3 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йеговӕ дин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕнтӕстгун уай
«Йеговӕ адтӕй Иосифи хӕццӕ, ӕма Иосиф алцӕмӕдӕр хуарз арӕхстӕй» (РАЙД. 39:2, 3).
30 ЗАР Мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау, ме ’Мбал
РАЗДЗУРД a
1, 2. а) Фӕлварӕнтӕбӕл ке исӕмбӕлӕн, е нӕмӕ дессаг цӕмӕннӕ кӕсуй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
ФӔЛВАРӔНТӔБӔЛ ке исӕмбӕлӕн, е нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй. Библий дӕр уотӕ финст ӕй: «Хуцауи Паддзахадӕмӕ бацӕуни размӕ нӕ берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзарун гъӕудзӕй» (Гъуд. 14:22). Уомӕй уӕлдай ма ’й зонӕн, цӕхуӕндӕр фӕлварӕнтӕн сӕ кӕрон ке не ’рцӕудзӕй, цалинмӕ нӕуӕг дуйне нӕ ралӕууа, уӕдмӕ. Ӕрмӕстдӕр уоми нӕбал уодзӕй мӕлӕт, маст, гъарӕнгӕ ӕма рист (Рарг. 21:4).
2 Йеговӕ нӕ фӕлварӕнтӕй нӕ гъӕуай кӕнуй, фал нин хъауритӕ дӕттуй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Дӕ гъос ӕрдарӕ, апостол Павел Роми киристӕнттӕмӕ ци ниффинста, уомӕ. Фиццаг бал ранимадта, ӕхуӕдӕг дӕр, удта ӕнсувӕртӕ дӕр ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уони. Уой фӕсте ба ниффинста: «Мах алцӕбӕлдӕр уӕлахез кӕнӕн, ка нӕ бауарзта, уой фӕрци» (Ром. 8:35–37). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йегови ӕнхуси фӕрци нӕ бон ӕй ӕнтӕстгун ун, нӕ фӕлварӕн ку нӕма фӕууа, уӕд дӕр. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕ Иосифӕн куд ӕнхус кодта ӕма махӕн дӕр куд ӕнхус кӕндзӕй, уомӕ.
ӔНӔНГЪӔЛТИ ЕСТИ КУ РАЙЙЕВУЙ
3. Иосифи цард ӕвваст куд феййивта?
3 Иаков ӕ фурт Иосифи хъӕбӕр берӕ уарзта (Райд. 37:3, 4). Уой туххӕй Иосифмӕ ӕ хестӕр ӕнсувӕртӕ соцъа кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма син фадуат ку фӕцӕй, уӕд ӕй мадиамаг сӕудегертӕн рауӕйӕ кодтонцӕ, етӕ ба ’й Египетмӕ фӕккодтонцӕ, ӕ хӕдзарӕй цалдӕр сӕдӕ километри идарддӕр. Уоми Иосифи нӕуӕгӕй рауӕйӕ кодтонцӕ, аци хатт ба фараони гъӕуайгӕнгути хестӕр Потифарӕн. Иосифи цард куд ӕвваст феййивта: ӕрӕги дӕр ма ӕ фиди уарзон фурт адтӕй, нур ба египеттаги цагъар иссӕй (Райд. 39:1).
4. Хатгай Иосифи хузӕн уавӕрти цӕй туххӕй бахауӕн?
4 Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ фидбилиз кӕд кӕбӕл ӕрцӕудзӕй, уой неке зонуй (Еккл. 9:11). Хатгай иннӕ адӕн ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, уонӕй мах дӕр хизт нӕ фӕууӕн (1 Кор. 10:13). Еуӕй-еухӕттити ба цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ке ан, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй. Зӕгъӕн, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой туххӕй нӕбӕл фӕхходунцӕ, нӕ нихмӕ фӕццӕунцӕ ӕма ма нӕ фӕдбӕл дӕр фӕззелунцӕ (2 Тим. 3:12). Цийфӕнди фӕлварӕнтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр Йегови ӕнхуси фӕрци нӕ бон уодзӕй ӕнтӕстгун ун. Цума Иосифӕн ба Йеговӕ куд ӕнхус кодта?
5. Иосифмӕ кӕсгӕй Потифар ци балӕдӕрдтӕй? (Райдайӕн 39:2–6).
5 Бакӕсӕ Райдайӕн 39:2–6. Потифар ӕй уидта, Иосиф дӕсни ӕма ӕнӕзийнадӕ косӕг ке ӕй. Ӕма е уотӕ цӕмӕн ӕй, уой дӕр лӕдӕрдтӕй. Е ӕй зудта, «алли гъуддаги дӕр ин Йеговӕ ке арфӕ кодта» b. Рӕстӕг рацудӕй, ӕма Потифар Иосифи барӕ бакодта, цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уой. Гъема ин Иосиф ӕдзох кӕстӕреуӕг кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йеговӕ Иосифи туххӕй арфӕ кодта египеттаги хӕдзарӕн.
6. Иосиф ӕ уавӕрмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастайдӕ?
6 Нур ба расагъӕс кӕнӕн, Иосиф ӕ уавӕрмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, уобӕл. Еци рӕстӕг ӕй тӕккӕ хъӕбӕрдӕр ци фӕндадтайдӕ? Потифари цӕсти ӕхецӕн хуарз ном искӕнун ӕви иссӕребарӕ ун ӕма ӕ фидӕмӕ раздӕхун? Кӕд Потифари хӕдзари берӕ кадгин ихӕстӕ ӕнхӕст кодта, уӕддӕр ма цагъар адтӕй. Йеговӕ Потифарӕн Иосифи не ’суӕгъдӕ кӕнун кодта. Уомӕй уӕлдай ма имӕ разӕй никки устурдӕр фӕлварӕнтӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ.
УАВӔР КУ ФӔФФУДДӔР УЙ
7. Иосифи уавӕр кутемӕй фӕффуддӕр ӕй? (Райдайӕн 39:14, 15).
7 Райдайӕни 39 сӕри куд финст ӕй, уотемӕй Потифари уосӕ Иосифбӕл ӕ цӕстӕ ӕрӕвардта. Еци силгоймаг ӕй еу хаттӕй иннӕ хатмӕ гъавта ӕхемӕ расайун. Фал Иосиф уӕхӕн ӕнӕгъдау гъуддаг некӕд бакодта. Гъема имӕ Потифари уосӕ гъе уотӕ исмӕстгун ӕй, ӕма ’й фӕффудгин кодта, тухмиуӕ мин бакӕнунмӕ гъавта, зӕгъгӕ. (Бакӕсӕ Райдайӕн 39:14, 15.) Потифар уой ку фегъуста, уӕд Иосифи ахӕстдони багӕлста, ӕма уоми цалдӕр анзи фӕцӕй (Райд. 39:19, 20). Еци ахӕстдонӕ цума цӕхуӕн адтӕй? Иосиф ци дзиуиттаг дзурдӕй испайда кодта, е хатгай фӕннисан кӕнуй, дон кӕми ӕмбурд кӕнунцӕ, уӕхӕн къагъд кенӕ уотид къагъд (Райд. 40:15). Мадта зӕгъӕн ес, ӕма еци бунат адтӕй талингӕ. Иосиф, ӕвӕдзи, хуарзӕй нецӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Уомӕй уӕлдай ма Библий финст ӕй, Иосифӕн ӕ къӕхтӕ хъадамати ке бакодтонцӕ ӕма ’й рӕхистӕй ке исбастонцӕ (Пс. 105:17, 18). Мадта Иосифи уавӕр никки фуддӕр фӕцӕй: кӕд раздӕр кадгин ихӕстӕ ка ӕнхӕст кодта, уӕхӕн цагъар адтӕй, уӕд нур ба иссӕй, ахӕстдони къагъди ка бадуй, уӕхӕн адӕймаг.
8. Нӕ уавӕр фуддӕрӕй-фуддӕр ку кӕна, уӕддӕр нӕ бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун?
8 Ескӕд уотӕ адтӕй, ӕма дӕ уавӕр фуддӕрӕй-фуддӕр кодта, кӕд Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкковисӕ, уӕддӕр? Хатгай уотӕ дӕр рауайуй. Йеговӕ нӕ нӕ гъӕуай кӕнуй, Сайтани дуйней ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уонӕй (1 Иоан. 5:19). Фал уӕддӕр дӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: Йеговӕ дин дӕ уавӕр хуарз зонуй ӕма дӕбӕл тухсуй (Матф. 10:29–31; 1 Пет. 5:6, 7). Уомӕй уӕлдай ма нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Некӕд дӕ ниууадздзӕн ӕма дӕ некӕд феронх кӕндзӕн» (Дзиуит. 13:5). Дӕ уавӕри дӕмӕ рохси цъирт ку некӕцӕйбал кӕла, уӕддӕр ӕй зонӕ, Йеговӕмӕ фагӕ хъаурӕ ке ес, цӕмӕй дин банхус кӕна. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Хуцау Иосифӕн ӕ уавӕри куд банхус кодта, уомӕ.
9. Иосиф ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд дӕр ӕй Йеговӕ ке нӕ ниууагъта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? (Райдайӕн 39:21–23).
9 Бакӕсӕ Райдайӕн 39:21–23. Иосиф ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд дӕр ин Йеговӕ ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕнтӕстгун адтайдӕ. Кутемӕй? Кӕддӕр Потифари цӕсти Иосифӕн ци кадӕ адтӕй, уӕхӕн кадӕ ин фӕззиндтӕй ахӕстдони хецауи цӕсти дӕр. Фӕстӕдӕр, ахӕстдони ка бадтӕй, уони се ’гасейдӕр Иосифи барӕ бакодта. Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, «Иосифи барӕ ци гъуддӕгтӕ адтӕй, уонӕй ахӕстдони хецау ӕ цӕстӕ нецӕмӕбал дардта». Мадта Иосифӕн уӕхӕн куст ке фӕззиндтӕй, уой фӕрци ’й ӕ тухст сагъӕстӕмӕ уотӕ хъӕбӕр нӕбал евдалдӕй. Уавӕр уотӕ ке феййивта, е ӕцӕгӕйдӕр ӕнӕнгъӕлти адтӕй, уомӕн ӕма бал фиццаг Иосифи фӕффудгин кодтонцӕ, кадгин хецауи уосӕн тухмиуӕ бакӕнунмӕ гъавта, зӕгъгӕ. Уой фӕсте ба ин устур ихӕстӕ ӕ барӕ бакодтонцӕ. Цума уомӕн куд адтӕй гӕнӕн? Дзуапп бӕрӕг ӕй. Райдайӕни 39:23 финст ӕй: «Йеговӕ адтӕй Иосифи хӕццӕ ӕма, цийфӕнди ма кодтайдӕ, алли гъуддаги дӕр ин Йеговӕ арфӕ кодта».
10. Балӕдӕрун кӕнӕ, Иосифмӕ уотӕ цӕмӕннӕ кастайдӕ, ӕма алли гъуддаги дӕр ӕнтӕстгун ӕй.
10 Гъӕйдӕ бабӕй расагъӕс кӕнӕн, Иосиф ӕ уавӕрмӕ ци цӕстӕй кастайдӕ, уобӕл. Ӕнӕфудӕй ӕй фӕффудгин кодтонцӕ, ахӕстдони ’й багӕлстонцӕ. Цума ӕгас еци хабӕртти фӕсте дӕр ма имӕ уотӕ кастайдӕ, ӕма алли гъуддаги дӕр ӕнтӕстгун ӕй? Иосифи тӕккӕ хъӕбӕрдӕр ци фӕндадтайдӕ? Цӕмӕй ахӕстдони хецауи цӕсти ӕхецӕн хуарз ном искӕна ӕви, цӕмӕй ӕ ном искӕдзос уа ӕма ’й исуӕгъдӕ кӕнонцӕ? Иосифи хӕццӕ ахӕстдони ка бадтӕй, уой гъӕуама исуӕгъдӕ кодтайуонцӕ, ӕма ин Иосиф ниффӕдзахста, цӕмӕй ин ӕ хабар фараонӕн радзурдтайдӕ (Райд. 40:14). Фал еци адӕймагӕй е феронх ӕй, ӕма ма Иосиф никкидӕр дууӕ анзи ахӕстдони фӕббадтӕй (Райд. 40:23; 41:1, 14). Фал уӕддӕр Йеговӕ Иосифӕн идарддӕр дӕр арфӕ кодта.
11. Иеговӕ Иосифи цӕхуӕн искурдиадӕй исхайгин кодта ӕма е куд рабӕрӕг ӕй, Йегови фӕндон куд исӕнхӕст ӕй, уобӕл?
11 Иосиф ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд Йеговӕ фараонӕн дууӕ фуни фӕууинун кодта. Уони туххӕй фараон хъӕбӕр истухстӕй. Фӕндадтӕй ӕй, ци нисан кӕнунцӕ, уой балӕдӕрун ӕма ’й ку базудта, Иосиф фунтӕ ихалун ке зонуй, уӕд бардзурд равардта, цӕмӕй ӕй ахӕстдонӕй ӕрбахудтайуонцӕ. Йегови ӕнхуси фӕрци Иосиф еци фунтӕ балӕдӕрун кодта ӕма фараон деси бафтудӕй, ци зундгин унаффитӕ ин равардта, уони туххӕй. Фараон ӕй фӕууидта, еци ӕригон нӕлгоймагӕн Йеговӕ ке ӕнхус кӕнуй ӕма ин уомӕ гӕсгӕ ӕгас Египети хуаллаг дӕр ӕ барӕ бакодта (Райд. 41:38, 41–44). Фӕстӕдӕр Египети стонг дзаман ралӕудтӕй. Стонг дзаман ма адтӕй Ханаани дӕр, Иосифи бийнонтӕ кӕми цардӕнцӕ, еци зӕнхити. Фал Иосиф устур бунат ке ахӕста, уой фӕрци ӕ бон иссӕй ӕ бийнонти фӕййервӕзун кӕнун ӕма Мессийӕ ци хӕдзарвӕндагӕй гъӕуама рацудайдӕ, е не ’сӕскъудӕй.
12. Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, Йеговӕ Иосифӕн ке ӕнхус кодта, е?
12 Расагъӕс кӕнӕн Иосифи царди хабӕрттӕбӕл. Потифари ка баразӕнгард кодта, хумӕтӕг цагъармӕ е ’ргом раздахун? Ахӕстдони хецауи ба ка баразӕнгард кодта еу ахӕсти иннӕ ахӕстити сӕргъи исӕвӕрун? Фараонӕн фунтӕ ка равардта, Иосифӕн ба – фунтӕ ихалуни искурдиадӕ? Ӕгас Египети хуаллаг Иосифи барӕ ке бакодтонцӕ, е ке фӕрци адтӕй? (Райд. 45:5). Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, Иосиф Йегови фӕрци ке адтӕй ӕнтӕстгун ӕма ’й кӕд е ’нсувӕртӕ марунмӕ гъавтонцӕ, уӕддӕр Йеговӕ уавӕр цӕхгӕрмӕ феййивта, цӕмӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст адтайдӕ.
ЙЕГОВӔ ДӔУӔН БА КУД ӔНХУС КӔНУЙ, ЦӔМӔЙ ӔНТӔСТГУН УАЙ?
13. Раст адтайдӕ уотӕ гъуди кӕнун, ӕма нӕ Йеговӕ лӕгъуз цӕмӕйдӕрти аллихатт дӕр гъӕуай кӕндзӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
13 Иосифи царди хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цума уотӕ гъуди кӕнун раст адтайдӕ, ӕма нӕ лӕгъуз цӕмӕйдӕрти Йеговӕ алкӕддӕр ервӕзун кӕндзӕй? Кенӕ ба нӕбӕл ести лӕгъуз хабар ку ӕрцӕуй, уӕд е аллихатт дӕр уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ адтӕй? Библимӕ гӕсгӕ уотӕ гъуди кӕнун раст нӕй (Еккл. 8:9; 9:11). Фал еу цидӕр ба бӕлвурдӕй зонӕн: цийфӕнди фӕлварӕнбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр ӕй Йеговӕ фӕууинуй, ӕма си ӕнхус ку фӕккорӕн, уӕд нин нӕ лигъстӕ фегъосуй (Пс. 34:15; 55:22; Ис. 59:1). Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕ айдагъ игъосгӕ нӕ кӕнуй, фал ма нин хъауритӕ дӕр раттуй, цӕмӕй еци фӕлварӕнти сӕрти ӕнтӕстгунӕй рахезӕн.
14. Зин рӕстӕгути нин Йеговӕ куд банхус кӕнуй?
14 Йеговӕ махӕн ба куд ӕнхус кӕнуй? Зӕгъӕн, арӕх нин уодӕнцойнӕ раттуй ӕма нин нӕ нифс бафедар кӕнуй, ӕнхусгъӕуагӕ тӕккӕ хъӕбӕрдӕр кӕд фӕууӕн, уӕд (2 Кор. 1:3, 4). Гъе уотӕ адтӕй, Туркменистанӕй не ’нсувӕр Эзизи хабар дӕр. Уой ӕ дини туххӕй дууӕ анземӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Эзиз зӕгъуй: «Тӕрхон мин ци бон гъӕуама рахастайуонцӕ, еци бон мин сӕумӕй еу ӕнсувӕр бакастӕй Исаййи 30:15 стих. Уоми финст ӕй: „Уӕ хъаурӕ уой медӕг уодзӕй, ку нӕ тухсайтӕ ӕма мӕбӕл уӕ зӕрдӕ ку дарайтӕ“. Аци стих мин алкӕддӕр ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕгӕр ма тухстайнӕ ӕма мӕ каст алкӕддӕр Йеговӕмӕ адтайдӕ. Цалинмӕ ахӕстдони бадтӕн, уӕдмӕ мин аци стихи дзурдтӕ мӕ нифс хъӕбӕр федар кодтонцӕ». Дӕу бон ба ӕй ӕргъуди кӕнун, Йеговӕ дин куд банхус кодта, ӕнхус дӕ тӕккӕ хъӕбӕрдӕр кӕд гъудӕй, еци рӕстӕг?
15, 16. Торий хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
15 Арӕх уотӕ фӕууй, ӕма нин Йеговӕ куд ӕнхус кодта, уой фӕууинӕн, фӕлварӕнти сӕрти ку рахезӕн ӕма фӕстӕмӕ ку ракӕсӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уой ӕхецӕй зонуй еу хуӕрӕ Тори. Ӕ фурт Мейсон ӕхсӕз анзи раккӕй садӕй, фал ибӕл, гъигагӕн, ӕ нез фӕууӕлахез ӕй ӕма рамардӕй. Торийӕн фур ристӕй ӕ зӕрдӕ ’скъудтӕ кодта. Е зӕгъуй: «Мадӕн ӕ бӕдоли мӕлӕтӕй зиндӕр неци фӕууй». Удта ма загъта: «Ӕгас ниййергутӕ дӕр, ӕвӕдзи, мӕ хӕццӕ исарази уодзӕнцӕ: дӕ бӕдоли гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсуни бӕсти, дӕхуӕдӕг цийфӕнди гъезӕмӕрттӕ дӕр ӕвзарӕ».
16 Йеговӕ ин еци зин рӕстӕгути куд ӕнхус кодта, уой туххӕй Тори радзурдта: «Ӕз ӕй федарӕй зонун: цалинмӕ мӕ фурт сӕйгӕ кодта, уӕдмӕ Йеговӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ адтӕй. Зӕгъӕн, еуӕй-еухатт Мейсон хъӕбӕр нӕфӕразгӕ кӕнидӕ ӕма еске баиуазӕг кӕнун гъон дӕр нӕ фӕууидӕ, фал уӕддӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕйгӕдонӕмӕ ӕрбацӕуиуонцӕ, цӕмӕй нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууонцӕ. Ӕма кӕд сӕйгӕдонӕмӕ дууӕ сахаттей бӕрцӕ цӕун гъудӕй, уӕддӕр си нӕхеуӕнттӕй алкӕддӕр еске фӕууидӕ. Уомӕй уӕлдай ма нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕхцайӕй дӕр банхус кӕниуонцӕ. Тӕккӕ тухст рӕстӕгути дӕр неци гъӕуагӕ адтан». Йеговӕ Торийӕн алци исфӕразунмӕ хъауритӕ равардта ӕма Мейсони дӕр некӕд ниууагъта. (Кӕсӕ рамкӕ « Йеговӕ нин лӕвардта, ци гъӕуагӕ адтан, уой».)
ЙЕГОВӔ ДИН КУД БАНХУС КӔНУЙ, УОЙ МА ИРОНХ КӔНӔ
17, 18. Ци нин банхус кӕндзӕй, Йеговӕ нин зин рӕстӕгути дӕр ке ӕнхус кӕнуй, уой уинун ӕма уомӕн аргъ кӕнун? (Псалом 40:5).
17 Бакӕсӕ Псалом 40:5. Хонхбӕл ка фӕббуруй, уомӕн ӕ нисан фӕууй хонхи цъопмӕ исхъӕртун, фал цӕугӕ-цӕугӕй дӕр ӕ бон ӕй ӕрлӕуун, ӕма ӕ алливарс ци рӕсугъд бунӕттӕ ес, уонӕмӕ кӕсун. Гъе уотӕ ду дӕр фагӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй, цит, ӕрлӕууай ӕма расагъӕс кӕнай, Йеговӕ дин зин рӕстӕгути дӕр ӕнтӕстгун унмӕ куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл. Алли бони кӕрон дӕр дӕхе бафӕрсисӕ: «Йеговӕ мин абони куд райарфӕ кодта? Кӕд мӕ уавӕр нӕма фӕххуӕздӕр ӕй, уӕддӕр мин Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй мӕ къохтӕ ма ӕруадзон?» Аци фарстатӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй байархайӕ, цӕмӕй Йегови арфӕдзийнӕдтӕй уӕддӕр еу фӕууинай.
18 Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йеговӕй корун, цӕмӕй дӕ фӕлварӕн тагъддӕр фӕууа, уоми лӕгъузӕй неци ес (Фил. 4:6). Фал нуртӕкки ци арфӕдзийнӕдтӕй хайгин ан, уони дӕр гъӕуама уинӕн, уомӕн ӕма нин Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нӕ бафедар кӕндзӕй ӕма нин алци исфӕразунмӕ хъауритӕ ке ратдзӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба дин Йеговӕ алли бон дӕр куд ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй си боз уо. Гъе уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, Йеговӕ Иосифӕн хъӕбӕр зин рӕстӕгути куд ӕнхус кодта, уотӕ дӕуӕн дӕр ке ӕнхус кӕндзӕй, ӕма ду дӕр алли гъуддаги дӕр уодзӕнӕ ӕнтӕстгун (Райд. 41:51, 52).
32 ЗАР Йегови фарс ислӕууӕ!
a Хатгай ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уони туххӕй нӕбӕл дуйне батар уй. Уӕхӕн рӕстӕг нӕ бон нӕ фӕууй зӕгъун, ӕма ӕнтӕстгун ан кенӕ нин Йеговӕ ӕнхус кӕнуй. Ка ’й зонуй ма уотӕ дӕр гъуди кӕнӕн, ӕма фӕлварӕнти сӕрти ку рахезӕн, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕд уодзӕй исхонӕн ӕнтӕстгун. Фал Иосифи царди хабӕрттӕй еу ӕхсидзгӕ цӕбӕлдӕр ахур кӕнӕн: Йегови бон нин ӕй ӕнхус кӕнун, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр ӕнтӕстгун уӕн. Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, уомӕн гӕнӕн куд ес, уобӕл.
b Еци хабӕртти туххӕй Библий ӕдеугурӕй цалдӕр стихеми финст ес, фал, ӕвӕдзи, цалдӕр анзей дӕргъи цудӕнцӕ.