Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

38 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ цард цӕхуӕн уодзӕй?

Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ цард цӕхуӕн уодзӕй?

«Арфуинундзийнадӕ уодзӕй дӕ гъӕуайгӕнӕг» (ӔМБ. 2:11).

135 ЗАР Йеговӕ фӕлмӕнӕй дзоруй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ»

РАЗДЗУРД a

1. Иоас, Ози ӕма Иосийӕн цӕхуӕн ӕхсидзгӕ ихӕстӕ фӕззиндтӕй?

 ХУӔРЗӔРИГОНӔЙ Хуцауи адӕни паддзах ку иссайсӕ, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн сагъӕстӕ адтайдӕ? Ци бартӕ дӕмӕ фӕззиндтӕй, уонӕй куд испайда кодтайсӕ? Иуди паддзӕхтӕй еуӕй-еуетӕ сувӕллӕнттӕ адтӕнцӕ, паддзӕхтӕ ку иссӕнцӕ, уӕд. Зӕгъӕн, Иоасбӕл ӕдеугурӕй 7 анзи цудӕй, Озибӕл – 16 анзи, Иосибӕл ба – 8 анзи. Расагъӕс кӕнӕ, ци устур ихӕс син бабарӕ кодтонцӕ. Кӕд ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр сӕ фарсмӕ алкӕддӕр фӕууидӕ, хуарз унаффитӕ син ка лӕвардта, уӕхӕн адӕн, ӕма уой фӕрци сӕ бон адтӕй рӕстӕй цӕрун.

2. Иоас, Ози ӕма Иосий туххӕй фулдӕр базонун хуарз цӕмӕн уайдӕ?

2 Кӕд мах паддзӕхтӕ нӕ ан, уӕддӕр нӕ бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун Иоас, Ози ӕма Иосий царди хабӕрттӕй. Етӕ раст унаффитӕ дӕр рахӕссиуонцӕ ӕма лӕгъуз унаффитӕ дӕр. Еци паддзӕхти туххӕй фулдӕр ку базонӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, цӕмӕй хуарз ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕн, сӕрниллӕг уӕн ӕма алкӕддӕр Йегови гъуди нимайӕн.

ХУАРЗ ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗАРӔ

Хуарз ӕмбӕлтти унаффитӕ Иоасӕн пайда адтӕнцӕ. Дӕуӕн дӕр уӕхӕн ӕмбӕлттӕ ку уа, уӕд нӕ фесӕфдзӕнӕ (кӕсӕ 3 ӕма 7 абзацтӕ) c

3. Иоаси хестӕр саугин Иодай ке гъомбӕл кодта, е ибӕл куд рабӕрӕг ӕй?

3 Иоас фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй? Иоас ӕригонӕй рӕстӕй архайдта. Сувӕллонӕй седзӕрӕй ку байзадӕй, уӕд ин хестӕр саугин Иодай зунд амудта. Ӕхе фурти хузӕн ӕй гъомбӕл кодта. Уой фӕрци Иоас рахаста зундгин унаффӕ: Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, ӕма еци гъуддаги ӕ адӕнӕн ӕнхус кӕнун. Сауӕнгӕ ма бардзурд дӕр равардта Йегови ковӕндонӕ барӕвдзӕ кӕнунмӕ (2 Анз. 24:1, 2, 4, 13, 14).

4. Йегови фӕдзӕхститӕмӕ ку игъосай, уӕд дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? (Ӕмбесӕндтӕ 2:1, 10–12).

4 Ӕригӕнттӕ, кӕд уӕ уӕ ниййергутӕ ахур кӕнунцӕ Йегови уарзун ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, уӕд уой хъазар лӕварбӕл нимайетӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 2:1, 10–12.) Ниййергути бон ӕй сӕ сувӕллӕнтти аллихузти ахур кӕнун. Ӕркӕсӕн Катяйӕн ӕ фидӕ куд ӕнхус кодта раст унаффитӕ хӕссунмӕ. Алли сӕумӕ дӕр ӕй скъоламӕ ку фӕххонидӕ, уӕд ӕ хӕццӕ бони стих равзаридӕ. Катя зӕгъуй: «Скъолай ести зин уавӕрбӕл ку исӕмбӕлинӕ, уӕд мӕ фиди хӕццӕ цӕбӕл дзурдтон, е мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууидӕ. Е мин ӕнхус кодта, цӕмӕй раст унаффитӕ хастайнӕ». Фал дӕмӕ уотӕ ку кӕса, ӕма дин дӕ ниййергутӕ Библимӕ гӕсгӕ ци дзорунцӕ, е ӕгӕр карз ӕй, уӕдта? Еу хуӕрӕ Настя куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕ ниййергутӕ рӕстӕг некӕд ӕвгъау кодтонцӕ, цӕмӕй ин лӕдӕрун кодтайуонцӕ, сӕ бийнонти цӕхуӕндӕр ӕгъдау цӕмӕн ес, уой. Е зӕгъуй: «Уой фӕрци ’й лӕдӕрдтӕн, мӕ мадӕ ӕма мин мӕ фидӕ цидӕр цӕмӕннӕ уадзунцӕ. Уотӕ сӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй мин мӕ алли къахдзӕф дӕр зононцӕ, фал сӕ фӕндуй, цӕмӕй мӕ багъӕуай кӕнонцӕ».

5. Уӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уӕ ниййергути зӕрдӕ ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕнайтӕ? (Ӕмбесӕндтӕ 22:6; 23:15, 24, 25).

5 Уӕ ниййергутӕ уи хъӕбӕр сӕрустур уодзӕнцӕ, Библийӕй уин ци унаффитӕ раттунцӕ, уонӕй ку пайда кӕнайтӕ, уӕд. Алцӕмӕй ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма, уотемӕй, Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕндзиайтӕ ӕма имӕ никки хъӕбӕрдӕр хӕстӕг кӕндзиайтӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 22:6; 23:15, 24, 25.) Айдагъ е дӕр уой аргъ ӕй, цӕмӕй ӕригон Иоаси хузӕн архайай.

6. Иоас кӕмӕ райдӕдта игъосун ӕма ’й е цӕмӕ ӕркодта? (2 Анзфинститӕ 24:17, 18).

6 Иоас фӕнзуйнаг цӕмӕй нӕй? Иодай ку рамардӕй, уӕд Иоас балимӕн ӕй, лӕгъузӕрдӕмӕ ибӕл ка рабӕрӕг ӕй, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 24:17, 18.) Е игъосун райдӕдта Иуди къниӕзтӕмӕ, етӕ ба Йегови нӕ уарзтонцӕ. Етӕ лӕгъуз ӕмбӕлттӕ адтӕнцӕ ӕма си гъӕуама ӕхе еуварс дардтайдӕ (Ӕмб. 1:10). Фал сӕмӕ игъуста. Ӕ хӕстӕг Захари ин ку бауайдзӕф кодта, уӕд ӕй Иоас рамарун кодта (2 Анз. 24:20, 21; Матф. 23:35). Ци ӕнӕхатир ӕма ӕнӕзунд миуӕ бакодта. Иоасӕн ӕ райдайӕн хуарз адтӕй, фал фӕстӕдӕр Йеговӕй ӕхе рахадта ӕма лӕгмар иссӕй. Ӕппунфӕстагмӕ мӕлӕт иссирдта ӕхе лӕггадгӕнгути къохӕй (2 Анз. 24:22–25). Иоасӕн ӕ цард бустӕги ӕндӕрхузи рауадайдӕ, идарддӕр дӕр Йеговӕмӕ ӕма ’й ка уарзуй, уонӕмӕ ку игъустайдӕ, уӕд. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

7. Хуарз ӕмбал исхонӕн ке ес? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Иоаси хузӕн ма фӕррӕдуйӕн? Хуарзӕрдӕмӕ уӕбӕл ка рабӕрӕг уодзӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ уӕхецӕн ӕвзаретӕ. Уонӕмӕ хаунцӕ, Йегови ка уарзуй ӕма ин ӕ гъуди ка нимайуй, етӕ. Ӕнӕмӕнгӕ нӕй, цӕмӕй де ’мбӕлттӕ дӕхе кари уонцӕ. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Иоас Иодаййӕй дзӕвгарӕ кӕстӕр ке адтӕй. Цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, де ’мбӕлттӕ цӕхуӕн ӕнцӕ, уой туххӕй дӕхе бафӕрсӕ: «Ме ’мбӕлттӕй уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма мин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнон? Ме ’мбӕлттӕ архайунцӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ игъосонцӕ ӕма мӕн дӕр уомӕ разӕнгард кӕнунцӕ? Йегови ӕма рӕстдзийнади туххӕй дзубанди кӕнун уарзунцӕ? Йегови закъӕнттӕ ке нимайунцӕ, е сӕбӕл бӕрӕг ӕй? Фегъосун мӕ ци фӕндуй айдагъдӕр мин уой дзорунцӕ? Ӕви мин ӕргомӕй фӕдздзорунцӕ, бараст кӕнун мӕ ку фӕгъгъӕуй, уӕд?» (Ӕмб. 27:5, 6, 17). Ӕргомӕй ӕй зӕгъӕн: кӕд не ’мбӕлттӕ Йегови нӕ уарзунцӕ, уӕд нӕ уӕхӕн ӕмбӕлттӕ нӕ гъӕунцӕ. Фал, кӕд уе ’мбӕлттӕ Йегови уарзунцӕ, уӕд сӕбӕл федар хуӕцетӕ. Уӕхӕн ӕмбӕлтти хӕццӕ нӕ фесӕфдзиайтӕ (Ӕмб. 13:20).

8. Кӕд социалон сеттӕй пайда кӕнис, уӕд цӕхуӕн фарстатӕбӕл хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун?

8 Социалон сетти фӕрци нӕ бон фӕууй нӕ бийнонти ӕма не ’мбӕлтти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Фал си беретӕ пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй иннети деси бафтауонцӕ. Зӕгъӕн, ци балхӕдтонцӕ кенӕ ци кустонцӕ, уой хузтӕ ӕма си видеотӕ ниввӕрунцӕ. Кӕд социалон сеттӕй пайда кӕнис, уӕд дӕхе бафӕрсӕ: «Аци хузӕ кенӕ видео мӕ исӕвӕрун цӕмӕн фӕндуй? Ескӕмӕн пайда уодзӕй ӕви мӕ уотид мӕхе растаун фӕндуй? Социалон сетти цӕмӕ фӕккӕсун, е лӕгъузӕрдӕмӕ нӕ рабӕрӕг уй мӕ зундахаст, мӕ дзурдтӕ ӕма мӕ гъуддӕгтӕбӕл?» Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кодта, еци ӕнсувӕр Нейтон Норр еухатт загъта: «Адӕни зӕрдӕ барохс кӕнунбӕл ма архайетӕ, уомӕн ӕма уотӕ рауайдзӕй, ӕма неке зӕрдӕ барохс кӕндзиайтӕ. Уой бӕсти Йегови зӕрдӕ барохс кӕнунбӕл архайетӕ, ӕма уӕд, Йегови кадӕриддӕр уарзуй, уони зӕрдӕ рохс кӕндзиайтӕ».

ИДАРДДӔР ДӔР СӔРНИЛЛӔГ УО

9. Озийӕн Йегови фӕрци ци бантӕстӕй? (2 Анзфинститӕ 26:1–5).

9 Ози фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй? Ӕригонӕй Ози сӕрниллӕг адтӕй, удта Хуцауӕй дӕр тарстӕй. Ӕдеугурӕй фӕццардӕй 68 анзи, ӕма ин ӕ царди фулдӕр хай Йеговӕ арфӕ кодта. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 26:1–5.) Ози Иуди знӕгти нихмӕ ӕнтӕстгунӕй тох кодта, удта Йерусалим аллирдиги дӕр бафедар кодта ӕма батухстӕй, цӕмӕй ин тӕссаг мацӕмӕй адтайдӕ (2 Анз. 26:6–15). Хуцауи фӕрци ин берӕ бантӕстӕй. Уонӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй Озий зӕрдӕ, ӕвӕдзи, цийнӕй байдзаг уидӕ (Еккл. 3:12, 13).

10. Озибӕл ци ’рцудӕй?

10 Ози фӕнзуйнаг цӕмӕй нӕй? Паддзах Ози исахур ӕй, цӕмӕй ци дзоруй, уой иннетӕ ӕнхӕст кӕнонцӕ. Ӕвӕдзи имӕ уомӕ гӕсгӕ райдӕдта уотӕ кӕсун, ӕма ’й цидӕриддӕр фӕндуй, уой ӕ бон ӕй кӕнун. Еухатт Ози ӕхебӕл ӕгӕр ранвӕрстӕй. Йегови ковӕндонӕмӕ бацудӕй ӕма бодӕ иссодзуйнаг адтӕй, паддзӕхтӕн ба уой кӕнуни барӕ н’ адтӕй (2 Анз. 26:16–18). Хестӕр саугин Азари Озий бауорамунмӕ гъавта, фал имӕ уой туххӕй Ози хъӕбӕр исмӕстгун ӕй. Уӕди уӕнгӕ Ози Хуцауӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта, фал е ’нӕзунд миуи туххӕй алцидӕр фесафта ӕма ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр хъотургин адтӕй (2 Анз. 26:19–21). Ози идарддӕр дӕр сӕрниллӕг ку адтайдӕ, уӕд ӕ цард уотӕ нӕ рауадайдӕ.

Ци дин бантӕстӕй, уомӕй дӕхе ’стауни бӕсти, еугур кадӕ дӕр Йегови бакӕнисӕ (кӕсӕ 11 абзац) d

11. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр сӕрниллӕг уӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

11 Ози хъаурӕгин ӕма ӕнтӕстгун ку иссӕй, уӕд си феронх ӕй, еугур хуарздзийнӕдтӕ дӕр ин Йеговӕй лӕвӕрд ке ’нцӕ. Мах уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Гъӕуама ’й ма иронх кӕнӕн, царди дӕр ӕма нӕмӕ нӕ лӕггади дӕр хуарзӕй ци ес, етӕ нин Йеговӕй лӕвӕрд ке ’нцӕ. Ци дин бантӕстӕй, уомӕй дӕхе ’стауни бӕсти еугур кадӕ дӕр Йегови бакӕнисӕ (1 Кор. 4:7) b. Гъӕуама ибӕл сӕрниллӕгӕй исарази уӕн, ӕнӕнхӕст ке ан ӕма ке рӕдуйдзиан. Еу ӕнсувӕрбӕл 60 анземӕй фулдӕр цӕуй ӕма зӕгъуй: «Ӕз исахур дӕн мӕхемӕ хумӕтӕг цӕстӕй кӕсун. Ку фӕррӕдуйун, уӕд мӕхе нӕ фӕххуӕрун ӕма мӕхемӕ нӕ нийгъосун. Сувӕллони хузӕн ӕнӕзунд миутӕ ку ракӕнун ӕма мин ку бауайдзӕф кӕнунцӕ, уӕд ци гъӕуй, уой раййевун ӕма идарддӕр дӕр Йеговӕн зӕрдиагӕй фӕллӕггадӕ кӕнун». Йегови дзурдмӕ ку игъосӕн ӕма алкӕддӕр сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд ӕцӕг амондгун уодзиан (Ӕмб. 22:4).

ИДАРДДӔР ДӔР ЙЕГОВӔМӔ ХӔСТӔГДӔР КӔНӔ

12. Ӕригон Иоси куд бавдиста, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ӕй ке фӕндуй? (2 Анзфинститӕ 34:1–3).

12 Иоси фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй? Иосибӕл 16 анзи ку цудӕй, уӕд ӕй бафӕндадтӕй Йегови хуӕздӕр базонун ӕма ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун. Фал ӕригон паддзахи цард ӕнцон исхонӕн н’ адтӕй. Адӕнӕн сӕ фулдӕр мӕнгӕ хуцӕуттӕн кувтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Иоси гъӕуама фӕндфедарӕй архайдтайдӕ, цӕмӕй еци мӕнгӕ хуцӕуттӕн сӕ кой дӕр мабал адтайдӕ. Ӕма Иоси дессаги нифсхастдзийнадӕ бавдиста. 20 анзи дӕр ибӕл ку нӕма цудӕй, уӕд бӕстӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕй кӕдзос кӕнун райдӕдта. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 34:1–3.)

13. Дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай, уӕд е дӕ цардбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй?

13 Нӕ минкъий хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ бон ӕй Иосий фӕнзун ӕма архайун, цӕмӕй Йегови туххӕй фулдӕр базонайтӕ. Уотемӕй уӕ бафӕнддзӕй Хуцауӕн уӕхе иснивонд кӕнун. Е дӕ цардбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй? Еу ӕнсувӕр Лука донаргъуд райста, 14 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Е ӕхецӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун мӕ царди фиццаг бунати уодзӕй. Ӕма мӕ фӕндуй цӕмӕй ин алкӕддӕр ӕ зӕрдӕ рохс кӕнон» (Мар. 12:30). Ду дӕр дӕ рази уӕхӕн нисан ку исӕвӕрай, уӕд дессаги арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнӕ!

14. Ӕригӕнттӕн паддзах Иоси фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

14 Не ’ригӕнттӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ? Йохан донаргъуд райста, 12 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд, ӕма радзурдта, скъолай цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй, уой туххӕй. Е ’мкъласонтӕ электронон тамакутӕ думунцӕ (вейптӕ) ӕма ’й сӕ разӕй искӕнунцӕ, цӕмӕй е дӕр равзара. Фал син Йохан некӕд фӕййарази кӕнуй. Цума ин е цӕй фӕрци ӕнтӕсуй? Зонуй ӕй, е зиан ке ӕрхӕсдзӕй е ’нӕнездзийнадӕн дӕр ӕма ин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн дӕр. Рейчел ба донаргъуд райста, 14 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Ӕма е дӕр скъолай цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй. Сӕ сӕрти рахезунмӕ ин ци банхус кӕнуй, уой туххӕй зӕгъуй: «Ӕз архайун, цӕмӕй скъолай ци фегъосун кенӕ ци фӕууинун, уой Библий хӕццӕ исбӕттон. Зӕгъӕн, еуӕй-еухатт историй урокки ци фӕццӕуӕн, е мин мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнуй, Библийӕй цӕхуӕндӕр хабар кенӕ пахампарадӕ. Еске хӕццӕ дзубанди кӕнгӕй ба фӕссагъӕс кӕнун мӕ бон ин цӕхуӕн стих адтайдӕ бакӕсун». Ӕригӕнттӕ, ка ’й зонуй, паддзах Иоси ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй, етӕ хецӕн кӕнунцӕ, сумах ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлетӕ, уонӕй. Фал сумах бон дӕр ӕй Иосий хузӕн, раст ци ӕй, уой кӕнун ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун. Нур ку исахур уайтӕ зиндзийнӕдти сӕрти хезун, уӕд уин е устур ӕнхус уодзӕй, ку исустур уайтӕ, уӕд дӕр.

15. Иоси Йеговӕн еузӕрдонӕй цӕй фӕрци лӕггадӕ кодта? (2 Анзфинститӕ 34:14, 18–21).

15 Паддзах Иосибӕл 26 анзи ку цудӕй, уӕд ковӕндонӕ рӕвдзӕ кӕнун райдӕдта. Еци кустити рӕстӕг иссирдтонцӕ «Йегови закъони киунугӕ, Моисей ке равардта, еци киунугӕ». Паддзах еци киунуги финст дзурдтӕ ку фегъуста, уӕд еци фӕдбӕл райдӕдта, цидӕриддӕр си финст адтӕй, уой ӕнхӕст кӕнун. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 34:14, 18–21.) Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ Библи алли бон дӕр кӕсун? Кӕд уӕхӕн нисан исӕвардтай, уӕд дин нурмӕти ци бантӕстӕй? Дӕ зӕрдӕмӕ цӕуй? Дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр ка цӕуй, уӕхӕн стихтӕ дин ес? Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Лука ӕхемӕ рафинсуй, хъӕбӕрдӕр ӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццудӕй, уой. Е дӕуӕн дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, дӕ зӕрдӕмӕ ци стихтӕ кенӕ гъудитӕ фӕццудӕнцӕ, уони ма иронх кӕнай. Библий ци финст ес, уой хуӕздӕр ку базонай ӕма ’й ку бауарзай, уӕд дӕ хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Паддзах Иосий Хуцауи Дзурд разӕнгард кодта архайунмӕ, ӕма дӕу дӕр разӕнгард кӕндзӕй.

16. Иоси цӕмӕн фӕррӕдудӕй ӕма уомӕй мах цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Иоси фӕнзуйнаг цӕмӕй нӕй? Паддзах Иосибӕл 39 анзи ку цудӕй, уӕд искодта, ӕ цард ке туххӕй фесафта, уӕхӕн рӕдуд. Йегови гъуди нӕ базудта, фал ӕхе куд фӕндадтӕй, уотӕ бакодта (2 Анз. 35:20–25). Мах уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цийфӕнди кари ма уай ӕма Библи кудфӕнди рагӕй ма ’ртасай, уӕддӕр алли гъуддаги дӕр гъӕуй Йегови гъуди базонун. Уой туххӕй ба гъӕуама Хуцауӕй разамунд корай, ӕ Дзурд ин ӕртасай ӕма фӕлтӕрдгун киристӕнттӕй унаффӕ корай. Гъе уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма нӕхе ӕверхъау рӕдудтитӕй багъӕуай кӕндзиан ӕма амондгун уодзиан (Иак. 1:25).

ӔРИГӔНТТӔ, АМОНДГУН ЦАРД РАВЗАРЕТӔ!

17. Ӕртӕ паддзахей хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

17 Цалинмӕ ӕригон дӕ, уӕдмӕ дин берӕ аллихузи фадуӕттӕ ес. Иоас, Ози ӕма Иосий хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, ӕригӕнтти бон ке ӕй зундгин унаффитӕ хӕссун ӕма сӕ цардӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун. Еуӕй-еухатт еци ӕртӕ паддзахи ӕнӕзунд унаффитӕ дӕр рахӕссиуонцӕ, ӕма сӕ е фӕсмойнаг фӕстеугутӕмӕ ӕркӕнидӕ. Фал син сӕ рӕдудтитӕй нӕхе ку хезӕн, ци хуарз гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уони ба ку фӕнзӕн, уӕд нӕмӕ амондгун цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй.

Давид Йегови ӕмбал иссӕй хуӕрзӕригонӕй, ӕма уой фӕрци ӕ цардӕй райгонд адтӕй (кӕсӕ 18 абзац)

18. Библий цӕхуӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, уомӕн гӕнӕн ке ес, цӕмӕй дӕ цардӕй райгонд уай? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

18 Библий ма ес иннӕ ӕригон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ дӕр. Етӕ Йегови сӕ хуарз ӕмбалбӕл нимадтонцӕ ӕма сӕ цардӕй райгонд адтӕнцӕ. Уонӕй сӕ еу адтӕй Давид. Йегови ӕмбал иссӕй хуӕрзӕригонӕй. Фӕстӕдӕр ба иссӕй, еузӕрдон ибӕл ка адтӕй, уӕхӕн паддзах. Еуӕй-еухӕттити рӕдуйгӕ дӕр фӕккӕнидӕ, фал си уӕддӕр Хуцау арази адтӕй (1 Пад. 3:6; 9:4,5; 14:8). Давиди цард ӕма лӕггади туххӕй фулдӕр ку базонай, уӕд дӕ никки хъӕбӕрдӕр бафӕнддзӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй ӕркӕсун Марк ӕма Тимофеййи хабӕрттӕмӕ дӕр. Етӕ Йеговӕн хуӕрзӕригонӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма ибӕл цӕргӕ-цӕрӕнбонти дӕр еузӕрдон адтӕнцӕ. Етӕ сӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр над равзурстонцӕ.

19. Дӕ цард цӕхуӕн уодзӕй?

19 Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, уӕ цард цӕхуӕн уодзӕй, е кӕнгӕ ’й, абони ци унаффитӕ хӕссетӕ, уонӕй. Дӕхебӕл дӕ зӕрдӕ ку нӕ дарай, фал разамунд Йеговӕй ку корай, уӕд дин дӕ цард араздзӕй (Ӕмб. 20:24). Уотемӕй ӕцӕг амондгун уодзиайтӕ. Иронх уи ма уӕд: Йеговӕн цидӕриддӕр кӕнтӕ, уомӕн устур аргъ кӕнуй. Уомӕ гӕсгӕ тӕккӕ хуӕздӕр уодзӕй цард нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕн иснивонд кӕнун.

144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!

a Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, Йеговӕ ’й зонуй, алкӕд уин ӕнцон ке нӕ фӕууй рӕстӕй архайун. Фал уӕ фӕндуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр е ’мбӕлттӕ уайтӕ. Ци уин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зундгин унаффитӕ хӕссайтӕ ӕма уӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ рохс кӕнайтӕ? Мах ӕркӕсдзиан ӕртӕ биццеуей цӕветтонмӕ. Етӕ фӕстӕдӕр иссӕнцӕ Иуди паддзӕхтӕ. Расагъӕс кӕнтӕ, етӕ ци унаффитӕ хастонцӕ, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнтӕ.

b Сайти jw.org статьяй «На что ты готов ради популярности в соцсетях?» кӕсӕ рамкӕ «Остерегайся скромного хвастовства».

c ХУЗӔ. Фӕлтӕрдгун хуӕрӕ ӕригон хуӕрӕн унаффӕ дӕттуй.

d ХУЗӔ. Конгресси интервью ка лӕвардта, еци хуӕрӕ программи фӕсте Йегови кадгин кӕнуй.