Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

37 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Самсони хузӕн дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ

Самсони хузӕн дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ

«Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ, корун ди, ӕргъуди мӕ кӕнӕ, ӕма ма мин... раттӕ хъауритӕ» (ТӔРХ. 16:28).

30 ЗАР Мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау, ме ’Мбал

РАЗДЗУРД a

1, 2. Самсони хабармӕ ӕркӕсун пайда цӕмӕн уодзӕй?

 САМСОН ном ку фегъосис, уӕд фиццагидӕр цӕбӕл расагъӕс кӕнис? Ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй, Хуцау уӕлдай хъаурӕй ке исхайгин кодта, еци нӕлгоймаг. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ адтӕй. Фал еухатт Самсон ци унаффӕ рахаста, е хъӕбӕр лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркодта. Кӕд уотӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнӕгбӕл нимадта. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй Самсони хабар мах пайдайӕн Библий финст ӕрцудайдӕ.

2 Йеговӕ Самсони фӕрци берӕ дессаги гъуддӕгтӕ искодта, цӕмӕй е ’взурст адӕн Израилӕн банхус кодтайдӕ. Ӕностӕ фӕстӕдӕр Йеговӕ апостол Павели баразӕнгард кодта, цӕмӕй ин ӕ ном ниффинстайдӕ, е ’ууӕндундзийнадӕ фӕнзуйнаг кӕмӕн адтӕй, еци адӕни астӕу (Дзиуит. 11:32–34). Самсон ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта, ӕнцон ку нӕ фӕууидӕ, уӕд дӕр. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еци еузӕрдон лӕггадгӕнӕги хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн ӕма нӕ ӕ цӕветтон куд бафедар кӕндзӕй, уомӕ.

САМСОН ЙЕГОВӔБӔЛ Ӕ ЗӔРДӔ ДАРДТА

3. Йеговӕ Самсонӕн ци баихӕс кодта?

3 Самсон ку райгурдӕй, уӕд еци рӕстӕг филистимӕгтӕ израилӕгти хъӕбӕр ӕфхуардтонцӕ (Тӕрх. 13:1). Ӕма уони туххӕй гъезӕмарӕ кодтонцӕ. Йеговӕ Самсони равзурста, цӕмӕй «Израил филистимӕгти къохӕй ервӕзун кодтайдӕ» (Тӕрх. 13:5). Еци ихӕс ӕнцон н’ адтӕй. Цӕмӕй ин е ӕнтӕстайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ дарун.

Самсон филистимӕгтӕбӕл фӕууӕлахез ӕй, ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл ке дардта, уой фӕрци (кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ)

4. Йеговӕ Самсонӕн куд банхус кодта, цӕмӕй филистимӕгти къохӕй фӕййервазтайдӕ? (Тӕрхонгӕнгути 15:14–16).

4 Ӕркӕсӕн, еухатт Самсон ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл куд бадардта ӕма ин куд банхус кодта, уомӕ. Еу уӕхӕни филистимӕгтӕ Самсони ниййахӕссунмӕ ӕрбацудӕнцӕ Лехимӕ, ӕвӕдзи, еци бунат Иудейи адтӕй. Иудейӕгтӕ филистимӕгтӕй хъӕбӕр тарстӕнцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ исфӕндӕ кодтонцӕ Самсони, се ’нсувӕри, знӕгти къохмӕ раттун. Гъема ’й нӕуӕг бӕттӕнтӕй ниббастонцӕ ӕма ’й филистимӕгтӕмӕ ӕрбакодтонцӕ (Тӕрх. 15:9–13). Фал Самсонбӕл Йегови сугъдӕг хъаурӕ ӕрцудӕй, ӕма ӕ къохтӕ ци бӕттӕнтӕй баст адтӕнцӕ, етӕ ӕрхаудтӕнцӕ. Уой фӕсте иссирдта хӕрӕги ӕфсӕрӕ, райста ӕй ӕма си еу мин филистимаги рамардта. (Бакӕсӕ Тӕрхонгӕнгути 15:14–16.)

5. Самсон ӕй куд бавдиста, ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл ке даруй?

5 Самсон хъӕбӕр ӕнахур тохӕндзаумайӕй испайда кодта. Тохӕндзаума исхонӕн дӕр ӕй н’ адтӕй. Самсон ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕрмӕстдӕр сӕбӕл Йегови ’нхуси фӕрци ке фӕууӕлахез уодзӕй. Еци еузӕрдон лӕггадгӕнӕг испайда кодта, ӕ къохи рӕбун ци фӕцӕй, уомӕй. Мадта бӕрӕг ӕй: Самсон филистимӕгтӕбӕл фӕууӕлахез ӕй, ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл ке дардта, уой фӕрци.

6. Йеговӕ нин ци баихӕс кӕнуй, уой ӕнхӕст кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?

6 Уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма цидӕр гъуддагбӕл не ’схъаурӕ кӕндзӕнӕ, уӕд ди иронх ма уӕд, Йегови ӕнхуси фӕрци дин алцидӕр ке бантӕсдзӕй. Хатгай Йеговӕ гъуддаг куд ниллух кӕнуй, е нӕмӕ дессаг фӕккӕсуй. Дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йеговӕбӕл дарӕ. Е Самсонӕн хъауритӕ равардта. Мадта дӕу дӕр нӕ ниууадздзӕй ӕма дин банхус кӕндзӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ (Ӕмб. 16:3).

7. Йегови разамунд агорун цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й, е цӕхуӕн хабарӕй бӕрӕг ӕй?

7 Нӕ организаций арӕзтадон кустити ка архайуй, еци хуӕртӕ ӕма ’й ӕнсувӕртӕ гъуддагӕй ӕвдесунцӕ, сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дарунцӕ, уой. Раздӕр арӕзтадон гъуддӕгти алцидӕр нӕхуӕдтӕ фӕккӕнианӕ: проекттӕ дӕр ӕма амайгӕ дӕр. Фал рӕстӕг куд цудӕй ӕма Йегови организаци куд ирӕзтӕй, уотӕ ’й уидтан, цӕхуӕндӕр ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун ке гъӕуй. Уомӕ гӕсгӕ бӕрнон ӕнсувӕртӕ Йеговӕй разамунд курдтонцӕ ӕма цидӕртӕ ӕййевун райдӕдтонцӕ. Зӕгъӕн, мах райдӕдтан цӕттӕ бӕстихӕйттӕ ӕлхӕнун, уой фӕсте ба ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд син сӕ медӕг еститӕ раййевианӕ. Еу ӕнсувӕр Роберт берӕ аллихузи арӕзтадон проектти архайдта ӕгас дуйнебӕл дӕр. Е зӕгъуй: «Фиццӕгти алкӕмӕн ӕнцон н’ адтӕй ӕййивддзийнӕдтӕбӕл исахур ун, уомӕн ӕма косун куд райдӕдтан, е хъӕбӕр хецӕн кодта, раздӕр куд кустан, уомӕй. Фал ӕнсувӕртӕ ахур кӕнунмӕ цӕттӕ адтӕнцӕ ӕма фӕууидтонцӕ, Йеговӕ еци нӕуӕг мадзӕлттӕн ке арфӕ кӕнуй». Йеговӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ ӕ адӕни куд аразуй, уомӕн ӕрмӕстдӕр еунӕг цӕветтонмӕ ӕркастан. Хуарз уайдӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ни алкедӕр ӕхе ку бафӕрсидӕ: «Йегови разамунд агорун ӕма нӕуӕг амундтӕмӕ гӕсгӕ архайун, цӕмӕй Йеговӕн, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ лӕггадӕ кӕнон?»

САМСОН ЙЕГОВИ ӔНХУСӔЙ ПАЙДА КОДТА

8. Самсон хъӕбӕр ку исӕдонуг ӕй, уӕд ци бакодта?

8 Ӕвӕдзи, Самсони иннӕ дессаги гъуддӕгти туххӕй дӕр кастӕ. Зӕгъӕн, ӕхе къохтӕй домбаййи ниммардта, фӕстӕдӕр ба Аскалони 30 филистимаги рамардта (Тӕрх. 14:5, 6, 19). Ӕнӕ Хуцауи ӕнхусӕй ин е неци хузи бантӕстайдӕ. Самсон уой ке лӕдӕрдтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? Еу уӕхӕни 1 000 филистимагебӕл ку фӕууӕлахез ӕй, уӕд хъӕбӕр исӕдонуг ӕй. Е дон агорун ӕхуӕдӕг нӕ райдӕдта, фал Йеговӕмӕ искувта (Тӕрх. 15:18).

9. Йеговӕ Самсони кувдӕн куд исдзуапп кодта? (Тӕрхонгӕнгути 15:19).

9 Йеговӕ Самсони кувдӕн исдзуапп кодта ӕма ин дессаги хузи ӕ рази сауӕдонӕ фестун кодта. «Самсон си ниуазун райдӕдта ӕма ӕрцардӕй ӕма бабӕй имӕ хъауритӕ фӕззиндтӕй». (Бакӕсӕ Тӕрхонгӕнгути 15:19.) Пахампар Самуил Тӕрхонгӕнгути киунугӕ ку финста, уӕд дӕр ма, ӕвӕдзи, еци сауӕдонӕ уоми адтӕй. Ка ’й зонуй, израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодта, Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн сӕ бон ке ӕй цийфӕнди уавӕрти дӕр сӕ зӕрдӕ Хуцаубӕл дарун.

Самсонмӕ хъауритӕ фӕззиндтӕй, Хуцау ин ци дон равардта, уой ку баниуазта, уӕд. Мах бон дӕр уодзӕй еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун, Йеговӕ нин цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд (кӕсӕ 10 абзац)

10. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕнхус кӕна? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

10 Цийфӕнди искурдиӕдтӕ нӕмӕ ма уа ӕма нӕ лӕггади кудфӕнди ӕнтӕстгун ма уӕн, уӕддӕр гъӕуама ӕнхус Йеговӕй корӕн. Гъӕуама бонзонгӕ уӕн ӕма ’й лӕдӕрӕн, ӕцӕг ӕнтӕстгун ке уодзиан, Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд. Самсонмӕ хъауритӕ фӕззиндтӕй, Хуцау ин ци дон равардта, уой ку баниуазта, уӕд. Мах бон дӕр уодзӕй еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун, Йеговӕ нин цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд (Матф. 11:28).

11. Йегови ’нхусбӕл нӕ зӕрдӕ ке дарӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

11 Ӕркӕсӕн, Уӕрӕсей карзӕй ке фӕдбӕл зелунцӕ, еци ӕнсувӕр Алексеййи хабармӕ. Цума ин ци ’нхус кӕнуй, цӕмӕй уӕхӕн уавӕрти дӕр е ’ууӕндундзийнадӕ федар уа? Алексей зӕгъуй: «Ӕз архайун, цӕмӕй алли бон дӕр Библи кӕсон ӕма ’й ӕртасон. Алли сӕумӕ дӕр мӕ бийнойнаги хӕццӕ бони стих равзарӕн ӕма Йеговӕмӕ раковӕн». Ӕ хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Гъӕуама нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл нӕ, фал Йеговӕбӕл дарӕн. Уой туххӕй ба не ’ууӕндундзийнадӕ гъӕуама федар уа. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй алли бон дӕр Библи ӕртасӕн, Йеговӕмӕ ковӕн, ӕмбурдтӕмӕ цӕуӕн ӕма игъосун кӕнӕн. Уотӕ ку архайӕн, уӕд нин Йеговӕ дӕр рӕдауӕй арфӕ кӕндзӕй. Хуцау Самсонӕн хъауритӕ куд лӕвардта, уотӕ махӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй хъауритӕ дӕтдзӕй.

САМСОН Ӕ КЪОХТӔ НЕ ’РУАГЪТА

12. Самсони царди Далидӕ иннӕ силгоймӕгтӕй цӕмӕй хецӕн кодта ӕма ’й Самсон ке равзурста, е лӕгъуз цӕмӕй адтӕй?

12 Самсон дӕр ӕнӕнхӕст адӕймаг адтӕй. Е дӕр еуӕй-еухатт раст унаффитӕ нӕ рахӕссидӕ. Еу уӕхӕн унаффӕ ’й лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркодта. Самсон тӕрхонгӕнӕг ку иссӕй, уобӕл дзӕвгарӕ рӕстӕг рацудӕй ӕма «бауарзта еу силгоймаги, Далидӕ, зӕгъгӕ, е цардӕй Сореки дӕлфӕзи» (Тӕрх. 16:4). Уой размӕ Самсон коруйнаг адтӕй еу филистимаг силгоймаги. Е Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ адтӕй, цӕмӕй филистимӕгтӕй ӕ маст исистайдӕ. Фӕстӕдӕр Самсон филистимаг горӕт Гази ӕрлӕудтӕй еу хӕтагӕ силгоймаги хӕдзари. Еци ӕхсӕвӕ ин Хуцау хъауритӕ равардта, ӕма Самсон горӕти колдуӕрдтӕ истудта ӕма сӕ фӕххаста. Уотемӕй горӕт хъӕбӕр тӕссаг уавӕри байзадӕй (Тӕрх. 14:1–4; 16:1–3). Фал Далиди хӕццӕ ба хабар ӕндӕрхузи адтӕй. Е, ӕвӕдзи, дзиуиттаг адтӕй, ӕма ӕ хӕццӕ ке байеу ӕй, уомӕй ин филистимӕгти нихмӕ тох кӕнгӕй неци пайда адтӕй.

13. Далидӕ Самсонӕн ци бакодта?

13 Далидӕн филистимӕгтӕ хъӕбӕр берӕ ӕхца бафистонцӕ, цӕмӕй син исарази адтайдӕ Самсони рауӕйӕ кӕнун. Гъема Самсони уӕгъдӕ нӕбал уагъта ӕма ин ӕдзох лигъстӕ кодта, цӕмӕй, ӕ хъаурӕ цӕй медӕг ӕй, уой ин зӕгъа. Гӕрр, Самсон гъе уӕхӕн ӕнцонсайӕн адтӕй, удта Далиди уотӕ хъӕбӕр бауарзта, ӕма ин ӕ цъамар фӕндӕ нӕ фӕууидта? Кудфӕнди ма адтайдӕ, уӕддӕр Самсон исарази ӕй алцидӕр радзорунмӕ. Гъигагӕн, еци рӕдуди туххӕй рӕстӕгмӕ ӕ хъаурӕй ӕма Йегови хуарзӕнхӕй фенӕхай ӕй (Тӕрх. 16:16–20).

14. Самсон Далидӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке бадардта, е ӕй цӕмӕ ’ркодта?

14 Самсон ӕ зӕрдӕ Далидӕбӕл ке бадардта, Йеговӕбӕл нӕ, фал, уой туххӕй хъӕбӕр устур аргъ бафиста. Филистимӕгтӕ ’й ниййахӕстонцӕ, ӕ цӕститӕ ин искъахтонцӕ ӕма ’й исбадун кодтонцӕ, ӕ колдуӕрдтӕ кӕмӕн фӕххаста, еци горӕти ахӕстдони, Гази. Цагъар си искодтонцӕ ӕма уоми ахӕстдони куройни дор зилдта. Фӕстӕдӕр филистимӕгтӕ устур бӕрӕгбон искодтонцӕ, цӕмӕй сӕ хуцау Дагонӕн нивӕндтӕ ӕрхастайуонцӕ. Етӕ ӕууӕндтӕнцӕ, Самсони син сӕ къохмӕ Дагон ке равардта. Гъема ’й ахӕстдонӕй рахонун кодтонцӕ, цӕмӕй сӕ райерхӕфстайдӕ (Тӕрх. 16:21–25).

Йеговӕ Самсонӕн хъауритӕ равардта, цӕмӕй, филистимӕгтӕн ци тӕрхон рахаста, уой исӕнхӕст кодтайдӕ (кӕсӕ 15 абзац)

15. Самсон ӕй куд бавдиста, ӕ зӕрдӕ нӕуӕгӕй Йеговӕбӕл ке даруй? (Тӕрхонгӕнгути 16:28–30). (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

15 Кӕд Самсон фӕррӕдудӕй, уӕддӕр ӕ къохтӕ не ’руагъта. Фӕндадтӕй ӕй, Йеговӕ ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнун, гъома филистимӕгти фесафун. (Бакӕсӕ Тӕрхонгӕнгути 16:28–30.) Уой туххӕй Йеговӕн ниллигъстӕ кодта: «Раттӕ мин уой фадуат, цӕмӕй филистимӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕцӕг Хуцау ӕй фегъуста, ӕма имӕ раздӕр ци хъаурӕ адтӕй, уомӕй ӕй исхайгин кодта. Гъема аци хатт Самсон цӕйбӕрцӕ филистимӕгтӕ рамардта, уойбӕрцӕ некӕдма.

16. Самсони рӕдудӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Кӕд Самсон ӕ рӕдудбӕл устур аргъ бафиста, уӕддӕр ӕй идарддӕр дӕр фӕндадтӕй Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнун. Мах дӕр ку фӕррӕдуйӕн ӕма нӕ бараст кӕнун ку фӕгъгъӕуй кенӕ ба ма сауӕнгӕ нӕ кадгин ихӕстӕй ку фенӕхай уӕн, уӕд нӕ нӕ къохтӕ уадзун нӕ фӕгъгъӕуй. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: нӕ Хуцау алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй ниххатир кӕнунмӕ (Пс. 103:8–10). Кӕд раздӕр цӕхуӕндӕр рӕдудтитӕ искодтай, уӕддӕр дӕбӕл Йеговӕ ӕ къох нӕ ракъуӕрдзӕй. Ка ’й зонуй ма дин нӕуӕг ихӕстӕ дӕр бабарӕ кӕндзӕй, ӕма дин еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ хъауритӕ дӕр ратдзӕй, кӕддӕр Самсонӕн куд равардта, уотӕ.

Самсон ӕ рӕдудбӕл хъӕбӕр фӕсмон кодтайдӕ, фал ӕ къохтӕ не ’руагъта. Мах дӕр гъӕуама нӕ къохтӕ ма уадзӕн (кӕсӕ 17 ӕма 18 абзацтӕ)

17, 18. Майкли хабар дин дӕ нифс куд федар кӕнуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

17 Ӕркӕсӕн еу ӕригон ӕнсувӕр Майкли хабармӕ. Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кодта. Ӕмбурди адтӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр, удта ма ӕнхӕстрӕстӕг пионер. Фал, гъигагӕн, еу рӕдуди туххӕй ӕ кадгин ихӕстӕй фенӕхай ӕй. Е зӕгъуй: «Уӕди уӕнгӕ мӕ рӕстӕгӕн ӕ фулдӕр хай ӕрвистон Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй. Фал ӕвваст еуварс кӕмидӕр равзурстӕн. Уотӕ некӕд гъуди кодтон, ӕма ми Йеговӕ ӕхе рахадта, фал ӕй нӕ зудтон, Йеговӕмӕ раздӕр куд хӕстӕг адтӕн, уотӕ ма имӕ бахӕстӕг уодзӕн ӕма раздӕр ӕмбурди ци ихӕстӕ ӕнхӕст кодтон, уони ма ескӕд ӕнхӕст кӕндзӕн».

18 Фал Майкл ӕ къохтӕ не ’руагъта. Идарддӕр зӕгъуй: «Ме ’гас хъауритӕ исаразтон, цӕмӕй мин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ адтӕй, е мин нӕуӕгӕй фӕззиндтайдӕ. Ци мӕ тухсун кӕнуй, уой ин ӕдзохдӕр дзурдтон, ӕ Дзурд ин ӕртастон ӕма ибӕл сагъӕс кодтон». Рӕстӕг рацудӕй ӕма бабӕй Майклӕн ӕмбурди хуарз ном фӕззиндтӕй. Абони лӕггадӕ кӕнуй хестӕр нӕлгоймагӕй ӕма ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй. Майкл ма загъта: «Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мин устур ӕнхус адтӕнцӕ, уӕлдайдӕр ба хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уони фӕрци ’й балӕдӕрдтӕн, Йеговӕ мӕ нур дӕр ма ке уарзуй. Мӕ бон бабӕй адтӕй ӕмбурди кӕдзос цӕсгонӕй лӕггадӕ кӕнун. Нур ӕй мӕхецӕй зонун, адӕймаг ӕцӕгӕй зӕрдӕй ку ’рфӕсмон кӕна, уӕд ин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй ке ниххатир кӕндзӕй». Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, ку фӕррӕдуйӕн, фал нӕ рӕдуд исраст кӕнунбӕл ку фӕййархайӕн ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку фӕддарӕн, уӕд ни идарддӕр дӕр ӕ гъуддаги ке пайда кӕндзӕй ӕма нин ке арфӕ кӕндзӕй (Пс. 86:5; Ӕмб. 28:13).

19. Самсони хабарӕй дин дӕ нифс ци бафедар кодта?

19 Аци статьяй ӕркастан Самсони цардӕй цалдӕр хабаремӕ. Е дӕр ӕнӕнхӕст адтӕй, ӕма Далидӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке бадардта, уомӕй хъӕбӕр фӕррӕдудӕй. Фал Йеговӕн идарддӕр лӕггадӕ кодта, ӕма си Хуцау дӕр ӕхе нӕ рахадта – е ма ин банхус кодта еу ӕхсидзгӕ гъуддаги дӕр. Самсон Йегови цӕсти адтӕй, федар ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ адтӕй, уӕхӕн адӕймаг. Е бӕрӕг ӕй, Дзиуиттӕгтӕмӕ 11 сӕри ӕ ном финст ке ’рцудӕй Хуцауи иннӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути хӕццӕ. Ци ӕхцӕуӕн нин ӕй, зин рӕстӕгути нин хъауритӕ ка раттуй ӕма нӕ ка бафедар кӕнуй, уӕхӕн уарзӕгой уӕларвон Фидӕн лӕггадӕ кӕнун! Гъӕйдӕ мадта мах дӕр тухст уавӕри ку уӕн, уӕд Самсони хузӕн Йеговӕй корӕн: «Ӕргъуди мӕ кӕнӕ, ӕма... мин... раттӕ хъауритӕ» (Тӕрх. 16:28).

3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт

a Самсони ном беретӕ фегъустонцӕ, сауӕнгӕ ма Библи хуарз ка нӕ зонуй, етӕ дӕр. Самсони туххӕй киунугутӕ финсунцӕ ӕма кинотӕ есунцӕ. Фал ӕ хабар уой туххӕй финст не ’рцудӕй, цӕмӕй нӕ деси бафтауа. Еци адӕймаг е ’ууӕндундзийнадӕй фӕнзуйнаг адтӕй ӕма си нӕ бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун.