40 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Петур Хуцауӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта, ӕма дӕу бон дӕр исуодзӕй
«Хецау, ниууадзӕ мӕ, ӕз тӕрегъӕдгун адӕймаг дӕн» (ЛУК. 5:8).
38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй
РАЗДЗУРД a
1. Петур хъӕбӕр берӕ кӕсалгӕ ку ниййахӕста, уӕд ӕхе куд бадардта?
ПЕТУР ӕгас ӕхсӕвӕ кӕсалгахӕссуни адтӕй, фал неци ниййахӕста. Уӕд ин Киристе загъта: «Арф кӕми ӕй, уордӕмӕ банакӕ кӕнӕ, ӕма уӕ хизтӕ уордӕмӕ багӕлдзетӕ» (Лук. 5:4). Петурмӕ уотӕ кастӕй, ӕма уомӕй неци пайда уодзӕй, фал уӕддӕр, Киристе ин куд загъта, уотӕ бакодта. Гъема кӕсалгахӕссӕн хизтӕ гъе уотӕ байдзаг ӕнцӕ, ӕма ’скъунун райдӕдтонцӕ. Петур ӕма иннетӕ ку балӕдӕрдтӕнцӕ, Йесо сӕ рази дессаг ке искодта, уӕд деси бафтудӕнцӕ. Уӕд Петур Киристейӕн ниллигъстӕ кодта: «Хецау, ниууадзӕ мӕ, ӕз тӕрегъӕдгун адӕймаг дӕн» (Лук. 5:6–9). Ӕвӕдзи имӕ уотӕ кастӕй, ӕма уой аккаг нӕй, цӕмӕй Киристей фарсмӕ уа.
2. Петури хабармӕ ӕркӕсун хуарз цӕмӕн уодзӕй?
2 Петур уотӕ ку загъта, ӕма «тӕрегъӕдгун адӕймаг» ӕй, уӕд раст адтӕй. Библийӕй бӕрӕг ӕй, еуӕй-еухатт ӕ дзурдтӕбӕл ӕма ӕ гъуддӕгтӕбӕл ке рафӕсмон кӕнидӕ. Дӕуӕн дӕр уотӕ ескӕд адтӕй? Ка ’й зонуй, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг цӕхуӕндӕр гъуддаг ниууадзунбӕл архайис кенӕ цӕхуӕндӕр гъӕндзийнади хӕццӕ тох кӕнис. Кӕд уотӕ ’й, уӕд дӕ Петури хабар бафедар кӕндзӕй. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Гъӕйдӕ ибӕл расагъӕс кӕнӕн. Йегови бон адтӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй Петури рӕдудтити туххӕй Библий финст ма ’рцудайдӕ. Фал сӕ ниффинсун кодта, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, уони туххӕй зонун нин пайда ке уодзӕй (2 Тим. 3:16, 17). Мах ӕй фӕууиндзиан, Петур дӕр мах хузӕн адӕймаг ке адтӕй – кӕмидӕр фӕррӕдуйидӕ, цӕмӕйдӕр фӕттӕрсидӕ. Ӕма си Йеговӕ ӕнхӕстдзийнадӕ нӕ агурдта, удта махӕй дӕр нӕ агоруй. Уой нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ рӕдудтити туххӕй нӕ къохтӕ ’руадзӕн, фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр архайӕн.
3. Нӕ къохтӕ цӕмӕннӕ гъӕуама уадзӕн?
3 Ести нин ку нӕ уайа, уӕддӕр къохтӕ уадзун цӕмӕннӕ гъӕуй? Уомӕн ӕма естӕмӕ исдӕсни унмӕ рӕстӕг гъӕуй. Гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн еу цӕветтонбӕл. Цӕмӕй адӕймаг естӕбӕл цӕгъдун исахур уа, уой туххӕй, ка ’й зонуй, ӕнзтӕ багъӕудзӕй. Ахур кӕнгӕй еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕррӕдуйдзӕй, фал исдӕсни унбӕл ку архайа, уӕд си ӕппунфӕстаг заманай цӕгъдӕг рауайдзӕй. Фал ма уӕддӕр, гӕнӕн ес, ӕма еуӕй-еухатт рарӕдуйа. Кӕд уотӕ рауайуй, уӕддӕр ӕ къохтӕ не ’руадзуй. Гъе уотӕ, адӕймагмӕ уотӕ ку фӕккӕсуй, ӕма цӕхуӕндӕр гъӕндзийнадӕбӕл фӕууӕлахез ӕй, уӕддӕр ма еуӕй-еухатт еци рӕдуд нӕуӕгӕй искӕнуй. Фал уӕддӕр ӕ къохтӕ не ’руадзуй ӕма идарддӕр ӕ нисанмӕ фӕттундзуй. Хатгай мах дӕр нӕ дзурдтӕбӕл кенӕ нӕ гъуддӕгтӕбӕл рафӕсмон кӕнӕн. Фал нӕ федар фӕндӕ ку уа идарддӕр архайун, уӕд нин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕнхус кӕндзӕй (1 Пет. 5:10). Е хуарз зиннуй Петури цардӕй. Кӕд Петур арӕх фӕррӕдуйидӕ, уӕддӕр имӕ Киристе фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕй. Еци гъуди нин нӕ нифс федар кӕндзӕй ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунбӕл идарддӕр дӕр архайдзиан.
ПЕТУРИ ГЪӔНДЗИЙНӔДТӔ ӔМА АРФӔДЗИЙНӔДТӔ
4. Лукай 5:5–10 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Петур ӕхе куд исхудта, фал ин Киристе ци загъта?
4 Библий финст не ’рцудӕй, Петур ӕхе «тӕрегъӕдгун адӕймаг» цӕмӕн исхудта ӕма цӕхуӕн тӕрегъӕдти кой кодта. (Бакӕсӕ Лукай 5:5–10.) Ӕвӕдзи, цӕхуӕндӕр устур рӕдудтитӕ искодта. Киристе ’й уидта, Петур тӕрсгӕ ке кӕнуй. Ӕвӕдзи, тарстӕй, уомӕн ӕма ӕхебӕл ӕ зӕрдӕ нӕ дардта. Киристе ба ’й зудта, Петури бон ке исуодзӕй Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун. Уомӕ гӕсгӕ ин фӕлмӕнӕй загъта, «ма тӕрсӕ», зӕгъгӕ. Киристей федар дзурдтӕй бӕрӕг адтӕй, Петурбӕл ӕппундӕр ке нӕ гурусхӕ кӕнуй. Еци дзурдтӕ Петури цард цӕхгӕрмӕ раййивтонцӕ. Фӕстӕдӕр ӕхуӕдӕг дӕр ӕма е ’нсувӕр Андрей дӕр кӕсалгахӕссуни куст ниууагътонцӕ ӕма Мессийи фӕдбӕл рандӕ ’нцӕ. Уой туххӕй син Йеговӕ рӕдауӕй райарфӕ кодта (Мар. 1:16–18).
5. Петур ке нӕ фӕттарстӕй ӕма идарддӕр дӕр Киристей фӕдбӕл ке цудӕй, уой фӕрци цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ӕй?
5 Петур Киристей фӕдбӕл ке рацудӕй, уой фӕрци ӕхе цӕститӕй берӕ дессӕгтӕ фӕууидта. Зӕгъӕн, Йесо сӕйгити куд исдзӕбӕх кӕнидӕ, адӕнӕй сайтӕнтти куд расоридӕ ӕма ма мӕрдти дӕр куд райгас кӕнидӕ (Матф. 8:14–17; Мар. 5:37, 41, 42) b. Уомӕй уӕлдай ма Петур цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта, федӕни Киристейӕн, Хуцауи Паддзахади Паддзахӕн, ци устур кадӕ уодзӕй, уой. Еци цӕстӕбӕлуайӕн, ӕвӕдзи, цӕргӕ-цӕрӕнбонти нӕ феронх кодта (Мар. 9:1–8; 2 Пет. 1:16–18). Фал ӕгас еци дессӕгтӕ Петур некӕд фӕууидтайдӕ, Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ку не ’ссайдӕ, уӕд. Ӕвӕдзи, цийнӕ кодта, ӕ рӕстӕги ке нӕ фӕттарстӕй ӕма аллихузи нифссӕттӕн сагъӕсти туххӕй ӕхе арфӕдзийнӕдтӕй ке нӕ фенӕхай кодта.
6. Петурӕн ӕ гъӕндзийнӕдтӕй исуӕгъдӕ ун ӕнцон адтӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
6 Кӕд Петур ӕхе цӕститӕй уойбӕрцӕ дессӕгтӕ фӕууидта, уӕддӕр еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕррӕдудӕй. Гъӕйдӕ еу цалдӕр хабаремӕ ӕркӕсӕн. Киристе уотӕ ку загъта, гъезӕмайраг мӕлӕт ке бавзардзӕй, цӕмӕй пахампарӕдтӕ исӕнхӕст уонцӕ, уӕд ин Петур бауайдзӕф кодта, уӕхӕн хабар, дан, дӕбӕл ма ’рцӕуӕд (Мар. 8:31–33). Петур ӕма иннӕ апостолтӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ рахилӕ уиуонцӕ, уӕлдӕр си ка ӕй, уой туххӕй (Мар. 9:33, 34). Киристей ку ниййахӕстонцӕ, уӕд Петур фур мӕстӕй хъӕма фелваста ӕма еу нӕлгоймагӕн ӕ гъос фӕххаун кодта (Иоан. 18:10). Раст еци ӕхсӕвӕ Петур фур тӕссӕй ӕртӕ хатти загъта, Киристей ке нӕ зонуй, кӕд ӕма ӕ хуарз ӕмбал адтӕй, уӕддӕр (Мар. 14:66–72). Уой фӕсте Петур хъӕбӕр фӕккудтӕй (Матф. 26:75).
7. Киристе ку райгас ӕй, уӕд Петурӕн цӕхуӕн фадуат равардта?
7 Киристе ӕ апостолбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕрдта. Е ӕй зудта, Петур ӕй ке уарзуй, ӕма ин уой бавдесунмӕ фадуат дӕр равардта. Мессийӕ ку райгас ӕй, уӕд Петурмӕ фӕззиндтӕй ӕма ин загъта: «Кӕсӕ мин мӕ уӕриккитӕмӕ». Гъема Петур дӕр еци ихӕс ӕнхӕст кӕнунбӕл исарази ӕй (Иоан. 21:15–17). Фӕндзайӕймаг бон Йерусалими Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл фиццаг хатт Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ку ’рцудӕй, уӕд Петур дӕр сӕ астӕу адтӕй.
8. Петур Антиохий цӕхуӕн рӕдуд искодта?
8 Кӕд Петур Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ӕрцудӕй, уӕддӕр ма ӕнӕнхӕст адтӕй. Нӕ эри 36 анзи сонӕтгонд ка н’ адтӕй, уӕхӕн ӕндӕрбӕстаг Корнилий сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ку ’рцудӕй, уӕд Петур дӕр уоми адтӕй. Еци хабарӕй рабӕрӕг ӕй, «Хуцау ке неке гъолон кӕнуй» ӕма, ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка ӕй, уони бон дӕр ке ӕй киристон ӕмбурдмӕ ӕрбайеу ун (Гъуд. 10:34, 44, 45). Уой фӕсте Петур уӕхӕн адӕни хӕццӕ еу фингӕбӕл ӕрбадидӕ, кӕд раздӕр уӕхӕн гъуддаг ӕхецӕн некӕд исаккаг кодтайдӕ, уӕддӕр (Гал. 2:12). Фал дзиуиттаг киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка ӕй, уони хӕццӕ еумӕ хуӕрӕн нӕййес. Уотӕ ка гъуди кодта, уонӕй кадӕртӕ Антиохимӕ ку ’рцудӕнцӕ, уӕд Петур ӕхе еуварс дарун райдӕдта, дзиуиттаг ка н’ адтӕй, еци ӕнсувӕртӕй. Ӕвӕдзи ’й нӕ фӕндадтӕй дзиуиттаг киристӕнтти зӕрдихудти бацӕун. Апостол Павел еци цӕстӕмӕ миутӕ фӕууидта ӕма Петурӕн ӕгасей рази бауайдзӕф кодта (Гал. 2:13, 14). Кӕд Петур фӕррӕдудӕй, уӕддӕр идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Цума ин ци ’нхус кодта?
ПЕТУРӔН ЦИ ’НХУС КОДТА, ЦӔМӔЙ Ӕ КЪОХТӔ МА ’РУАГЪТАЙДӔ?
9. Иоанни 6:68, 69 финст дзурдтӕй куд зиннуй, Петур еузӕрдон адӕймаг ке адтӕй?
9 Петур еузӕрдон адӕймаг адтӕй. Е Киристей фӕдбӕл цудӕй, ӕма ’й неке ӕма нецӕй бон адтӕй бакъулумпи кӕнун. Ӕ еузӕрдондзийнадӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр рабӕрӕг ӕй, Киристе ци загъта, уой ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ку нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд. (Бакӕсӕ Иоанни 6:68, 69.) Киристе ци загъта, уой кӕд балӕдӕрун кӕндзӕй, уомӕ дӕр нӕ бангъӕлмӕ кастӕнцӕ, ӕма ’й ниууагътонцӕ. Фал Петур уотӕ нӕ бакодта. Е ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, ӕрмӕстдӕр Киристемӕ ке ’нцӕ, «ӕносон цардмӕ ка кӕнуй, еци дзурдтӕ».
10. Петур идарддӕр еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕндзӕй, уобӕл Киристе ке нӕ гурусхӕ кодта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Кӕд Петур арӕх рӕдудӕй, уӕддӕр си Киристе ӕхе нӕ рахадта. Ӕркӕсӕн, Киристей мӕлӕтмӕ ма цалдӕр сахатти ку гъудӕй, уӕд ци ’рцудӕй, уомӕ. Е ӕй зудта, Петур ӕма ’й иннӕ апостолтӕ ке ниууадздзӕнцӕ. Фал уӕддӕр загъта, Петур фӕстӕмӕ ке раздӕхдзӕй ӕма идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕндзӕй, уобӕл ке нӕ гурусхӕ кӕнуй (Лук. 22:31, ). Киристе ӕй лӕдӕрдтӕй: «Уод... федар ӕй, фал бауӕр ба лӕмӕгъ ӕй» ( 32Мар. 14:38). Гъе уомӕ гӕсгӕ Петур Киристейӕй уотӕ ку загъта, нӕй зонун, зӕгъгӕ, уӕддӕр ибӕл е ба ӕ къох нӕ ракъуӕрдта. Киристе ку райгас ӕй ӕма Петурмӕ ку фӕззиндтӕй, уӕд Петур, ӕвӕдзи, еунӕгӕй адтӕй (Мар. 16:7; Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, е хъӕбӕр бафедар кодта, ӕ рӕдудбӕл зӕрдӕй ка ӕрфӕсмон кодта, еци апостоли.
11. Киристе Петурӕн куд балӕдӕрун кодта, Йеговӕ ’й ке нӕ ниууадздзӕй?
11 Киристе Петурӕн банхус кодта балӕдӕрун, Йеговӕ ’й ке нӕ ниууадздзӕй. Ку райгас ӕй, уӕд уотӕ бакодта, цӕмӕй Петур ӕма иннӕ апостолтӕ хъӕбӕр берӕ кӕсалгӕ ниййахӕссонцӕ (Иоан. 21:4–6). Еци дессаги фӕрци ибӕл Петур ӕппундӕр нӕбал гурусхӕ кодтайдӕ, Йеговӕ ке батухсдзӕй, ӕнӕмӕнгӕй ци гъӕуагӕ ’й, уобӕл. Ка ’й зонуй, ӕ зӕрдӕбӕл Киристей дзурдтӕ дӕр ӕрлӕудтӕнцӕ, уотӕ ку загъта, ӕма Хуцауи Паддзахадӕ ӕ царди фиццаг бунати ка ӕвӕруй, уони Йеговӕ ке нӕ ниууадздзӕй (Матф. 6:33). Уомӕ гӕсгӕ ӕ цард Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ иснивонд кодта, кӕсалгахӕссунмӕ нӕ, фал. Нӕ эри 33 анзи Фӕндзайӕймаг бон ци фембӕлд адтӕй, уоми Петур ӕгасей размӕ рацудӕй ӕма нифсгунӕй дзурдта. Уой фӕрци мингай адӕн хуарз хабар сӕ зӕрдӕмӕ райстонцӕ (Гъуд. 2:14, 37–41). Фӕстӕдӕр ба самарийӕгтӕн ӕма, дзиуиттаг ка н’ адтӕй, уонӕн банхус кодта Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исунмӕ (Гъуд. 8:14–17; 10:44–48). Мадта бӕрӕг ӕй, Йеговӕ Петурӕй ке пайда кодта, цӕмӕй аллихузи адӕни ӕмбурдмӕ ӕрбакодтайдӕ.
ПЕТУРИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?
12. Петури цӕветтон куд бафедар кӕндзӕй, ӕ гъӕндзийнӕдти хӕццӕ ка тох кӕнуй, уони?
12 Йеговӕ махӕн дӕр ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнӕн. Е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба ӕдзох цӕхуӕндӕр гъӕндзийнӕдти хӕццӕ ку тох кӕнӕн, уӕд. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕмӕ, ка ’й зонуй, уотӕ дӕр кӕсдзӕй, ӕма нӕ уавӕр апостол Петури уавӕрӕй уӕззаудӕр ӕй. Фал нин Йеговӕ хъауритӕ дӕтдзӕй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн (Пс. 94:17–19). Зӕгъӕн, еу ӕнсувӕр цалинмӕ Йегови Ӕвдесӕн не ’ссӕй, уӕдмӕ берӕ ӕнзти дӕргъи адтӕй гомосексуалист. Е ӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта, фал имӕ уӕддӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕ раздӕри лӕгъуз фӕндтӕ фӕззиннунцӕ. Цума ин ци ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр сӕ хӕццӕ тох кӕна? Еци ӕнсувӕр радзурдта, Йеговӕ ин ӕ сугъдӕг хъаурӕй ку не ’нхус кодтайдӕ, уӕд ин ке неци бантӕстайдӕ. Е зӕгъуй: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци мӕ бон ке ӕй рӕстдзийнади надбӕл цӕун... Йеговӕ мин барӕ равардта, цӕмӕй ӕ лӕггадгӕнӕг исуон, кӕд мин ме ’гас гъӕндзийнӕдтӕ дӕр уидта, уӕддӕр, ӕма мин алкӕддӕр ӕнхус кӕнуй».
13. Гъуддӕгти 4:13, 29, 31 ци хабар финст ес, уомӕй нӕ бон куд ӕй Петури фӕнзун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
13 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Петур адӕнӕй ке тарстӕй, уомӕ гӕсгӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕррӕдудӕй. Фал Йеговӕмӕ ку раковидӕ, уӕд ӕ бон фӕууидӕ нифсгунӕй архайун. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 4:13, 29, 31.) Мах бон дӕр ӕй, таси нӕ ци ’фтауй, уобӕл фӕууӕлахез ун. Ӕркӕсӕн, нацистон Германий ка цардӕй, еци ӕригон ӕнсувӕр Хорст Хеншели хабармӕ. Скъолай син фӕдздзорун кӕниуонцӕ, «Хайль Гитлер!», зӕгъгӕ. Кӕд ӕй ӕнсувӕр Хорст зудта, уотӕ дзорун раст ке нӕй, уӕддӕр ӕ ахургӕнгутӕй ӕма е ’мкъласонтӕй ке тарстӕй, уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еухатт фӕззӕгъидӕ уотӕ. Уотӕ ку рауаидӕ, уӕд ин ӕ ниййергутӕ хилӕ нӕ фӕккӕниуонцӕ, фал ӕ хӕццӕ еумӕ Йеговӕмӕ фӕкковиуонцӕ ӕма си фӕккориуонцӕ, цӕмӕй сӕ фурт нифсгундӕр уа. Ӕ ниййергутӕ ин ке ӕнхус кодтонцӕ, удта ӕхуӕдӕг дӕр ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дардта, уой фӕрци ӕ бон иссӕй еузӕрдонӕй байзайун. Фӕстӕдӕр уотӕ загъта: «Йеговӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ адтӕй» c.
14. Ӕ къохтӕ ’руадзунмӕ берӕ ке нӕбал гъӕуй, уонӕн хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй банхус кӕнун?
14 Йеговӕ ӕма нӕ Киристе некӕд ниууадздзӕнцӕ. Петур Киристейӕй уотӕ ку загъта, нӕй зонун, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уой фӕсте гъудӕй ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун: ӕ къохтӕ ӕруадздзӕй ӕви идарддӕр дӕр Киристей фӕдбӕл цӕудзӕй. Йесо Йеговӕмӕ хъӕбӕр зӕрдиагӕй кувта, цӕмӕй Петури ӕууӕндундзийнадӕ ма ’рлӕмӕгъ адтайдӕ, ӕма уой туххӕй Петурӕн ӕхецӕн дӕр загъта. Уой фӕсте ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уомӕй ба бавдиста, ӕппундӕр ибӕл ке нӕ гурусхӕ кӕнуй, Петури бон ке исуодзӕй е ’нсувӕрти бафедар кӕнун (Лук. ). Петурӕн еци дзурдтӕ ӕ зӕрдӕбӕл ку ӕрбалӕууиуонцӕ, уӕд имӕ, ӕвӕдзи, алли хатт дӕр нӕуӕг хъауритӕ фӕззиннидӕ. Мах дӕр Петури хузӕн ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕд нӕбӕл Йеговӕ батухсдзӕй хестӕр нӕлгоймӕгти фӕрци. Етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй еузӕрдонӕй байзайӕн ( 22:31, 32Еф. 4:8, 11). Раст гъе уотӕ архайуй, берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймаг Пол. Ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уонӕн фӕззӕгъуй, цӕмӕй сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнонцӕ, Йеговӕ сӕ ӕхемӕ куд ӕрбахудта, уой. Уой фӕсте ба фӕззӕгъуй, Йеговӕ сӕ ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй ӕма сӕ ке некӕд ниууадздзӕй. Пол зӕгъуй: «Ӕз ӕй уидтон, сӕ къохтӕ ӕруадзунмӕ берӕ ке нӕбал гъӕуй, етӕ Йегови фӕрци нӕуӕгӕй сӕхебӕл куд исхуӕцунцӕ».
15. Апостол Петур ӕма ӕнсувӕр Хорст Хеншели хабӕрттӕй куд зиннуй, Матфеййи 6:33 дзурдтӕ раст ке ’нцӕ?
15 Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй Петурмӕ ӕма иннӕ апостолтӕмӕ адтайдӕ, ӕнӕмӕнгӕй сӕ ци гъудӕй, е. Гъе уотӕ Йеговӕ махбӕл дӕр батухсдзӕй, ӕ гъуддаг ин нӕ царди фиццаг бунати ку ӕвӕрӕн, уӕд (Матф. 6:33). Нӕуӕгӕй бабӕй ӕнсувӕр Хорсти хабармӕ ӕркӕсӕн. Дуккаг дуйнеуон тугъди фӕсте ӕй фӕндадтӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Фал хъӕбӕр мӕгур цард кодта, ӕма ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнгӕй ӕхе фӕддарун ӕ бон уодзӕй ӕви нӕ, уобӕл хъӕбӕр тухстӕй. Хорст куд бакодта? Уой бафӕндадтӕй Йегови бафӕлварун, цума ибӕл батухсдзӕй ӕви нӕ. Гъема син сӕ ӕмбурд районон цӕстӕдарӕг ку бӕрӕг кодта, уӕд ӕгас къуӕре игъосун кӕнуни гъуддаги архайдта. Къуӕрей кӕрон ба имӕ хуарз цидӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Районон цӕстӕдарӕг ин конверт равардта, кӕмӕй адтӕй, уой ба ин нӕ загъта. Еци конверти ци ӕхца адтӕй, етӕ ин рафагӕ адтайуонцӕ, цӕмӕй цалдӕр мӕйей дӕргъи пионерӕй лӕггадӕ кодтайдӕ. Еци хабари фӕсте Хорст балӕдӕрдтӕй, Йеговӕ ибӕл алкӕддӕр ке тухсдзӕй. Ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуцауи Паддзахадӕ ӕ царди фиццаг бунати ӕвардта (Мал. 3:10).
16. Петури цӕветтонмӕ ӕма ӕ финстӕгутӕмӕ ӕркӕсун пайда цӕмӕн уодзӕй?
16 Кӕддӕр Петур Киристейӕн загъта, ниууадзӕ мӕ, зӕгъгӕ. Киристе имӕ ке нӕ байгъуста, уобӕл Петур кунӕг нӕ цийнӕ кодта. Йесо ӕй идарддӕр дӕр ахур кодта, ӕма уой фӕрци Петур иссӕй еузӕрдон апостол ӕма иннӕ киристӕнттӕн фӕнзуйнаг адӕймаг. Киристе ӕй цӕбӕл ахур кодта, е абони махӕн дӕр пайда ӕй. Еци хабӕртти туххӕй нӕ бон ӕй бакӕсун Петур ци дууӕ финстӕги ниффинста, уонӕми. Етӕ финст адтӕнцӕ фиццаг ӕноси ӕмбурдтӕн, фал фӕстӕдӕр Библимӕ хаст ӕрцудӕнцӕ. Иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан, еци финстӕгутӕй цалдӕр унаффемӕ ӕма радзубанди кӕндзиан, абони махӕн пайда цӕмӕй ӕнцӕ, уобӕл.
126 ЗАР Уӕн цӕттӕ нифсхаст ӕма федар
a Аци статьяй нисан ӕй, ӕ гъӕндзийнӕдти хӕццӕ ка тох кӕнуй, уони нифс бафедар кӕнун, цӕмӕй ибӕл ма гурусхӕ кӕнонцӕ, сӕ тохи ке фӕууӕлахез уодзӕнцӕ ӕма сӕ бон ке уодзӕй идарддӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун.
b Аци статьяй берӕ стихтӕ ист ӕнцӕ Марки киунугӕй. Ци хабӕрттӕ си ниффинста, уони, ӕвӕдзи, фегъуста апостол Петурӕй, Петур ба сӕ ӕхе цӕститӕй фӕууидта.
c Хорст Хеншели биографи «Меня вдохновляла верность семьи Богу» кӕсӕ 1998 анзи 22 феврали уагъд журнали «Пробудитесь!».
d ХУЗӔ. Кӕнгӕ хузӕбӕл куд зиннуй, уотемӕй Хорст Хеншели ниййергутӕ ӕ хӕццӕ ковунцӕ, цӕмӕй нифсхастдӕр уа.