Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ»

«Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ»

«Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ, уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (ИОАН. 13:35).

106 ЗАР Уарзондзийнадӕ ирӕзун кӕнӕн

РАЗДЗУРД a

Йегови Ӕвдесӕнти астӕу ци уарзондзийнадӕ ес, е иннетӕбӕл куд рабӕрӕг уй? (кӕсӕ 1 абзац)

1. Ӕмбурдмӕ фиццаг хатт ка ӕрбацӕуй, уони зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр ци фӕццӕуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

 ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ, Паддзахади залмӕ фиццаг хатт ка ӕрбацудӕй, уӕхӕн бийнонтӕ. Сӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй, куд сӕ баиуазӕг кодтонцӕ, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ кӕрӕдзебӕл куд ӕхцул ӕнцӕ, е. Хӕдзарӕмӕ цӕугӕй уосӕ ӕ лӕгӕн загъта: «Йегови Ӕвдесӕнтӕ иннети хузӕн нӕ ’нцӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕнцӕ».

2. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еуӕй-еуетӕ Йеговӕн цӕмӕн нӕбал фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ?

2 Киристон ӕмбурди ци уарзондзийнадӕ ес, е дессаг ӕй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр ӕнӕнхӕст ӕнцӕ (1 Иоан. 1:8). Ӕма уомӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ес, куд хуӕздӕр сӕ зонгӕ цӕуӕн, уотӕ син сӕ гъӕндзийнӕдтӕ дӕр фулдӕр уиндзиан (Ром. 3:23). Гъигагӕн, еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ иннети рӕдудтитӕмӕ уотӕ никкомкоммӕ унцӕ, ӕма Йеговӕн нӕбал фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ.

3. Киристей фӕдбӕлдзӕугути куд ес базонӕн? (Иоанни 13:34, 35).

3 Гъӕйдӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсӕн аци статьяй сӕйраг стихмӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 13:34, 35.) Киристей фӕдбӕлдзӕугути куд ес базонӕн? Библий финст ӕй, кӕрӕдзей, дан, ке уарздзӕнцӕ уомӕй, ӕнхӕст ке ’нцӕ, уомӕй нӕ, фал. Киристе уотӕ нӕ загъта: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой сумах базондзиайтӕ». Е загъта: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ». Киристе уомӕй балӕдӕрун кодта, иннӕ адӕн дӕр ӕ фӕдбӕлдзӕугути ке базондзӕнцӕ, сӕ астӕу уодуӕлдай уарзондзийнадӕ ке уодзӕй, уомӕй.

4. Еуӕй-еуети ӕцӕг киристӕнтти туххӕй ци фӕффӕндуй базонун?

4 Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй еске расагъӕс кӕндзӕй: «Киристей фӕдбӕлдзӕугути сӕ уарзондзийнадӕй куд ес базонӕн? Йесо ӕ апостолти ке уарзуй, уой куд ӕвдиста? Мах бон ба куд ӕй уой хузӕн архайун?» Йегови Ӕвдесӕн ка ӕй, уонӕн дӕр пайда уодзӕй аци фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнун. Е нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фулдӕр уарзӕн, уӕлдай дӕр ба нӕ ку фӕффудӕнгъӕл кӕнунцӕ, уӕд (Еф. 5:2).

КИРИСТЕЙ ФӔДБӔЛДЗӔУГУТИ СӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔЙ БАЗОНӔН ЦӔМӔН ЕС?

5. Иоанни 15:12, 13 финст дзурдтӕ балӕдӕрун кӕнӕ.

5 Йесо загъта, ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ сӕ кӕрӕдзей ке уарздзӕнцӕ ӕма еци уарзондзийнадӕй иннетӕй ке хецӕн кӕндзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 15:12, 13.) Е загъта: «Ӕз уӕ куд уарзун, сумах дӕр уӕ кӕрӕдзей уотӕ уарзетӕ». Киристей уомӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ниффӕдзахста, цӕмӕй кӕрӕдзей уодуӕлдай уарзтӕй уарзонцӕ. Киристон иннети уӕхӕн уарзтӕй ку фӕууарзуй, уӕд багъӕуаги е ’нсувӕри бӕсти ӕ цард раттунмӕ дӕр цӕттӕ фӕууй b.

6. Уарзондзийнадӕ ӕхсидзгӕ менеуӕг ке ӕй, е Библийӕй куд зиннуй?

6 Хуцауи Дзурди финст ӕй, уарзондзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ менеуӕг ӕй, е. Беретӕ дзӕбӕх зонунцӕ аци стихтӕ: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоан. 4:8). «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Матф. 22:39). «Уарзондзийнадӕ берӕ тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуй» (1 Пет. 4:8). «Уарзондзийнадӕ алкӕддӕр уодзӕй» (1 Кор. 13:8). Аци ӕма иннӕ стихтӕй бӕрӕг ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й нӕ уодигъӕди аци менеуӕг ирӕзун кӕнун ӕма архайун, цӕмӕй иннети нӕ уодӕй фулдӕр уарзӕн.

7. Сайтанӕн ӕ бон цӕмӕннӕ ’й уотӕ бакӕнун, цӕмӕй адӕн кӕрӕдзей ӕцӕг уарзтӕй уарзонцӕ ӕма еу бийнонти хузӕн цӕронцӕ?

7 Беретӕ фӕззӕгъунцӕ: «Раст дин куд ес базонӕн? Алли дин дӕр ӕхе раст хонуй, фал Хуцауи туххӕй фӕйнӕхузи фӕййахур кӕнунцӕ». Сайтан берӕ мӕнгӕ динтӕ ӕргъуди кодта, ӕма уой туххӕй адӕнӕн зин ӕй раст дин иссерун. Уомӕн ӕ бон некӕд исуодзӕй адӕни алли бӕститӕй еу бийнонти хузӕн байеу кӕнун ӕма уотӕ бакӕнун, цӕмӕй еугурӕйдӕр кӕрӕдзей уарзонцӕ. Уотӕ бакӕнун ӕрмӕстдӕр Йегови бон ӕй. Ӕма е дессаг дӕр нӕй, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ уомӕй цӕуй. Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ кӕмӕн дӕттуй ӕма кӕмӕн арфӕ кӕнуй, ӕрмӕстдӕр уони бон ӕй кӕрӕдзей ӕцӕг уарзтӕй уарзун (1 Иоан. 4:7). Киристе гъе уомӕ гӕсгӕ загъта, ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ кӕрӕдзей уодуӕлдай уарзтӕй ке уарздзӕнцӕ, уомӕй сӕ ке уодзӕй базонӕн.

8, 9. Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕрӕдзей ке уарзунцӕ, е иннетӕбӕл куд рабӕрӕг уй?

8 Киристей фӕдбӕлдзӕугути ӕцӕгӕйдӕр сӕ уарзондзийнадӕй базонунцӕ. Зӕгъӕн, еу ӕнсувӕр Иен радзурдта, фиццаг хатт ӕ хӕдзари рази ци стадион ес, уордӕмӕ конресмӕ куд ӕрбацудӕй, уой туххӕй. Цалдӕр мӕйи размӕ еци стадиони футболи адтӕй. Е загъта: «Футболмӕ ци адӕн ӕрбацудӕнцӕ ӕма конгресси ци адӕн адтӕй, етӕ кӕрӕдземӕй хъӕбӕр хецӕн кодтонцӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ адтӕнцӕ уӕздан, сӕ бакаст адтӕй рӕсугъд, сӕ сувӕллӕнттӕ ба сӕхе дарун зудтонцӕ». Иен идарддӕр зӕгъуй: «Тӕккӕ дессагдӕр ба мӕмӕ е фӕккастӕй, ӕма еци адӕн ӕцӕгӕйдӕр амондгун адтӕнцӕ. Ӕз ба алкӕддӕр уомӕ ку бӕлдтӕн! Конгресси цӕбӕл дзурдтонцӕ, уой нӕ нигъгъуди кодтон, фал Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕхе куд дардтонцӕ, е ба ми абони уӕнгӕ дӕр иронх нӕй c. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, нӕхе уотӕ ке дарӕн, е ӕй, кӕрӕдзей ке уарзӕн, уой фӕрци. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой туххӕй сӕмӕ ан хӕларзӕрдӕ ӕма сӕ нимайӕн.

9 Ӕнсувӕр Джон дӕр ӕмбурдтӕмӕ цӕун ку райдӕдта, уӕд си уой зӕрдӕмӕ дӕр хъӕбӕр фӕццудӕй. Е загъта: «Цӕйбӕрцӕбӕл хӕларзӕрдӕ адтӕнцӕ, е мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй. Изӕдти хузӕн мӕмӕ кастӕнцӕ. Кӕрӕдзей куд уарзунцӕ, уой ку фӕууидтон, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, ӕцӕг дин ке иссирдтон» d. Уӕхӕн цаутӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ ӕцӕг киристӕнттӕ ке ’нцӕ.

10. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой бавдесунмӕ ма еу фадуат кӕд фӕззиннуй? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)

10 Статьяй райдайӕни куд загъд адтӕй, уотемӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ӕнхӕст неке ӕй. Уомӕ гӕсгӕ нин еуӕй-еухатт дзурдӕй кенӕ гъуддагӕй нӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕнунцӕ (Иак. 3:2) e. Уотӕ ку рауайуй, уӕд сӕ хӕццӕ нӕхе куд фӕддарӕн, уомӕй нӕ бон фӕууй бавдесун, ке сӕ уарзӕн, уой. Уӕхӕн уавӕрти Киристе ӕхе куд дардта, уомӕй нӕ бон цӕбӕл ӕй исахур ун? (Иоан. 13:15).

КИРИСТЕ Ӕ АПОСТОЛТИ КЕ УАРЗТА, Е ЦӔМӔЙ БӔРӔГ АДТӔЙ?

Киристе ӕ апостолтӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕй, кӕд рарӕдуйиуонцӕ, уӕддӕр (кӕсӕ 11–13 абзацтӕ)

11. Иаков ӕма Иоанн сӕхе куд бадардтонцӕ, уомӕй ци рабӕрӕг ӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

11 Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕй ӕнхӕстдзийнадӕ нӕ агурдта. Е син ӕнхус кодта, цӕмӕй сӕхебӕл кустайуонцӕ ӕма си Йеговӕ арази адтайдӕ. Еухатт Иаков ӕма Иоанн сӕ мади Киристемӕ барвистонцӕ, цӕмӕй син ӕ Паддзахади кадгин бунӕттӕ равардтайдӕ (Матф. 20:20, 21). Уомӕй бавдистонцӕ сӕрбӕрзонд ӕма кадӕуарзагӕ ке адтӕнцӕ (Ӕмб. 16:18).

12. Аци уавӕри айдагъ Иаков ӕма Иоанни гъӕндзийнӕдтӕ рабӕрӕг ӕнцӕ? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

12 Еци уавӕри айдагъ Иаков ӕма Иоанни гъӕндзийнӕдтӕ нӕ рабӕрӕг ӕнцӕ. Дӕ гъос ӕрдарӕ, иннӕ апостолтӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ. «Иннӕ дӕс ахуркӕнуйнаги уой ку фегъустонцӕ», уӕд Иаков ӕма Иоанмӕ исмӕстгун ӕнцӕ (Матф. 20:24). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, кӕрӕдземӕн цитӕ нидздзурдтонцӕ, уой. Ӕвӕдзи, иннӕ апостолтӕ дууӕ ӕнсувӕремӕн загътонцӕ: «Сумах ка айтӕ, цӕмӕй Паддзахади уӕхецӕн бунӕттӕ корайтӕ? Уӕхемӕ ци нӕ кӕсетӕ! Киристей хӕццӕ сумахӕй ӕндӕр неке бахъиамӕт кодта? Мах дӕр сумахӕй нецӕмӕй лӕгъуздӕр ан». Еци уавӕри си ӕрбайронх ӕй, кӕрӕдзей ке гъӕуама уарзтайуонцӕ.

13. Апостолтӕ ку рабуцӕу ӕнцӕ, уӕд уомӕ Киристе ци цӕстӕй ракастӕй? (Матфеййи 20:25–28).

13 Киристе ба куд бакодта? Ӕ апостолтӕмӕ нӕ рамӕстгун ӕй. Уотӕ син нӕ загъта, сумах бӕсти мӕхецӕн иссердзӕн, кӕрӕдзей ка уарздзӕй ӕма сӕрниллӕг ка уодзӕй, уӕхӕн апостолти. Фал сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй радзубанди кодта, уомӕн ӕма ’й зудта, раст ци ӕй, уой кӕнун сӕ ке фӕндуй. (Бакӕсӕ Матфеййи 20:25–28.) Киристе сӕ берӕ уарзта, кӕд, ка си уӕлдӕр ӕй, уобӕл еу ӕма дууӕ хатти нӕ рабуцӕу уиуонцӕ, уӕддӕр (Мар. 9:34; Лук. 22:24).

14. Киристей апостолтӕ цӕхуӕн адӕни астӕу исирӕзтӕнцӕ?

14 Киристе ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, ӕ апостолтӕ кӕми ӕма цӕхуӕн адӕни астӕу исирӕзтӕнцӕ, уой (Иоан. 2:24, 25). Дини разамонгути ӕма фарисейти гъудимӕ гӕсгӕ, адӕймаг кадгинбӕл нимад адтӕй, устур бунат ку ахӕссидӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕма адӕни дӕр уотӕ ахур кодтонцӕ (Матф. 23:6; рабарӕ 2010 анзи 1 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статьяй хӕццӕ, 16–18 фӕрстӕ). Удта ма дини разамонгутӕ сӕхемӕ рӕстгӕнгутӕ кастӕнцӕ (Лук. 18:9–12) f. Киристе ӕй лӕдӕрдтӕй, апостолтӕ ци адӕни астӕу исирӕзтӕнцӕ, е ке рабӕрӕг ӕй, иннетӕмӕ дӕр ӕма сӕхемӕ дӕр ци цӕстӕй кастӕнцӕ, уобӕл (Ӕмб. 19:11). Киристе си нӕ агурдта, цӕмӕй ӕппундӕр ма рӕдудайуонцӕ. Е ӕй зудта, раст архайун сӕ ке фӕндуй. Уомӕ гӕсгӕ син фӕразонӕй ӕнхус кодта, цӕмӕй иннетӕмӕ сӕрӕй-бунмӕ ма кастайуонцӕ, фал сӕ уарзтайуонцӕ ӕма адтайуонцӕ сӕрниллӕг.

НӔ БОН КУД ӔЙ КИРИСТЕЙ ФӔНЗУН?

15. Иаков ӕма Иоанни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 Иаков ӕма Иоанни хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Раст нӕ бакодтонцӕ, Хуцауи Паддзахади кадгин бунӕттӕ ку байагурдтонцӕ, уӕд. Фал иннӕ апостолтӕ дӕр раст н’ адтӕнцӕ, ку сӕмӕ рамӕстгун ӕнцӕ ӕма сӕ астӕу ци еудзийнадӕ адтӕй, уой ку нӕ багъӕуай кодтонцӕ, уӕд. Киристе ба се ’гасемӕдӕр адтӕй фӕлмӕн ӕма фӕразон, уомӕн ӕма сӕ берӕ уарзта. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Гъуддаг айдагъ уой медӕг нӕй, ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе куд дарунцӕ, фал мах сӕ рӕдудтитӕмӕ ци цӕстӕй ракӕсӕн, уой медӕг дӕр. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй сӕ рӕдудтитӕмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн? Дӕ зӕрдӕ ескӕбӕл ку рахода, гъе уӕд дӕхе бафӕрсӕ: «Уотӕ зин мин цӕмӕн адтӕй? Цума е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма мӕ мӕхебӕл бакосун гъӕуй? Майдима ести зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй. Ӕма кӕд ӕцӕгӕйдӕр раст нӕ бакодта, уӕддӕр цума мӕ бон нӕй уарзондзийнадӕ бавдесун ӕма зӕрдӕй ниххатир кӕнун?» Иннети ку уарзӕн, уӕд бӕрӕг уодзӕй, Киристей ӕцӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ ке ан.

16. Киристей цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Киристей цӕветтон нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй иннетӕмӕ ма мӕстгун кӕнӕн (Ӕмб. 20:5). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах Киристей хузӕн адӕни зӕрдитӕ нӕ уинӕн. Фал нӕ бон ӕй уой хузӕн иннетӕмӕ фӕразон ун, нӕ зӕрдӕ нин ку фӕхходун кӕнонцӕ, уӕд дӕр (Еф. 4:1, 2;1 Пет. 3:8). Уотӕ архайун нин ӕнцондӕр уодзӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр ку базонӕн, уӕд. Гъӕйдӕ еу цӕветтонмӕ ӕркӕсӕн.

17. Районон цӕстӕдарӕг еу ӕнсувӕри хуӕздӕр ке базудта, е ин куд банхус кодта?

17 Районон цӕстӕдарӕг Искӕсӕн Африкӕй радзурдта, еу ӕнсувӕри туххӕй. Фиццӕгти имӕ уотӕ кастӕй, ӕма еци ӕнсувӕр зиндзурд адӕймаг ӕй. Еци районон цӕстӕдарӕг куд бакодта? Е радзурдта: «Мӕхе еци ӕнсувӕрӕй райеуварс кӕнуни бӕсти байархайдтон, цӕмӕй ӕй хуӕздӕр базудтайнӕ». Уой фӕрци ’й базудта, еци ӕнсувӕр цӕхуӕн уавӕрти исирӕзтӕй ӕма е ӕ уодигъӕдӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй. Е зӕгъуй: «Ку ’й фӕууидтон, ӕхе раййевунбӕл куд архайуй ӕма ин нури уӕнгӕ ци бантӕстӕй, уӕд мӕ цӕсти искадгин ӕй ӕма хуарз ӕмбӕлттӕ иссан». Ӕцӕгӕйдӕр, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базонунбӕл ку архайӕн, уӕд нин сӕ ӕнцондӕр уарзӕн уодзӕй.

18. Еске нин нӕ зӕрдӕ ку фӕхходун кӕна, уӕд нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ гъӕуама раттӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 26:20).

18 Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нин нӕ зӕрдӕ ка фӕхходун кодта, уой хӕццӕ нӕ радзорун гъӕуй. Фал хуарз уайдӕ нӕхе ку бафӕрсианӕ: «Алци ӕцӕгӕйдӕр раст балӕдӕрдтӕн? (Ӕмб. 18:13). Ка ’й зонуй ӕй нӕ фӕндадтӕй мӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕнун (Еккл. 7:20). Мӕхуӕдӕг ба уотӕ некӕд фӕррӕдудтӕн? (Еккл. 7:21, 22). Ӕ хӕццӕ ӕргом ку радзорон, уӕд уавӕр никки фуддӕр нӕ фӕууодзӕй?» (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 26:20.) Аци фарстатӕбӕл ку расагъӕс кӕнӕн, уӕд, ка ’й зонуй, унаффӕ рахӕсдзиан, хуӕздӕр ке уодзӕй не ’нсувӕрӕн ниххатир кӕнун ӕма ци адтӕй, уой феронх кӕнун.

19. Куд дӕ фӕндуй архайун?

19 Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕ кӕрӕдзей уарзунцӕ, ӕма уомӕй бӕрӕг ӕй, Киристей ӕцӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ ке ’нцӕ. Алке бон дӕр ни куд ӕй бавдесун, ӕцӕгӕйдӕр Киристей фӕдбӕл ке цӕуй? Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнӕхийнӕ уарзтӕй ку уарзӕн, кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр. Иннетӕ ку фӕууинунцӕ, кӕрӕдзей уотӕ ке уарзӕн, уӕд ӕй балӕдӕрунцӕ, ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан ӕма сӕ нӕ хӕццӕ еумӕ бафӕндуй лӕггадӕ кӕнун Йеговӕн – уарзондзийнади Хуцауӕн. Гъӕйдӕ мадта кӕрӕдзей уарзӕн, ӕцӕг киристӕнтти кӕмӕй ес базонӕн, уӕхӕн уарзтӕй!

17 ЗАР «Фӕндуй мӕ»

a Берети Йегови ӕма Библий туххӕй фулдӕр базонун бафӕндуй, кӕрӕдзей уодуӕлдай уарзтӕй ке уарзӕн, уой туххӕй. Фал ӕгасӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан ӕма нин рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кӕрӕдзей уарзун ӕнцон нӕ фӕууй. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уарзондзийнадӕ уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма Киристей фӕнзун цӕмӕн гъӕуй, хуӕртӕ ӕма нӕ ӕнсувӕртӕ ку фӕффудӕнгъӕл кӕнунцӕ, уӕд.

e Аци статьяй уӕззау тӕрегъӕдти туххӕй дзурд нӕ цӕуй, зӕгъӕн, 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9, 10 ци финст ес, уони туххӕй. Уӕхӕн тӕрегъӕдтӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ равзарунцӕ.

f Цалдӕр ӕносей фӕсте еу раввин уотӕ загъта: «Авраами хузӕн рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕбӕл тӕккӕ минкъийдӕр 30 уодзӕнцӕ. 30 ку уонцӕ, уӕд уонӕй дууӕ ӕнцӕ ӕз ӕма мӕ фурт. 10 ку уонцӕ, уӕд уонӕй дууӕ ӕнцӕ ӕз ӕма мӕ фурт. 5 ку уонцӕ, уӕд уонӕй дууӕ ӕнцӕ ӕз ӕма мӕ фурт. Дууӕ ку уонцӕ, уӕд етӕ ’нцӕ ӕз ӕма мӕ фурт. Еунӕг ку уа, уӕд е ӕз дӕн».