Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ арфӕ кӕнуй, Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунбӕл ка архайуй, уонӕн

Йеговӕ арфӕ кӕнуй, Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунбӕл ка архайуй, уонӕн

«Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (ЛУК. 22:19).

19 ЗАР Нӕ Хецау Киристей ӕхсӕвӕр

РАЗДЗУРД a

1, 2. Алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

 ЕУ ДУУӔ мин анзей размӕ Киристе мах туххӕй ӕ цард равардта, цӕмӕй нӕ бон уа ӕносмӕ цӕрун. Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ниффӕдзахста, цӕмӕй адӕни туххӕй ци искодта, уой ма иронх кодтайуонцӕ. Уой туххӕй сӕ дессаги цидӕртӕ кӕнун нӕ гъудӕй. Гъудӕй сӕ ӕрмӕстдӕр дзол ӕма сӕнӕ (1 Кор. 11:23–26).

2 Мах Киристей фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнӕн, уомӕн ӕма ’й берӕ уарзӕн (Иоан. 14:15). Алли анз дӕр Имисӕн изӕри рӕстӕг бавдесӕн, боз си ке ан, уой: мах фӕкковӕн ӕма фӕссагъӕс кӕнӕн, ӕ мӕлӕти фӕрци адӕнӕн цӕхуӕн нифс фӕззиндтӕй, уобӕл. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕхцӕуӕн фӕууй еци рӕстӕг фулдӕр игъосун кӕнун ӕма адӕни еци ӕхсидзгӕ хабармӕ хонун. Удта нӕхуӕдтӕ дӕр не ’гас хъауритӕй байархайӕн, цӕмӕй Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнӕн.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йегови лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги фӕккӕнунцӕ, цӕмӕй Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнонцӕ: 1) Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунцӕ Киристе куд байамудта, уотӕ, 2) адӕни Имисӕн изӕрмӕ ӕрбахонунцӕ ӕма 3) кӕд сӕхуӕдтӕ зин уавӕрти фӕуунцӕ, уӕддӕр байархайунцӕ, цӕмӕй Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнонцӕ.

ИМИСӔН ИЗӔР БӔРӔГ КӔНӔН, КИРИСТЕ КУД БАЙАМУДТА, УОТӔ

4. Алли анз дӕр Имисӕн изӕри дзурд цӕбӕл фӕццӕуй ӕма еци гъуддӕгтӕ ке зонӕн, уомӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕмӕн нӕййес? (Лукай 22:19, 20).

4 Алли анз дӕр Имисӕн изӕри байгъосӕн Библибӕл арӕзт радзубандимӕ. Дзурд си фӕццӕуй нӕ царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл. Зӕгъӕн, адӕни туххӕй нивонд хӕссун цӕмӕн багъудӕй, удта еу адӕймаг ӕ цард ке равардта, уомӕй ӕ бон куд иссӕй берӕ адӕни тӕрегъӕдтӕ нимбӕрзун. Нӕ зӕрдӕбӕл нин ӕрлӕуун кӕнунцӕ, дзол ӕма сӕнӕ ци нисан кӕнунцӕ ӕма си ка гъӕуама ахуада, уой. (Бакӕсӕ Лукай 22:19, 20.) Уомӕй уӕлдай ма си дзурд фӕццӕуй, ӕносмӕ зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, етӕ цӕхуӕн дессаги лӕвӕрттӕй исхайгин уодзӕнцӕ, уобӕл (Ис. 35:5, 6; 65:17, 21–23). Ӕгас еци гъуддӕгтӕ ке зонӕн, уомӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕййес. Миллиардгай адӕн нӕ лӕдӕрунцӕ, нӕдӕр аци гъуддӕгтӕ, нӕдӕр Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой. Уомӕй уӕлдай ма Имисӕн изӕр Киристе куд байамудта, уотӕ не ’сбӕрӕг кӕнунцӕ. Цӕмӕннӕ?

5. Апостолтӕн сӕ фулдӕр ку рамардӕнцӕ, уӕд адӕн Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун куд райдӕдтонцӕ?

5 Апостолтӕн сӕ фулдӕр ку рамардӕнцӕ, уӕд ӕмбурди фӕззиндтӕнцӕ мӕнгӕ киристӕнттӕ (Матф. 13:24–27, 37–39). Етӕ рӕстдзийнадӕ усхъуммӕ кодтонцӕ, цӕмӕй ахуркӕнуйнӕгти сӕ фӕдбӕл расайдтайуонцӕ (Гъуд. 20:29, 30). Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Библий комкоммӕ финст ӕй: «Киристе... берети тӕрегъӕдти туххӕй ӕхе нивондӕн ӕрхаста ӕрмӕстдӕр еу хатт». Фал мӕнгӕ киристӕнттӕ ба уӕддӕр дзурдтонцӕ, еци нивонд нӕуӕгӕй ма нӕуӕгӕй хӕссун ке гъӕуй (Дзиуит. 9:27, 28). Абони берӕ кӕдзосзӕрдӕ адӕн еци мӕнгӕ ахурадӕбӕл ӕууӕндунцӕ. Етӕ алли къуӕре дӕр кенӕ ба ма алли бон дӕр аргъауӕнмӕ ӕрбацӕунцӕ, цӕмӕй исӕнхӕст кӕнонцӕ сӕ дини ӕгъдау, фӕххонунцӕ ’й мессӕ b. Иннӕ динтӕ ба Киристей мӕлӕт ескӕд еу хатт ӕримисунцӕ. Фал ӕй еци динти фӕдбӕлдзӕугутӕ кӕронмӕ нӕ фӕллӕдӕрунцӕ, Киристей ӕ цард нивонди раттун цӕмӕн багъудӕй, уой. Еуӕй-еуетӕ уотӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ: «Уомӕн ӕцӕгӕйдӕр гӕнӕн ес, цӕмӕй Киристей нивонди фӕрци мӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕуонцӕ?» Уӕхӕн фарстатӕ сӕмӕ цӕмӕн фӕззиннуй? Уомӕн ӕма сӕ уӕхӕн гъудибӕл исаразтонцӕ, цума Киристей нивондӕн уойбӕрцӕ хъаурӕ нӕййес, цӕмӕй тӕрегъӕдтӕ ӕмбӕрза. Киристей ӕцӕг фӕдбӕлдзӕугутӕ адӕнӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ балӕдӕрун, ӕ нивонд ци нисан кӕнуй ӕма ин ӕ мӕлӕт Имисӕн изӕр раст бӕрӕг кӕнун куд гъӕуй, уой?

6. 1872 анз Библиртасгути къуар ци балӕдӕрдтӕй?

6 1870 анзи Чарлз Тейз Расселл ӕма иннӕ Библиртасгутӕ Финстадӕ лӕмбунӕг ӕртасун райдӕдтонцӕ. Фӕндадтӕй сӕ базонун, Киристей нивонд ци нисан кӕнуй ӕма ин ӕ мӕлӕти бон бӕрӕг кӕнун куд гъӕуй, уой. 1872 анзмӕ ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, Киристе нивонд ӕгас адӕни туххӕй дӕр ке ’рхаста. Еци ӕхсидзгӕ зонундзийнӕдтӕ нӕ римахстонцӕ, фал сӕ иннетӕн дӕр амонун райдӕдтонцӕ киунугутӕ, газзеттӕ ӕма журналти фӕрци. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма етӕ дӕр фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнунмӕ анзмӕ еу хатт ӕмбурд кӕнун райдӕдтонцӕ.

7. Библиртасгутӕ ци базудтонцӕ, е абони махӕн дӕр ци пайда ӕй?

7 Библиртасгутӕ уал анзей размӕ ци базудтонцӕ, е абони махӕн дӕр пайда ӕй. Цӕмӕй? Йеговӕ нин банхус кодта балӕдӕрун, Киристей нивонд ӕцӕгӕйдӕр ци нисан кӕнуй, уой ӕма нин еци нивонд цӕхуӕн фадуӕттӕ райгон кодта, уой дӕр (1 Иоан. 2:1, 2). Уомӕй уӕлдай ма базудтан, еуӕй-еу адӕнмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвти, иннӕ милиуангай адӕнмӕ ба – ӕносон цард зӕнхӕбӕл. Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй ӕма Киристей нивонд алли адӕймагӕн дӕр хецӕнӕй ци пайда ӕрхаста, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд Йегови хӕццӕ нӕ лимӕндзийнадӕ никки федардӕр исуй (1 Пет. 3:18; 1 Иоан. 4:9). Мадта мах дӕр Библиртасгути цӕветтонмӕ гӕсгӕ адӕни Имисӕн изӕрмӕ ӕрбахонӕн, цӕмӕй ӕй исбӕрӕг кӕнӕн, Киристе куд байамудта, уотӕ.

АДӔНИ ИМИСӔН ИЗӔРМӔ ХОНӔН

Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Имисӕн изӕри размӕ ци зеу фӕууй, уоми зӕрдиагӕй байархайай? (кӕсӕ 8–10 абзацтӕ) e

8. Йегови лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн хъауритӕ ӕрӕвӕрунцӕ, цӕмӕй адӕни Имисӕн изӕрмӕ фӕххононцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

8 Йегови лӕггадгӕнгутӕ дӕсгай ӕнзти дӕргъи адӕни хонунцӕ Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунмӕ. 1881 анзи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Америки Еугонд Штатти еци ӕхсидзгӕ хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ кедӕр хӕдзари горӕт Алигени (штат Пенсильвани). Фӕстӕдӕр алли ӕмбурд дӕр Имисӕн изӕр ӕхуӕдӕг рауадзидӕ. 1940 анзи мартъий ба фегъосун кодтонцӕ, игъосунгӕнгути бон ке ӕй, сӕ территорий ка цӕруй ӕма фулдӕр базонун ке фӕндуй, уони Имисӕн изӕрмӕ ӕрбахонун. 1960 анзи ба Вефилӕй ӕмбурдтӕмӕ фиццаг хатт исӕрвистонцӕ мухургонд хунди гӕгъӕдитӕ. Цума уойбӕрцӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ цӕмӕн бахарз кӕнӕн, цӕмӕй адӕни Имисӕн изӕрмӕ фӕххонӕн?

9, 10. Имисӕн изӕрмӕ фӕххонун нӕ ке фӕффӕндуй ӕма цӕмӕн? (Иоанни 3:16).

9 Мах фӕндуй, цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ фиццаг хатт ка ’рбацӕуа, етӕ базононцӕ, Йеговӕ ӕма Киристе мах туххӕй ци искодтонцӕ, уой. (Бакӕсӕ Иоанни 3:16.) Нифс нӕ ес, ци фӕууиндзӕнцӕ ӕма ци фегъосдзӕнцӕ, е сӕ ке баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй фулдӕр базононцӕ ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайонцӕ. Фал, рӕстдзийнади туххӕй ка некӕд неци фегъуста, айдагъ уони нӕ фӕххонӕн Имисӕн изӕрмӕ.

10 Мах ма фӕххонӕн, кӕддӕр Йеговӕн зингзӕрдӕй ка лӕггадӕ кодта, уони дӕр. Фӕндуй нӕ, цӕмӕй ӕй зононцӕ, Йеговӕ сӕ раздӕр куд уарзта, нур дӕр сӕ уотӕ ке уарзуй. Ке фӕххонӕн, уонӕй еске ку ӕрбацӕуй, уӕд нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй. Ка ’й зонуй, Имисӕн изӕри фӕрци сӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕууа, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй куд амондгун адтӕнцӕ, е. Ӕркӕсӕн еу хуӕрӕ Моники c хабармӕ. Е нӕуӕгӕй ӕмбурди хӕццӕ игъосун кӕнун райдӕдта коронавируси пандемийи рӕстӕг. 2021 анзи Имисӕн изӕрмӕ ку ’рбацудӕй, уӕд загъта: «Аци Имисӕн изӕр мӕ зӕрдӕбӕл уӕлдай хъӕбӕрдӕр бамбалдӕй. 20 анзей дӕргъи нӕ игъосун кодтон. Ӕма нур фиццаг хатт рацудтӕн игъосун кӕнунмӕ ӕма адӕни Имисӕн изӕрмӕ худтон. Хъӕбӕр зингзӕрдӕй игъосун кодтон, уомӕн ӕма Йеговӕй ӕма Киристейӕй боз дӕн» (Пс. 103:1–4). Адӕн Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ ӕви нӕ, уӕддӕр сӕ мах идарддӕр дӕр хонӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ нин нӕ хъиамӕттӕн ке аргъ кӕнуй.

11. Адӕни Имисӕн изӕрмӕ ке фӕххонӕн, уомӕн Йеговӕ куд райарфӕ кӕнуй? (Аггей 2:7).

11 Адӕни Имисӕн изӕрмӕ ке хонӕн, уомӕн нин Йеговӕ рӕдауӕй арфӕ кӕнуй. Кӕд, 2021 анзи коронавируси пандемийи туххӕй нӕ бон сӕребарӕй ӕмбурд кӕнун нӕма адтӕй, уӕддӕр еци анз Имисӕн изӕр исбӕрӕг кодтонцӕ 21 367 603 адӕймаги. Уой размӕ уойбӕрцӕ адӕн Имисӕн изӕрмӕ некӕд ӕрбацудӕй. Е ӕй, ӕгас зӕнхӕбӕл Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕйбӕрцӕ ’нцӕ, уомӕй дууӕ хатти фулдӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нимӕдзӕ Йеговӕн сӕйраг нӕй. Е аргъ кӕнуй, ка ӕрбацӕуй, уонӕй алкӕмӕндӕр (Лук. 15:7; 1 Тим. 2:3, 4). Уомӕ гӕсгӕ ибӕл федарӕй ӕууӕндӕн, адӕни Имисӕн изӕрмӕ ку фӕххонӕн, уӕд нин Йеговӕ ке фенхус кӕнуй кӕдзосзӕрдӕ адӕни иссерун. (Бакӕсӕ Аггеййи 2:7.)

ЗИН УАВӔРТИ ДӔР БАЙАРХАЙӔН, ЦӔМӔЙ ИМИСӔН ИЗӔР ИСБӔРӔГ КӔНӔН

Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунмӕ ци хъауритӕ ӕрӕвӕрӕн, уонӕн Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй (кӕсӕ 12 абзац) f

12. Хатгай Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнун зин цӕй туххӕй фӕууй? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

12 Киристе загъта, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг хъӕбӕр уӕззау зиндзийнӕдтӕбӕл ке ӕмбӕлдзиан. Зӕгъӕн, нӕ хеуӕнттӕ нӕ нихмӕ цӕудзӕнцӕ, нӕ дини туххӕй нӕ фӕдбӕл зелдзӕнцӕ, тугъдтитӕ цӕудзӕнцӕ ӕма фуднезтӕ исберӕ уодзӕнцӕ (Матф. 10:36; Мар. 13:9; Лук. 21:10, 11). Уомӕ гӕсгӕ нин Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнун ӕнцон нӕ фӕууй. Цума нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд фӕййархайунцӕ еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезун ӕма син Йеговӕ куд фенхус кӕнуй?

13. Артём Имисӕн изӕр ахӕстдони исбӕрӕг кӕнун ке исфӕндӕ кодта, уой туххӕй ин Йеговӕ куд райарфӕ кодта?

13 Ахӕстдони бадгӕй. Не ’нсувӕртӕй ахӕстдони ке исбадун кӕнунцӕ, етӕ дӕр фӕййархайунцӕ, цӕмӕй Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр куд ӕмбӕлуй, уотӕ исбӕрӕг кӕнонцӕ. Ӕркӕсӕн Артёми хабармӕ. 2020 анзи, уалдзӕги Имисӕн изӕри рӕстӕг Артём ахӕстдони бадтӕй хъӕбӕр минкъий къамери, ӕ хӕццӕ ба ма никкидӕр цуппар адӕймаги. Кӕд Артём ахӕст адтӕй, уӕд дӕр ин бантӕстӕй Имисӕн изӕри нисӕнттӕ бацӕттӕ кӕнун, ӕма фӕндӕ кодта ӕхецӕн радзубанди радзорун. Фал ӕ хӕццӕ ка бадтӕй, етӕ хъӕбӕр берӕ тамаку думдтонцӕ ӕма ӕнӕфсӕрттӕ дзурдтонцӕ. Цума Артём куд бакодта? Артём сӕ бафарста, сӕ бон н’ адтайдӕ еу сахат тамаку ма думун ӕма ӕнӕфсӕрттӕ ма дзорун. Ку ин исарази ’нцӕ, уӕд ӕ десӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй. Е сӕ бафарста, нӕ сӕ фӕндадтайдӕ радзубандимӕ байгъосун. Етӕ ин «нӕъ» загътонцӕ, фал ӕй ку фӕууидтонцӕ ӕма ку фегъустонцӕ, Артём Имисӕн изӕр куд уадзуй, уой, уӕд ӕй фарстати буни фӕккодтонцӕ.

14. Коронавируси пандемийи рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон цӕй фӕрци иссӕй Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнун?

14 Коронавируси пандемийи рӕстӕг. Пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд Йегови лӕггадгӕнгути бон н’ адтӕй Паддзахади залти ӕмбурд кӕнун, фал сӕ е нӕ бахъор кодта Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунмӕ d. Интернет ци ӕмбурдти адтӕй, уонӕми Имисӕн изӕр видеосвязӕй рауагътонцӕ. Фал интернет кӕмӕ нӕййес, еци милиуангай адӕн ба ци бацӕнцӕ? Кӕцидӕр бӕстити ӕнсувӕртӕ байархайдтонцӕ, цӕмӕй Имисӕн изӕри радзубанди телевизорӕй ӕма радиойӕй фегъосун кодтайуонцӕ. Удта цӕмӕй, кӕрӕдземӕй идард ка цӕруй, уони бон дӕр иссайдӕ Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнун, уой туххӕй филиалтӕ еци радзубанди 500 ӕвзагемӕй фулдӕрмӕ ратӕлмац кодтонцӕ ӕма ’й ниффинстонцӕ. Уой фӕсте ба ’й бахъӕртун кодтонцӕ, идард рауӕнти ка цӕруй, уонӕмӕ.

15. Сьюй хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 Нӕ бийнонтӕ нӕ нихмӕ ку фӕуунцӕ. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ хеуӕнттӕ сӕ нихмӕ цӕунцӕ. Ӕркӕсӕн еу силгоймаг Сьюй хабармӕ. 2021 анзи Имисӕн изӕри размӕ, ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, еци хуӕрӕн загъта, ӕ бийнонтӕ ӕ нихмӕ ке цӕунцӕ, уой туххӕй ӕ бон ке не ’суодзӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун. Хуӕрӕ ин бакастӕй Лукай 22:44 ӕма ин балӕдӕрун кодта, зин уавӕрти Киристей хузӕн ке гъӕуама архайӕн: Йеговӕмӕ ковӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕн. Иннӕ бон Сью Имисӕн изӕри нисӕнттӕ бацӕттӕ кодта ӕма сайти jw.org бакастӕй видеороликмӕ рубрикӕй «Сӕумӕй еумӕ дзубанди кӕнӕн Библибӕл». Изӕрӕй ба ӕ къомнӕти телефонӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕрбайеу ӕй. Уой фӕсте Сью еци хуӕрӕмӕ ниффинста: «Ӕзинӕ мин мӕ нифс хъӕбӕр бафедар кодтай! Ӕз, мӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой бакодтон, цӕмӕй Имисӕн изӕр исбӕрӕг кодтайнӕ, иннӕ гъуддӕгтӕбӕл ба Йеговӕ батухстӕй. Куд амондгун ӕма боз дӕн, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес!» Куд дӕмӕ кӕсуй, Йеговӕ дӕуӕн ба банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уавӕри ку бахауай, уӕд?

16. Нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун, Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд нин Йеговӕ ке райарфӕ кӕндзӕй? (Ромӕгтӕмӕ 8:31, 32).

16 Цӕмӕй Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр, куд ӕмбӕлуй, уотӕ исбӕрӕг кӕнӕн, уой туххӕй ци хъауритӕ ӕрӕвӕрӕн, уомӕн Йеговӕ хъӕбӕр фӕййаргъ кӕнуй. Ӕма нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: Йеговӕ махӕн ци искодта, уой туххӕй боз ку уӕн, уӕд нин ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 8:31, 32.) Мадта нӕ федар фӕндӕ уӕд, Имисӕн изӕри размӕ Йеговӕн никки фулдӕр балӕггадӕ кӕнун ӕма еци ӕхсидзгӕ хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ ӕрбацӕун.

18 ЗАР Киристей нивонди туххӕй боз уӕн

a 2023 анзи, 4 апрели, геуӕргибони ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр милиуангай адӕн ӕрӕмбурд уодзӕнцӕ, цӕмӕй Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнонцӕ. Беретӕ еци хабармӕ фиццаг хатт ӕрбацӕудзӕнцӕ. Кадӕртӕ ба раздӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ, фал берӕ ӕнзти дӕргъи ӕмбурдтӕмӕ нӕбал цудӕнцӕ. Иннетӕ ба ӕрбацӕудзӕнцӕ, кӕд устур зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уӕддӕр. Цийфӕнди уавӕри ма уай, уӕддӕр ибӕл ма гурусхӕ кӕнӕ, Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй, де ’гас хъауритӕй ку байархайай ӕма еци хабар исбӕрӕг кӕнунмӕ ку ’рбацӕуай.

b Еци адӕн ӕууӕндунцӕ месси рӕстӕг дзол ӕма сӕнӕ Киристей бауӕр ӕма тог ке фестунцӕ. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма еске дзол ӕма сӕнӕй ку исахуадуй, уӕд Киристей бауӕр ӕма тог нивондӕн хаст ӕрцӕунцӕ.

c Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

d Кӕсӕ ма сайти jw.org статьятӕ «Как отпраздновали Вечерю в 2021 году».

e ХУЗӔ. 1960 ӕнзтӕй фӕстӕмӕ Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕдитӕ рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кодтонцӕ ӕма абони фӕуунцӕ мухургонд ӕма электронон форматти.

f ХУЗӔ. Кӕнгӕ хузӕбӕл ӕвдист ӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хӕлхъойти рӕстӕг Имисӕн изӕр куд бӕрӕг кӕнунцӕ, е.