххӕй, хуннуй «ӕцӕг зунд».
«ӔЦӔГ ЗУНДМӔ» ИУАЗӔГУАТИ БАЦО
14. Ӕмбесӕндти 9:1–6 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ иуазӕгуати ка хонуй?
14 Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 9:1–6. Аци стихти финст ӕй, ӕцӕг зунд кӕмӕй цӕуй, еци Хуцау нӕ ӕхемӕ ке хонуй (Ӕмб. 2:6; Ром. 16:27). Ами дзурд цӕуй устур хӕдзари туххӕй авд цӕгиндзей хӕццӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йеговӕ рӕдау Хуцау ӕй, ӕма ин ӕ зундӕй архайун ке фӕндуй, уони зӕрдиагӕй ке баиуазӕг кӕнуй.
15. Йеговӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?
15 Йеговӕ нин алцидӕр фагӕй фулдӕр дӕттуй. Е ӕй рӕдау ӕма нӕбӕл тухсуй. Ӕмбесӕндти киунуги 9 сӕри силгоймагӕй ӕвдист ка ӕй, еци «ӕцӕг зундмӕ» раст гъе уӕхӕн менеугутӕ ес. Еци силгоймаг «косӕрттӕгтӕ равгӕрдун кодта, ӕ сӕнӕ фӕккарздӕр кодта ӕма фингтӕ ӕрӕвардта» (Ӕмб. 9:2). Идарддӕр 4 ӕма 5 стихти финст ӕй: «Ӕнӕзунд ка ӕй, уонӕн дӕр загъта: „Рацотӕ, равзаретӕ мин мӕ конд дзолӕй“». «Ӕцӕг зунди» хӕдзарӕмӕ цӕмӕн гъӕуама бацӕуӕн ӕма ин ӕ хуӕруйнӕгтӕй цӕмӕн гъӕуама хуӕрӕн? Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ сувӕллӕнттӕ уонцӕ зундгин ӕма сӕбӕл лӕгъузӕй маци ’рцӕуа. Уой нӕ фӕндуй, цӕмӕй, рист ӕма маст ка хӕссуй, уӕхӕн рӕдудтитӕбӕл ахур кӕнӕн, удта фӕсмон кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ Библий финст ӕй: «Рӕстзӕрдӕ адӕнӕн ӕвӕрд уодзӕй курухон зунд» (Ӕмб. 2:7). Йеговӕй ке тӕрсӕн, е нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕхе куд дарӕн, уомӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн ӕма нин ци унаффитӕ раттуй, уонӕмӕ уайтагъд байгъосӕн (Иак. 1:25).
16. Ален Хуцауӕй ке тарстӕй, е ин куд банхус кодта раст унаффӕ рахӕссун ӕма е цӕхуӕн тиллӕг ӕрхаста?
16 Ӕркӕсӕн еу хестӕр нӕлгоймаг Аленӕн раст унаффӕ рахӕссунмӕ куд банхус кодта, Хуцауӕй ке тарстӕй е. Скъолай ахургӕнӕгӕй косуй. Е радзурдта: «Ме ’мкосгутӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма порнографимӕ кӕсун хуарз ӕй, цӕмӕй, дан, адӕймаг естӕбӕлти исахур уа». Фал Ален сӕ хӕццӕ арази н’ адтӕй. Е зӕгъуй: «Хуцауӕй ке тӕрсун, уой туххӕй некӕд исарази дӕн уӕхӕн кинотӕмӕ кӕсун, ӕма уонӕн дӕр балӕдӕрун кӕнинӕ, уотӕ цӕмӕн кӕнун, уой». Ален байгъуста, «ӕцӕг зунд» ци дзоруй, уомӕ, ӕма «лӕдӕргӕдзийнади надбӕл» размӕ цудӕй (Ӕмб. 9:6). Уӕхӕн федар зундбӕл хуӕст ке адтӕй, е е ’мкосгутӕй кедӕрти деси бафтудта. Кадӕртӕ си райдӕдтонцӕ Библи ахур кӕнун ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕун.
17, 18. «Ӕцӕг зундмӕ» иуазӕгуати ка бацӕуй, етӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин унцӕ ӕма сӕмӕ федӕни ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
17 Йеговӕ еци дууӕ «силгоймагей» кой ке ракодта, уомӕй бавдиста, куд цӕргӕ нин ӕй, цӕмӕй федӕни амондгун уӕн. Еци ӕнӕуагӕ ӕма «ӕнӕзунд силгоймаги» хӕдзарӕмӕ ка бацӕуй, уонӕн се ’гас цард дӕр баст ӕй, сӕ сосӕг ӕма сӕмӕ «адгин» ка кӕсуй, еци фӕндти хӕццӕ. Еу бонӕй цӕрунцӕ ӕма федӕнбӕл нӕ сагъӕс кӕнунцӕ, фал сӕ кӕрон ӕй ингӕн (Ӕмб. 9:13, 17, 18).
18 «Ӕцӕг зунди» хӕдзарӕмӕ иуазӕгуати ка бацӕуй, уонӕн ба сӕ хабар ӕндӕрхузи фӕууй. Уой иуазгутӕ абони дӕр мийнасӕ кӕнунцӕ, ӕууӕндундзийдӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй идзаг ка ӕй, уӕхӕн фингӕбӕл! (Ис. 65:13). Йеговӕ пахампар Исаййӕн ниффинсун кодта: «Лӕмбунӕг мӕмӕ игъосетӕ ӕма хуӕретӕ хуарз хуӕруйнӕгтӕ, ӕма хуӕрзадӕ хуӕруйнӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзетӕ» (Ис. 55:1, 2). Мах ахур кӕнӕн Йеговӕ ци уарзуй, уой уарзун ӕма е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕй не ’сӕфт уинун (Пс. 97:10). Ӕма нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй иннети «ӕцӕг зундмӕ» иуазӕгуати хонун. Цума «горӕти бӕрзонд рауӕнтӕй» фегъосун кӕнӕн: «Ӕвӕлтӕрд ка ӕй, е ардӕмӕ рацӕуӕд». Мах нӕхуӕдтӕ дӕр, удта, ке ’рбахонӕн, етӕ дӕр некӕд рафӕсмон кӕндзӕнцӕ, иуазӕгуати ке ’рбацудӕнцӕ, уобӕл – нӕдӕр абони, нӕдӕр федӕни. Нӕ бон уодзӕй ӕносмӕ цӕрун ӕма алкӕддӕр «лӕдӕргӕдзийнади надбӕл размӕ» цӕун! (Ӕмб. 9:3, 4, 6).
19. Екклесиасти 12:13, 14 финст дзурдтӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Хуцауӕй ке тӕрсӕн, е хуарз цӕмӕй ӕй?».)
19 Бакӕсӕ Екклесиаст 12:13, 14. Мадта Хуцауӕй ке тӕрсӕн, е нин нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнуй ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй аци ихӕлд дуйней хуӕрзӕгъдау цард кӕнӕн. Удта ма Хуцауӕй ке тӕрсӕн, е нӕ разӕнгард кӕнуй идарддӕр дӕр иннети «ӕцӕг зундмӕ» иуазӕгуати хонун, цӕмӕй си ахур кӕнонцӕ.
127 ЗАР Цӕхуӕн адӕймаг гъӕуама уон?
a Куд киристӕнттӕ, уотӕ гъӕуама Хуцауӕй тӕрсӕн, гъома ’й нимайӕн. Е нин гъӕуай кӕндзӕй нӕ зӕрдӕ ӕма нӕхе еуварс дардзиан ӕнӕгъдау цардӕй ӕма порнографийӕй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан Ӕмбесӕндти 9 сӕрмӕ. Рахӕсгӕ хузи си ци дууӕ силгоймагей кой цӕуй, уонӕй сӕ еу амонуй «ӕнӕзунддзийнадӕмӕ» иннӕ ба «ӕцӕг зундмӕ». Еци сӕри ци унаффитӕ ес, етӕ нин устур ӕнхус уодзӕнцӕ абони дӕр ӕма федӕни дӕр.
b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.