Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?

Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?

Пайда кӕнӕ хаййӕй «Кӕсӕ, нӕуӕгӕй ци ес, уомӕ».

Приложений JW Library® ес хай «Новое», сайти jw.org ба – «Кӕсӕ, нӕуӕгӕй ци ес, уомӕ». Еци хаййи иссерӕн ес, фӕстаг рӕстӕг ци ӕрмӕг рацудӕй, уой. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕуӕгӕй ци рацудӕй, уой зонай?

JW Library

  • Цӕхуӕндӕр рубрики нӕуӕг статья ку рацӕуй, уӕд еци рубрикӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр иснӕуӕг уй. Ӕма еци рубрикӕ ку фӕззинна хаййи «Новое», уӕд ӕй гъӕудзӕй нӕуӕгӕй рафинсун. Рубрикӕ ку райгон кӕнай, уӕд гъӕудзӕй сӕрӕй дзурд «Дата» нилхъевун. Нӕуӕг статья фӕззиндзӕй тӕккӕ сӕрӕй.

  • Журнал кӕсгӕй ӕй, гӕнӕн ес, еу хаттӕн ӕнӕгъӕнӕй ма бакӕсай. Цӕмӕй ӕй уой фӕсте берӕ агорун ма гъӕуа, уой туххӕй ӕй бахӕссӕ хаймӕ «Избранное». Кӕронмӕ ’й ку бакӕсай, уӕдта ’й дӕ бон уодзӕй уордигӕй рандӕ кӕнун.

JW.ORG

Кӕцидӕр ӕрмӕг, зӕгъӕн, нӕуӕг хабӕрттӕ ӕма игъосуйнӕгтӕ, фӕззиннунцӕ ӕрмӕстдӕр сайти jw.org. Цӕмӕй, фӕстагмӕ ка рацудӕй, еци статьятӕ фӕууинай, уой туххӕй арӕхдӕр бацӕуисӕ, «Кӕсӕ, нӕуӕгӕй ци ес, уомӕ» ка хуннуй, еци хаймӕ.