Унаффитӕ. Ӕрмӕг агорӕн куд ес?
Ихӕслӕвӕрдтӕ сувӕллӕнттӕн
Ниййергутӕбӕл хъӕбӕр устур ихӕс ес – сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ (Еф. 6:4). Еци гъуддаги ниййергутӕн банхус кӕнунмӕ Хуцауи организаци рауадзуй хъӕбӕр берӕ статьятӕ, видеороликтӕ ӕма зартӕ. Уӕ бон си куд ӕй пайда кӕнун?
Бацотӕ сайтмӕ jw.org. Уоми сувӕллӕнттӕн ӕма, ирӕзгӕ кари ка ӕй, уонӕн иссердзиайтӕ берӕ ӕрмӕг, зӕгъӕн, видеороликтӕ ӕма, ниммухур кӕнӕн ке ес, уӕхӕн ихӕслӕвӕрдтӕ a. Цӕмӕй сӕ иссерайтӕ, уой туххӕй сайти «Поиск» финст кӕми ес, уоми бафинсетӕ дзурд «дети» кенӕ «подростки».
Уӕ сувӕллонӕн пайда ка уодзӕй, уӕхӕн ӕрмӕг равзаретӕ. Цӕмӕй фулдӕр ӕрмӕг иссерайтӕ, уой туххӕй бацотӕ хаймӕ «Дети» ӕма равзаретӕ «Задания для семейного поклонения».
Ци ихӕслӕвӕрдтӕ равзаретӕ, уони уӕ сувӕллони хӕццӕ еумӕ искӕниайтӕ. Еци ӕрмӕгӕй уӕ сувӕллони уотид райерхӕфсунмӕ кенӕ, цӕмӕй сабур бада, уой туххӕй ма пайда кӕнтӕ. Уӕ нисан уӕд, цӕмӕй уӕ сувӕллон Йегови бауарза ӕма ӕ хӕццӕ балимӕн уа.
a Приложений JW Library® иссерӕн ес нӕ сайти сувӕллӕнттӕн ци ӕрмӕг ес, уой, зӕгъӕн, видеороликтӕ ӕма, ниммухур кӕнӕн ке ес, еци ихӕслӕвӕрдтӕй кӕцидӕртӕ.