Сӕдӕ анзей размӕ: 1923 анз
«НӔ ГЪУДИМӔ гӕсгӕ нӕмӕ 1923 анзи берӕ дессаги гъуддӕгтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй» – финст адтӕй 1923 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги». – «Махмӕ устур кадӕ ӕрхаудтӕй – нифссаст кадӕриддӕр ӕй, уонӕн игъосун кӕнӕн, амондгун федӕни къӕсӕрбӕл ке лӕууӕн». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Еци анз устур ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, ӕмбурдтӕ, конгресстӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг куд цӕудзӕй, уой фӕдбӕл. Еци ӕййивддзийнӕдтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти кӕрӕдзебӕл никки хъӕбӕрдӕр исбастонцӕ.
ӔМБУРДТИ ФӔРЦИ ӔНСУВӔРТӔ НИККИ ӔНГОМДӔР ИССӔНЦӔ
Еци анз ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, уони фӕрци Библиртасгутӕ никки ӕнгомдӕр иссӕнцӕ. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» мухур кӕнун райдӕдтонцӕ комментаритӕ Библий стихтӕмӕ. Еци стихтӕбӕл дзурд цӕуидӕ, алли къуӕре дӕр ци фембӕлдтӕ фӕууидӕ, уоми, худтонцӕ сӕ «Фембӕлдтӕ ковунмӕ ӕма Йегови кадгин кӕнунмӕ». Уомӕй уӕлдай ма къуӕремӕ ци стих ӕвзурст ӕрцӕуидӕ, уой ниффинсиуонцӕ къалендари. Финст ма си адтӕй, алли бонӕн дӕр хецӕн зари номер. Еци зартӕ зарӕн адтӕй Библи ӕртасгӕй ӕма бийнонти ахур уадзгӕй.
Библиртасгутӕ сӕ фембӕлдти радзориуонцӕ, игъосун кӕнгӕй сӕбӕл ци цӕмӕдесаг хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уони. Ра ма дзориуонцӕ, Йеговӕй боз цӕй туххӕй ӕнцӕ, уой. Кӕмӕндӕр ӕ бон адтӕй разарун ӕма ма раковун дӕр. Эвӕ Барни донаргъуд райста 1923 анзи, 15 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Е зӕгъуй: «Ести радзорун дӕ ку фӕндадтӕй, уӕд гъӕуама исистадайсӕ ӕма уӕхӕн ести загътайсӕ: „Мӕн фӕндуй Хецауӕн райарфӕ кӕнун, хуарзӕй мин цидӕриддӕр искодта, уой туххӕй“». Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕн е сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Идарддӕр хуӕрӕ Барни зӕгъуй: «Нӕ хъазар ӕнсувӕр Годуин Хуцауӕн арфӕ кӕнун ку райдаидӕ, уӕд ин бауорамӕнтӕ нӕ фӕууидӕ. Фал ӕ бийнойнаг ку фӕууинидӕ, ӕмбурд ка уадзуй, е тухсун ке райдӕдта, уӕд ӕ сӕрихецауи пиджакбӕл сабургай ӕрхуӕцидӕ, ӕма е дӕр исбадидӕ».
Мӕйӕмӕ еу хатт алли ӕмбурд дӕр сӕ фембӕлд ӕндӕрхузи фӕууадзидӕ. 1923 анзи 1 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» финст адтӕй: «Ӕмбурди рӕстӕгӕн е ’мбес гъӕуама дзорӕн, игъосун кӕнгӕй нӕбӕл ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уой туххӕй, ӕма уотемӕй иннӕ косгути нифс федар кӕнӕн. [...] Нифс нӕ ес, ӕма уӕхӕн фембӕлдти фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ никки ӕнгомдӕр исуодзӕнцӕ».
Ванкуверӕй (Канадӕ) еу 19-анздзуд ӕнсувӕр Чарльз Мартинӕн еци фембӕлдтӕ устур ӕнхус фӕцӕнцӕ. Е радзурдта: «Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнгӕй адӕни хӕццӕ цӕй туххӕй дзоргӕй, уой еци фембӕлдти базудтон. Арӕх си радзориуонцӕ, игъосун кӕнгӕй кӕбӕл цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй, уой туххӕй. Е мин банхус кодта, цӕмӕй ци дзоргӕ ’й, уой зонон, мӕ дзурд мин ӕрдӕгбӕл ку ӕркъуӕронцӕ, уӕд».
ИГЪОСУН КӔНУНИ ФӔРЦИ ӔНСУВӔРТӔ ӔНГОМДӔР ИССӔНЦӔ
Ӕнсувӕртӕ ӕнгомдӕр кодтонцӕ «игъосун кӕнуни бӕнтти» фӕрци дӕр. 1923 анзи 1 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» финст адтӕй: «Цӕмӕй, нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой никки хъӕбӕрдӕр лӕдӕрӕн, уой туххӕй, 1923 анзи 1 маййи геуӕргибон ӕгасемӕндӕр уодзӕй игъосун кӕнуни бон. Уой фӕсте алли мӕйӕн дӕр ӕ фиццаг геуӕргибон уодзӕй игъосун кӕнуни бон... Еци бон ӕгас косгутӕ дӕр еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг гъӕуама балӕггадӕ кӕнонцӕ».
Игъосун кӕнуни гъуддаги ӕригон Библиртасгутӕ дӕр архайдтонцӕ. Хейзел Берфордбӕл уӕд цудӕй ӕдеугурӕй 16 анзи. Е зӕгъуй: «„Бюллетени“ a финст адтӕй, дзубанди райдайӕн куд ес, е ӕма сӕ мах исахур кӕнианӕ. Мӕ бабай хӕццӕ зингзӕрдӕй игъосун кодтан». Фал фӕстӕдӕр еу хабар ӕрцудӕй. Хуӕрӕ Берфорд уой ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕй. Идарддӕр зӕгъуй: «Еу каргун ӕнсувӕри зӕрдӕмӕ ӕппундӕр нӕ цудӕй, игъосун кӕнунмӕ ке цудтӕн ӕма адӕни хӕццӕ ке дзурдтон». Уӕди рӕстӕг еуӕй-еуетӕ нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, не Сфӕлдесӕги ӕгас Библиртасгутӕ ке гъӕуама кадгин кӕнонцӕ, уой хӕццӕ ба ма «ӕригӕнттӕ» дӕр (Пс. 148:12, 13). Фал нӕ хуӕрӕ Берфорд еци гъуддаги уӕддӕр зингзӕрдӕй архайдта. Фӕстӕдӕр Галаади скъолай дуккаг кълас фӕцӕй ӕма Панами миссионерӕй лӕггадӕ кодта. Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд ӕригӕнттӕ игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайдтонцӕ, уомӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ.
КОНГРЕССТИ ФӔРЦИ ӔНСУВӔРТӔ ӔНГОМДӔР ИССӔНЦӔ
Конгресстӕ дӕр ӕнсувӕрти еудзийнадӕн устур агъаз адтӕнцӕ. Конгрессти программӕмӕ хаудтӕнцӕ игъосун кӕнуни бӕнттӕ дӕр. Еу уӕхӕн конгресс адтӕй Виннипеги (Канадӕ). Ка имӕ иссудӕй, уонӕн се ’гасей бон дӕр адтӕй 31 мартъий еци горӕти игъосун кӕнунмӕ рандӕ ун. Уӕхӕн бӕнтти фӕрци никки фулдӕр адӕни бон адтӕй хуарз хабар фегъосун. Виннипеги 5 августи ци конгресс рацудӕй, уомӕ ӕрбацудӕй 7 000 адӕймагей бӕрцӕ. Уӕди уӕнгӕ Канади конгрессти уойбӕрцӕ адӕн некӕд адтӕй.
1923 анзи 18 августӕй 26 августмӕ Лос-Анджелеси (штат Калифорни, АЕШ) рацудӕй еци анзи тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр конгресс. Цалдӕр къуӕрей раздӕр конгресси туххӕй ниффинстонцӕ газзетти.
Библиртасгутӕ райурстонцӕ 500 000 хунди гӕгъӕдемӕй фулдӕр. Конгресс ке уодзӕй, уой туххӕй плакаттӕ ауигъд адтӕнцӕ трамвайтӕбӕл ӕма машинттӕбӕл.25 августи, сабати, ӕнсувӕр Рутерфордӕн адтӕй радзубанди «Фустӕ ӕма сӕгътӕ». Еци радзубандий ӕнсувӕр балӕдӕрун кодта, «фустӕмӕ» ке хаунцӕ, рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндуй, еци адӕн. Етӕ зӕнхӕбӕл дзенети цӕрдзӕнцӕ. Удта бакастӕй резолюци «Фӕдзӕхст». Еци резолюци аргъауӕнтӕн сӕ фуд ӕргом кодта ӕма кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн фӕдзахста, цӕмӕй «Устур Вавилонӕй» рацӕуонцӕ (Рарг. 18:2, 4). Фӕстӕдӕр зингзӕрдӕ Библиртасгутӕ еци резолюций милиуангай экземпляртӕ ӕгас дуйнебӕл рапарахат кодтонцӕ.
«Уӕхӕн фембӕлдти фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ никки ӕнгомдӕр исуодзӕнцӕ»
Конгресси фӕстаг бон ӕнсувӕр Рутерфордӕн адтӕй радзубанди «Ӕгас адӕнтӕ дӕр рараст ӕнцӕ Армагеддонмӕ, фал абони ка цӕруй, уонӕй милиуантӕ некӕд рамӕлдзӕнцӕ». Еци радзубандимӕ байгъустонцӕ 30 000 адӕймагемӕй фулдӕр. Библиртасгутӕ хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ байхуӕрстонцӕ, ӕрӕги ке исамадтонцӕ, еци стадион, «Лос-Анджелеси Колизей», зӕгъгӕ. Цӕмӕй программӕ алкӕмӕдӕр хуарз игъустайдӕ, уой туххӕй ӕнсувӕртӕ испайда кодтонцӕ, стадиони ци аудио системӕ адтӕй, уомӕй. Уӕди рӕстӕги уомӕй хуӕздӕр системӕ н’ адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма еци программӕмӕ беретӕ радиойӕй байгъустонцӕ.
НӔ ГЪУДДАГ ӔГАС ДУЙНЕБӔЛ РАПАРАХАТ ӔЙ
1923 анзи хуарз хабар парахат кӕнун райдӕдта Африки, Европи, Индий ӕма Хонсар Америки. Зӕгъӕн, Индий нӕ публикацитӕ уагътонцӕ малаяламаг, тамилаг, телугу, урду ӕма хинди ӕвзӕгтӕбӕл. Уомӕ ӕ цӕстӕ дардта Адавиманнатху Джозеф. Уотемӕй ба ма ӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕхсӕз сувӕллони гъомбӕл кодтонцӕ.
Сьерра-Леоней Библиртасгутӕ Альфред Джозеф ӕма Ленард Блакман ниффинстонцӕ сӕйраг хайадӕмӕ Бруклини, цӕмӕй син ӕнхусмӕ еске ӕрбарвистайуонцӕ. Ӕма син 1923 анзи 14 апрели исдзуапп кодтонцӕ. Альфред радзурдта: «Еу сабати нӕмӕ изӕрӕй ӕнафони кадӕр телефонӕй ӕрбадзурдта». Трубкӕ ку исиста, уӕд ӕй кадӕр гъӕрӕй бафарста: «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнадӕмӕ сумах финстайтӕ, цӕмӕй уӕмӕ игъосунгӕнгути ӕрбарветонцӕ?» – «Гъо», – загъта Альфред. – «Мӕн ӕрбарвистонцӕ». Е адтӕй Уильям Браун. Кариби сакъадӕхтӕй иссудӕй ӕ бийнойнаг Антоний хӕццӕ ӕма ӕ дууӕ кизги Луиз ӕма Люсий хӕццӕ. Ӕнсувӕрти берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ багъудӕй, сӕ хӕццӕ кӕд фембӕлдзӕнцӕ, уомӕ.
Альфред идарддӕр радзурдта: «Иннӕ сӕумӕ Ленарди хӕццӕ, куд алли къуӕре дӕр, уотӕ Библи ӕртастан ӕма нӕ къӕсӕрбӕл ӕрбалӕудтӕй устур лӕг. Е адтӕй Уильям Браун. Уойбӕрцӕбӕл зингзӕрдӕ адтӕй рӕстдзийнадӕмӕ, ӕма тӕккӕ исон дӕр цӕттӕ адтӕй ӕргом радзубандий хӕццӕ рацӕун». Мӕйӕ дӕр ибӕл нӕ рацудӕй, ӕма ӕ хӕццӕ ци литературӕ ӕрбаласта, уой райурста. Фӕстӕдӕр ма райста 5 000 киунуги, фал ин етӕ дӕр тагъд фӕцӕнцӕ. Фал уӕддӕр ӕнсувӕр Брауни киунугутӕ уӕйӕгӕнӕгӕй нӕ зудтонцӕ. Е берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта ӕма ӕ радзубандити алкӕддӕр Финстадӕй пайда кодта. Уомӕ гӕсгӕ ’й хонун райдӕдтонцӕ Библий Браун.
Уӕди рӕстӕг Германий ӕнсувӕртӕ филиалӕн нӕуӕг бунат агорун райдӕдтонцӕ. Бармени син ци бӕстихӕйттӕ адтӕй, уоми син бунат нӕбал хъӕрдтӕй. Уомӕй уӕлдай ма ’й фегъустонцӕ, Франци еци горӕт байахӕссунмӕ ке гъавуй. Гъема Магдебурги иссирдтонцӕ, мухургӕнӕн цехӕн ка исбӕзтайдӕ, уӕхӕн бунат. 19 июни дзаумӕуттӕй ма ци байзадӕй, уони ниццурхтонцӕ ӕма сӕ нӕуӕг Вефилмӕ фӕлластонцӕ. Куститӕ ке фӕцӕнцӕ, уой туххӕй ӕнсувӕртӕ Сӕйраг хайадӕмӕ ци бон фӕххабар кодтонцӕ, еци бон еугур газзетти дӕр финстонцӕ, Франци Барменмӕ ке ӕрбалӕбурдта. Ӕнсувӕртӕ Йеговӕй хъӕбӕр боз адтӕнцӕ, афойнадӕбӕл уордиги ке рандӕ ’нцӕ.
Нур ба ӕркӕсӕн, Бразилий гъуддӕгтӕ куд цудӕнцӕ, уомӕ. Уордӕмӕ иссудӕй еу зингзӕрдӕ ӕнсувӕр Джордж Янг, зӕгъгӕ. Е берӕ аллихузи бӕстити игъосун кодта хуарз хабар. Е банхус кодта Бразилий нӕуӕг филиал райгон кӕнунмӕ ӕма си «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» португайлаг ӕвзагбӕл уадзун райдӕдта. Ӕдеугурӕй цалдӕр мӕйемӕ ӕнсувӕр Янг рапарахат кодта 7 000 буклет ӕма журналемӕй фулдӕр. Ӕнсувӕр Янг Бразилимӕ ке ӕрцудӕй, е уӕлдай ӕхцӕуӕн адтӕй Сарӕ Фергусонӕн. Е «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» журналтӕ кастӕй 1899 анзӕй фӕстӕмӕ, ӕма ’й донаргъуд райсун хъӕбӕр фӕндадтӕй. Гъема цалдӕр мӕйей фӕсте ӕ бӕллец исӕнхӕст ӕй. Е дӕр ӕма ӕ цуппар сувӕллони дӕр еци ӕхсидзгӕ къахдзӕф искодтонцӕ.
«НӔ ЦИЙНӔ... БЕРӔ УОДЗӔЙ»
Ӕмбурдтӕ, конгресстӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг куд цудӕнцӕ, уоми ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕнцӕ, етӕ Библиртасгутӕбӕл куд рабӕрӕг ӕнцӕ? 1923 анзи 15 декабри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» уотӕ финст адтӕй: «Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн се ’ууӕндундзийнадӕ куд федар ӕй, уой ӕнӕфӕууинӕн н’ адтӕй... [...] Гъӕйдӕ мадта нӕхе исефтонг кӕнӕн ӕма нӕуӕг хъаурити хӕццӕ размӕ тундзӕн! Иннӕ анз нӕмӕ берӕ куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, фал нӕ цийнӕ дӕр берӕ уодзӕй!»
Библиртасгути историй иннӕ анз дӕр берӕ ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ ӕрцудӕй. Сакъадах Статенбӕл, Бруклини Вефилмӕ хӕстӕг, ӕнсувӕртӕ цалдӕр мӕйей дӕргъи хъиамӕт кодтонцӕ еу арӕзтадон проектбӕл, ӕма ’й фӕцӕнцӕ 1924 анзи райдайӕни. Ци исамадтонцӕ, е ӕнсувӕрти кӕрӕдземӕ никки ӕнгомдӕр искодта ӕма хуарз хабар, уӕдмӕти куд некӕдма адтӕй, уотӕ рапарахат ӕй.
a Абони хуннуй «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ. Косӕн тъетрад».