Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Донаргъуд райсун цӕмӕн гъӕуй?

Донаргъуд райсун цӕмӕн гъӕуй?

«Алкедӕр уи... донаргъуд райсӕд» (ГЪУД. 2:38).

34 ЗАР Цӕрун рӕстӕй

РАЗДЗУРД a

1, 2. Донаргъуд ка есуй, етӕ дӕр, удта иннетӕ дӕр сӕхе куд фӕддарунцӕ ӕма расагъӕс кӕнун хуарз цӕбӕл уайдӕ?

 ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ, цума конгресси дӕ. Донаргъуд ка есдзӕй, етӕ исистадӕнцӕ, ӕма ’й игъосис, дууӕ фарстайебӕл федарӕй куд дзуапп кӕнунцӕ, уой. Сӕ хеуӕнттӕ ӕма сӕбӕл се ’мбӕлттӕ хъӕбӕр цийнӕ кӕнунцӕ. Донаргъуд ку райсунцӕ, уӕд еугурӕйдӕр ӕрдзӕф кӕнун райдайунцӕ, сӕхе цӕсгӕнттӕ ба фур цийнӕй ниххортӕ-мӕйтӕ унцӕ. Алли къуӕре дӕр рӕстӕмбес нимадӕй мингай адӕн сӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунцӕ ӕма донаргъуд райсунцӕ.

2 Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕд ду дӕр донаргъуд райсунбӕл сагъӕс кӕнис, уӕд аци фуддуйнейӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнис, уомӕн ӕма «Йегови агорис» (Пс. 14:1, 2). Аци статья алкӕмӕндӕр пайда уодзӕй, каргунтӕн дӕр ӕма ӕригӕнттӕн дӕр. Фал донаргъуд ка райста, уони дӕр гъӕуй архайун, цӕмӕй сӕ идарддӕр дӕр фӕндфедарӕй фӕндӕуа Йеговӕн ӕносмӕ лӕггадӕ кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ ба гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ цӕмӕн фӕндуй, уомӕн ӕрмӕстдӕр ӕртӕ гъуддагемӕ.

УАРЗӔ ӔЦӔГДЗИЙНАДӔ ӔМА РӔСТДЗИЙНАДӔ

Сайтан мингай ӕнзти дӕргъи Йегови туххӕй мӕнгӕттӕ дзоруй ӕма ин ӕ ном ӕгадӕ кӕнуй (кӕсӕ 3 ӕма 4 абзацтӕ)

3. Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ цӕмӕн уарзунцӕ? (Псалом 119:128, 163).

3 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн бафӕдзахста: «Уарзетӕ рӕстдзийнадӕ» [кенӕ «ӕцӕгдзийнадӕ», феппайуйнаг] (Зах. 8:19). Киристе ба ӕ фӕдбӕлдзӕугути баразӕнгард кодта, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ агоронцӕ (Матф. 5:6). Мадта бӕрӕг ӕй, ӕцӕгӕйдӕр ӕхсидзгӕ ке ӕй, цӕмӕй нӕ фӕндӕуа, раст ци ӕй, уой кӕнун ӕма Хуцауи цӕсти ӕнаййепп ун. Ду ба ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ уарзис? Мах ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, ду дӕр мӕнгӕттӕй ӕма фуддзийнадӕй де ’сӕфт ке уинис. (Бакӕсӕ Псалом 119:128, 163.) Мӕнгӕттӕ ка фӕдздзоруй, етӕ фӕффӕнзунцӕ аци дуйней хецау Сайтани (Иоан. 8:44; 12:31). Уомӕн ӕ нисӕнттӕй еу ӕй, Йегови туххӕй мӕнгӕттӕ дзорун, цӕмӕй ин ӕ кӕдзос ном фегадӕ кӕна. Уотӕ архайуй, Едеми дзӕхӕрадони ӕ нихмӕ ку рацудӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Ӕ дзурдтӕй уотӕ уадӕй, цума Йеговӕ ӕй хӕран ӕма айдагъдӕр ӕхе мӕтӕ ка кӕнуй, уӕхӕн хецау, удта цума адӕнӕй хуарз цидӕртӕ римӕхсуй (Райд. 3:1, 4, 5). Еци мӕнгӕтти туххӕй адӕн абони уӕнгӕ дӕр Хуцауи туххӕй лӕгъуз гъуди кӕнунцӕ. Адӕн, раст ци ӕй, уой ку нӕ фӕууарзунцӕ, уӕд Сайтан дӕр уомӕй испайда кӕнуй ӕма сӕ аллихузи фудгъуддӕгтӕбӕл бафтауй (Ром. 1:25–31).

4. Йеговӕ куд бавдиста, «рӕстдзийнади Хуцау» ке ӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

4 Йеговӕ ӕй «рӕстдзийнади Хуцау», ӕма ’й ка уарзуй, уонӕй рӕстдзийнадӕ нӕ римӕхсуй (Пс. 31:5). Уотемӕй сӕ гъӕуай кӕнуй Сайтани мӕнгӕттӕй. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути ахур кӕнуй, цӕмӕй сӕ цӕсгон кӕдзос уа ӕма рӕстӕй архайонцӕ. Уой фӕрци сӕхецӕн аргъ кӕнун фӕззонунцӕ ӕма сӕ зӕрди фӕууй фарнӕ (Ӕмб. 13:5, 6). Уой, ӕвӕдзи, дӕхецӕй дӕр зонис. Библи ахур кӕнун ку райдӕдтай, уӕд ӕй базудтай, Йеговӕ ци закъӕнттӕ ӕма амундтӕ равардта, етӕ тӕккӕ хуӕздӕр ке ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ дӕу дӕр бафӕндадтӕй еци раст уагӕвӕрдтӕй дӕ царди пайда кӕнун (Пс. 77:13). Ба дӕ фӕндадтӕй рӕстдзийнади сӕрбӕл дзорун ӕма адӕнӕн ӕргом кӕнун, Сайтан Йегови туххӕй мӕнгӕттӕ ке фӕдздзурдта (Матф. 6:33). Е дин цӕй фӕрци ӕнтӕсдзӕй?

5. Ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнади фарс ке дӕ, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?

5 Дӕ бон ӕй дӕ цардӕй ӕвдесун, Сайтани мӕнгӕттӕбӕл ке не ’ууӕндис ӕма рӕстдзийнади фарс ке дӕ, удта дӕ ке фӕндуй, цӕмӕй Йеговӕ уа дӕ Хецау, ӕма ӕ цӕсти раст ци ӕй, уой кӕнай. Цума дин уӕхӕн къахдзӕф искӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Гъӕуама дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай, гъома ин кувди медӕг дзурд раттай, ӕносмӕ ин ке лӕггадӕ кӕндзӕнӕ, уой фӕсте ба донаргъуд райсай. Адӕймаг ӕгас зӕрдӕй ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ ку фӕууарзуй, уӕд ӕй бафӕндуй, цӕмӕй ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса.

УАРЗӔН ЙЕСО КИРИСТЕЙ

6. Псалом 45:4 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Киристей уарзун нӕ бон цӕмӕн ӕй?

6 Ду ба Йесо Киристей цӕмӕн уарзис? Уой туххӕй хуарз финст ӕй Псалом 45:4 (ба ’й кӕсӕ). Киристе уарзуй «ӕцӕгдзийнадӕ, сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ». Мадта ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ ку уарзай, уӕд Киристей дӕр уарздзӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Киристе рӕстдзийнади сӕрбӕл куд нифсгунӕй дзоридӕ (Иоан. 18:37). Уомӕй уӕлдай ма нӕ Киристе сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл дӕр ахур кӕнуй. Кутемӕй?

7. Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй?

7 Сӕрниллӕг ун куд гъӕуй, уой Киристе бавдиста. Зӕгъӕн, ӕхе ӕ Фидӕй уӕлдӕр нӕ кодта, фал ӕгас кадӕ дӕр уомӕн лӕвардта (Мар. 10:17, 18; Иоан. 5:19). Хуцау Фурт уӕхӕн сӕрниллӕг ке адтӕй, е дӕ, ӕвӕдзи, разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ӕй уарзай ӕма ӕ фӕдбӕл цӕуай. Цума уӕхӕн сӕрниллӕг цӕмӕн адтӕй? Уомӕн ӕма ӕ Фидӕ ӕй сӕрниллӕг, Киристе ба ӕ Фиди уарзуй ӕма ’й алцӕмӕйдӕр фӕнзуй (Пс. 18:35; Дзиуит. 1:3). Уой туххӕй ӕй фулдӕр нӕ уарзис?

8. Нӕ Паддзах Киристей цӕмӕн уарзӕн?

8 Мах берӕ уарзӕн нӕ Паддзах Йесо Киристей, уомӕн ӕма е ӕй тӕккӕ хуӕздӕр Хецау. Йеговӕ ’й ӕхуӕдӕг ахур кодта ӕма ин еци бартӕ дӕр ӕхуӕдӕг равардта (Ис. 50:4, 5). Ра ма сагъӕс кӕнӕ, Киристе куд уодуӕлдай адтӕй, уобӕл дӕр (Иоан. 13:1). Нӕ Паддзах Йесо Киристе уой аккаг ӕй, цӕмӕй ӕй уарзӕн. Киристе загъта, ӕцӕгӕй ӕй ка уарзуй, етӕ сӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй ке ӕвдесунцӕ, гъома ин ӕ фӕдзӕхститӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ. Е сӕ исхудта е ’мбӕлттӕ (Иоан. 14:15; 15:14, 15). Ӕцӕгӕйдӕр, Хуцауи Фурти ӕмбал ун устур кадӕ ’й!

9. Киристей донаргъуд ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугути донаргъуд ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ?

9 Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ци гъуддӕгтӕ бафӕдзахста, уонӕй сӕ еу ӕй донаргъуд райсун (Матф. 28:19, 20). Еци гъуддаги нин ӕхуӕдӕг ниууагъта цӕветтон. Фал Киристей донаргъуд цӕмӕйдӕрти хецӕн кӕнуй ӕ фӕдбӕлдзӕугути донаргъудӕй. (Кӕсӕ рамкӕ « Киристей донаргъуд ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугути донаргъуд цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?».) Фал кӕцидӕр гъуддӕгти ба ӕмхузӕн ӕнцӕ. Киристе донаргъуд ку райста, уӕд е ’гас хъауритӕ дӕр исаразта ӕ Фиди фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ (Дзиуит. 10:7). Гъе уотӕ, Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ дӕр донаргъуд ку райсунцӕ, уӕд ӕгасей рази дзурд раттунцӕ, Йегови фӕндон ӕносмӕ ке ӕнхӕст кӕндзӕнцӕ. Еци бонӕй фӕстӕмӕ син фиццаг бунати исуй Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун, сӕхе фӕндон нӕ, фал. Ӕма гъе уомӕй сӕ Хецауи фӕффӕнзунцӕ.

10. Киристей цӕмӕн уарзис ӕма дӕ еци уарзондзийнадӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?

10 Ду ибӕл федарӕй ӕууӕндис, Киристе Йегови фиццагигурд Фурт ке ӕй ӕма ’й Йеговӕ ӕхуӕдӕг Паддзахӕй ке исӕвардта. Ду ’й фӕууидтай, Йесо сӕрниллӕг ке ӕй ӕма ӕ Фидӕмӕ ци менеугутӕ ес, уони ӕнхӕстӕй ке ӕвдесуй. Удта ма ’й базудтай, стонг адӕнӕн ке бахуӕрун кӕнидӕ, нифссаст адӕнӕн сӕ нифс ке бафедар кӕнидӕ, сӕйгити ба ке исдзӕбӕх кӕнидӕ (Матф. 14:14–21). Удта ма ’й уинис, абони дӕр е ’мбурдӕн разамунд куд дӕттуй, уой (Матф. 23:10). Ӕма ибӕл ӕууӕндис, Хуцауи Паддзахади Паддзах ке ӕй, уой фӕрци федӕни никки фулдӕр ке искӕндзӕй. Дӕ бон куд ӕй бавдесун, ке ’й уарзис, уой? Е бӕрӕг уодзӕй, ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд (Иоан. 14:21). Уой туххӕй ба дӕ гъӕуй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун.

УАРЗӔН ЙЕГОВӔ ХУЦАУИ

11. Донаргъуд райсун дӕ фиццагидӕр цӕмӕн гъӕуама фӕндӕуа? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

11 Донаргъуд райсун дӕ фиццагидӕр цӕмӕн гъӕуама фӕндӕуа? Киристе загъта, Хуцау цидӕриддӕр фӕдзӕхститӕ равардта, уонӕй сӕйрагдӕр кӕци ӕй, уой: «Дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй, ӕгас зундӕй ӕма ӕгас хъаурӕй» (Мар. 12:30). Ду дӕр Хуцауи гъе уотӕ уарзис?

Хуарзӕй нӕмӕ цидӕриддӕр ес ӕма цидӕриддӕр уодзӕй, етӕ Йеговӕй ӕнцӕ (кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ)

12. Йегови цӕмӕн уарзис? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

12 Йегови цӕй туххӕй уарзӕн, еци гъуддӕгтӕн ранимайӕн дӕр нӕййес. Зӕгъӕн, ду ’й базудтай, е «царди сауӕдонӕ» ке ӕй, удта «хуарзӕй цидӕриддӕр ес... ӕма алли ӕнӕфау лӕвар дӕр» уомӕй ке цӕуй (Пс. 36:9; Иак. 1:17). Мадта дӕ царди хуарзӕй цидӕриддӕр ес, етӕ ’нцӕ нӕ рӕдау ӕма уарзӕгой Хуцауӕй.

13. Нивонд Йегови устурдӕр лӕвар исхонӕн цӕмӕн ес?

13 Йеговӕ нин ци лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй тӕккӕ устурдӕр ӕй, ӕ Фурти нивонди ке ӕрхаста, е. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес? Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ ӕма ӕ Фурт кӕрӕдзебӕл куд ӕновуд адтӕнцӕ. Киристе загъта: «Мӕ Фидӕ мӕ... уарзуй» (Иоан. 10:17). Удта ма загъта: «Ӕз мӕ Фиди... уарзун» (Иоан. 14:31). Миллиардгай ӕнзти дӕргъи кӕрӕдземӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодтонцӕ (Ӕмб. 8:22, 23, 30). Нур ба расагъӕс кӕнӕ, Хуцауӕн цӕйбӕрцӕбӕл зин адтӕй, ӕ Фурт куд гъезӕмарӕ кӕнуй ӕма ’й куд марунцӕ, уомӕ кӕсун. Фал уӕддӕр Йеговӕ ӕгас адӕни дӕр ӕма дӕу дӕр гъе уотӕ берӕ уарзуй, ӕма ӕ Фурти равардта, цӕмӕй дӕу бон дӕр ӕма иннети бон дӕр уа ӕносмӕ цӕрун (Иоан. 3:16; Гал. 2:20). Ӕма Йегови фиццагидӕр гъе уой туххӕй уарзӕн.

14. Тӕккӕ хуӕздӕр нисан ци ес исхонӕн?

14 Йегови куд хуӕздӕр зонгӕ цудтӕ, уотӕ дӕ уарзондзийнадӕ дӕр фулдӕр кодта. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, дӕу фӕндуй, цӕмӕй имӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнай абони дӕр ӕма ӕносмӕ дӕр. Ӕма дин е ӕнӕмӕнгӕй бантӕсдзӕй! Йеговӕ нӕ фӕлмӕнӕй разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн (Ӕмб. 23:15, 16). Уотӕ кӕнун нӕ бон ӕй айдагъ дзурдӕй нӕ, фал ма гъуддӕгтӕй дӕр. Куд цӕрис, уомӕй дӕ бон ӕй бавдесун, Йегови ӕцӕгӕйдӕр ке уарзис (1 Иоан. 5:3). Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнай, уомӕй хуӕздӕр нисан адӕймагӕн нӕййес!

15. Йегови ке уарзис, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?

15 Йегови ке уарзис, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун? Фиццагидӕр имӕ гъӕуама раковай. Фал еци кувд иннӕ кувдтити хузӕн нӕ фӕууй, уомӕн ӕма ин уӕд дзурд раттис, дӕ цард ин ке нивонд кӕнис (Пс. 40:8). Дуккагидӕр ба дӕ гъӕудзӕй донаргъуд райсун. Уотемӕй ӕй ӕгасӕйдӕр базондзӕнцӕ, дӕ цард Йеговӕн ке иснивонд кодтай. Ӕцӕгӕйдӕр, донаргъуд ку райсай, уӕд искӕндзӕнӕ дӕ царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕма амондгундӕр къахдзӕф. Гъе уӕд райдайдзӕнӕ нӕуӕг цард кӕнун ӕма дин уӕд сӕйрагдӕр уодзӕй Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнун, дӕхе фӕндон нӕ, фал (Ром. 14:8; 1 Пет. 4:1, 2). Ӕвӕдзи дӕмӕ еци къахдзӕф хумӕтӕг нӕ кӕсуй, ӕма е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й. Фал донаргъуд ку райсай, уӕд хуӕздӕр цардмӕ дуар райгон кӕндзӕнӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?

16. Псалом 41:12 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ куд райарфӕ кӕндзӕй, ӕ цард ин ка иснивонд кодта, уонӕн?

16 Йегови хузӕн рӕдау неке ӕй. Цӕйбӕрцӕфӕнди ин ма раттай, фӕстӕмӕ дин дзӕвгарӕ фулдӕр ратдзӕй (Мар. 10:29, 30). Аци фуддуйней цӕргӕй дӕр дӕ бон уодзӕй Йегови фӕрци амондгун цард кӕнун, ӕма е ӕй арфӕдзийнӕдтӕн сӕ райдайӕн. Донаргъуди фӕсте ци балций рацӕуай, уомӕн кӕрон некӕд уодзӕй. Дӕ уарзон уӕларвон Фидӕн дӕ бон уодзӕй ӕносмӕ лӕггадӕ кӕнун, ӕма кӕрӕдзей бонӕй-бонмӕ фулдӕрӕй-фулдӕр уарздзиайтӕ. Дӕу бон дӕр уодзӕй, Хуцау цӕйбӕрцӕ цӕруй, уойбӕрцӕ цӕрун, гъома ӕносмӕ. (Бакӕсӕ Псалом 41:12.)

17. Цума адӕймаги бон ӕй, Хуцаумӕ ци нӕййес, уой ин раттун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

17 Дӕхе Хуцауӕн ку иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд ку райсай, уӕд дӕ уӕларвон Фидӕн хъазар лӕвар искӕндзӕнӕ. Нӕ царди хуарзӕй цидӕриддӕр ес, етӕ Хуцауӕй ӕнцӕ. Уой туххӕй си боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? Нӕ бон ӕй, арв ӕма зӕнхӕ Сфӕлдесӕгмӕ ци нӕййес, уой ин раттун: нӕ еузӕрдон лӕггадӕ (Иов 1:8; 41:11; Ӕмб. 27:11). Уӕхӕн цард ку равзарай, уӕд ибӕл некӕд рафӕсмон кӕндзӕнӕ. Мадта адӕймаг Йегови ку бауарзуй, гъе уӕд ӕй бафӕндуй донаргъуд райсун.

ЦИ ДӔ ХЪОР КӔНУЙ ДОНАРГЪУД РАЙСУНМӔ?

18. Дӕ бон цӕхуӕн фарстатӕбӕл ӕй расагъӕс кӕнун?

18 Мадта цӕхуӕн дзуапп ратдзӕнӕ: «Донаргъуд райсун дӕ фӕндуй?» Аци фарстабӕл дӕхецӕй ӕндӕр неке исдзуапп кӕндзӕй. Цӕмӕй дин исдзуапп кӕнун ӕнцондӕр уа, уой туххӕй расагъӕс кӕнӕ: «Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» (Гъуд. 8:36). Донаргъуд райсун цӕмӕн гъӕуй, уой туххӕй ци ӕртӕ гъуддагей кой ракодтан, уони дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ. Фиццаг: ду уарзис ӕцӕгдзийнадӕ ӕма рӕстдзийнадӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕгасӕйдӕр ӕцӕг ци ӕй, уой ку дзоронцӕ ӕма раст ци ӕй, уой ку кӕнонцӕ, еци бон фӕууинун мӕ фӕндуй?» Дуккаг: ду уарзис Йесо Киристей. Дӕхе бафӕрсӕ: «Фӕндуй мӕ, цӕмӕй Хуцауи Фурт мӕ Паддзах уа, удта мӕ фӕндуй ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ цӕрун?» Ӕма ӕртиккаг, тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддаг: ду уарзис Йегови. Дӕхе бафӕрсӕ: «Фӕндуй мӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ӕма ин уотемӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун?» Кӕд аци фарстатӕбӕл «гъо» загътай, уӕд ма дӕ донаргъуд райсунмӕ ци хъор кӕнуй? (Гъуд. 16:33).

19. Донаргъуд райсунмӕ фӕстӕтӕрӕ кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон (Иоанни 4:34).

19 Кӕд донаргъуд райсунмӕ дӕ нифс нӕ хӕссис, уӕд Киристе ци рабарст искодта, уобӕл расагъӕс кӕнӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 4:34.) Ӕ Фиди фӕндон ӕнхӕст кӕнун рабарста хуӕруйнаги хӕццӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма хуӕруйнаг нӕ пайдайӕн фӕууй. Киристе ӕй зудта, Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнун алкӕддӕр нӕ пайдайӕн ке фӕууй. Цума донаргъуд райсун ба ӕ фӕндонмӕ хауй? Гъо (Гъуд. 2:38). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма донаргъуд ку райсӕн, уӕд е дӕр нӕхе пайдайӕн уодзӕй. Дзӕбӕх хуӕрзадӕ хуӕруйнаг бахуӕрай ӕви нӕ, уобӕл берӕ некӕд сагъӕс кӕндзӕнӕ. Мадта донаргъуд райсунмӕ дӕр фӕстӕтӕрӕ кӕнун нӕ гъӕуй.

20. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

20 Еуӕй-еуетӕ донаргъуд райсунмӕ фӕстӕтӕрӕ цӕмӕн фӕккӕнунцӕ? Кадӕр зӕгъдзӕй: «Ӕз цӕттӕ нӕма дӕн». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд райсай, уомӕй ӕхсидзгӕдӕр унаффӕ царди нӕййес. Фал уомӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕййес. Цӕмӕй дӕхе донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнай, уой туххӕй гъӕуй рӕстӕг ӕма хъауритӕ. Фал дӕ кӕд хъӕбӕр фӕндуй донаргъуд райсун, уӕд дин еци къахдзӕф искӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Уой туххӕй дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн

a Библи ка ахур кӕнуй, уӕхӕн адӕймаги царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр къахдзӕф ӕй донаргъуд райсун. Цума ’й еци къахдзӕф искӕнунмӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна? Цубуртӕй ку зӕгъӕн, уӕд уарзондзийнадӕ. Цума адӕймаг ке кенӕ ци гъӕуама уарза? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан аци статьяй, удта ма радзубанди кӕндзиан, донаргъуд ка райсуй, уони цард цӕхуӕн исуй, уобӕл.