Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон куд ӕй дӕхе донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун?

Дӕ бон куд ӕй дӕхе донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун?

«Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» (ГЪУД. 8:36).

50 ЗАР Мӕхе дӕуӕн нивонд кӕнун

РАЗДЗУРД a

Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ӕригӕнттӕн дӕр ӕма каргунтӕн дӕр се ’ууӕндундзийнадӕ ирӕзуй ӕма донаргъуд есунцӕ (кӕсӕ 1 ӕма 2 абзацтӕ)

1, 2. Кӕд донаргъудмӕ цӕттӕ нӕма дӕ, уӕд дӕ дӕ къохтӕ уадзун цӕмӕннӕ гъӕуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

 ДОНАРГЪУД райсун дӕ фӕндуй? Е хуарз нисан ӕй. Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма цӕттӕ дӕ, удта хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр арази ’нцӕ, уӕд фӕстӕтӕрӕ мабал кӕнӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕцӕг амондгун цард.

2 Фал дин уотӕ ку зӕгъонцӕ, ӕма бал дӕ дӕ царди цидӕртӕ раййевун ке гъӕуй, уӕдта? Кенӕ ба, ка ’й зонуй, уой дӕхуӕдӕг дӕр лӕдӕрис. Кӕд уотӕ ’й, уӕд дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Дӕ бон ӕй еци къахдзӕф искӕнун, ӕма дӕбӕл цал анзи цӕуй, уомӕй уӕлдай нӕййес.

«ЦИ МӔ ХЪОР КӔНУЙ ДОНАРГЪУД РАЙСУНМӔ?»

3. Ефиопаг лӕг Филиппи цӕбӕл бафарста ӕма уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн фарста ӕвзуруй? (Гъуддӕгтӕ 8:36, 38).

3 Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 8:36, 38. Ефиопаг хецау игъосунгӕнӕг Филиппи бафарста: «Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» Еци ефиопаг лӕги донаргъуд райсун хъӕбӕр фӕндадтӕй. Фал цума еци къахдзӕф искӕнунмӕ цӕттӕ адтӕй?

Ефиопаг хецауи фӕндадтӕй Йегови туххӕй фулдӕр базонун (кӕсӕ 4 абзац)

4. Ефиопаг хецауи фулдӕр базонун ке фӕндадтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

4 Ефиопаг хецау «ӕрцудӕй Йерусалиммӕ Хуцауӕн ковунмӕ» (Гъуд. 8:27). Ӕвӕдзи, прозелит адтӕй, гъома, дзиуиттаг дин райста. Бӕрӕг адтӕй, Йегови туххӕй Дзиуиттаг финстӕгутӕй ке базудта, фал ӕй фулдӕр базонун фӕндадтӕй. Филиппи хӕццӕ ку фембалдӕнцӕ, уӕд ци куста? Кастӕй пахампар Исаййи тухтонӕ (Гъуд. 8:28). Е адтӕй хъӕбӕр хуӕруйнаг. Сӕйраг ахурӕдтӕ ке зудта, уой фагӕбӕл нӕ нимадта. Фулдӕр базонун ӕй фӕндадтӕй.

5. Ефиопаг хецау ци базудта, уомӕ гӕсгӕ куд архайдта?

5 Еци нӕлгоймаг устур бунат ахӕста. Ефиопаг «паддзахуоси хӕзнатӕ ӕгасӕйдӕр ӕ барӕ адтӕнцӕ» (Гъуд. 8:27). Уӕхӕн бунат ахӕсгӕй, ӕвӕдзи, хъӕбӕр ӕнӕвдӕлон адтӕй, фал уӕддӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ рӕстӕг иссеридӕ. Рӕстдзийнадӕ ке базудта, уой фагӕбӕл нӕ нимадта – фӕндадтӕй ӕй, ци базудта, уомӕ гӕсгӕ архайун. Уой туххӕй ӕрцудӕй Ефиопийӕй Йерусалиммӕ Хуцауӕн ковунмӕ, е ба хӕстӕг над н’ адтӕй. Уомӕн ӕй, ӕвӕдзи, багъудӕй берӕ рӕстӕг ӕма хӕрзтӕ искӕнун. Фал ӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун уотӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй, ӕма неци ’вгъау кодта.

6, 7. Ефиопаг хецау Йегови фулдӕр цӕй фӕрци бауарзта ӕма ’й е цӕмӕ баразӕнгард кодта?

6 Филипп ефиопаг хецауӕн балӕдӕрун кодта, ке нӕма зудта, уӕхӕн ӕхсидзгӕ ахурӕдтӕ, зӕгъӕн, Киристе Мессийӕ ке адтӕй, уой (Гъуд. 8:34, 35). Еци хецауӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, Киристе уой туххӕй ци искодта, уой базонун. Еци зонундзийнӕдтӕ ’й цӕмӕ баразӕнгард кодтонцӕ? Ӕ бон адтӕй кадгин прозелитӕй байзайун, фал Филиппи хӕццӕ ку радзурдта, уӕд Йегови ӕма Киристей никки фулдӕр уарзун райдӕдта, ӕма ’й бафӕндадтӕй донаргъуд райсун ӕма Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг исун. Филипп дӕр ӕй балӕдӕрдтӕй, ефиопаг хецау цӕттӕ ке адтӕй еци къахдзӕф искӕнунмӕ ӕма ин донаргъуд равардта.

7 Ефиопаг хецауи цӕветтонмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд ду дӕр донаргъудмӕ цӕттӕ уодзӕнӕ. Дӕу бон дӕр уодзӕй федарӕй зӕгъун: «Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» Еци хецау архайдта, цӕмӕй никки фулдӕр базона, ци базудта, уомӕ гӕсгӕ цӕра ӕма Йегови никки фулдӕр уарза. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, еци къахдзӕфтӕ искӕнун дӕу бон дӕр куд ӕй, уомӕ.

ФУЛДӔР БАЗОНУНБӔЛ АРХАЙӔ

8. Иоанни 17:3 финст дзурдтӕ дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?

8 Бакӕсӕ Иоанни 17:3. Ӕвӕдзи, аци дзурдтӕ берети баразӕнгард кодтонцӕ Библи ахур кӕнунмӕ, фал дӕ гъос ӕрдарӕ, еци стихи ма цӕхуӕн гъуди ес, уомӕ: гъӕуама идарддӕр дӕр Йегови ӕма Киристей туххӕй фулдӕр базонунбӕл архайӕн b. Хуцауи кӕронмӕ некӕд базондзиан (Еккл. 3:11). Ӕности дӕргъи Йегови туххӕй нӕуӕг цидӕртӕ зонгӕ цӕудзиан. Куд хуӕздӕр ӕй зонӕн, уотӕ ба имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан (Пс. 73:28).

9. Библий сӕйраг ахурӕдтӕ ку базонӕн, уӕд нӕ идарддӕр ци фӕгъгъӕуй кӕнун?

9 Адӕймаг Библи ахур кӕнун ку райдайуй, уӕд бал сӕйраг ахурӕдтӕ базонуй. Еци ахурӕдтӕ апостол Павел Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги исхудта «Хуцауи дзурди „абетӕ“». Фал сӕ уотӕ ке исхудта, уомӕй ӕй уотӕ зӕгъун нӕ фӕндадтӕй, ӕма уотӕ ӕхсидзгӕ нӕ ’нцӕ (Дзиуит. 5:12; 6:1). Е сӕ рабарста, минкъий сувӕллони ӕхсир куд фӕгъгъӕуй, уой хӕццӕ. Удта ма киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуцауи Дзурди арф зонундзийнӕдтӕ агоронцӕ. Стонг адӕймаг хуӕруйнаг куд фӕййагоруй, уотӕ ду ба Хуцауи Дзурди рӕстдзийнадӕ агорис? Идарддӕр дӕ фӕндуй архайун, цӕмӕй Йегови ӕма ӕ фӕндони туххӕй фулдӕр зонай?

10. Еуӕй-еуетӕмӕ ахур кӕнун зин цӕмӕн фӕккӕсуй?

10 Беретӕн ни ахур кӕнун зин фӕууй. Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Скъолай ку ахур кодтай, уӕд исахур дӕ хуарз кӕсун ӕма ӕртасун? Нӕуӕгӕй ести ку базонисӕ, уӕд е дӕ зӕрдӕмӕ цудӕй? Ӕви киунугутӕ кӕсун ӕма ахур кӕнун неци уотӕ уарзис? Кӕд уотӕ ’й, уӕд еунӕг нӕ дӕ. Фал дин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, уомӕн ӕма е ӕй ӕнхӕст ӕма уомӕй хуӕздӕр ахургӕнӕг нӕййес.

11. Йегови нӕ «Кадгин Зундамонӕг» исхонӕн цӕмӕн ес?

11 Йеговӕ ӕхе хонуй нӕ «Кадгин Зундамонӕг» (Ис. 30:20, 21). Е ӕй фӕразон, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ ахургӕнӕг. Йеговӕ ке ахур кӕнуй, уонӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уинуй (Пс. 130:3). Нӕ бон ци нӕй, уой ни некӕд байагордзӕй. Иронх ди ма уӕд, нӕ сӕримагъз нин Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке сфӕлдиста, ӕма е дессаги лӕвар ӕй (Пс. 139:14). Мах уотӕ конд ан, ӕма нӕ нӕуӕг цидӕртӕ базонун фӕффӕндуй. Не Сфӕлдесӕги фӕндуй, цӕмӕй ӕносмӕ дӕр нӕ бон уа нӕуӕг цидӕртӕ зонун ӕма нин е цийнӕ хӕсса. Гъе уомӕ гӕсгӕ хуарз уайдӕ нур дӕр нӕхе уотӕ ахур кӕнун, цӕмӕй нӕ Библи лӕмбунӕгдӕр ӕртасун фӕндӕуа (1 Пет. 2:2). Дӕ къохи ка бафтуйдзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ ӕвӕрӕ ӕма дин Библи кӕсунмӕ ӕма ӕртасунмӕ ци график ес, уомӕ гӕсгӕ архайӕ (Йес. Н. 1:8). Йегови ӕнхуси фӕрци бонӕй-бонмӕ дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цӕудзӕй кӕсун ӕма ӕртасун.

12. Киристей цард ӕма лӕггади хабӕрттӕ ӕртасун цӕмӕн гъӕуй?

12 Киристей цард ӕма лӕггади туххӕй расагъӕс кӕнунмӕ алли бон дӕр рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ. Цӕмӕй аци зин рӕстӕгути дӕ бон уа Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, уой туххӕй гъӕуама ӕ фурти къахвӕдтӕбӕл цӕуай (1 Пет. 2:21). Киристе ӕргомӕй дзурдта, ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ке исӕмбӕлдзӕнцӕ (Лук. 14:27, 28). Фал ибӕл уӕддӕр нӕ гурусхӕ кодта, ӕ фӕдбӕлдзӕугути бон дӕр ке исуодзӕй аци дуйнебӕл фӕууӕлахез ун (Иоан. 16:33). Киристей царди хабӕрттӕ никки лӕмбунӕгдӕр рартасӕ ӕма дӕхецӕн нисан исӕвӕрӕ, цӕмӕй аллихузи уавӕрти дӕр уой хузӕн архайай.

13. Йеговӕй гъӕуама ци корӕн ӕма цӕмӕн?

13 Фал айдагъ зонундзийнӕдтӕ фагӕ нӕ ’нцӕ. Етӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови хуӕздӕр базонӕн, ба ’й уарзӕн ӕма ибӕл баууӕндӕн (1 Кор. 8:1–3). Уомӕ гӕсгӕ Хуцауӕй корӕ, цӕмӕй дин де ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнунмӕ банхус кӕна (Лук. 17:5). Уӕхӕн кувдтитӕбӕл дзуапп кӕнун ин ӕхцӕуӕн фӕууй. Де ’ууӕндундзийнадӕ бӕлвурд зонундзийнӕдтӕбӕл арӕзт ку уа, уӕд дин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ци базонис, уомӕй дӕ царди пайда кӕнай (Иак. 2:26).

ЦИ БАЗОНИС, УОМӔ ГӔСГӔ АРХАЙИСӔ

Дони хъиамӕти разӕй Ной ӕма ӕ бийнонтӕ Хуцауӕй ци базудтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайдтонцӕ (кӕсӕ 14 абзац)

14. Ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ архайун ӕхсидзгӕ ке ӕй, уой апостол Петур куд балӕдӕрун кодта? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

14 Апостол Петур загъта, киристӕнттӕн ӕхсидзгӕ ке ӕй, ци базонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун. Цӕветтонӕн ӕрхаста Ноййи хабар. Йеговӕ Ноййӕн загъта, фудгӕнӕг адӕни Дони хъиамӕти ке фесафдзӕй. Ӕма цӕмӕй фӕййервазтайдӕ, уой туххӕй Дони хъиамӕт ке уодзӕй, айдагъ уой зонун фагӕ н’ адтӕй. Дӕ гъос ӕрдарай, Петур еци рӕстӕги туххӕй ци загъта: «Хуцау фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй, цалинмӕ науӕ конд ӕрцудайдӕ, уӕдмӕ» (1 Пет. 3:20). Ӕцӕгӕйдӕр, Ной ӕма ӕ бийнонтӕ Хуцауӕй ци базудтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайдтонцӕ – устур науӕ кодтонцӕ (Дзиуит. 11:7). Уой фӕсте Петур, Ной ци кодта, уой рабарста донаргъуди хӕццӕ ӕма загъта: «Нур уӕ е ервӕзун кӕнуй» (1 Пет. 3:21). Мадта дӕхе донаргъуд райсунмӕ ке цӕттӕ кӕнис, уой рабарӕн ес, Ной ӕ бийнонти хӕццӕ науӕ куд кодта, уой хӕццӕ. Донаргъуд райсуни размӕ ба дӕ ци гъӕуй бакӕнун?

15. Зӕрдӕй ӕрфӕсмон кӕнун ци нисан кӕнуй?

15 Цӕмӕй донаргъуд райсай, уой туххӕй гъӕуама дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнай (Гъуд. 2:37, 38). Адӕймаг зӕрдӕй ку ӕрфӕсмон кӕнуй, уӕд ӕй е баразӕнгард кӕнуй ӕ цард ӕййевунмӕ. Йегови зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци гъуддӕгтӕ ниууагътай? Зӕгъӕн, ӕнӕгъдау цард, тамаку думун, ӕнӕфсӕрдтӕ дзорун, ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ кӕнун (1 Кор. 6:9, 10; 2 Кор. 7:1; Еф. 4:29). Кӕд дин нӕма бантӕстӕй еци гъуддӕгтӕй исуӕгъдӕ ун, уӕд дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Ӕнхус ракорӕ, дӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, уомӕй кенӕ ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕй. Кӕд ӕригон дӕ ӕма дӕ ниййергути хӕццӕ цӕрис, уӕдта уонӕй ӕнхус корӕ, цӕмӕй дӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзай ӕма донаргъуд райсай.

16. Кӕд нӕ Йеговӕн бонӕй-бонмӕ лӕггадӕ кӕнун фӕндуй, уӕд ци гъӕуама кӕнӕн?

16 Ӕхсидзгӕ ма ӕй, цӕмӕй нӕ лӕггадӕмӕ ци гъуддӕгтӕ хаунцӕ, уонӕй еу дӕр иронхуати ма уадзӕн. Зӕгъӕн, ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма си архайд есун (Дзиуит. 10:24, 25). Кӕд ӕмбурди хӕццӕ игъосун кӕнун райдӕдтай, уӕд байархайӕ, цӕмӕй дин еци гъуддагӕн алкӕддӕр рӕстӕг уа. Куд фулдӕр игъосун кӕнай, уотӕ дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цӕудзӕй (2 Тим. 4:5). Кӕд ма ӕригон дӕ ӕма дӕ ниййергути хӕццӕ цӕрис, уӕдта дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ ниййергути аллихатт дӕр дзорун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурдмӕ цӕуон ӕви мӕхецӕй дӕр иронх нӕ фӕуунцӕ?» Ӕмбурдтӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ке фӕццӕуис, уомӕй бавдесис Йеговӕбӕл ке ӕууӕндис, ке ’й уарзис ӕма си боз ке дӕ. Уотемӕй Йеговӕн хӕссӕн нивӕндтӕ ӕма ’й ӕвдесӕн, еузӕрдон ибӕл ке ан (2 Пет. 3:11; Дзиуит. 13:15). Еци гъуддӕгтӕ нӕхе зӕрдтӕй ку фӕккӕнӕн, уӕд Хуцауӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй. (Рабарӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 9:7.) Мах Йеговӕн дӕттӕн, хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой, уомӕн ӕма уотӕ архайун нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй.

ИДАРДДӔР ДӔР ЙЕГОВӔМӔ ХӔСТӔГДӔР КӔНӔ

17, 18. Цӕхуӕн ӕхсидзгӕ менеуӕг дин банхус кӕндзӕй донаргъуд райсунмӕ ӕма кутемӕй? (Ӕмбесӕндтӕ 3:3–6).

17 Донаргъуд райсуни размӕ зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр исӕмбӕлдзӕнӕ. Цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл? Зӕгъӕн, дӕ дини туххӕй дӕбӕл ходдзӕнцӕ кенӕ ба ма ӕфхуӕрд дӕр ӕййафдзӕнӕ (2 Тим. 3:12). Кенӕ ба ести лӕгъуз менеуӕги хӕццӕ тох кӕнис ӕма дӕбӕл, гъигагӕн, еуӕй-еухатт фӕууӕлахез уй. Кенӕ ба дӕ дӕ къохтӕ ӕруадзунмӕ берӕ нӕбал фӕгъгъӕуй, уомӕн ӕма дӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума дӕ нисан дӕ къохи некӕд бафтуйдзӕй. Аци зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй? Йегови ке уарзис, е.

18 Йегови ке уарзис, е дӕ менеугутӕй тӕккӕ хуӕздӕр ӕй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 3:3–6.) Уой фӕрци дӕ бон исуодзӕй, цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахезун. Уарзун куд гъӕуй, уомӕн нин Йеговӕ ӕхуӕдӕг ӕй фӕнзуйнаг. Библий берӕ рауӕнти финст ӕй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма си алкӕбӕлдӕр хъӕбӕр ӕхцул ӕй. Уӕхӕн уарзтӕй ке уарзуй, уой некӕд ниууадздзӕй (Пс. 100:5). Дӕу дӕр Хуцау ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста (Райд. 1:26). Цума дӕу бон ба куд ӕй уӕхӕн уарзтӕй уарзун?

Дӕ бон ӕй Йеговӕн алли бон дӕр арфӕ кӕнун (кӕсӕ 19 абзац) c

19. Йеговӕй боз ке дӕ, уой дӕ бон куд ӕй ӕвдесун? (Галатӕгтӕмӕ 2:20).

19 Фиццагидӕр бал архайӕ, цӕмӕй боззӕрдӕ уай (1 Фес. 5:18). Алли бон дӕр дӕхе бафӕрсисӕ: «Аци бон мин Йеговӕ куд бавдиста, ке мӕ уарзуй?» Уой фӕсте ба ин райарфӕ кӕнисӕ цӕхуӕндӕр бӕлвурд гъуддӕгти туххӕй. Йеговӕ ци гъуддӕгтӕ искодта, уони ӕгасемӕ нӕ, фал дӕхемӕ рахӕссисӕ, апостол Павел куд кодта, уотӕ. (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 2:20.) Дӕхе бафӕрсӕ: «Фӕндуй мӕ, цӕмӕй мӕ Йеговӕ куд уарзуй, ӕз дӕр ӕй уотӕ уарзон?» Йегови ке уарзис, уой фӕрци уӕлахез кӕндзӕнӕ аллихузи фӕлварӕнтӕбӕл ӕма зиндзийнӕдтӕбӕл, удта дӕ лӕггадӕмӕ ци хауй, уомӕй иронхуати неци уадздзӕнӕ ӕма дӕ уӕларвон Фиди ке уарзис, уой алли бон дӕр гъуддагӕй ӕвдесдзӕнӕ.

20. Цӕмӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай, уой туххӕй ци гъӕуй ӕма еци унаффӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

20 Рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд Йегови ке уарзис, е дӕ баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй имӕ исковай ӕма ин дӕхе иснивонд кӕнай. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай, уӕд дин дессаги фадуат фӕззиндзӕй – дӕ бон уодзӕй дӕ цард ӕносмӕ дӕр Йегови барӕ бакӕнун. Йеговӕн ци нивонддзурд равардтай, е ӕ хъаури уодзӕй хуарз рӕстӕгути дӕр ӕма лӕгъуз рӕстӕгути дӕр. Уӕхӕн дзурд нӕуӕгӕй дӕттун нӕ гъӕудзӕй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, нӕхе Хуцауӕн ку иснивонд кӕнӕн, уӕд ӕхсидзгӕ къахдзӕф искӕнӕн. Фал еу цӕбӕлдӕр расагъӕс кӕнӕ: царди дӕ берӕ унаффитӕ рахӕссун гъӕудзӕй. Беретӕ си хуарз уодзӕнцӕ, фал си еу дӕр, дӕхе Йеговӕн ке иснивонд кодтай, уой хӕццӕ рабарӕн нӕ уодзӕй (Пс. 50:14). Сайтан архайдзӕй, цӕмӕй дӕ уӕларвон Фиди минкъийдӕр уарзай, ӕма дӕ удта ӕнцонтӕй фӕррӕдуйун кӕна. Ма бауадзӕ, цӕмӕй Сайтан фӕууӕлахез уа! (Иов 27:5). Йегови ӕгас зӕрдӕй ку уарзай, уӕд дин е банхус кӕндзӕй, ци нивонддзурд равардтай, уомӕ гӕсгӕ цӕрун ӕма дӕ уӕларвон Фидӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун.

21. Донаргъуд надӕн ӕ райдайӕн исхонӕн цӕмӕн ес?

21 Дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ радзорӕ, цӕмӕй иннӕ ӕхсидзгӕ къахдзӕф искӕнай – донаргъуд райсай. Фал дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: донаргъуд надӕн ӕ кӕрон нӕй, фал ӕ райдайӕн. Еци надӕн кӕрон некӕд уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ архайӕ, цӕмӕй дӕ уӕларвон Фидӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕнай ӕма дин еци гъуддаги ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ ӕвӕрӕ. Е дӕ баразӕнгард кӕндзӕй донаргъуд райсунмӕ. Донаргъуд ци бон райсай, е дессаги бон уодзӕй, фал е дӕ надӕн ӕрмӕстдӕр ӕ райдайӕн ке ӕй, уой ма иронх кӕнӕ. Уадзӕ ма Йегови ӕма ӕ Фурти ци уарзтӕй уарзис, е ӕности дӕргъи федарӕй-федардӕр кӕна!

135 ЗАР Йеговӕ фӕлмӕнӕй дзоруй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ»

a Цӕмӕй донаргъуд райсӕн, уой туххӕй бал гъӕуама фиццагидӕр исбӕрӕг кӕнӕн, еци къахдзӕф искӕнун нӕ цӕмӕн фӕндуй, уой. Уомӕй уӕлдай ма нӕ гъуддӕгтӕ дӕр ӕхсидзгӕ ’нцӕ. Гъӕйдӕ еу ефиопаг лӕги цӕветтонмӕ ӕркӕсӕн ӕма расагъӕс кӕнӕн, Библи ка ахур кӕнуй, уой цӕхуӕн къахдзӕфтӕ искӕнун гъӕуй, цӕмӕй донаргъуд райса.

b Киристе ци миуӕвдесӕгӕй испайда кодта, е амонуй дӕргъвӕтин архайдмӕ.

c ХУЗӔ. Ӕригон хуӕрӕ кувди Йеговӕн арфӕ кӕнуй ӕ лӕвӕртти туххӕй.