Кӕсгути фарстатӕ
Ноемини хӕстӕг уотӕ цӕмӕн загъта, Руфи ку ракорон, уӕд «мӕхе бунтӕй дӕр ӕнӕхай фӕууодзӕн»? (Руф 4:1, 6)
Рагидзаманти силгоймагӕн ӕ сӕрихецау ку рамӕлидӕ ӕма син зӕнӕг ку не ’сӕнтӕсидӕ, уӕд цӕхуӕндӕр фарстатӕ фӕззиннидӕ. Зӕгъӕн, ӕ зӕнхӕ ци бауодзӕй? Ӕ ном ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕй? Еци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерӕн адтӕй Моисеййи закъони.
Адӕймаг ку рамӕлидӕ, зӕнӕг ин не ’сӕнтӕстӕй, уотемӕй, уӕд ӕ зӕнхӕ ци бауидӕ? Е ’нсувӕрӕн бунӕн байзаидӕ, фал ин кӕд ӕнсувӕр н’ адтӕй, уӕдта ӕ хъӕбӕрдӕр хӕстӕгӕн. Кӕд адӕймаг ӕ фур мӕгурӕй ӕ зӕнхӕ рауӕйӕ кӕнидӕ, уӕдта ӕ хӕстӕги бон адтӕй еци зӕнхӕ фӕстӕмӕ балхӕнун. Уой фӕрци зӕнхӕ еци муггагӕн байзаидӕ (Лев. 25:23–28; Ним. 27:8–11).
Ци кӕнун гъудӕй, цӕмӕй ка рамардӕй, уой ном муггаги астӕуӕй ма фесавдайдӕ? Е ’нсувӕр ин гъӕуама ӕ уоси ракурдтайдӕ. Ци сувӕллон син райгурдайдӕ, е ба, ка рамардӕй, уой ном ӕма зӕнхӕ бунӕн райстайдӕ. Уӕхӕн ӕгъдау идӕдзӕ силгоймаги дӕр гъӕуай кодта (Дук. з. 25:5–7; Матф. 22:23–28).
Ӕркӕсӕн Ноемини хабармӕ. Ӕ сӕрихецау хундтӕй Елимелех. Елимелех ӕма ӕ дууӕ фурти ку рамардӕнцӕ, уӕд Ноемин ӕнӕ дарӕгӕй байзадӕй (Руф 1:1–5). Ноемин ӕ киндзӕ Руфи хӕццӕ Иудейӕмӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ин загъта, цӕмӕй Воозмӕ бацӕуа ӕма ин зӕгъа, цӕмӕй син сӕ зӕнхӕ балхӕна. Вооз адтӕй Елимелехи хъӕбӕр хӕстӕг (Руф 2:1, 19, 20; 3:1–4). Фал ӕй Вооз зудта, никки хъӕбӕрдӕр хӕстӕг син ке ес. (Библий еци хӕстӕги ном финст нӕй.) Уомӕ гӕсгӕ фиццагидӕр уомӕн адтӕй балхӕнуни барӕ (Руф 3:9, 12, 13).
Фиццаг еци хӕстӕг исарази ӕй (Руф 4:1–4). Кӕд ӕй ӕхца бахарз кӕнун дӕр гъудӕй, уӕддӕр ӕй зудта, Ноеминӕн зӕнӕг ке нӕбал исӕнтӕсдзӕй. Е ба уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма Елимелехи зӕнхӕ еци хӕстӕги бацайдӕ. Уотемӕй ӕхе зӕнхитӕ фӕффулдӕр кодтайдӕ.
Фал ӕй ку базудта, Руфи ракорун дӕр ӕй ке гъӕудзӕй, уӕд загъта: «Мадта ’й уӕд мӕ бон нӕй балхӕнун. Уотемӕй мӕхе бунтӕй дӕр ӕнӕхай фӕууодзӕн» (Руф 4:5, 6). Цӕмӕн ӕй нӕбал бафӕндадтӕй Елимелехи зӕнхӕ балхӕнун?
Еци хӕстӕг кенӕ ӕндӕр еске Руфи ку ракурдтайдӕ ӕма син фурт ку райгурдайдӕ, уӕд Елимелехи зӕнхитӕ уомӕн байзадайуонцӕ. Мадта еци нӕлгоймаг ӕхе бунтӕй ӕнӕхай куд фӕцайдӕ? Библий уой туххӕй неци финст ес, фал уомӕн гӕнӕн куд адтайдӕ, уомӕ ӕркӕсӕн.
Фиццаг: ӕвӕдзи имӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма еци зӕнхӕ ку балхӕна, уӕд е ’хцатӕ фесафдзӕй, уомӕн ӕма еци зӕнхӕ Руфи фуртӕн байзайдзӕй.
Дуккаг: гъӕуама Ноемин ӕма Руфи хастайдӕ.
Ӕртиккаг: Руфӕй ма ин сувӕллӕнттӕ ку исӕнтӕстайдӕ, уӕд ӕй гъудайдӕ, ӕхе сувӕллӕнттӕн ци бунтӕ гъӕуама ниууагътайдӕ, уонӕй Руфи сувӕллӕнттӕн дӕр фӕххай кӕнун.
Цуппӕрӕймаг: кӕд еци нӕлгоймагӕн ӕхецӕн сувӕллӕнттӕ н’ адтӕй, уӕд Руфи сувӕллон бунӕн райстайдӕ Елимелехи зӕнхӕ дӕр ӕма еци нӕлгоймаги зӕнхӕ дӕр. Ӕ мӕлӕти фӕсте ӕ зӕнхитӕ уой номбӕл н’ адтайуонцӕ, фал Елимелехи номбӕл. Уомӕ гӕсгӕ ’й нӕ бафӕндадтӕй Ноеминӕн ӕнхус кӕнун ӕма балхӕнуни барӕ Воозӕн равардта. Вооз ба куд бакодта? Е исарази ӕй, уомӕн ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй «мардӕн ӕ ном ма фесӕфа е ’нсувӕрти астӕуӕй» (Руф 4:10).
Зӕгъӕн ес, ӕма еци нӕлгоймаг фиццагидӕр ӕхе мӕтӕ кодта, цӕмӕй ӕ ном ма фесавдайдӕ ӕма ӕ бунтӕй ӕнӕхай ма фӕцайдӕ. Фал ӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли фӕцӕнцӕ, уомӕн ма ин нур ӕ ном зонгӕ дӕр неке кӕнуй. Уомӕй уӕлдай ма фенӕхай ӕй, Вооз ци кадӕй исхайгин ӕй, уомӕй – е иссӕй Киристей рагфиддӕл. Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаги иннетӕн ӕнхус кӕнун ку нӕ фӕффӕндуй, уӕд е цӕмӕ ӕркӕнуй (Матф. 1:5; Лук. 3:23, 32).