20 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Нӕ кувдтитӕ хуӕздӕр кӕнӕн
«Ӕргом ин кӕнтӕ уӕ зӕрдитӕ» (ПС. 62:8).
45 ЗАР Мӕ зӕрди сагъӕстӕ
РАЗДЗУРД a
1. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути цӕмӕ разӕнгард кӕнуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
ЦУМА цийфӕнди уавӕри дӕр нӕ бон кӕмӕй ӕй уодӕнцойнӕ ӕма унаффӕ корун? Аци фарстабӕл дзуапп зонӕн. Нӕ бон ӕй Йеговӕмӕ ковун. Ӕма нӕ уомӕ ӕхуӕдӕг разӕнгард кӕнуй. Уой фӕндуй, цӕмӕй имӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕ ковонцӕ. Библий ма уотӕ финст дӕр ӕй: «Алкӕддӕр коветӕ» (1 Фес. 5:17). Нӕ бон ӕй Йеговӕмӕ сӕребарӕй ковун ӕма си разамунд корун нӕ царди цийфӕнди уавӕрти дӕр (Ӕмб. 3:5, 6). Йеговӕ ӕй рӕдау Хуцау, уомӕ гӕсгӕ имӕ цал хатти ӕнгъезуй ковун, уомӕн арӕнтӕ не ’скодта.
2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Нӕ бон ковун ке ӕй, уомӕн хъӕбӕр аргъ кӕнӕн. Фал ни беретӕ гъе уотӕ ӕнӕвдалон фӕуунцӕ, ӕма син раковунмӕ рӕстӕг иссерун зин фӕууй. Хатгай ба ’й балӕдӕрӕн, нӕ кувдтитӕ нӕ фӕххуӕздӕр кӕнун ке гъӕуй. Хуарз ӕма уой фӕдбӕл Библий берӕ хуарз унаффитӕ ес. Ӕма аци статьяй ӕркӕсдзиан, Киристей цӕветтон нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй раковунмӕ рӕстӕг хецӕн кӕнӕн. Удта ма радзубанди кӕндзиан, нӕ бон цӕй туххӕй ӕй ковун, цӕмӕй нӕ кувдтитӕ фӕххуӕздӕр кӕнӕн. Мах ӕркӕсдзиан фондз ӕхсидзгӕ гъуддагемӕ.
КИРИСТЕ РАКОВУНМӔ РӔСТӔГ РАХЕЦӔН КӔНИДӔ
3. Киристе кувди туххӕй ци зудта?
3 Киристе ӕй зудта, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути кувдтитӕн хъӕбӕр ке аргъ кӕнуй. Зӕнхӕмӕ ку нӕма ӕрцудӕй, уӕд ӕй уидта, ӕ Фидӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути кувдтитӕбӕл куд дзуапп кӕнуй, уой. Зӕгъӕн, Киристе Йегови фарсмӕ адтӕй, Аннӕ, Давид, Илийа ӕма ӕ иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути кувдтитӕбӕл ку дзуапп кодта, уӕд (1 Сам. 1:10, 11, 20; 1 Пад. 19:4–6; Пс. 32:5). Уомӕ гӕсгӕ Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн амудта, цӕмӕй арӕх ковонцӕ ӕма ибӕл ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнонцӕ, Йеговӕ сӕ ке игъосуй (Матф. 7:7–11).
4. Киристей цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
4 Ковун куд гъӕуй, уой фӕдбӕл Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн хуарз цӕветтон ниууагъта. Ӕ зӕнхон лӕггади рӕстӕг Йеговӕмӕ хъӕбӕр арӕх фӕкковидӕ. Уой туххӕй ба ’й гъудӕй рӕстӕг хецӕн кӕнун, уомӕн ӕма ӕ алливарс алкӕддӕр хъӕбӕр берӕ адӕн адтӕй, ӕма ин еу уӕгъдӕ минут дӕр нӕ фӕууидӕ (Мар. 6:31, 45, 46). Киристе сӕумӕ раги исистидӕ, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ хебарӕ рауӕн раковун (Мар. 1:35). Ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ӕй ку гъудӕй, уӕдта ӕгас ӕхсӕвӕ Йеговӕмӕ кувта (Лук. 6:12, 13). Ӕ мӕлӕти размӕ, еци ӕхсӕвӕ дӕр Йеговӕмӕ еу ӕма дууӕ хатти не ’скувта, уомӕн ӕма ӕ зӕнхон лӕггадӕн ӕ тӕккӕ зиндӕр рӕстӕг ралӕудтӕй (Матф. 26:39, 42, 44).
5. Нӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун?
5 Киристей цӕветтонӕй зиннуй, цийфӕнди ӕнӕвдӕлон ма уӕн, уӕддӕр нӕ кувдӕн рӕстӕг хецӕн кӕнун ке гъӕуй. Ка ’й зонуй, нӕ графикки еци гъуддагӕн бӕлвурд рӕстӕг рахецӕн кӕнун гъӕудзӕй. Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй сӕумӕй минкъий раздӕр исистун кенӕ ба изӕрӕй фунӕй кӕнунмӕ минкъий фӕстӕдӕр рандӕ ун. Уотемӕй Йеговӕн бавдесдзиан, еци дессаги лӕварӕн устур аргъ ке кӕнӕн. Еу хуӕрӕ Линн некӕд феронх кӕндзӕй, Йеговӕй куд хъӕбӕр боз адтӕй, ку ’й балӕдӕрдтӕй, ӕ бон ковун ке ӕй, е ӕцӕгӕйдӕр цӕхуӕн устур кадӕ ’й. Е зӕгъуй: «Ку ’й базудтон, Йегови хӕццӕ цийфӕнди рӕстӕг дӕр дзорун мӕ бон ке ӕй, уӕд мин е хъӕбӕр банхус кодта, цӕмӕй ӕй мӕ хуарз ӕмбалбӕл нимайун райдӕдтайнӕ. Ӕма мӕ бафӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ кувдтитӕ никки зӕрдиагдӕр уонцӕ». Ӕма махӕй дӕр беретӕн е ӕнӕзонгӕ нӕй. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, цӕхуӕн фондз гъуддагей туххӕй ӕхсидзгӕ фӕууй ковун.
ФОНДЗ ӔХСИДЗГӔ ГЪУДДАГИ
6. Раргомади 4:10, 11 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ цӕй аккаг ӕй?
6 Кадгин кӕнтӕ Йегови. Апостол Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта 24 хестӕр лӕги Йегови куд кадгин кодтонцӕ. Етӕ дзурдтонцӕ, Йеговӕ «кадӕ ӕма намуси» аккаг ке ӕй. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 4:10, 11.) Еузӕрдон изӕдтӕн дӕр сӕ бон берӕ цӕйдӕрти туххӕй ӕй Йегови кадгин кӕнун. Етӕ ӕ хӕццӕ уӕлӕрвти цӕрунцӕ, ӕма ’й хъӕбӕр хуарз зонунцӕ. Йеговӕ куд архайуй, уой ку фӕууинунцӕ, уӕд сӕ е баразӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ӕй кадгин кӕнонцӕ (Иов 38:4–7).
7. Цӕй туххӕй ӕй нӕ бон Йегови кадгин кӕнун?
7 Махӕн дӕр ӕхсидзгӕ ’й нӕ кувдтити Йегови кадгин кӕнун. Зӕгъӕн, нӕ бон ин ӕй дзорун, цӕй туххӕй ӕй уарзӕн ӕма ин цӕй туххӕй аргъ кӕнӕн, уой. Библи ку кӕсай ӕма ’й ку ’ртасай, уӕд байархайисӕ, цӕмӕй Йегови менеугутӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕцитӕ цӕуй, уони фӕууинай (Иов 37:23; Ром. 11:33). Уой фӕсте ба Йеговӕн кувди радзорисӕ, еци менеугутӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕунцӕ, уой. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй Йегови кадгин кӕнун, нӕхецӕн дӕр, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр ке ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй. Е нӕбӕл ӕдзох тухсуй ӕма нӕ гъӕуай кӕнуй (1 Сам. 1:27; 2:1, 2).
8. Нӕ бон цӕй туххӕй ӕй Йеговӕн арфӕ кӕнун? (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:18).
8 Йеговӕн арфӕ кӕнтӕ. Нӕ бон берӕ цӕйдӕрти туххӕй ӕй Йеговӕй боз ун. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:18.) Нӕ бон ӕй арфӕ кӕнун, хуарзӕй нӕмӕ цидӕриддӕр ес, уой туххӕй, уомӕн ӕма алли хуарз лӕвар дӕр цӕуй Йеговӕй (Иак. 1:17). Зӕгъӕн, нӕ бон ин ӕй арфӕ кӕнун, зӕнхӕ ӕма ибӕл цидӕриддӕр ес, етӕ куд рӕсугъд конд ӕнцӕ, уой туххӕй. Удта нин ке балӕвар кодта цард, бийнонтӕ, ӕмбӕлттӕ ӕма дессаги нифс. Уомӕй уӕлдай ма ин нӕ бон ӕй арфӕ кӕнун, уӕхӕн кадӕй нӕ ке исхайгин кодта, цӕмӕй нӕ бон уа е ’мбӕлттӕ ун.
9. Цӕмӕй Йеговӕй боз уӕн, уой туххӕй нӕ байархайун цӕмӕн фӕгъгъӕуй?
9 Ӕхсидзгӕ ма ӕй сагъӕс кӕнун, Йеговӕй уӕлдай боз цӕй туххӕй ан, уобӕл. Хатгай уобӕл байархайун фӕгъгъӕуй, уомӕн ӕма ци дуйней цӕрӕн, уоми адӕн фулдӕр фӕссагъӕс кӕнунцӕ, кӕмӕй куд рапайда кӕнонцӕ, уобӕл. Уонӕн сӕ сӕри къуми дӕр нӕ фӕууй, ци сӕмӕ ес, уой туххӕй арфӕ кӕнун ке фӕгъгъӕуй. Мах дӕр уӕхӕн зундахастӕй ку фегъӕстӕ уӕн, уӕд нӕ кувдтити, раттӕ мин, зӕгъгӕ, ӕндӕр неци дзордзиан. Цӕмӕй уотӕ ма рауайа, уой туххӕй ба гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нин Йеговӕ цидӕриддӕр кӕнуй, уой уинӕн ӕма си уой туххӕй боз уӕн (Лук. 6:45).
10. Еу хуӕрӕ боззӕрдӕ ке адтӕй, е ин куд банхус кодта, цӕмӕй ӕ нифс ма басастайдӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Боззӕрдӕ адӕнӕн зиндзийнӕдтӕн фӕразун ӕнцондӕр фӕууй. Ӕркӕсӕн еу хуӕри хабармӕ, Кюнг-Сук b, зӕгъгӕ. Уомӕн ӕ рӕугути рак иссирдтонцӕ. Е зӕгъуй: «Уой ку базудтон, уӕд арви цӕфау фӕддӕн, дуйне мӕбӕл батар ӕй ӕма хъӕбӕр тарстӕн». Цума ин еци уавӕр исфӕразунмӕ ци банхус кодта? Алли изӕр дӕр хуссуни размӕ хӕдзари сӕрмӕ исхезидӕ. Уоми Хуцауӕн фӕййарфӕ кӕнидӕ бони дӕргъи ибӕл хуарзӕй ци ӕрцудӕй, фондз уӕхӕн гъуддагей туххӕй. Уой фӕрци ӕ зӕрдӕ ӕрсабур уидӕ ӕма Йеговӕн фӕдздзоридӕ, куд берӕ ’й уарзуй, уой. Е ӕй ӕхе царди фӕууидта, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн фӕлварӕнти рӕстӕг куд фенхус кӕнуй, уой. Удта ма ’й балӕдӕрдтӕй, царди арфӕдзийнӕдтӕ зиндзийнӕдтӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ке фӕуунцӕ. Нӕ хуӕри хузӕн мах бон дӕр ӕй берӕ цӕйдӕрти туххӕй Йеговӕй боз ун, кӕд нӕмӕ хатгай уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕн кӕрон дӕр нӕййес, уӕд дӕр. Йеговӕн ку арфӕ кӕнӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзайӕн ӕма нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнӕн.
11. Киристе уӕлӕрвтӕмӕ ку раздахтӕй, уӕд апостолти нифсхаст ун цӕмӕн гъудӕй?
11 Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дӕ бон уа игъосун кӕнгӕй нифсхаст ун. Уӕлӕрвтӕмӕ иссӕуни размӕ Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, ӕвдесӕнтӕ ин ке гъӕуама уонцӕ «Йерусалими, удта ӕгас Иудейи ӕма Самарий, удта сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» (Гъуд. 1:8; Лук. 24:46–48). Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма дзиуиттаг дини разамонгутӕ ниййахӕстонцӕ апостол Петур ӕма Иоанни, ӕма сӕ Сӕйраг тӕрхондонӕмӕ ӕрбакодтонцӕ. Уоми син карзӕй бафӕдзахстонцӕ, цӕмӕй хуарз хабар мабал игъосун кодтайуонцӕ, ӕма ма сӕмӕ ӕвзедгӕ дӕр кодтонцӕ (Гъуд. 4:18, 21). Цума Петур ӕма Иоанн уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕнцӕ?
12. Гъуддӕгти 4:29, 31 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ куд архайдтонцӕ?
12 Петур ӕма син Иоанн загътонцӕ: «Уӕхуӕдтӕ расагъӕс кӕнайтӕ, Хуцаумӕ нӕ, фал сумахмӕ ку игъосӕн, уӕд е Хуцауи рази раст уодзӕй? Мах уин зӕгъӕн: ци фӕууидтан ӕма ци фегъустан, уони туххӕй ма дзорӕн, е нӕ бон нӕй» (Гъуд. 4:19, 20). Петур ӕма Иоанни ку рауагътонцӕ, уӕд ахуркӕнуйнӕгтӕ Йеговӕй корун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй син ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ ӕнхус кӕна. Уотӕ имӕ кувтонцӕ: «Дӕ цагъартӕн банхус кӕнӕ, дӕ дзурд нифсгунӕй дзорунмӕ». Ӕма син Йеговӕ сӕ зӕрдиаг кувдӕн дзуапп равардта. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 4:29, 31.)
13. Джин Хёкки хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
13 Мах бон дӕр ӕй Киристей ахуркӕнуйнӕгти фӕнзун, игъосун кӕнуни гъуддаги ку архайӕн, уӕд, кӕд нин хецауадӕ уой барӕ нӕ дӕттуй, уӕддӕр. Ӕркӕсӕн ӕнсувӕр Джин Хёкки хабармӕ. Ахӕстдони ’й исбадун кодтонцӕ, ӕфсадмӕ ке нӕ рандӕ ’й, уой туххӕй. Уоми ба ин баихӕс кодтонцӕ, цӕмӕй хуӕруйнаг хастайдӕ, еугӕйттӕй къамерити ка бадтӕй, уонӕн. Фал ин сӕ хӕццӕ уӕлдай хатт дзоруни барӕ н’ адтӕй, уӕлдайдӕр ба Библий туххӕй. Джин Хёк Йеговӕй нифсхастдзийнадӕ курдта, цӕмӕй фадуат ку фӕззинна, уӕд арӕхсгай ӕ бон уа рӕстдзийнади туххӕй дзорун (Гъуд. 5:29). Е загъта: «Йеговӕ мин мӕ кувдтитӕ фегъуста, ӕма мин равардта нифсхастдзийнадӕ ӕма зунд. Къамери дуари размӕ фондз минуттей дӕргъи ке уагътон, уӕхӕн Библий ахуртӕ мин берӕ адтӕй. Изӕригӕнтти финстон финстӕгутӕ, иннӕ бон ба сӕ ахӕститӕн раттинӕ». Мах бон дӕр ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнунмӕ нин ке банхус кӕндзӕй. Ӕнсувӕр Джин Хёкки хузӕн, нӕ бон ӕй Йеговӕй нифсхастдзийнадӕ ӕма зунд корун.
14. Зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? (Псалом 37:3, 5).
14 Йеговӕй коретӕ, цӕмӕй уин зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ ӕнхус кӕна. Беретӕ ни тухсунцӕ сӕ эмоционалон кенӕ ӕнӕуой ӕнӕнездзийнади туххӕй. Кӕмӕндӕр ба ӕ хеуон рамардӕй, ӕма уобӕл хъӕбӕр маст кӕнуй. Кадӕртӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ сӕ бийнонти медӕг. Кенӕ ба сӕ дини туххӕй ӕфхуӕрд ӕййафунцӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Ӕгас еци зиндзийнӕдтӕн бухсӕн никки зиндӕр фӕууй ӕрдзон бӕллӕхти, фуднезти ӕма тугъдтити туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ дӕ зӕрди ци ес, уой Йеговӕн ӕргом кӕнӕ. Дӕ уавӕри туххӕй ин алцидӕр радзорисӕ, дӕ хуарз ӕмбалӕн куд радзурдтайсӕ, уотӕ. Ӕма ибӕл ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕ, Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке архайдзӕй, цӕмӕй дин банхус кӕна! (Бакӕсӕ Псалом 37:3, 5.)
15. Зиндзийнӕдти федар лӕуунмӕ нин кувд куд ӕнхус кӕнуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
15 Йеговӕмӕ ӕдзох ку ковӕн, уӕд ма нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зиндзийнӕдти федар лӕууӕн (Ром. 12:12). Е ӕй зонуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн фӕлварӕнти бахаунцӕ, уой. Библий финст ӕй, «сӕ дзиназун син ке игъосуй» (Пс. 145:18, 19). Уой ӕхецӕй зонуй, 29 анзи кӕбӕл цӕуй, еу уӕхӕн пионер хуӕрӕ Кристи. Ӕввӕст е ’нӕнездзийнадӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнун райдӕдта, ӕма уой туххӕй депрессий ниххаудтӕй. Фӕстӕдӕр ба ӕ мадӕмӕ иссирдтонцӕ, дзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн нез. Кристи зӕгъуй: «Алли сӕумӕ дӕр Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкковинӕ, цӕмӕй мин бони фагӕ хъауритӕ ратта, удта архайдтон, цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кодтайнӕ, ӕма Библи ӕртастайнӕ». Уой фӕсте ба ма загъта: «Кувд мин банхус кодта, цӕмӕй тӕккӕ зиндӕр рӕстӕгути дӕр мӕ къохтӕ ма ’руагътайнӕ. Ӕз ӕй зудтон, Йеговӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ ке ӕй, ӕма мин еци гъуди уодӕнцойнӕ лӕвардта. Кӕд ме ’нӕнездзийнадӕ еци фӕдбӕл нӕ фӕххуӕздӕр ӕй, уӕддӕр мин Йеговӕ мӕ кувдтитӕбӕл дзуапп лӕвардта. Е мин ӕнхус кодта, цӕмӕй мӕ зӕрди фарнӕ уа. Гъӕйдӕ мадта макӕд иронх кӕнӕн: «Йеговӕ зонуй, еузӕрдон ибӕл ка ӕй, уони куд гъӕуй фӕлварӕнтӕй ервӕзун кӕнун» (2 Пет. 2:9).
16. Еузӕрдонӕй байзайунмӕ нӕ Йегови ӕнхус цӕмӕн гъӕуй?
16 Йеговӕй ӕнхус корӕ, фӕррӕдуйунӕй дин тӕссаг ку уа, уӕд. Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ ӕдзох нӕ медӕг тох кӕнӕн, цӕмӕй раст ци ӕй, уой кӕнун нӕ бон уа. Сайтан берӕ аллихузи мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй еци тохи фӕххуӕрд уӕн. Ӕма еци мадзӕлттӕй еу ӕй ӕнӕгъдау ерхӕфсӕнтӕ. Уӕхӕн ерхӕфсӕнти туххӕй нӕ сӕри ӕнӕгъдау гъудитӕ фӕззиннуй. Уӕхӕн гъудити туххӕй ба Йегови цӕсти кӕдзос нӕбал фӕууӕн, кенӕ ма нӕ уӕззау тӕрегъӕдмӕ дӕр ӕркӕнунцӕ (Мар. 7:21–23; Иак. 1:14, 15).
17. Йеговӕй ку ракорӕн, цӕмӕй нӕ рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кӕна, уӕд нӕхуӕдтӕ ба гъӕуама куд архайӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
17 Фӕррӕдуйунӕй нин тӕссаг ку фӕууй, уӕд нӕ Йегови ӕнхус ӕнӕмӕнгӕй фӕгъгъӕуй. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгти, ковун куд гъӕуй, уобӕл ку ахур кодта, уӕд уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Ма бауадзӕ, цӕмӕй фӕлварӕни бахауӕн ӕма нӕ Фидбилизӕй фӕййервӕзун кӕнӕ» (Матф. 6:13). Йеговӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй банхус кӕнунмӕ, фал еци ӕнхус гъӕуама коргӕ ракӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама нӕхуӕдтӕ дӕр нӕ кувдтитӕмӕ гӕсгӕ архайӕн. Нӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нӕбӕл аци дуйней зундахаст минкъийдӕр бӕрӕг кӕна (Пс. 97:10). Уомӕ ци хауй? Цӕмӕй нӕ зундахаст багъӕуай кӕнӕн, уой туххӕй нӕ гъудитӕ гъӕуама уонцӕ, Хуцауи цӕсти раст ци ӕй, уобӕл. Уой туххӕй ба ӕхсидзгӕ ’й Библи кӕсун ӕма ’й ӕртасун, ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги архайун. Йеговӕ ба нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нӕ бауадздзӕй, нӕ бон бафӕразун ке нӕ бауа, уӕхӕн фӕлварӕни бахаун (1 Кор. 10:12, 13).
18. Не ’гасейдӕр ци гъӕуй кӕнун?
18 Цӕмӕй аци фӕстаг бӕнтти рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй, раздӕр цӕйбӕрцӕ кувтан, уомӕй фулдӕр ковун. Алли бон дӕр рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй раковай. Уой фӕндуй, цӕмӕй ин нӕ зӕрдитӕ ӕргом кӕнӕн (Пс. 62:8). Дӕ кувдтити Йегови кадгин кӕнӕ ӕма ин е ’гас хуарздзийнӕдти туххӕй дӕр арфӕ кӕнӕ. Корӕ си, цӕмӕй дӕ бон уа игъосун кӕнгӕй нифсхаст ун, удта дин цӕмӕй ӕнхус кӕна зиндзийнӕдти рӕстӕг ӕма дин фӕррӕдуйунӕй тӕссаг ку уа, уӕд. Мадта ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ ести кенӕ еске бакъулумпи кӕна, ӕма Йеговӕмӕ ӕдзох мабал ковай. Фал нин цума Йеговӕ нӕ кувдтитӕбӕл куд фӕдздзуапп кӕнуй? Аци ӕхсидзгӕ фарстабӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
42 ЗАР Хуцауи лӕггадгӕнӕги кувд
a Мах фӕндуй, цӕмӕй нӕ кувдтитӕ уонцӕ, нӕ хуарз ӕмбалмӕ ке ниффинсӕн, уӕхӕн зӕрдиаг финстӕгути хузӕн. Фал раковунмӕ рӕстӕг иссерун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Хатгай ба ’й нӕ фӕззонӕн, цӕй туххӕй раковӕн, уой. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уӕхӕн уавӕрти нӕ бон ци ӕй кӕнун, уомӕ.
b Кӕсӕ 2015 анзи 15 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 11 фарс, 11 абзац (урус.).