Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Уӕ зунд нӕуӕг кӕнтӕ»

«Уӕ зунд нӕуӕг кӕнтӕ»

«Уӕ зунд нӕуӕг кӕнтӕ ӕма уӕ уодигъӕдӕ ӕййеветӕ, цӕмӕй лӕдӕрайтӕ, ци ӕй Хуцауи фӕндон: ци имӕ кӕсуй хуарз, ци ин ӕй ӕхцӕуӕн ӕма ци ӕй ӕ цӕсти ӕнхӕст» (РОМ. 12:2).

88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ

РАЗДЗУРД a

1, 2. Донаргъуди фӕсте дӕр нӕ ци фӕгъгъӕуй кӕнун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

 ДӔ ХӔДЗАРӔ куд арӕх фефснайис? Ӕвӕдзи, нӕуӕг хӕдзарӕмӕ бацӕуни размӕ ’й дзӕбӕх къумтӕй бафснайдтайсӕ. Фал фӕстӕдӕр еци гъуддагмӕ дӕ цӕстӕ ку нӕбал дарай, уӕдта? Уӕдта, ӕвӕдзи, хӕдзарӕ уайтагъд ругӕй райдзаг уодзӕй. Мадта цӕмӕй дӕ хӕдзарӕ кӕдзос уа, уой туххӕй ӕй арӕх ӕфснайун гъӕуй.

2 Гъе уотӕ ӕй нӕ зундахаст ӕма нӕ уодигъӕди хабар дӕр. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, донаргъуд райсуни размӕ дӕр нӕ царди берӕ цидӕртӕ раййивтан, цӕмӕй нӕхе искӕдзос кӕнӕн, «нӕ бауӕр ӕма нин нӕ зунд цидӕриддӕр цъумур кӕнуй, уонӕй» (2 Кор. 7:1). Фал айдагъ уобӕл гъӕуама ма ӕрлӕууӕн. Апостол Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама идарддӕр дӕр нӕуӕг кӕнӕн (Еф. 4:23). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕбӕл аци дуйней цъумур ӕма ругӕ тагъд ӕрбадуй. Мадта цӕмӕй уотӕ ма рауайа, удта цӕмӕй махмӕ кӕсгӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕна, уой туххӕй гъӕуама рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ зундахастмӕ, нӕ фӕндтӕмӕ ӕма нӕ уодигъӕдӕмӕ ӕркӕсӕн.

«УӔ ЗУНД НӔУӔГ КӔНТӔ»

3. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ зунд нӕуӕг кӕнӕн? (Ромӕгтӕмӕ 12:2).

3 Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ зунд нӕуӕг кӕнӕн, гъома, нӕ зундахаст ӕййевӕн? (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:2.) Цалдӕр хуарз гъуддаги искӕнай ӕма бакастӕй хуарз адӕймаг зиннай, е фагӕ нӕй. Гъӕуама нӕхемӕ арфдӕр никкӕсӕн ӕма нӕ зӕрди къумтӕмӕ дзӕбӕх базелӕн, цӕмӕй нин никки хуӕздӕр уайа Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун.

Ахур ӕма кусти фӕдбӕл ци унаффитӕ рахӕссис, уонӕй бӕрӕг фӕууй, Хуцауи Паддзахадӕ дин фиццаг бунати ке ӕй? (кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ) c

4. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕбӕл аци дуйней зундахаст ма ӕндава?

4 Ӕнхӕст адӕймӕгтӕ ку исуӕн, уӕд нӕ алли гъуддагӕй дӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан. Фал бал нӕ нур ба бахъиамӕт кӕнун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ни Йеговӕ арази уа. Дӕ гъос ӕрдарӕ, Ромӕгтӕмӕ 12:2 Павел ци загъта, уомӕ. Ӕ дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ зунд нӕуӕг кӕнун баст ӕй, Хуцауи фӕндон цӕйбӕрцӕбӕл хуарз лӕдӕрӕн, уой хӕццӕ. Мадта ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕбӕл аци дуйней зундахаст ӕндава. Уой бӕсти архайӕ, цӕмӕй ци нисӕнттӕ исӕвӕрис ӕма ци унаффитӕ рахӕссис, уонӕй бӕрӕг уа, Хуцауи зундахастӕй ке архайис.

5. Нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, Йегови бон хӕстӕг ке ӕй, уой лӕдӕрӕн ӕви нӕ, уой? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

5 Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ «бон» нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн ӕма еци «бони» ӕрцудмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн (2 Пет. 3:12). Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ цардӕй бӕрӕг ӕй, аци дуйней кӕрон хӕстӕг ке ӕй, уой ке лӕдӕрун? Ахур ӕма кусти фӕдбӕл ци унаффитӕ рахӕссун, уонӕй бӕрӕг ӕй, царди мин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй? Ӕууӕндун ибӕл, Йеговӕ мӕнбӕл дӕр ӕма мӕ бийнонтӕбӕл дӕр ке батухсдзӕй ӕви ӕдзох фӕммӕтӕ кӕнун, цардамӕлттӕ куд кӕндзӕн, уобӕл?» Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕн цӕйбӕрцӕбӕл ӕхцӕуӕн фӕууй, ку ’й фӕууинуй, нӕ цард ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ке аразӕн (Матф. 6:25–27, 33; Фил. 4:12, 13).

6. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ ци фӕгъгъӕуй кӕнун?

6 Мах дӕр фӕгъгъӕуй, апостол Павел коринфӕгтӕн ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ архайун. Е загъта: «Уӕ зӕрдитӕмӕ цит никкӕсиайтӕ, ӕууӕндундзийнади федар айтӕ ӕви нӕ» (2 Кор. 13:5). Цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар уа, уой туххӕй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма игъосун кӕнун фагӕ нӕй. Гъӕуама ма лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн, цӕхуӕн зундахаст ӕма нӕмӕ цӕхуӕн фӕндтӕ ес, уобӕл, удта нӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ ци разӕнгард кӕнуй, уобӕл дӕр. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй ӕдзох нӕ зунд нӕуӕг кӕнун. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Уой туххӕй гъӕуама Хуцауи Дзурд Библи кӕсӕн, Хуцау куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнӕн, удта ин нӕ гъуддӕгтӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн (1 Кор. 2:14–16).

«УӔ УОДИГЪӔДӔ НӔУӔГМӔ РАЙЙЕВЕТӔ»

7. Ефесӕгтӕмӕ 4:31, 32 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ма нӕ никкидӕр ци гъӕуй кӕнун, фал е ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?

7 Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:31, 32. Нӕ зунд нӕуӕг кӕнунӕй уӕлдай ма нӕ гъӕуй нӕ уодигъӕдӕ дӕр нӕуӕгмӕ раййевун (Еф. 4:24). Ӕма кӕд е ӕнцон нӕй, уӕддӕр нӕ уобӕл байархайун гъӕуй. Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ниууадзӕн «фудӕнхӕ, маст ӕма знӕт». Цума е уотӕ ӕнцон цӕмӕннӕ ’й? Уомӕн ӕма ни цӕхуӕндӕр лӕгъуз менеугутӕ хъӕбӕр арф бадунцӕ. Библий дӕр уомӕ гӕсгӕ финст ӕй: «Адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ ӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ лӕгъуздзийнадӕмӕ ’здӕхт ӕй» (Райд. 8:21). Цӕмӕй нӕбӕл еци лӕгъуз менеугутӕ ма хъӕбӕрдӕр кӕнонцӕ, уой туххӕй ба нӕ фӕгъгъӕуй донаргъуди фӕсте дӕр ӕгас хъауритӕй архайун. Ӕма е бӕрӕг ӕй дӕлдӕр финст хабарӕй.

8, 9. Нӕ зӕронд уодигъӕди нихмӕ ӕдзох тох кӕнун ке гъӕуй, е Стивени хабарӕй куд зиннуй?

8 Еу ӕнсувӕр Стивен хъӕбӕр мӕстгунгӕнагӕ адтӕй. Е зӕгъуй: «Донаргъуди фӕсте дӕр ма мӕ гъудӕй мӕхебӕл косун. Еу хатт хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ку игъосун кодтан, уӕд мин мӕ машинӕй кадӕр радио радавта. Ӕз дӕр ӕ фӕсте ралигътӕн. Мӕнӕ-мӕнӕ ’й баййафдзӕн, уотемӕй радио фӕггӕлста ӕма ледзӕги фӕцӕй. Еци хабари туххӕй кӕмӕндӕрти радзурдтон, ӕма мӕ еу хестӕр нӕлгоймаг бафарста: „Стивен, нур ӕй ку баййафтайсӕ, уӕд ци адтайдӕ?“ Еци фарста мӕ сагъӕсти бафтудта. Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, никки фулдӕр мӕ ке гъӕуй архайун, цӕмӕй фарнӕуарзагӕ адӕймаг уон» b.

9 Хатгай нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нин бантӕстӕй цӕхуӕндӕр лӕгъуз менеуӕг нӕ зӕрдӕй ӕд едӕгтӕ истонун. Фал Стивени хабарӕй бӕрӕг ӕй, е алкӕд уотӕ ке нӕ фӕууй. Кӕд дӕуӕн дӕр е ӕнӕзонгӕ нӕй, уӕд дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ ӕма дӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, цума нецӕййаг киристон дӕ. Апостол Павел дӕр ма ӕхецӕй уотӕ загъта: «Раст ци ӕй, уой бакӕнун мӕ ку фӕффӕндуй, уӕд мӕ рази ӕрбалӕууй лӕгъуздзийнадӕ» (Ром. 7:21–23). Абони не ’гасейдӕр гъӕуй лӕгъуз менеугути хӕццӕ тох кӕнун. Уомӕн ӕма етӕ цъумур ӕма руги хузӕн нӕуӕгӕй ӕма нӕуӕгӕй нӕ «хӕдзари» ӕрбадунцӕ. Фал цӕмӕй кӕдзос уа, уой туххӕй ба нӕ ӕдзохдӕр архайун гъӕуй. Цума уомӕн куд ес гӕнӕн?

10. Цӕхуӕндӕр лӕгъуз менеугути нихмӕ тох кӕнун нӕ бон куд ӕй? (1 Иоанни 5:14, 15).

10 Дӕ уодигъӕди дӕ цидӕр раййевун ке гъӕуй, уой ку балӕдӕрай, уӕд Йеговӕй ӕнхус корӕ ӕма дин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕ. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 5:14, 15.) Йеговӕ нин нӕ уодигъӕдӕ дессаги хузи нӕ раййевдзӕй, фал нин идарддӕр тох кӕнунмӕ хъауритӕ ратдзӕй (1 Пет. 5:10). Дӕхуӕдӕг ба дӕ кувдтитӕмӕ гӕсгӕ архайӕ, ӕма дӕ дӕ зӕронд уодигъӕдӕмӕ ка раздахдзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕхе хезӕ. Ести кино кенӕ киунугӕ бакӕсуни размӕ расагъӕс кӕнӕ: дӕ уодигъӕдӕй истонунмӕ ке гъавис, еци менеугутӕ си уотӕ ӕвдист нӕ ’нцӕ, цума си лӕгъузӕй неци ес? Уомӕй уӕлдай ма дӕмӕ ести лӕгъуз сагъӕстӕ ку фӕззинна, уӕд дӕхе ӕндӕр естӕбӕл фӕккӕнисӕ, цӕмӕй еци сагъӕстӕ дӕ зӕрди ма ӕрбунат кӕнонцӕ (Фил. 4:8; Кол. 3:2).

11. Нӕ бон куд ӕй нӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевун?

11 Зӕронд уодигъӕдӕ ку раласай, уӕд дӕ гъӕудзӕй нӕуӕг уодигъӕдӕ искӕнун. Цума уомӕн ба куд ес гӕнӕн? Дӕхецӕн нисан исӕвӕрӕ, цӕмӕй Хуцауи менеугути туххӕй фулдӕр базонай ӕма еци менеугутӕ дӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнай (Еф. 5:1, 2). Зӕгъӕн, Йеговӕ куд хатиргӕнагӕ ’й, уой туххӕй Библий ку фӕккӕсис, уӕд дӕхе бафӕрсисӕ: «Ӕз ба иннетӕн ӕнцонтӕй ниххатир кӕнун?» Кенӕ ба ку кӕсай, Йеговӕ куд фӕлмӕнзӕрдӕ ’й ӕма иннети зин куд лӕдӕруй, уой туххӕй, уӕдта расагъӕс кӕнисӕ: «Мӕнӕй ба уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ӕнхусгъӕуагӕ ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсун? Уой мӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесун?» Мадта идарддӕр дӕр дӕ зунд нӕуӕг кӕнӕ, дӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевӕ ӕма дӕхецӕй ӕгӕр берӕ ма агорӕ.

12. Библийӕн ци хъаурӕ ес, уой Стивен ӕхебӕл куд бавзурста?

12 Уӕлдӕр ке кой кодта, еци ӕнсувӕр Стивенӕн сабургай бантӕстӕй ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевун. Е зӕгъуй: «Донаргъуди фӕсте дӕр арӕх уотӕ рауайидӕ, ӕма мӕ кадӕр хъӕбӕр исмӕстгун кӕнидӕ. Фал уӕхӕн уавӕрти исахур дӕн дзубанди ӕндӕр ӕрдӕмӕ фӕккӕнун ӕма гъуддагмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Уӕхӕн уавӕрти мӕхе куд фӕддарун ӕма уайтагъд ке нӕ рамӕстгун ун, уой туххӕй мӕ мӕ бийнойнаг ӕма иннетӕ дӕр арӕх растаунцӕ. Мӕхуӕдӕг дӕр мӕхебӕл дес фӕккӕнун, фал ӕй зонун, е мин мӕхе хъаурити фӕрци ке нӕ бантӕстӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, Библийӕн еци хъаурӕ ес, цӕмӕй адӕймаги уодигъӕдӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййева».

ИДАРДДӔР ДӔР ЛӔГЪУЗ ФӔНДТИ ХӔЦЦӔ ТОХ КӔНӔ

13. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ зӕрди фӕндтӕ раст уонцӕ? (Галатӕгтӕмӕ 5:16).

13 Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 5:16. Йеговӕ нин рӕдауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕттуй, цӕмӕй раст ци ӕй, уой кӕнгӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн. Библи ку фертасӕн, уӕд сугъдӕг хъаурӕн барӕ раттӕн, цӕмӕй нин нӕ зундахаст раст кӕна. Уомӕй уӕлдай ма сугъдӕг хъаурӕй исхайгин уӕн ӕмбурдти дӕр. Уоми нӕ рӕстӕг ферветӕн, раст ци ӕй, уой кӕнунбӕл мах хузӕн ӕгас хъауритӕй, ка архайуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ, ӕма нин е нӕ нифс хъӕбӕр бафедар кӕнуй (Дзиуит. 10:24, 25; 13:7). Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ раттуй, зӕрдиагӕй имӕ ку фӕкковӕн ӕма си ку фӕккорӕн, цӕмӕй цӕхуӕндӕр лӕгъуз менеуӕгбӕл фӕууӕлахез ун нӕ бон исуа. Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма лӕгъуз фӕндтӕй еугур уӕгъдӕ исуодзиан. Фал нӕмӕ хъауритӕ уодзӕй, цӕмӕй сӕ фӕдбӕл ма цӕуӕн. Галатӕгтӕмӕ 5:16 финст ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури коммӕ ка кӕсуй, етӕ тӕрегъӕдгун бауӕри монцти фӕдбӕл ке некӕд рацӕунцӕ.

14. Нӕ зӕрди раст фӕндтӕ ирӕзун кӕнунбӕл ӕдзох цӕмӕн гъӕуама архайӕн?

14 Йеговӕмӕ ке фӕрци хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ, еци гъуддӕгтӕ идарддӕр дӕр кӕнӕ ӕма ӕдзохдӕр архайӕ, цӕмӕй дӕ зӕрди раст фӕндтӕ ирӕзун кӕнай. Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма нин ес, нӕ нихмӕ тох кӕнун ка нӕ фӕллайуй, уӕхӕн знаг. Еци знаг ӕй, адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ лӕгъуз ӕрдӕмӕ ’здӕхт ке ӕй, е. Донаргъуди фӕсте дӕр нӕ зӕрдӕмӕ хатгай фӕццӕунцӕ, нӕхе еуварс кӕмӕй гъӕуама дарӕн, еци гъуддӕгтӕ. Зӕгъӕн, ӕхцабӕл гъазун, карз ниуӕзтӕ ӕма порнографи (Еф. 5:3, 4). Еу ӕригон ӕнсувӕр загъта: «Нур дӕр ма тох кӕнун, нӕлгоймӕгтӕ мӕ зӕрдӕмӕ ке цӕунцӕ, уой хӕццӕ. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд еци гъудитӕбӕл фӕууӕлахез уодзӕн, фал ма мӕмӕ нур дӕр уӕхӕн лӕгъуз сагъӕстӕ фӕззиннуй». Ци дин банхус кӕндзӕй, дӕ зӕрдӕ лӕгъуз цӕмӕдӕр ку дзора, уӕд?

Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма лӕгъуз фӕндти нихмӕ дӕ бон неци ӕй. Иннӕ киристӕнттӕ дӕр уӕхӕн фӕндти хӕццӕ тох кодтонцӕ ӕма фӕууӕлахез ӕнцӕ (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ)

15. «Иннӕ адӕн дӕр» лӕгъуз фӕндти хӕццӕ ке тох кӕнунцӕ, уой ке зонӕн, е нӕ куд федар кӕнуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

15 Лӕгъуз фӕндти хӕццӕ ку тох кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: уӕхӕн цӕйдӕрти нихмӕ айдагъ ду нӕ тохис. Библий финст ӕй: «Сумах ци фӕлварӕнти бахауетӕ, уонӕми иннӕ адӕн дӕр бахаунцӕ» (1 Кор. 10:13а). Аци дзурдтӕ апостол Павел ниффинста Коринфи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ. Рӕстдзийнадӕ ку нӕма базудтонцӕ, уой размӕ си беретӕ сӕ цардӕмбӕлттӕбӕл гадзирахаттӕй рацӕуиуонцӕ, адтӕнцӕ гомосексуалисттӕ ӕма расуггӕнгутӕ (1 Кор. 6:9–11). Куд дӕмӕ кӕсуй, донаргъуд ку райстонцӕ, уой фӕсте сӕ зӕрдӕ уӕхӕн цӕмӕдӕрти нӕбал дзурдта? Ӕвӕдзи, дзурдтайдӕ. Кӕд се ’гасдӕр исӕрст киристӕнттӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр ма ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ гъудайдӕ сӕ лӕгъуз фӕндти нихмӕ тох кӕнун. Еци гъуди мах дӕр бафедар кӕндзӕй. Кутемӕй? Цийфӕнди лӕгъуз фӕндти нихмӕ ма тох кӕнӕн, уӕддӕр ӕй зонӕн, лӕгъуз фӕндтӕбӕл ка фӕууӕлахез ӕй, уӕхӕнттӕ берӕ ке ес. Мадта мах бон дӕр ӕй, ӕууӕндундзийнади федар ун, уомӕн ӕма ’й зонӕн, «[не] ’нсувӕртӕ ӕгас дуйнебӕл дӕр уӕхӕн гъезӕмӕрттӕ ке ӕвзарунцӕ» (1 Пет. 5:9).

16. Нӕхе цӕхуӕн гъудитӕй гъӕуама хезӕн ӕма цӕмӕн?

16 Уотӕ ку сагъӕс кӕнӕн, ӕма нин мӕ уавӕр неке балӕдӕрдзӕй, уӕд нӕхе тӕссаг уавӕри гӕлдзӕн. Уобӕл ку баууӕндӕн, уӕд нӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр уотӕ кӕсун райдайдзӕй, ӕма нӕ лӕгъуз фӕндти нихмӕ нӕ бон неци ’й бакӕнун. Фал Библий ба уотӕ финст ӕй: «Хуцау еузӕрдон ӕй, ӕма нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй бахауайтӕ, уӕ бон бафӕразун ке нӕ бауа, уӕхӕн фӕлварӕни, фал уин фӕлварӕни, ци бакӕнӕн ес, уой дӕр байамондзӕй, цӕмӕй ӕй исфӕразайтӕ» (1 Кор. 10:13б). Мадта лӕгъуз цӕмӕдӕр нӕ зӕрдӕ хъӕбӕр ку дзора, уӕддӕр ӕ нихмӕ нӕ бон ӕй фӕллӕуун. Йегови ӕнхуси фӕрци нӕ бон исуодзӕй нӕ лӕгъуз фӕнди фӕдбӕл ма рацӕун.

17. Кӕд нӕмӕ лӕгъуз фӕндтӕ фӕззиннуй, уӕддӕр нӕ бон ци ӕй?

17 Дӕ хуарзӕнхӕй, макӕд ӕй иронх кӕнӕ: ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕгъуз фӕндтӕ уодзӕй. Фал уӕддӕр еци лӕгъуз фӕндтӕй ледзӕ, Иосиф Потифари уосӕй куд ралигъдӕй, уотӕ (Райд. 39:12). Тӕрегъӕдгун сагъӕстӕ дӕмӕ ку фӕззинна, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ӕнӕмӕнгӕй гъӕуама сӕ фӕдбӕл рацӕуай!

ДӔ КЪОХТӔ МА УАДЗӔ!

18, 19. Цӕмӕй идарддӕр дӕр нӕ зунд нӕуӕг кӕнӕн, уой туххӕй цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун?

18 Цӕмӕй нӕ зунд нӕуӕг кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама ӕдзох нӕхебӕл косӕн. Гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй нӕ зундахастӕй дӕр ӕма нӕ гъуддӕгтӕй дӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Уой туххӕй ба рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕхе бафӕрсисӕ: «Мӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ӕй, цӕхуӕн рӕстӕг цӕрӕн, уой ке лӕдӕрун, е? Мӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевун мин уайуй? Йегови сугъдӕг хъаурӕн барӕ дӕттун, цӕмӕй мин мӕ цард араза ӕма цӕмӕй тӕрегъӕдгун фӕндти нихмӕ тох кӕнун мӕ бон уа?»

19 Аци фарстатӕбӕл дзуапп дӕтгӕй ди иронх ма уӕд, ӕнӕнхӕст ке дӕ, ӕма дӕхецӕй ӕгӕр берӕ ма агорӕ. Де ’ргом раздахисӕ, нурмӕти дин ци бантӕстӕй, уомӕ. Цидӕр дӕ бон хуӕздӕр искӕнун ке адтӕй, уой ку ’й балӕдӕрай, уӕддӕр дӕ нифс сӕттун ма бауадзӕ. Архайӕ Филиппӕгтӕмӕ 3:16 финст унаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ци нин бантӕстӕй, уобӕл ма ’рлӕууӕн, фал идарддӕр дӕр уотӕ размӕ цӕуӕн». Ӕппундӕр ибӕл ма гурусхӕ кӕнӕ, дӕ зунд нӕуӕг кӕнунбӕл ке архайис, уой туххӕй дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй.

36 ЗАР Нӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕнӕн

a Апостол Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕдзахста, цӕмӕй сӕ аци дуйне ӕхе хузӕн ма искӕна. Еци унаффӕ абони махӕн дӕр пайда ӕй. Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕбӕл аци дуйне минкъий ести гъуддаги дӕр ӕндава. Уомӕ гӕсгӕ ба нӕ гъӕуй нӕ зундахаст раст кӕнун, Хуцауи фӕндонӕй ке хецӕн кӕнуй, уой куддӕр балӕдӕрӕн, уотӕ. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй, уомӕ.

c ХУЗӔ. Ӕригон ӕнсувӕр сагъӕс кӕнуй, цӕхуӕн унаффӕ рахӕсса, уобӕл: уӕлдӕр ахурмӕ бацӕуа ӕви ӕнхӕст рӕстӕг лӕггадӕ кӕнун райдайа.