41 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Цӕбӕл ахур кӕнӕн Петури финстӕгутӕй?
«Аци хабӕрттӕ [уин] ӕдзохдӕр уӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕндзӕн» (2 ПЕТ. 1:12).
127 ЗАР Цӕхуӕн адӕймаг гъӕуама уон?
РАЗДЗУРД a
1. Йеговӕ апостол Петурӕн ӕ мӕлӕти размӕ цӕхуӕн гъуддаг баихӕс кодта?
ПЕТУР берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Киристе хуарз хабар ку игъосун кодта, уӕд Петур дӕр ӕ хӕццӕ адтӕй. Еци апостоли фӕрци хуарз хабар игъустгонд ӕрцудӕй, дзиуиттаг ка н’ адтӕй, уони астӕу дӕр. Фӕстӕдӕр лӕггадӕ кодта разамонӕг совети. Ӕ мӕлӕтмӕ берӕ ку нӕбал гъудӕй, удта ма ин Йеговӕ еу гъуддаг дӕр баихӕс кодта. Нӕ эри 62–64 ӕнзти ин Хуцау дууӕ финстӕги ниффинсун кодта. Фӕстӕдӕр еци финстӕгутӕ Библимӕ хаст ӕрцудӕнцӕ – 1 ӕма 2 Петури финстӕгутӕ. Петури нифс адтӕй, еци финстӕгутӕ ӕ мӕлӕти фӕсте дӕр киристӕнттӕн ке ӕнхус кӕндзӕнцӕ Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайунмӕ (2 Пет. 1:12–15).
2. Апостол Петури финстӕгутӕ ӕ афони цӕмӕн адтӕнцӕ?
2 Петур ӕ финстӕгутӕ ниффинста, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ аллихузи фӕлварӕнтӕбӕл ку ӕмбалдӕнцӕ, еци рӕстӕг (1 Пет. 1:6). Ӕмбурди фӕззиндтӕнцӕ, мӕнгӕ ахурӕдтӕ ка парахат кодта, етӕ, удта ӕнӕгъдау цард кӕнунмӕ ка разӕнгард кодта, уӕхӕнттӕ дӕр (2 Пет. 2:1, 2, 14). Уомӕй уӕлдай ма ромаг ӕфсад Йерусалим ӕма ӕ ковӕндонӕ кӕд гъӕуама ниппурхӕ кодтайуонцӕ, еци бон дӕр хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. Уоми ка цардӕй, еци киристӕнттӕ гъӕуама къӕрцгъос адтайуонцӕ (1 Пет. 4:7). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Петури финстӕгутӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кодтонцӕ еци фӕлварӕнти сӕрти рахезунмӕ ӕма федӕни зиндзийнӕдтӕмӕ сӕхе бацӕттӕ кӕнунмӕ b.
3. Апостол Петури финстӕгутӕмӕ ӕркӕсун хуарз цӕмӕн ӕй?
3 Кӕд Петур ӕ финстӕгутӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн ниффинста, уӕддӕр Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй Библимӕ хаст ӕрцудайуонцӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма абони махӕн дӕр пайда ’нцӕ (Ром. 15:4). Мах ци дуйней цӕрӕн, е разӕнгард кӕнуй ӕнӕгъдау цард кӕнунмӕ. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ӕнцон нӕй. Уомӕй уӕлдай ма тагъд райдайдзӕй устур бӕллӕх, ӕма е уодзӕй, иудейаг цардӕвӕрдӕн ка ракӕрон кодта, еци бӕллӕхӕй дзӕвгарӕ устурдӕр. Апостол Петур ци финстӕгутӕ ниффинста, уоми хуарз унаффитӕ иссердзиан. Етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Йегови бонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, адӕнӕй ма тӕрсӕн ӕма кӕрӕдзей фулдӕрӕй-фулдӕр уарзӕн. Уомӕй уӕлдай ма еци унаффити фӕрци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл никки хуӕздӕр тухсдзӕнцӕ.
ЙЕГОВИ БОНМӔ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСӔН
4. 2 Петури 3:3, 4 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ хатгай не ’ууӕндундзийнадӕ цӕй туххӕй ӕрлӕмӕгъ уй?
4 Мах цӕрӕн, Библий пахампарӕдтӕбӕл ка не ’ууӕндуй, уӕхӕн адӕни астӕу. Нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ нӕбӕл ходунцӕ, Йегови бон тагъд ке ралӕудзӕй, уобӕл рагӕй ке дзорӕн, уой туххӕй. Кадӕртӕ ба ма уотӕ дӕр дзорунцӕ, ӕма еци бон некӕд ралӕудзӕй. (Бакӕсӕ 2 Петури 3:3, 4.) Уӕхӕн цидӕртӕ фегъосӕн ес, кӕмӕн фегъосун кӕнӕн, уонӕй, не ’мкосгутӕй кенӕ нӕ хӕстӕгутӕй. Уой туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ уа. Петур балӕдӕрун кодта, уӕхӕн уавӕри нин ци банхус кӕндзӕй.
5. Ци нин банхус кӕндзӕй аци дуйней кӕронмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун? (2 Петури 3:8, 9).
5 Ка ’й зонуй, кӕмӕдӕр уотӕ кӕсуй, ӕма Йеговӕ нӕ тагъд кӕнуй, аци дуйне фесафунмӕ. Фал нин апостол Петури дзурдтӕ нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнунцӕ, Йеговӕ рӕстӕгмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, е хъӕбӕр ке хецӕн кӕнуй, адӕн рӕстӕгмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уомӕй. (Бакӕсӕ 2 Петури 3:8, 9.) Йеговӕн мин анзи еунӕг бони хузӕн ӕнцӕ. Е фӕразон ӕй, уомӕн ӕма ’й нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа. Фал еци бон ку ралӕууа, уӕд аци дуйнейӕн ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй. Мадта ма ци рӕстӕг байзадӕй, уомӕй гъӕйдӕ раст пайда кӕнӕн ӕма хуарз хабар алкӕмӕндӕр игъосун кӕнӕн.
6. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови бон нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн? (2 Петури 3:11, 12).
6 Петур нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Йегови бон нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн. (Бакӕсӕ 2 Петури 3:11, 12.) Кутемӕй? Гӕнӕн уогӕй, гъӕуама алли бон дӕр сагъӕс кӕнӕн, нӕуӕг дуйней нӕмӕ ци дессаги хуарз цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, дӕ реуидзаг кӕдзос уӕлдӕфӕй куд исуолӕфтӕ, хуӕрзадӕ хуӕруйнӕгтӕй дӕ мондӕгтӕ куд уадзис, удта куд фембалдтӕ, дӕ хеуӕнттӕй ка райгас ӕй, уонӕбӕл ӕма, берӕ ӕностӕ раздӕр ка цардӕй, уонӕн куд дзорис, Библий пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кодтонцӕ, уой. Уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕнгъӕлмӕ кӕсунӕй нӕ бафӕллайдзиан ӕма нӕ алливарс цитӕ цӕуй, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй кӕсун нӕ райдайдзиан. Хабӕрттӕ идарддӕр куд цӕудзӕнцӕ, уой ку зонӕн, уӕд нӕ нӕ радзӕгъӕл кӕндзӕнцӕ, Йегови бон тагъд ке ралӕудзӕй, уобӕл ка не ’ууӕндуй, уони дзубандитӕ (2 Пет. 3:17).
МА БАУАДЗӔ, ЦӔМӔЙ АДӔНӔЙ ТӔРСУН РАЙДАЙАЙ
7. Адӕнӕй ку тӕрсӕн, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уодзӕй?
7 Йегови бон хӕстӕг ке ӕй, уой зонӕн, ӕма уомӕ гӕсгӕ иннетӕн дӕр хуарз хабар дзорӕн. Фал уӕддӕр еуӕй-еухатт иннети хӕццӕ дзорунмӕ нӕ нифс нӕ фӕххӕссӕн. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма фӕттӕрсӕн, ци нин зӕгъдзӕнцӕ кенӕ нин ци бакӕндзӕнцӕ, уомӕй. Уотӕ адтӕй Петури хабар дӕр. Киристейӕн тӕрхон ку кодтонцӕ, уӕд еци ӕхсӕвӕ Петур нӕ басастӕй, ӕ ахуркӕнуйнаг ке адтӕй, уобӕл. Уотӕ дӕр ма загъта, фӕсмӕргӕ дӕр ӕй нӕ кӕнун, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75). Фал фӕстӕдӕр еци апостол ниффинста: «Иннетӕ цӕмӕй тӕрсунцӕ, уомӕй ба ма тӕрсетӕ, удта ма тухсетӕ» (1 Пет. 3:14). Мадта Петури дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, уомӕн гӕнӕн ке ес, цӕмӕй адӕнӕй ма тӕрсӕн ӕма нифсгун уӕн.
8. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй адӕнӕй мабал тӕрсӕн? (1 Петури 3:15).
8 Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй адӕнӕй мабал тӕрсӕн? Петур ниффинста: «Уӕ зӕрдити Киристей нимайетӕ Хецаубӕл». (Бакӕсӕ 1 Петури 3:15.) Уомӕ ци хауй? Ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй сагъӕс кӕнӕн, абони Йесо Киристе, нӕ Хецау ӕма нӕ Паддзах, цӕхуӕн бунат ахӕссуй ӕма имӕ цӕхуӕн бартӕ ес, уобӕл. Ескӕмӕн хуарз хабар радзорунмӕ фадуат ку фӕззинна, фал тухсун ку райдайай, уӕд нӕ Паддзахбӕл расагъӕс кӕнӕ. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, уӕлӕрвти ӕ паддзахбадӕнбӕл милиуангай изӕдти астӕу куд бадуй, уой. Дӕ гъудий дарӕ: уомӕн лӕвӕрд ӕнцӕ «еугур бартӕ уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр» ӕма, «цалинмӕ аци цардӕвӕрди кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ... алли бон дӕр» нӕ хӕццӕ уодзӕй (Матф. 28:18–20). Петур нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой сӕрбӕл дзорунмӕ цӕттӕ уӕн. Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ де ’мкъласонтӕн, ахургӕнгутӕн, ӕмкосгутӕн кенӕ, бони дӕргъи кӕбӕл исӕмбӕлис, уонӕн хуарз хабар дзорун? Рагацау расагъӕс кӕнисӕ, уӕхӕн фадуат дин ку фӕззинна, уӕд син ци зӕгъдзӕнӕ, уобӕл. Йеговӕй нифсхастдзийнадӕ корӕ ӕма ибӕл ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕ, ке дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕппундӕр мацӕмӕй тӕрсай (Гъуд. 4:29).
«УӔ УАРЗТ АРТАУ СОДЗӔД»
9. Петур уарзондзийнадӕ цӕхуӕн уавӕри нӕ бавдиста? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
9 Петури дӕр уарзондзийнадӕбӕл ахур кӕнун гъудӕй. Е ӕй ӕхуӕдӕг фегъуста, Киристе уотӕ ку загъта: «Ӕз уин дӕттун нӕуӕг фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзей уарзетӕ. Ӕз уӕ куд бауарзтон, сумах дӕр уотӕ уарзетӕ уӕ кӕрӕдзей» (Иоан. 13:34). Фал уӕддӕр фӕстӕдӕр Петур, дзиуиттаг ка н’ адтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ еу фингӕбӕл нӕбал бадтӕй. Е тарстӕй, дзиуиттаг киристӕнттӕ си ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕй. Петур ӕхе куд бадардта, уой Павел исхудта цӕстӕмӕ миутӕ (Гал. 2:11–14). Гъема Петур дӕр байгъуста, Павел ин ци уайдзӕф бакодта, уомӕ. Ӕ дууӕ финстӕгеми дӕр ниффинста, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой айдагъ дзурдтӕй нӕ, фал ма гъуддӕгтӕй дӕр ке гъӕуама ӕвдесӕн.
10. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй кӕрӕдзей ӕнӕхийнӕ уарзтӕй уарзӕн? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ (1 Петури 1:22).
10 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕмӕ Петур ниффинста, сумах, дан, ӕнсувӕрти ӕнӕхийнӕ уарзтӕй бауарзтайтӕ. (Бакӕсӕ 1 Петури 1:22.) Ӕма е махӕн дӕр бантӕсдзӕй, «рӕстдзийнади коммӕ ку кӕсӕн», гъома Библийӕй ци базонӕн, уомӕй царди ку пайда кӕнӕн, уӕд. Зӕгъӕн, Библий финст ӕй, «Хуцау ке неке гъолон кӕнуй» (Гъуд. 10:34, 35). Ӕмбурди ӕрмӕстдӕр еуӕй-еуети ку уарзӕн, уӕд уотӕ зӕгъӕн нӕ уодзӕй, ӕма Киристей фӕдзӕхст, «кӕрӕдзей уарзетӕ», зӕгъгӕ, ӕнхӕст кӕнӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕмбурди нин кадӕр хӕстӕгдӕр фӕууй. Киристейӕн дӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй еуӕй-еуетӕ уӕлдай адгин адтӕнцӕ (Иоан. 13:23; 20:2). Фал нин Петур фӕдзӕхсуй, цӕмӕй ӕмбурди алкедӕр уарзӕн. Уӕд ӕй еугурӕйдӕр лӕдӕрдзӕнцӕ, ӕмбурд еу устур бийнонти хузӕн ке ӕй (1 Пет. 2:17).
11. Нӕ бон куд ӕй кӕрӕдзей «ӕгас зӕрдӕй» уарзун?
11 Петур нӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзей «ӕгас зӕрдӕй» уарзӕн. Контекстмӕ гӕсгӕ аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма гъӕуама нӕ зӕрди арӕнтӕ фӕууӕрӕхдӕр кӕнӕн, цӕмӕй алкедӕр уарзӕн, сауӕнгӕ ма ӕнцонуарзӕн ка нӕй, уони дӕр. Зӕгъӕн, кадӕр нӕ зӕрдихудти бацудӕй. Нӕ фиццаг гъуди цӕхуӕн уодзӕй? Нӕ маст исесун? Киристей фӕрци ’й Петур зудта, уӕхӕн зундахаст Йегови зӕрдӕмӕ ке нӕ цӕуй (Иоан. 18:10, 11). Е ниффинста: «Лӕгъуз лӕгъузӕй ма федетӕ ӕма уин ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ ка кӕнуй, уони ма ӕфхуӕретӕ, фал сӕ хӕццӕ уӕзданӕй дзоретӕ» (1 Пет. 3:9). Мадта кӕрӕдзей ке уарзӕн, е нӕ разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ ӕма лӕмбунӕг уӕн, сауӕнгӕ ма нӕ зӕрдихудти ка бацудӕй, уонӕмӕ дӕр.
12. а) Нӕ уарзт артау ку содза, уӕд ма нӕ е цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕй? б) Цӕхуӕн гъудитӕй дӕ фӕндадтайдӕ испайда кӕнун видеороликкӕй «Дорожите нашим единством»?
12 Апостол Петур ӕ фиццаг финстӕги ниффинста, нӕ уарзт «артау ку содза», уӕд нин е ке ӕнхус кӕндзӕй, еу кенӕ дууӕ хатти хатир кӕнун нӕ, фал берӕ хӕттити (1 Пет. 4:8). Ӕвӕдзи, Петури зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕнцӕ, кӕддӕр ин Киристе хатир кӕнуни туххӕй ци дзурдтӕ загъта, етӕ. Уӕди рӕстӕги Петурмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ кастӕй, ӕма е ’нсувӕрӕн авд хатти ку ниххатир кӕна, уӕд е устур гъуддаг ке уодзӕй. Фал ин Киристе ба загъта, авд хатти нӕ, фал ӕвдай авд хатти ке гъӕуй хатир кӕнун, гъома алли хатт дӕр (Матф. 18:21, 22). Ӕма еци дзурдтӕ махмӕ дӕр хаунцӕ. Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма уомӕн гӕнӕн нӕййес, уӕддӕр дӕ нифс ма расӕттӕд. Мах еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан, ӕма нин хатгай ниххатир кӕнун ӕнцон нӕ фӕууй. Фал гъӕуама нӕхецӕй ци кӕнгӕ ’й, уой бакӕнӕн, цӕмӕй нӕ зӕрди маст мабал хӕссӕн ӕма нӕуӕгӕй не ’нсувӕри хӕццӕ бафедауӕн c.
ХЕСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ, ХУЦАУИ УӔРИККИТӔБӔЛ ТУХСЕТӔ
13. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсун алкӕд ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?
13 Петур, ӕвӕдзи, некӕд феронх кодта, Киристе ку райгас ӕй, уӕд ин ци дзурдтӕ загъта, уони. Е ин загъта: «Кӕсӕ мин мӕ минкъий фустӕмӕ» (Иоан. 21:16). Кӕд ду дӕр хестӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд ӕй зонис, аци фӕдзӕхст дӕумӕ дӕр ке хауй. Фал хестӕр нӕлгоймӕгтӕн алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй рӕстӕг иссерун еци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнунмӕ. Фиццагидӕр гъӕуама байархайонцӕ, цӕмӕй сӕ бийнонтӕ маци гъӕуагӕ уонцӕ, цӕмӕй си алкедӕр лӕдӕра, ке ’й уарзунцӕ ӕма си цӕмӕй алкедӕр Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕна. Уомӕй уӕлдай ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй архайунцӕ, удта ӕмбурдтӕмӕ ӕма конгресстӕмӕ радзубандитӕ фӕццӕттӕ кӕнунцӕ. Кадӕртӕ ба си лӕггадӕ кӕнуй, сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ка ӕмгуст кӕнуй, еци комитетти кенӕ ба фенхус кӕнунцӕ проекттӕ ӕма арӕзтади бунӕттон хайадӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр уодуӕлдай ӕма хъиамӕтгун ӕнцӕ.
14. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн Хуцауи дзогӕ хезунмӕ ци банхус кӕндзӕй? (1 Петури 5:1–4).
14 Петур хестӕр нӕлгоймӕгти баразӕнгард кодта: «Хуцауи дзогӕ... хезетӕ». (Бакӕсӕ 1 Петури 5:1–4.) Нӕ хъазар хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, мах ӕй зонӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзетӕ ӕма сӕбӕл зӕрдӕй ке тухсетӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уӕмӕ, гӕнӕн ес, уотӕ кӕсдзӕй, ӕма уӕ бон нӕй уӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун, уомӕн ӕма уин ӕгӕр берӕ гъуддӕгтӕ фӕууй кенӕ ба ӕгӕр бафӕллайетӕ. Уӕхӕн уавӕри уӕ бон ци ӕй кӕнун? Уӕ тухститӕ Йеговӕн радзориайтӕ. Петур ниффинста: «Ка лӕггадӕ кӕнуй, е ӕ нифс дарӕд, Хуцау ци хъаурӕй хайгин кӕнуй, уобӕл» (1 Пет. 4:11). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, уонӕй еуӕй-еуетӕ, ка ’й зонуй, ӕрмӕстдӕр нӕуӕг дуйней ниллух уодзӕнцӕ. Уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ: уӕ бон ци нӕй бакӕнун, уой ӕ бон ӕй искӕнун «хестӕр фиййау» Киристейӕн. Цидӕр нур искӕндзӕй, цидӕр ба – федӕни. Уӕ бон ци нӕй, уой уи Йеговӕ нӕ агоруй. Уой фӕндуй, цӕмӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзайтӕ, тухсайтӕ сӕбӕл ӕма син фӕнзуйнаг уайтӕ.
15. Еу хестӕр нӕлгоймаг Йегови уӕриккитӕбӕл куд батухсуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 Уильям хестӕр нӕлгоймагӕй рагӕй лӕггадӕ кӕнуй ӕма ’й зонуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Коронавируси пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд се ’мбурди иннӕ хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ унаффӕ рахастонцӕ, сӕ игъосун кӕнуни къуӕртти ка ес, уонӕй алкӕмӕдӕр къуӕремӕ еу хатт ке дзордзӕнцӕ. Уӕхӕн унаффӕ цӕмӕн рахастонцӕ, уой туххӕй загъта: «Беретӕ сӕ хӕдзӕртти ахӕстӕй байзадӕнцӕ. Уӕхӕн уавӕри ба, гӕнӕн ес, ӕма адӕймагбӕл уӕззау сагъӕстӕ уӕлахез кӕнун райдайонцӕ». Хуӕртӕ кенӕ ӕнсувӕртӕй еске зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлуй, уӕд сӕмӕ Уильям лӕмбунӕг байгъосуй, цӕмӕй ӕй балӕдӕра, ци гъӕуагӕ ’нцӕ ӕма син ӕ бон куд ӕй банхус кӕнун. Уой фӕсте ба сӕ уавӕрмӕ ка хауй, уӕхӕн ӕрмӕг байагоруй. Арӕхдӕр фӕппайда кӕнуй видеороликтӕй нӕ сайтӕй. Е зӕгъуй: «Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун нур куд ӕхсидзгӕ ’й, уотӕ некӕдма. Адӕнӕн хуарз хабар радзорунбӕл куд зингзӕрдӕй фӕййархайӕн, гъе уотӕ зингзӕрдӕй гъӕуама Йегови уӕриккитӕбӕл дӕр тухсӕн ӕма син ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй рӕстдзийнадӕй ма райеуварс уонцӕ».
ЙЕГОВӔ ДӔ КӔРОНМӔ ИСАХУР КӔНӔД
16. Апостол Петури финстӕгути ци унаффитӕ ес, уонӕй испайда кӕнун нӕ бон куд ӕй?
16 Петури финстӕгутӕй ӕркастан ӕрмӕстдӕр цалдӕр унаффемӕ. Ка ’й зонуй, ба ’й лӕдӕрдтӕ, цӕхуӕндӕр уавӕрти дӕ фӕххуӕздӕр ун ке гъӕуй. Зӕгъӕн, фӕндадтайдӕ дӕ арӕхдӕр сагъӕс кӕнун, нӕуӕг дуйней ци косдзӕнӕ, уобӕл? Кенӕ ба, ка ’й зонуй, дӕ рази нисан исӕвардтай, де ’мкъласонтӕн, ахургӕнгутӕн кенӕ де ’мкосгутӕн ӕма, бони дӕргъи кӕбӕл фембӕлис, уонӕн хуарз хабар ке игъосун кӕндзӕнӕ. Нӕ дӕ фӕндуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзис, уой бавдесунмӕ никки фулдӕр фадуӕттӕ агорун? Кӕд хестӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд цӕттӕ дӕ Йегови уӕриккитӕбӕл идарддӕр дӕр уодуӕлдаййӕй ӕма зӕрдиагӕй тухсун? Аци фарстатӕбӕл ку расагъӕс кӕнай, уӕд ӕй, ка ’й зонуй, балӕдӕрдзӕнӕ, цидӕр дӕ фӕххуӕздӕр кӕнун ке гъӕуй. Ӕма дин е ӕнӕмӕнгӕй бантӕсдзӕй. «Нӕ Хецау хӕларзӕрдӕ ке ӕй», уой фӕрци дин банхус кӕндзӕй (1 Пет. 2:3). Петур ниффинста: «Хуцау... [уӕ] кӕронмӕ исахур кӕндзӕй, бафедар уӕ кӕндзӕй, уӕ хъауритӕбӕл уин хъауритӕ бафтаудзӕй» (1 Пет. 5:10).
17. Нӕ къохтӕ ку нӕ уадзӕн ӕма Йеговӕн барӕ ку дӕттӕн, цӕмӕй нӕ ахур кӕна, уӕд нин е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй?
17 Кӕддӕр Петурмӕ уотӕ кастӕй, ӕма уой аккаг нӕй, цӕмӕй Хуцауи Фурти фарсмӕ уа (Лук. 5:8). Фал Йегови ӕма Киристей ӕнхуси фӕрци ӕ къохтӕ не ’руагъта ӕма идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй Киристей фӕдбӕл цудӕй. Уотемӕй Петур уой аккаг иссӕй, цӕмӕй бацӕуа «нӕ Хецау ӕма нӕ Ервӕзунгӕнӕг Йесо Киристей ӕносон Паддзахадӕмӕ» (2 Пет. 1:11). Кӕд ду дӕр Петури хузӕн дӕ къохтӕ нӕ уадзис ӕма Йеговӕн барӕ дӕттис, цӕмӕй дӕ ахур кӕна, уӕд ду дӕр хуӕрзеуӕгӕн ӕносон цард райсдзӕнӕ. Ӕма дӕ уӕд де ’ууӕндундзийнадӕ ӕркӕндзӕй ервӕзундзийнадӕмӕ (1 Пет. 1:9).
109 ЗАР Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн
a Аци статьяй ӕркӕсдзиан, апостол Петур ӕ финстӕгути ци унаффитӕ равардта, уонӕй цалдӕремӕ. Етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй фӕлварӕнти сӕрти хезӕн. Уомӕй уӕлдай ма аци статьяй фӕрци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕууиндзӕнцӕ, сӕ бон куд ӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл никки хуӕздӕр тухсун.
b Палестини ка цардӕй, еци киристӕнттӕ Павели финстӕгутӕ, ӕвӕдзи, райстонцӕ, ромӕгтӕ нӕ эри 66 анзи Йерусалиммӕ ку нӕма ӕрбампурстонцӕ, уӕд.
c Сайти jw.org кӕсӕ видеороликмӕ «Дорожите нашим единством».