Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

24 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ!

Дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ!

«Хуарз ци ӕй, уой кӕнгӕй нӕ нифс ма расӕттӕд, уомӕн ӕма ӕ рӕстӕги ӕркӕрддзиан тиллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕн, уӕд» (ГАЛ. 6:9).

84 ЗАР Лӕггадӕ кӕнӕн, ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми

РАЗДЗУРД a

1. Беретӕн ни зин ци фӕууй?

 ЕСКӔД уотӕ адтӕй, ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕ рази нисан исӕвардтай, фал дӕ къохи ба не ’фтудӕй? b Уӕхӕн уавӕри беретӕ адтӕнцӕ. Зӕгъӕн, Филип нисан исӕвардта, цӕмӕй арӕхдӕр ӕма никки зӕрдиагдӕрӕй кова. Фал ин рӕстӕг иссерун аллихатт дӕр зин фӕууидӕ. Эрикӕ ба ӕхецӕн нисан исӕвардта, цӕмӕй игъосун кӕнуни фембӕлдтӕмӕ афойнадӕбӕл цӕуа, фал алли хатт дӕр байрӕги кӕнидӕ. Томаши ба фӕндадтӕй Библи ӕнӕгъӕнӕй бакӕсун. Е зӕгъуй: «Библи кӕсун мӕ зӕрдӕмӕ ӕппундӕр нӕ цудӕй. Ӕртӕ хатти ’й райдайинӕ кӕсун, фал Левити киунугӕй идарддӕр нӕ бахъӕртинӕ».

2. Цӕхуӕндӕр нисан дӕ къохи ку нӕма ӕфтуйа, уӕддӕр дӕ нифс цӕмӕннӕ гъӕуама сӕтта?

2 Кӕд цӕхуӕндӕр нисан берӕ рӕстӕг дӕ къохи не ’фтуйуй, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма дин уогӕ дӕр некӕд бантӕсдзӕй. Хумӕтӕг нисӕнттӕн дӕр хатгай берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ фӕгъгъӕуй. Дӕ рази цӕхуӕндӕр нисан ке исӕвардтай, айдагъ е дӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнис ӕма дӕ фӕндуй, цӕмӕй дӕмӕ хуӕздӕрӕй ци ес, уой ин дӕттай. Йеговӕ дин дӕ хъиамӕттӕн хъӕбӕр аргъ кӕнуй, фал дӕ бон ци нӕй, уой ба ди нӕ агоруй (Пс. 103:14; Мих. 6:8). Гъе уомӕ гӕсгӕ дӕ рази исӕвӕрӕ, гӕнӕн кӕмӕн ес ӕма дӕ къохи ка бафтуйдзӕй, уӕхӕн нисан. Кӕд дин уӕхӕн нисан ес, уӕдта дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ къохи бафтуйа? Гъӕйдӕ цалдӕр унаффемӕ ӕркӕсӕн.

ГЪӔУАМА ДӔ ФӔНДӔУА, ЦӔМӔЙ ДӔ НИСАН ДӔ КЪОХИ БАФТУЙА

Ковӕ, цӕмӕй дӕ фӕндӕуа дӕ нисанмӕ тундзун (кӕсӕ 3 ӕма 4 абзацтӕ)

3. Нӕ нисанмӕ тундзун нӕ цӕмӕн гъӕуама фӕндӕуа?

3 Гъӕуама дӕ хъӕбӕр фӕндӕуа, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа. Гъе уӕд дӕ нисанмӕ цӕугӕй де ’гас хъауритӕй архайдзӕнӕ. Уӕхӕн фӕндон рабарӕн ес, науӕ размӕ ка фӕттӕруй, уӕхӕн дунги хӕццӕ. Дунгӕ ку фӕккӕнуй, уӕд наупӕлӕзи фӕрци науӕ размӕ фӕццӕуй ӕма ӕ бунатмӕ бахъӕртуй. Дзӕбӕх дунгӕ ку кӕна, уӕдта никки тагъддӕр бахъӕртдзӕй. Гъе уотӕ мах дӕр нӕ нисанмӕ бахъӕртдзиан, хъӕбӕр нӕ ку фӕндӕуа, уӕд. Сальвадорӕй еу ӕнсувӕр Давид загъта: «Дӕ рази нисан цӕмӕн исӕвардтай, уой ку лӕдӕрай, уӕд никки хъӕбӕрдӕр архайдзӕнӕ, ӕма дӕ уӕд неке ӕма неци бахъор кӕндзӕй». Мадта нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ фӕндӕуа нӕ нисанмӕ тундзун?

4. Нӕ бон цӕй туххӕй ӕй ковун? (Филиппӕгтӕмӕ 2:13). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

4 Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕндӕуа дӕ нисанмӕ тундзун. Йегови бон дин ӕй банхус кӕнун ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:13.) Хатгай нӕ рази цӕхуӕндӕр нисӕнттӕ исӕвӕрӕн, уомӕн ӕма ’й фӕззонӕн, раст ке ’нцӕ. Ӕма е хуарз ӕй. Фал нӕ еуӕй-еухатт еци нисанмӕ тундзун неци уотӕ фӕффӕндуй. Уотӕ адтӕй Угандӕй еу хуӕрӕ Норини хабар дӕр. Ӕ нисан адтӕй Библий ахур иссерун, фал ӕй фӕндгӕ ба неци уотӕ кодта. Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма иннети ахур кӕнунмӕ хуарз нӕ арӕхсуй. Цума ин ци банхус кодта? Норинӕ зӕгъуй: «Ӕз алли бон дӕр Йеговӕмӕ кувтон, цӕмӕй мӕ мӕ нисанмӕ тундзун фӕндӕуа. Айдагъ ковгӕ имӕ нӕ кодтон, фал ма мӕхуӕдӕг дӕр архайдтон, цӕмӕй никки хуӕздӕр арӕхсон иннети ахур кӕнунмӕ. Гъе уотемӕй мӕ цалдӕр мӕйей фӕсте ӕцӕгӕйдӕр бафӕндадтӕй Библий ахур иссерун. Анз дӕр нӕ рацудӕй, уотемӕй дууӕ адӕймагей хӕццӕ Библи ахур райдӕдтон».

5. Цӕмӕй нӕ нӕ нисанмӕ тундзун никки хъӕбӕрдӕр фӕндӕуа, уой туххӕй нӕ бон цӕбӕл ӕй сагъӕс кӕнун?

5 Йеговӕ дӕуӕн ци искодта, уобӕл сагъӕс кӕнӕ (Пс. 143:5). Апостол Павел сагъӕс кодта, Йеговӕ ’й ци стур хуарзӕнхӕй исхайгин кодта, уобӕл. Ӕма ’й е разӕнгард кодта, цӕмӕй Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кодтайдӕ (1 Кор. 15:9, 10; 1 Тим. 1:12–14). Ду дӕр куд фулдӕр сагъӕс кӕнай, Йеговӕ дин ци искодта, уобӕл, уотӕ дӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй дӕ нисанмӕ тундзун (Пс. 116:12). Гондурасӕй еу хуӕрӕн ӕ нисан адтӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионер исун. Е загъта: «Йеговӕ мӕ куд берӕ уарзуй, уобӕл арӕх фӕссагъӕс кӕнинӕ. Е мӕ ӕ лӕггадгӕнгути бийнонтӕмӕ ӕрбахудта, удта мӕбӕл тухсуй ӕма мӕ гъӕуай кӕнуй. Уой фӕрци Йегови никки хъӕбӕрдӕр уарзун райдӕдтон ӕма мӕ никки хъӕбӕрдӕр бафӕндадтӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионер исун».

6. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕндӕуа нӕ нисанмӕ тундзун?

6 Дӕ нисан дин ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Раздӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Эрикӕн ци банхус кодта, уомӕ ӕркӕсӕн. Е зӕгъуй: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, игъосун кӕнуни фембӕлдтӕмӕ ке байрӕгӕмӕ кӕнун, уой туххӕй мӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти ке фенӕхай кӕнун. Еци фембӕлдтӕмӕ афойнадӕбӕл ку цудайнӕ, уӕд мӕ бон адтайдӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рахабӕрттӕ кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма, игъосун кӕнгӕй пайда ка уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ игъустайнӕ ӕма мин мӕ лӕггадӕ дӕр фулдӕр цийнӕ хастайдӕ». Эрикӕн ӕ нисан ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнун ку райдӕдта, уӕд ӕ къохи бафтудӕй. Дӕуӕн ба дӕ нисан цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй? Кӕд дин Библи кӕсуни кенӕ ковуни хӕццӕ баст ӕй, уӕд расагъӕс кӕнӕ, Йегови хӕццӕ дӕ лимӕндзийнадӕ куд бафедар уодзӕй, уобӕл (Пс. 145:18, 19). Кӕд дӕ цӕхуӕндӕр менеуӕгбӕл бакосун фӕндуй, уӕдта расагъӕс кӕнӕ, е куд рабӕрӕг уодзӕй, иннети хӕццӕ куд федауис, уобӕл (Кол. 3:14). Еци нисанбӕл бакосун дӕ цӕмӕн фӕндуй ӕма дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой дӕхецӕн ниффинсӕ. Ӕма еци финститӕмӕ арӕхдӕр ӕркӕсисӕ. Раздӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Томӕш загъта: «Мӕ нисан мин ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой куд ирддӕрӕй фӕууинун, уотӕ мӕ хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй, цӕмӕй мӕ къохи бафтуйа».

7. Хулио ӕма ӕ бийнойнагӕн ци банхус кодта, цӕмӕй сӕ нисан сӕ къохи бафтуйа?

7 Дӕ нисанмӕ тундзунмӕ дин ка банхус кӕндзӕй, уони хӕццӕ рӕстӕг ӕрветӕ (Ӕмб. 13:20). Еу ӕнсувӕр Хулиой ӕма ӕ бийнойнаги фӕндадтӕй, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнун. Еци гъуддаги син ци банхус кодта, уой туххӕй уотӕ загъта: «Не ’мбӕлттӕ адтӕнцӕ, нӕ нисанмӕ тундзунмӕ нӕ ка разӕнгард кодта, етӕ, ӕма сӕ хӕццӕ нӕ бон адтӕй, еци нисӕнтти туххӕй дзорун. Уонӕй дӕр беретӕмӕ мах хузӕн нисӕнттӕ адтӕй, ӕма сӕ къохи бафтудӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ бон адтӕй, пайда нин ка уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ раттун. Ци нин ӕнтӕсуй, уобӕл нӕ арӕх рафӕрсиуонцӕ ӕма нин нӕ нифс бафедар кӕниуонцӕ».

ДӔ НИСАНМӔ ТУНДЗУН ДӔ КУ НӔ ФӔНДӔУА

Архайӕ, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа (кӕсӕ 8 абзац)

8. Нисанмӕ цӕугӕй ӕрмӕстдӕр нӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд цума нӕ къохи бафтуйдзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

8 Раст зӕгъгӕй, еуӕй-еухатт уӕхӕн бӕнттӕ фӕууй, ӕма нӕ нӕ нисанмӕ тундзун ӕппундӕр нӕ фӕффӕндуй. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма идарддӕр нӕ бон нӕй нӕ нисанмӕ цӕун? Нӕъ. Хъӕбӕр ку фӕддунгӕ кӕнуй, уӕд науӕ дӕр размӕ тагъд фӕццӕуй. Фал еуӕй-еухатт сабур дунгӕ фӕккӕнуй кенӕ ӕппундӕр нӕ фӕууй. Цума е уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма уӕхӕн уавӕрти науӕн ӕ бон идарддӕр цӕун нӕбал фӕууй? Алкӕд нӕ. Зӕгъӕн, еуӕй-еу наутӕбӕл фӕууй мотортӕ ӕма беслеутӕ (вёсла), ӕма уони фӕрци бӕлццони бон фӕууй идарддӕр цӕун. Нӕ фӕндон дӕр ӕнгъезуй дунги хӕццӕ рабарун. Еуӕй-еухатт хъӕбӕр фӕууй, иннӕ хатт ба нӕ нӕ нисанбӕл сагъӕс кӕнун фӕндгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй. Дунгӕ куд кӕнуй, уомӕ ку кӕсӕн, уӕд нӕ нисан нӕ къохи некӕд бафтуйдзӕй. Мадта нӕ нӕ нисанмӕ тундзун алкӕддӕр федар фӕндӕ ку нӕ разӕнгард кӕна, уӕддӕр нӕ бон ӕй бӕлццони хузӕн ӕндӕрхузи мадзӕлттӕй пайда кӕнун. Уой туххӕй ба гъӕуама ӕнӕзийнадӕ уӕн, ӕма е уой аргъ ӕй. Цӕхуӕн мадзӕлттӕй нӕ бон ӕй пайда кӕнун, уомӕ ӕркӕсуни размӕ бал радзубанди кӕнӕн еу фарстабӕл.

9. Кӕд нӕ нӕ нисанмӕ тундзун нӕ фӕндуй, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ нӕхецӕн зин кӕнун нӕ гъӕуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

9 Йегови фӕндуй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнӕн ӕгас зӕрдӕй ӕма цийнӕгӕнгӕй (Пс. 100:2; 2 Кор. 9:7). Фал цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ нӕ нисанмӕ тундзун ку нӕ фӕффӕндуй, уӕд нӕ нӕхецӕн зин кӕнун нӕ фӕгъгъӕуй? Ӕркӕсӕн апостол Павели хабармӕ. Е загъта: «Мӕ бауӕр гъезӕмарӕй марун ӕма си цагъар кӕнун» (1 Кор. 9:25–27). Павелӕн кӕд алкӕд ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр ӕхецӕн тухӕй дӕр, раст ци ӕй, уой кӕнун кодта. Цума ин Йеговӕ ӕ лӕггадӕй арази адтӕй? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес! Е ин ӕ хъиамӕтти туххӕй рӕдауӕй райарфӕ кодта (2 Тим. 4:7, 8).

10. Нӕ нисанмӕ цӕмӕн гъӕуама тундзӕн, кӕд нӕ алкӕд нӕ фӕффӕндуй, уӕддӕр?

10 Павели цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ке фӕууй, нӕ нисанмӕ ку фӕттундзӕн, кӕд нӕ еуӕй-еухатт нӕ фӕффӕндуй кенӕ зийнадӕ фӕккӕнӕн, уӕддӕр. Е ӕй уинуй: хатгай цӕхуӕндӕр гъуддаг фӕккӕнӕн, еци гъуддаг нӕ зӕрдӕмӕ ке цӕуй, уой туххӕй нӕ, фал, Йегови ке уарзӕн, уой туххӕй. Йеговӕ апостол Павелӕн куд арфӕ кодта, уотӕ мах хъиамӕттӕн дӕр райарфӕ кӕндзӕй (Пс. 126:5). Ӕма еци арфӕдзийнӕдтӕ нӕхебӕл ку бавзарӕн, уӕд нӕ никки хъӕбӕрдӕр бафӕнддзӕй нӕ нисанмӕ тундзун. Польшӕй еу хуӕрӕ Люцинӕ зӕгъуй: «Хатгай мӕ игъосун кӕнунмӕ цӕун ӕппундӕр нӕ фӕффӕндуй, уӕлдайдӕр ба фӕллад ку фӕуун, уӕд. Фал ку рандӕ ун, уӕд уой фӕсте мӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй». Гъӕйдӕ нур ба радзубанди кӕнӕн, нӕ бон ци ӕй кӕнун, нӕ нисанмӕ тундзун нӕ ку нӕ фӕндӕуа, уӕд.

11. Йеговӕ нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хебӕл хуӕцун нӕ бон уа?

11 Йеговӕй корӕ хебӕлхуӕцундзийнадӕ. Арӕхдӕр нӕ хебӕлхуӕцундзийнадӕ фӕгъгъӕуй, цӕмӕй лӕгъуз ести ма искӕнӕн. Фал ма еци менеуӕг фӕгъгъӕуй хуарз цидӕр искӕнунмӕ дӕр, уӕлдайдӕр ба нӕ ку нӕ фӕффӕндуй кенӕ нин зин ку фӕууй, уӕд. Иронх ди ма уӕд, хебӕлхуӕцундзийнадӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уомӕ ке хауй. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ, цӕмӕй дӕ бон уа еци ӕхсидзгӕ менеуӕг дӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Давид радзурдта, кувд ин куд банхус кодта, уой туххӕй. Уой фӕндадтӕй, цӕмӕй Библи алли къуӕре дӕр ӕртаса, ескӕд еу хатт нӕ, фал. Цума уой туххӕй ци кодта? Е загъта: «Ӕз Йеговӕй курдтон, цӕмӕй мин хебӕл хуӕцун хуӕздӕр уайа. Ӕма мин банхус кодта. Нур мин ӕнтӕсуй алли къуӕре дӕр Библи ӕртасун».

12. Екклесиасти 11:4 финст дзурдтӕ куд хаунцӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ рази ци нисӕнттӕ исӕвӕрӕн, уонӕмӕ?

12 Хуӕздӕр рӕстӕгмӕ ма ’нгъӕлмӕ кӕсӕ. Аци дуйней уӕхӕн рӕстӕг некӕд ралӕудзӕй. Ку имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ нисан дӕ къохи некӕд бафтуйдзӕй. (Бакӕсӕ Екклесиаст 11:4.) Дэниел зӕгъуй: «Хуӕздӕр рӕстӕг ӕхегъӕди нӕ ралӕудзӕй. Еци рӕстӕг нӕхуӕдтӕ нӕхецӕн искӕнӕн, архайун ку райдайӕн, уӕд». Нӕ нисӕнттӕмӕ цӕугӕй фӕстӕтӕрӕ кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй, уой туххӕй Угандӕй еу ӕнсувӕр Пол уотӕ загъта: «Нӕ уавӕртӕ хуарз ку нӕ уонцӕ, фал уӕддӕр гъуддагмӕ ку равналӕн, уӕд нин Йеговӕ нӕ хъиамӕттӕн арфӕ кӕндзӕй» (Мал. 3:10).

13. Минкъий нисӕнттӕй идайун хуарз цӕмӕн ӕй?

13 Минкъий естӕмӕй бал райдайӕ. Хатгай адӕймаг ӕ къохтӕ ӕруадзуй, уомӕн ӕма имӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума ӕ нисан ӕгӕр устур кенӕ ӕгӕр зин ӕй. Кӕд дӕу хабар дӕр уотӕ ’й, уӕд дӕ бон н’ адтайдӕ дӕ нисан цалдӕр минкъий нисӕнебӕл фӕххӕйттӕ кӕнун? Зӕгъӕн, ку дӕ фӕндӕуа, цӕмӕй цӕхуӕндӕр менеуӕг дӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнай, уӕд бал байархайӕ, цӕмӕй ӕй ести минкъий гъуддӕгти ӕвдесай. Кенӕ дӕ Библи ӕнӕгъӕнӕй бакӕсун ку фӕндӕуа, уӕд бал ӕй минкъий скъуддзӕгтӕй кӕсун райдайӕ. Райдайӕни ци Томаши кой кодтан, уомӕн не ’нтӕстӕй Библи ӕнӕгъӕнӕй анзи дӕргъи бакӕсун. Е загъта: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, е мӕнӕн ӕгӕр тагъд ке ӕй. Уомӕ гӕсгӕ бабӕй ӕй нӕуӕгӕй райдӕдтон кӕсун, фал аци хатт цалдӕр абзаццемӕй ӕндӕр нӕ кастӕн, ӕма сӕбӕл сагъӕс кодтон. Гъе уотемӕй Библи кӕсун мӕ зӕрдӕмӕ цӕун райдӕдта». Сабургай Томаш Библи кӕсунмӕ фулдӕрӕй-фулдӕр рӕстӕг хецӕн кӕнун райдӕдта. Уотемӕй Библи кӕрӕй-кӕронмӕ бакастӕй c.

ЕСТИ ДИН КУ НӔ УАЙА, УӔДДӔР ДӔ НИФС МА БАСӔТТӔД

14. Хатгай нӕ нифс цӕй туххӕй басӕттуй?

14 Гъигагӕн, еуӕй-еухатт, кӕд нӕ хъӕбӕр фӕффӕндуй ӕма нӕхецӕн базин кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ фӕууӕн, уӕддӕр нин цидӕртӕ нӕ фентӕсуй. Зӕгъӕн, нӕ уавӕртӕ ӕнӕнгъӕлти ке феййевунцӕ, уой туххӕй нин, ка ’й зонуй, нӕ нисанбӕл архайунмӕ рӕстӕг нӕбал фӕууй (Еккл. 9:11). Кенӕ ба, зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр уавӕри туххӕй нӕ нифс басӕттуй ӕма нин хъауритӕ нӕбал фӕффагӕ кӕнуй (Ӕмб. 24:10). Не ’нӕнхӕстдзийнади туххӕй ба хатгай цӕхуӕндӕр рӕдудтитӕ искӕнӕн, ӕма нӕ етӕ дӕр нӕ нисанмӕ тундзунмӕ фӕхъхъор кӕнунцӕ (Ром. 7:23). Кенӕ ба уотид бафӕллайӕн (Матф. 26:43). Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕхӕн уавӕрти дӕр нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн?

15. Ести нин ку нӕ уайа, уӕддӕр нӕ нӕ къохтӕ уадзун цӕмӕннӕ гъӕуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ (Псалом 145:14).

15 Дӕ гъудий дарӕ: кӕд дин цидӕр нӕ уайуй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма дӕ нисан дӕ къохи нӕ бафтуйдзӕй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ нисанмӕ цӕугӕй зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр ӕмбӕлдзиан. Фал ма си уотӕ финст дӕр ес, ӕма еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезун нӕ бон ӕй, уӕлдай дӕр ба Йегови ӕнхуси фӕрци. (Бакӕсӕ Псалом 145:14.) Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Филип радзурдта, ӕнтӕстдзийнадӕбӕл ци нимайуй: «Мӕ нисан мӕ къохи цал хатти нӕ бафтуйуй, уобӕл нӕ фӕссагъӕс кӕнун. Сӕйрагдӕр мин фӕууй, ци нисан исӕвардтон, уомӕ нӕуӕгӕй цӕун ке райдайун, е». Раздӕр ке дзурдтӕ ӕрхастан, еци ӕнсувӕр Давид ба ма загъта: «Ести мин ку нӕ фӕууайуй, уӕд уой къахкъуӕрӕнбӕл нӕ фӕннимайун, фал ӕй фӕннимайун хуарз фадуатбӕл, Йегови ке уарзун, уой бавдесунмӕ». Ӕцӕгӕйдӕр, ести нин ку нӕ фӕууайуй, фал уӕддӕр размӕ ку фӕццӕуӕн, уӕд уомӕй бавдесӕн, Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун нӕ ке фӕндуй. Нӕ нисанмӕ идарддӕр ке тундзӕн, уой уингӕй Йеговӕ кунӕг амондгун нӕ фӕууй!

16. Ести нин ку нӕ фӕууайуй, уӕддӕр нӕ бон цӕбӕл фӕууй исахур ун?

16 Ести дин ку нӕ рауайуй, уӕд е хуарз фадуат фӕууй естӕбӕл исахур унмӕ. Цидӕр дин цӕмӕннӕ уайуй, уобӕл расагъӕс кӕнӕ ӕма дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон ци ӕй раййевун, цӕмӕй идарддӕр уӕхӕн къахкъуӕрӕнбӕл мабал исӕмбӕлон?» (Ӕмб. 27:12). Фал нин хатгай цидӕр ке нӕ фӕууайуй, е уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма нӕ нӕ нисан раййевун гъӕуй, уомӕн ӕма нӕ уавӕрти еци нисан нӕ къохи нӕ бафтуйдзӕй. Мадта ма дӕ нисанбӕл еу хатт дӕр расагъӕс кӕнӕ. Уой фӕрци ’й балӕдӕрдзӕнӕ дӕу уавӕрти уомӕн гӕнӕн ес ӕви нӕ d. Дӕ нисан ке раййивтай, уой туххӕй дӕ Йеговӕ минкъийдӕр уарзун нӕ райдайдзӕй (2 Кор. 8:12).

17. Нурмӕти нин ци бантӕстӕй, уой иронх кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй?

17 Нурмӕти дин ци бантӕстӕй, е ди иронх ма уӕд. Библий финст ӕй: «Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт» (Дзиуит. 6:10). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нурмӕти ци бантӕстӕй, уой гъӕуама мӕ иронх кӕнай. Зӕгъӕн, Йеговӕ иссӕй де ’Мбал, игъосун кӕнун райдӕдтай кенӕ донаргъуд райстай. Мадта раздӕр дӕ рази нисӕнттӕ куд ӕвардтай ӕма куд архайдтай, цӕмӕй дӕ къохи бафтуйонцӕ, уотӕ нур дӕр архайӕ (Фил. 3:16).

Дӕ балци дин цийнӕ хӕссӕд (кӕсӕ 18 абзац)

18. Нӕ нисанмӕ цӕугӕй нӕ гъудий ци гъӕуама дарӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

18 Бӕлццон ӕ нисанмӕ куд бахъӕртуй, уотӕ ду дӕр дӕ нисӕнттӕмӕ бахъӕртдзӕнӕ Йегови ӕнхуси фӕрци. Удта ма дӕ гъудий дарӕ, бӕлццон ӕ нисанмӕ ку бахъӕртуй, айдагъ уӕд ке нӕ фӕццийнӕ кӕнуй, фал балций рӕстӕг дӕр. Уомӕ гӕсгӕ архайӕ, цӕмӕй ӕй уинай, дӕ нисанмӕ цӕугӕй дин Йеговӕ куд арфӕ кӕнуй, уой. Е дин ӕнӕмӕнгӕй устур цийнӕ хӕсдзӕй (2 Кор. 4:7). Ӕма дӕ къохтӕ ку не ’руадзай, уӕд дӕ Йеговӕ никки устурдӕр арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй! (Гал. 6:9).

126 ЗАР Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар

a Мах арӕх фӕрразӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрӕн. Фал ести нисан нӕ къохи ку не ’фтуйа, уӕдта? Аци статьяй ци унаффитӕ ес, етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ нисӕнттӕ нӕ къохи ӕфтуйонцӕ.

b Уӕхӕн нисӕнттӕмӕ хаунцӕ цӕхуӕндӕр менеуӕгбӕл бакосун кенӕ лӕггади ести фӕххуӕздӕр кӕнун, зӕгъӕн, Библи кӕсун, лӕмбунӕгдӕр ӕй ӕртасун кенӕ игъосун кӕнуни гъуддаги архайун.