39 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Хъаурӕгин ке дӕ, е бӕрӕг уӕд дӕ фӕлмӕн уодигъӕдӕй
«Хецауи цагъар ба гъӕуама хилӕ ма кӕна, фал гъӕуама алке хӕццӕ дӕр уа фӕлмӕн» (2 ТИМ. 2:24).
120 ЗАР Киристей хузӕн фӕлмӕн уодигъӕди хецау уотӕ
РАЗДЗУРД a
1. Еуӕй-еухатт нӕ кусти кенӕ скъолай цӕбӕл фӕффӕрсунцӕ?
ДЕ ’МКОСГУТӔЙ кенӕ дӕ де ’мкъласонтӕй еске дӕ дини туххӕй ку фӕффӕрсуй, уӕд тухсун нӕ райдаис? Беретӕ ни ратухсунцӕ. Фал уӕхӕн фарстатӕй тухсун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма уони фӕрци нӕ бон фӕууй балӕдӕрун, иннӕ адӕймаг цӕбӕл ӕууӕндуй, уой. Уотемӕй ба нин адӕймагӕн хуарз хабар радзорун ӕнцондӕр уодзӕй. Фал еуӕй-еуетӕ фарстатӕ фӕддӕттунцӕ, уомӕн ӕма цӕхуӕндӕр ахурӕдти хӕццӕ арази нӕ фӕуунцӕ кенӕ ба сӕ фӕффӕндуй, раст ке нӕ ан, уой бавдесун. Арӕхдӕр уотӕ фӕууй, уомӕн ӕма адӕн баууӕндунцӕ, Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ци мӕнгӕттӕ фӕдздзорунцӕ, уонӕбӕл (Гъуд. 28:22). Уомӕй уӕлдай ма Библий финст ӕрцудӕй, «фӕстаг бӕнтти» рӕстӕг адӕн зиндзурд ӕма ӕнӕхатир ке уодзӕнцӕ (2 Тим. 3:1, 3).
2. Фӕлмӕн уодигъӕдӕ дин уа, е ӕхсидзгӕ цӕмӕй ӕй?
2 Ка ’й зонуй, сагъӕс кодтай: «Мӕ бон куд ӕй сабурӕй ӕма уӕзданӕй дзорун, еске мӕ мӕ дини туххӕй хинцфӕрсӕ ку кӕна, уӕд?» Еци гъуддаги дин банхус кӕндзӕй еу хуарз менеуӕг – фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Еци менеуӕг дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма ратухсай, адӕймаг дӕмӕ къахӕн фарстатӕ ку дӕтта кенӕ ин ӕ фарстабӕл куд исдзуапп кӕнай, уой ку нӕ зонай, уӕд (Ӕмб. 16:32). Фал, ка ’й зонуй, зӕгъдзӕнӕ: «Дзорун бӕргӕ ӕнцон ӕй». Мадта дин еци менеуӕг дӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун цӕй фӕрци бантӕсдзӕй? Цума дин ци банхус кӕндзӕй фӕлмӕнӕй дзорун, адӕймаг дин дӕ дини нихмӕ ести ку дзора, уӕд? Кӕд дин сувӕллӕнттӕ ес, уӕд уони ба дӕ бон куд ӕй исахур кӕнун, цӕмӕй фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй сӕ дини сӕрбӕл дзоронцӕ? Гъӕйдӕ уобӕл радзубанди кӕнӕн.
ДӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ ДӔ УОДИГЪӔДӔ ФӔЛМӔН УА?
3. Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, еци адӕймаги хъаурӕгин исхонӕн цӕмӕн ес? (2 Тимофеймӕ 2:24, 25).
3 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, еци адӕймаг лӕмӕгъ ӕй. Фал е уотӕ нӕй. Цӕмӕй дӕ бон уа тухст уавӕри дӕр сабур ун, уой туххӕй устур хъаурӕ гъӕуй. Фӕлмӕн уодигъӕдӕ дӕр хауй, «Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй», уомӕ (Гал. 5:22, 23). Дзурдбаст «фӕлмӕн уодигъӕдӕ» ци грекъаг дзурдӕй ратӕлмац кодтонцӕ, уомӕй пайда кодтонцӕ, къохахур ке искодтонцӕ, уӕхӕн гъӕддаг бӕхи кой кӕнгӕй. Кӕд къохахур иссӕй, уӕддӕр ӕ хъаурӕ нӕ фӕмминкъийдӕр ӕй. Уотӕ адӕймаг дӕр еци менеуӕгбӕл куд фулдӕр архайа, уотӕ хъаурӕгиндӕр кӕндзӕй. Фал нӕмӕ цӕмӕй еци менеуӕг фӕззинна, уой туххӕй ӕгас хъауритӕй архайун фагӕ нӕй. Гъӕуама Хуцауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ корӕн, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна еци менеуӕг нӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун. Е беретӕн бантӕстӕй. Зӕгъӕн, Йегови Ӕвдесӕнтӕй беретӕ фӕлмӕнӕй фӕдздзорунцӕ, нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ сӕ сӕ фарстатӕй къуммӕ батӕрунбӕл ку фӕййархайунцӕ, уӕд. Ӕма уой фӕрци беретӕ Ӕвдесӕнтӕмӕ хуӕздӕр цӕстӕй кӕсун райдайунцӕ. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 2:24, 25.) Мадта цӕмӕй дӕу уодигъӕдӕ дӕр фӕлмӕн уа, уой туххӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун?
4. Исаккӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
4 Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн адтӕй, уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ Библий берӕ ес. Сӕ еу адтӕй Исак. Филистимаг горӕт Герари рази ку ӕрцардӕй, уӕд имӕ ӕ синхӕгтӕ соцъа кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма, ӕ фиди цагъартӕ ци цъайтӕ искъахтонцӕ, уони сикъитӕй байдзаг кодтонцӕ. Исак сӕ хӕццӕ буцӕу кӕнун нӕ райдӕдта, фал исистадӕй, ӕндӕр бунати ӕрцардӕй ӕма уоми нӕуӕг цъайтӕ искъахта (Райд. 26:12–18). Фал бабӕй аци хатт дӕр филистимӕгтӕ загътонцӕ, аци цъайтӕ дӕр мах ӕнцӕ, зӕгъгӕ. Кӕд ин уӕхӕн фудмиутӕ кодтонцӕ, уӕддӕр Исак сӕ хӕццӕ не ’схилӕ ’й (Райд. 26:19–25). Цума ин ци банхус кодта, цӕмӕй сабур ӕма фӕлмӕн адтайдӕ, иннетӕ хилӕ ракъахунмӕ ку гъавтонцӕ, уӕд? Уомӕй иронх н’ адтӕй ӕ ниййергутӕ Авраам ӕма Сарри цӕветтон. Е ӕй уидта, ӕ фидӕ гъуддӕгтӕ лух кӕнгӕй фӕрнӕй ке архайдта, удта ’й зудта, ӕ мадӕ «сабур ӕма фӕлмӕн уодигъӕди» хецау ке адтӕй (1 Пет. 3:4–6; Райд. 21:22–34).
5. Цӕхуӕн хабарӕй зиннуй, ниййергути бон ке ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй фӕлмӕн уодигъӕди хецӕуттӕ уонцӕ?
5 Ниййергутӕ, ма ибӕл гурусхӕ кӕнтӕ, уӕ бон ӕй уӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй фӕлмӕн уодигъӕди хецӕуттӕ уонцӕ. Ӕркӕсӕн 17-анздзуд Максанси хабармӕ. Скъолай ӕма игъосун кӕнгӕй мӕстгунгӕнагӕ адӕнбӕл арӕх исӕмбӕлидӕ. Фал ин ӕ ниййергутӕ фӕразонӕй ӕнхус кодтонцӕ, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймаг адтайдӕ. Етӕ зӕгъунцӕ: «Максанс ӕй балӕдӕрдтӕй, мӕстӕй рафицунмӕ ӕма фур мӕстӕй еститӕ ракӕнунмӕ берӕ хъауритӕ ке нӕ фӕгъгъӕуй. Дзӕвгарӕ зиндӕр фӕууй хебӕл фӕххуӕцун». Максанс ӕй фӕууидта, ӕцӕг хъаурӕ цӕй медӕг ӕй, уой – фӕлмӕн ӕма сабур уодигъӕди медӕг. Гъема ин бантӕстӕй еци менеуӕг ӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун.
6. Кувд нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нин никки хуӕздӕр уайа нӕхе фӕлмӕнӕй дарун?
6 Нӕхе куд гъӕуама дарӕн, еске Хуцауи туххӕй лӕгъуз ести ку дзора кенӕ, Библий ци финст ес, уобӕл ку хода? Гъӕуама Йеговӕй корӕн ӕ сугъдӕг хъаурӕ ӕма зунд, цӕмӕй нӕ бон исуа фӕлмӕнӕй дзуапп раттун. Фал ӕй, зӕгъӕн, балӕдӕрдтӕ, дӕхе, куд гъудӕй, уотӕ ке нӕ бадардтай. Уӕд дӕ бон ӕй нӕуӕгӕй раковун ӕма расагъӕс кӕнун, иннӕ хатт уӕхӕн уавӕри хуӕздӕр куд адтайдӕ бакӕнун. Йеговӕ ба нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕтдзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа не ’нкъарӕнти фӕдбӕл ма цӕун ӕма фӕлмӕнӕй архайун.
7. Библий стихтӕ ахур кӕнун пайда цӕмӕн ӕй? (Ӕмбесӕндтӕ 15:1, 18).
7 Библий стихтӕ нин устур ӕнхус уодзӕнцӕ, цӕхуӕндӕр уавӕрти нин фӕлмӕнӕй дзорун зин ку уа, уӕд. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин сӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕй (Иоан. 14:26). Зӕгъӕн, берӕ хуарз унаффитӕ ес Ӕмбесӕндти киунуги. Еци унаффитӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ фӕлмӕндӕр уа. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 15:1, 18.) Еци киунугӕй ма хуарз зиннуй, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй сабур уӕн, ести тухст уавӕри ку бахауӕн, уӕд (Ӕмб. 10:19; 17:27; 21:23; 25:15).
ЛӔДӔРГӔДЗИЙНАДӔ НИН ӔНХУС КӔНУЙ, ЦӔМӔЙ НӔ УОДИГЪӔДӔ ФӔЛМӔН УА
8. Адӕймаг нӕмӕ цӕхуӕндӕр фарста цӕмӕн дӕттуй, уой лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
8 Цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕлмӕн уа, уой туххӕй гъӕуй лӕдӕргӕдзийнадӕ (Ӕмб. 19:11). Лӕдӕргӕ адӕймаг хатдзӕгтӕ кӕнунмӕ нӕ фӕттагъд кӕнуй, естӕбӕл ӕй ку бафӕрсунцӕ, уӕд. Еуӕй-еу фарстатӕ рабарун ӕнгъезуй айсберги хӕццӕ. Айсбергӕн ӕ фулдӕр хай дони буни фӕууй ӕма нӕ фӕззиннуй. Гъе уотӕ фӕууй, адӕймаг нӕ естӕбӕл ку фӕффӕрсуй, уӕд дӕр. Фарста раттунмӕ ’й ци баразӕнгард кодта, уой нӕ фӕззонӕн. Уомӕ гӕсгӕ бал фиццаг гъӕуй исбӕрӕг кӕнун, адӕймаг нӕ цӕбӕлдӕр цӕмӕн фӕрсуй, уой фӕсте ба ин дзуапп кӕнун (Ӕмб. 16:23).
9. Гедеон ефремӕгти хӕццӕ ку дзурдта, уӕд куд рабӕрӕг ӕй, фӕлмӕн ӕма лӕдӕргӕ адӕймаг ке ӕй?
9 Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Гедеон ефремӕгти хӕццӕ ӕхе куд бадардта, уой. Етӕ ’й уайдзӕфти буни фӕккодтонцӕ, израилӕгти знӕгти нихмӕ тох кӕнунмӕ нӕмӕ раздӕр цӕмӕннӕ фӕдздзурдтай, зӕгъгӕ. Фал гъуддаг цӕй медӕг адтӕй? Гедеонмӕ уотӕ цӕмӕн исмӕстгун ӕнцӕ? Сӕ кадӕбӕл ӕгӕр нӕ тухстӕнцӕ? Гедеон лӕдӕргӕ разиндтӕй ӕма байархайдта, цӕмӕй син фӕлмӕнӕй дзуапп равардтайдӕ. Ефремӕгтӕ уӕхӕн фӕлмӕн дзуапп ку фегъустонцӕ, «уӕд сӕ маст иссудӕй» (Тӕрх. 8:1–3).
10. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй алке хӕццӕ дӕр фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорай? (1 Петури 3:15).
10 Зӕгъӕн, де ’мкосӕг кенӕ дӕ де ’мкъласон фӕрсуй, Библимӕ гӕсгӕ цӕмӕн цӕрис, зӕгъгӕ? Ӕвӕдзи, дзуапп дӕтгӕй байархайдзӕнӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, адӕймагӕн ӕ гъуди ке нимайис. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:15.) Адӕймаг дӕ естӕбӕл ку фӕрса, уӕд уомӕ уӕхӕн цӕстӕй ма кӕсӕ, цума ’й дӕу кенӕ дӕ дини нихмӕ ести зӕгъун фӕндуй, фал байархайӕ, цӕмӕй балӕдӕрай, адӕймаги ӕцӕгӕй ци тухсун кӕнуй, уой. Уӕлдай си нӕййес, адӕймаг нӕ цӕбӕлдӕр цӕмӕн фӕрсуй, уомӕй. Мах фӕндуй алкӕддӕр фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорун. Ка ’й зонуй, нӕ дзуапмӕ гӕсгӕ адӕймаг ӕ гъуди феййева. Уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма адӕймаг нӕ хӕццӕ гурумухъ дзурд кӕнуй кенӕ нӕбӕл гириз кӕнуй, уӕд дӕр гъӕуама ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзорӕн (Ром. 12:17).
11, 12. а) Зин фарстабӕл исдзуапп кӕнуни размӕ цӕбӕл фӕгъгъӕуй расагъӕс кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.) б) Хуарз дзубанди цӕй фӕрци рауайдзӕй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.
11 Де ’мкосӕг дӕ ку бафӕрса, Йегови Ӕвдесӕнтӕ игурӕн бӕнттӕ цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ, уӕд расагъӕс кӕнӕ, цӕмӕн дӕ фӕрсуй, уобӕл. Ка ’й зонуй имӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нин нӕхе ерхӕфсун ӕппундӕр не ’нгъезуй. Кенӕ ба, ӕвӕдзи, тухсуй, уотемӕй нӕхе иннетӕй ке еуварс кӕнӕн ӕма уой туххӕй, ӕмкосгути астӕу ци фарнӕ ес, уой ке ихалӕн. Цӕмӕй имӕ уотӕ ма кӕса, уой туххӕй ин нӕ бон ӕй зӕгъун, иннетӕбӕл ке тухсуй, уомӕн ке аргъ кӕнӕн ӕма нӕхе дӕр ке фӕндуй, цӕмӕй кусти медӕг кӕрӕдзей лӕдӕрӕн. Уотемӕй, ка ’й зонуй, нӕ астӕу дзӕбӕх дзубанди рауайа ӕма нин бантӕса, игурӕн бӕнтти туххӕй Библий ци финст ес, уой балӕдӕрун кӕнун.
12 Адӕймагмӕ ӕндӕр уӕхӕн ести фарстатӕ ку фӕззинна, уӕддӕр нӕ бон ӕй уотӕ архайун. Зӕгъӕн, де ’мкъласон дин зӕгъуй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ гомосексуалиститӕмӕ сӕ цӕстингас ке гъӕуама раййевонцӕ. Цума уотӕ цӕмӕн дзоруй? Ка ’й зонуй ӕй ӕнхӕст нӕ лӕдӕруй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ гомосексуализми туххӕй ци гъуди кӕнунцӕ, уой? Кенӕ ба, гӕнӕн ес, ӕма ӕ хеуӕнттӕй кенӕ е ’мбӕлттӕй еске гомосексуалист ӕй. Ка ’й зонуй имӕ уотӕ кӕсуй, ӕма уӕхӕн адӕнӕй не ’сӕфт уинӕн. Ӕвӕдзи ин гъӕудзӕй балӕдӕрун кӕнун, мах ӕгас адӕни дӕр ке уарзӕн ӕма алли адӕймагӕн дӕр равзаруни барӕ ке ес, уой ке нимайӕн (1 Пет. 2:17) b. Гӕнӕн ес, ӕма ин уой фӕсте нӕ бон исуодзӕй радзорун, адӕймаг Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕццӕруй, уӕд амондгундӕр ке фӕууй.
13. Хуцаубӕл ке ӕууӕндӕн, уобӕл еске ку хода, уӕд нӕхе куд гъӕуама дарӕн?
13 Адӕймаг ӕ гъуди хъӕбӕр карзӕй ку дзора, уӕддӕр нӕмӕ гъӕуама уотӕ ма кӕса, ӕма ’й нур бӕлвурдӕй зонӕн, адӕймаг цӕбӕл ӕууӕндуй, уой (Тит. 3:2). Зӕгъӕн, де ’мкъласон дин зӕгъуй, Хуцаубӕл ӕууӕндун ходӕг ке ӕй. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма эволюцибӕл федарӕй ӕууӕндуй ӕма еци фарстай туххӕй алцидӕр хуарз зонуй? Ка ’й зонуй, е ӕхе гъуди нӕй, фал, иннетӕй ци фегъуста, уой дзоруй. Ӕ хӕццӕ буцӕу кӕнуни бӕсти ин еу цалдӕр гъудий зӕгъӕн, цӕмӕй сӕбӕл уой фӕсте расагъӕс кӕна. Зӕгъӕн, нӕ сайти jw.org сфӕлдистади туххӕй ци финст ес, уой ин бавдесӕ кенӕ ба имӕ ссылкӕ рарветӕ. Гӕнӕн ес, ӕма сайти ци бакӕса кенӕ ци фӕууина, уой туххӕй ӕй дӕ хӕццӕ радзорун бафӕнддзӕй. Адӕймаги гъуди ке нимайӕн, е нӕ дзурдӕй бӕрӕг ку уа, уӕд ӕй, ка ’й зонуй, фӕстӕдӕр Библий туххӕй фулдӕр базонун бафӕнддзӕй.
14. Нилл нӕ сайттӕй куд испайда кодта, цӕмӕй е ’мкъласонӕн банхус кодтайдӕ Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй ӕ гъуди раййевунмӕ?
14 Еу ӕригон биццеу Нилл нӕ сайтӕй фӕппайда кӕнуй, цӕмӕй еуӕй-еуетӕ Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй раст ке нӕ гъуди кӕнунцӕ, уой балӕдӕрун кӕна. Нилл зӕгъуй: «Мӕ еу ӕмкъласон мин алкӕддӕр уотӕ фӕдздзоридӕ, ду, дан, не ’ууӕндис наукӕбӕл ӕма бӕлвурдгӕнӕнтӕбӕл, фал – цидӕр аргъӕутти киунугӕбӕл». Фал Ниллӕн дзурди барӕ ке некӕд фӕддӕттидӕ, уомӕ гӕсгӕ ин е ’ргом раздахта нӕ сайти ци хай ес, уомӕ, «Наука и Библия», зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр ӕй Нилл балӕдӕрдтӕй, е ’мкъласон сайтмӕ ке бацӕуидӕ, уомӕн ӕма имӕ хуӕздӕр игъосун райдӕдта. Ду дӕр уотӕ ку архайай, уӕд дин, ка ’й зонуй, фулдӕр ӕнтӕсун райдайдзӕй.
ӔМБУРД БИЙНОНТӔЙ УӔХЕ ЦӔТТӔ КӔНТӔ
15. Ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнун сӕ дини туххӕй фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзуапп кӕнун?
15 Не ’ригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти скъолай сӕ дини туххӕй арӕх фӕффӕрсунцӕ. Цума ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнун, цӕмӕй фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзуапп дӕттонцӕ? (Иак. 3:13). Еуӕй-еу ниййергутӕ бийнонти ахури рӕстӕг сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ равзарунцӕ цӕхуӕндӕр уавӕр кенӕ фарста ӕма ибӕл радзубанди кӕнунцӕ. Удта сувӕллонӕн балӕдӕрун кӕнунцӕ, ӕ бон куд адтайдӕ фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорун. Уой фӕсте ба ин фадуат раттунцӕ, цӕмӕй ӕхуӕдӕг бавзара еци фарстабӕл дзуапп раттун. (Кӕсӕ рамкӕ « Бийнонти ахури рӕстӕг».)
16, 17. Бийнонти ахури рӕстӕг аллихузи уавӕртӕ ку ’взарайтӕ ӕма сӕбӕл ку дзубанди кӕнайтӕ, уӕд е не ’ригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд банхус кӕндзӕй?
16 Бийнонти ахури рӕстӕг уотӕ ку архайайтӕ, уӕд сувӕллӕнттӕ ахур кӕндзӕнцӕ, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой лӕдӕрун кӕнун ӕма ’й уотемӕй сӕхуӕдтӕ дӕр лӕдӕрдзӕнцӕ, Библибӕл ӕууӕндӕн ке ес. Нӕ сайти, рубрики «Вопросы молодежи» ци статьятӕ ес, уонӕй беретӕмӕ фӕууй «Рабочие схемы для подростков». Сӕ нисан ӕй, не ’ригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун ӕма сӕ бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй фарстатӕбӕл сӕхе дзурдтӕй дзуапп кӕнонцӕ. Еци статьятӕ ӕмбурд бийнонтӕй ку ӕртасайтӕ, уӕд сувӕллӕнтти ӕма ниййергути бон дӕр уодзӕй, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой сӕрбӕл фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорун.
17 Мэтью радзурдта, бийнонти ахури рӕстӕг аллихузи уавӕртӕ ке февзарунцӕ, е ин куд банхус кодта. Мэтью зӕгъуй: «Мах расагъӕс кӕнӕн, мӕ бон цӕхуӕн уавӕртӕбӕл ӕй скъолай исӕмбӕлун. Удта ӕрмӕг байагорӕн ӕма мӕ бон куд адтайдӕ исдзуапп кӕнун, уой бавзарӕн. Мӕхуӕдӕг ӕй хуарз ку фӕллӕдӕрун, цӕбӕлдӕр цӕмӕн ӕууӕндун уой, уӕд мӕ естӕбӕл ку фӕффӕрсунцӕ, уӕд нӕ ратухсун ӕма мӕ бон фӕууй фӕлмӕнӕй дзорун».
18. Колоссӕгтӕмӕ 4:6 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
18 Цӕмӕй адӕймаг естӕбӕл баууӕнда кенӕ ӕ гъуди раййева, уой туххӕй алкӕд бӕлвурдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссун фагӕ нӕ фӕууй. Фал фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй ку дзорӕн, уӕд нин е устур ӕнхус уодзӕй. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 4:6.) Уой рабарӕн ес, къозойӕй куд гъазай, уой хӕццӕ. Ке хӕццӕ гъазис, уомӕ дӕ бон ӕй къозо сабургай багӕлдзун кенӕ ба ибӕл ӕй фентъохун. Къозо сабургай ку багӕлдзӕн, уӕд ӕй адӕймагӕн ӕнцондӕр ӕрахӕссӕн уодзӕй ӕма гъазт не ’рлӕудзӕй. Гъе уотӕ нӕ гъудитӕ дӕр фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй ку дзорӕн, уӕд нӕмӕ адӕн хуӕздӕр игъосдзӕнцӕ ӕма нин нӕ дзурд ӕрдӕгбӕл не ’ркъуӕрдзӕнцӕ. Фал ӕй ку балӕдӕрӕн, ӕма адӕймаги нӕ хӕццӕ рабуцӕу ун фӕндуй кенӕ, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уобӕл рагириз кӕнун, уӕд нӕ бон ӕй ӕ хӕццӕ идарддӕр мабал дзорун (Ӕмб. 26:4). Фал раст зӕгъгӕй, уӕхӕн адӕнбӕл уотӕ арӕх нӕ фембӕлӕн. Радзубанди кӕнунмӕ цӕттӕ ка фӕууй, уӕхӕн адӕн фулдӕр фӕуунцӕ.
19. Цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой сӕрбӕл дзорун нӕ фӕлмӕнӕй цӕмӕн фӕндуй?
19 Мадта бӕрӕг ӕй: фӕлмӕн уодигъӕдӕ дин уа, е ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й. Йеговӕй ӕнхус корӕ, цӕмӕй дӕ бон уа фӕлмӕнӕй дзорун, еске дӕ хинцфӕрсӕ ку кӕна кенӕ дӕ дини нихмӕ ести ку дзора, уӕд. Иронх ди ма уӕд: ӕндӕр гъудибӕл хуӕст ка ӕй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ фӕлмӕнӕй ку дзорай, уӕд уӕ дзубанди буцӕумӕ нӕ рахездзӕй. Гӕнӕн ес, дӕ фӕлмӕн ӕма уӕздан дзуаппи фӕрци адӕймаг мах туххӕй дӕр ӕма Библий туххӕй дӕр ӕ гъуди раййевдзӕй. Цӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй дзорунмӕ «алкӕддӕр цӕттӕ уо» ӕма уой кӕнӕ «сабурӕй ӕма уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Гъӕйдӕ мадта архайӕн, цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ фӕлмӕн уа, уомӕн ӕма гъе уӕд уодзиан ӕцӕг хъаурӕгин!
88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ
a Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ бон куд ӕй фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорун, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой туххӕй нӕ ку фӕрсонцӕ кенӕ нӕ дини нихмӕ ку дзоронцӕ, уӕд.
b Фулдӕр информаци дӕ бон ӕй иссерун статьяй «Что в Библии говорится о гомосексуализме?», 2016 анзи уагъд журнали «Пробудитесь!», № 4.
c Хуарз унаффитӕ иссерӕн ес сайти jw.org, статьяти «Вопросы молодёжи» ӕма «Часто задаваемые вопросы о Свидетелях Иеговы».