Унаффитӕ. Ци ес рартасӕн?
Библий кӕцидӕр ахурӕдтӕ ку фӕббӕлвурддӕр унцӕ, уӕд сӕ нӕ бон кӕми фӕууй иссерун?
Мах дессаги рӕстӕг цӕрӕн – Йеговӕ нин рӕдауӕй ӕргом кӕнуй ӕ Дзурди арф зонундзийнӕдтӕ (Дан. 12:4). Фал цӕхуӕндӕр ахурӕдтӕ ку фӕббӕлвурддӕр унцӕ, уӕд алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, цӕмӕй сӕ нӕ гъудий дарӕн. Нӕ бон сӕ кӕми ӕй иссерун?
• Дӕ бон ӕй райгон кӕнун «Индекс публикаций Сторожевой башни», сӕргонд «Уточнение в понимании». Уоми ӕййивддзийнӕдтӕ финст ӕнцӕ ӕнзтӕмӕ гӕсгӕ. Цӕмӕй ӕй иссерай, уой туххӕй райгон кӕнӕ электронон библиотекӕ Watchtower Library кенӕ «Онлайн-библиотека Сторожевой башни» ӕма «Поиск» финст кӕми ес, уоми ниффинсӕ «уточнение в понимании» (дукъӕдзугти хӕццӕ).
• Цубурдӕр список темитӕмӕ гӕсгӕ дӕ бон ӕй иссерун публикаций «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы». Уоми райгон кӕнӕ темӕ «Свидетели Иеговы», уой фӕсте сӕргонд «Взгляды и убеждения», уой фӕсте ба – «Уточнение в понимании».
Дӕ бон ӕй иннӕ хатт Библи ’ртасгӕй фӕстаг ӕййивддзийнӕдтӕй ескӕцимӕ ӕркӕсун ӕма базонун ци раййивта ӕма уомӕн Библийӕй цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес.