1 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Хуцауи Дзурд «ӕцӕгдзийнадӕ» ке ӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕ
2023 АНЗИ СТИХ: «Дӕ дзурд ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕй ӕцӕгдзийнадӕ» (ПС. 119:160).
96 ЗАР Хуцауи киунугӕ – устур хӕзна
РАЗДЗУРД a
1. Адӕнӕй беретӕ Библибӕл цӕмӕннӕ не ’ууӕндунцӕ?
АБОНИ адӕнӕй беретӕ нӕ зонунцӕ, кӕбӕл ӕууӕндонцӕ, уой. Политиктӕ, ахургӕндтӕ ӕма бизнесментӕ ӕцӕгӕйдӕр хумӕтӕг адӕни мӕтӕ ке кӕнунцӕ, уобӕл беретӕ гурусхӕ кӕнунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ гъудимӕ гӕсгӕ аргъауӕнтӕбӕл дӕр ӕууӕндӕн нӕбал ес. Удта дини разамонгутӕ уотӕ ке фӕдздзорунцӕ, Библий ци финст ес, уой, дан, амонӕн ӕма, дан, уомӕ гӕсгӕ цӕрӕн, уой туххӕй ба адӕн Библимӕ дӕр ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй фӕккӕсунцӕ.
2. Псалом 119:160 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ федарӕй цӕбӕл гъӕуама ӕууӕндӕн?
2 Мах Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн ӕма ’й зонӕн: е ӕй «рӕстдзийнади Хуцау» ӕма нин ӕ зӕрдӕ алкӕддӕр хуарз фӕззӕгъуй (Пс. 31:5; Ис. 48:17). Библий ци бакӕсӕн, уобӕл феууӕндӕн, уомӕн ӕма Хуцауи Дзурд «ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕй ӕцӕгдзийнадӕ». (Бакӕсӕ Псалом 119:160.) Мах дӕр арази ан, еу библиртасӕг ци загъта, уой хӕццӕ: «Хуцау цидӕриддӕр фӕззӕгъуй, е фӕууй ӕцӕг ӕма алкӕддӕр исӕнхӕст уй. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ феууӕндунцӕ, ци фӕззӕгъуй, уобӕл, уомӕн ӕма ин ӕхебӕл ӕууӕндунцӕ».
3. Аци статьяй цӕмӕ ’ркӕсдзиан?
3 Цума иннетӕн ба нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй Хуцауи Дзурдбӕл федарӕй ӕууӕндонцӕ? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библибӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес, ӕртӕ уӕхӕн гъуддагемӕ. Мах радзубанди кӕндзиан, ци си финст ес, е ӕййивд ке не ’рцудӕй, ӕ пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ ӕма адӕни цард ке ӕййевуй, уомӕ.
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, Е ӔЙЙИВД НЕ ’РЦУДӔЙ
4. Кӕмӕдӕрти уотӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма Библий ци финст ес, е ӕййивд ӕрцудӕй?
4 Йеговӕ 40 еузӕрдон нӕлгоймагей баразӕнгард кодта Библий киунугутӕ ниффинсун. Фал еци рагон къохфинститӕй еу дӕр нӕ рӕстӕги уӕнгӕ нӕ байзадӕй. Ци нӕмӕ ес, етӕ ӕнцӕ, къопитӕй ке кодтонцӕ, еци къопитӕ. Уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еу адӕнмӕ уӕхӕн фарста фӕззиннуй: «Библий абони ци финст ес, е си райдайӕни дӕр финст адтӕй?» Мадта Библийӕн мингай ӕнзти дӕргъи къопитӕ ке кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ си ке неци раййивта, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй?
5. Дзиуиттаг Финстити къопитӕ куд кодтонцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
5 Цӕмӕй Библий ци хабар финст ес, е ма фесавдайдӕ, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕ адӕнӕн бафӕдзахста Сугъдӕг Финстадӕн ӕ къопитӕ кӕнун. Йеговӕ Израили паддзӕхтӕн загъта, цӕмӕй си алкедӕр ӕхецӕн рафинса Моисеййи закъон, удта левитти иснисан кодта, цӕмӕй еци Закъон адӕнӕн амудтайуонцӕ (Дук. з. 17:18; 31:24–26; Неем. 8:7). Дзиуиттӕгтӕ Вавилони уацарӕй ку ӕрӕздахтӕнцӕ, уӕд финсунмӕ дӕсни ка адтӕй, уӕхӕн нӕлгоймӕгти къуар Дзиуиттаг Финстити къопитӕ кӕнун райдӕдтонцӕ (Езд. 7:6). Гъе уотемӕй Библий еци хаййӕн дуйне къопитӕ фӕззиндтӕй. Ка сӕ финста, етӕ гъе уотӕ лӕмбунӕг адтӕнцӕ, ӕма айдагъ дзурдтӕ нӕ, фал ма дамугъатӕ дӕр нимайун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй финсгӕ-финсгӕй ӕппундӕр маци фӕууагътайуонцӕ. Фал уӕддӕр се ’нӕнхӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ба цӕхуӕндӕр минкъий рӕдудтитӕ искӕниуонцӕ. Фал еци еу текстӕн берӕ къопитӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ рӕдудтитӕ хъӕбӕр ӕнцонтӕй адтӕй иссерӕн. Кутемӕй?
6. Библий къохфинстити къопитӕ ка кодта, уони рӕдудтитӕ куд ес иссерӕн?
6 Нӕ рӕстӕги ахургӕндтӕн сӕ бон ӕй ӕнцонтӕй ӕма бӕлвурдтӕй исбӕрӕг кӕнун, Библий тексттӕ ка финста, етӕ цӕхуӕн рӕдудтитӕ искодтонцӕ, уой. Кутемӕй? Зӕгъӕн, сӕдӕ адӕймагемӕн загътонцӕ, цӕмӕй цӕхуӕндӕр текст къохӕй рафинсонцӕ. Ӕма си, зӕгъӕн, сӕ еу финсгӕ-финсгӕй цӕхуӕндӕр рӕдуд искодта. Цума еци рӕдуд куд ӕнгъезуй иссерун? Иннетӕ ци ниффинстонцӕ, уой хӕццӕ ’й ку рабарай, уӕд рӕдуд рабӕрӕг уодзӕй. Гъе уотемӕй ахургӕндтӕ дӕр исбӕрӕг кӕнунцӕ, Библий къохфинстити къопитӕ ка кодта, етӕ цӕхуӕн рӕдудтитӕ искодтонцӕ, уой.
7. Библий къохфинстити къопитӕ ка кодта, етӕ сӕ куст лӕмбунӕг ке кодтонцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
7 Библий къохфинстити къопитӕ ка кодта, уонӕй алкедӕр сӕ кустмӕ хъӕбӕр лӕмбунӕг адтӕй. Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Нӕ рӕстӕги уӕнгӕ ци дзиуиттаг къохфинститӕ байзадӕй, уонӕй Ленинградаг кодекс нимад ӕй тӕккӕ рагондӕрбӕл. Куд зӕгъунцӕ, уотемӕй ӕй ниффинстонцӕ нӕ эри 1 008 кенӕ 1 009 анзи. Фал ӕрӕги ке иссирдтонцӕ, еци къохфинститӕ кенӕ къохфинстити хӕйттӕ ба финст ӕрцудӕнцӕ Ленинградаг кодексӕй 1 000 анзи раздӕр. Кӕмӕдӕр, ка ’й зонуй, уотӕ кӕсуй, ӕма Ленинградаг кодекс гъӕуама хъӕбӕр хецӕн кӕна рагон къохфинститӕй, уомӕн ӕма ’й ӕнзти дӕргъи еу ӕма дууӕ хатти нӕ рафинстонцӕ. Фал е уотӕ нӕй. Ахургӕндтӕ еци къохфинститӕ кӕрӕдзей хӕццӕ ку рабарстонцӕ, уӕд ӕй фӕууидтонцӕ, ӕрмӕстдӕр си цӕхуӕндӕр дзурдтӕ ке хецӕн кӕнунцӕ, фал сӕ гъуди ба уӕддӕр еу ӕй.
8. Киристон Грекъаг Финститӕй ци къопитӕ байзадӕй, етӕ цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, уӕди рӕстӕги киунугутӕй ци къопитӕ байзадӕй, уонӕй?
8 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ дӕр архайдтонцӕ, Дзиуиттаг Финстити къопитӕ ка кодта, уони хузӕн. Етӕ, Грекъаг Финститӕмӕ ци 27 киунуги хауй, уонӕн сӕ къопитӕ кодтонцӕ, ӕма си пайда кодтонцӕ се ’мбурдти, удта игъосун кӕнгӕй. Еу ахургонд рабарста Грекъаг Финстити къопитӕ ӕма уӕди рӕстӕги ци киунугутӕ адтӕй, уони къопитӕ, ӕма загъта: «Грекъаг Финститӕн сӕ къопитӕ дзӕвгарӕ фулдӕр ӕнцӕ ӕма арӕхдӕр фӕуунцӕ ӕнӕгъӕнӕй, гъома сӕ хӕйттӕй исӕфт неци фӕууй». Еу киунуги ба уотӕ финст ӕй: «[Грекъаг Финстити] нуриккон тӕлмацтӕй ӕууӕнки аккаг ка ӕй, уӕхӕн тӕлмац кӕсгӕй гъӕуама ма гурусхӕ кӕнӕн, тӕккӕ райдайӕни си ци гъудитӕ ниффинстонцӕ, нур дӕр си еци гъудитӕ ке ’нцӕ финст» (Anatomy of the New Testament).
9. Исаййи 40:8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Библий туххӕй ци ес зӕгъӕн?
9 Сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи, рагон къохфинстити къопитӕ ка кодта, етӕ лӕмбунӕг ке финстонцӕ, уой фӕрци абони нӕ бон ӕй Библи кӕсун, райдайӕни куд финст адтӕй, уотӕ b. Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке батухстӕй, цӕмӕй ӕ Дзурд Библий ӕййивд маци ӕрцудайдӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 40:8.) Фал, ка ’й зонуй, кадӕр зӕгъдзӕй: «Библий ӕййивд ке неци ӕрцудӕй, е уобӕл дзорӕг нӕма ’й, ӕма ӕцӕгӕйдӕр Хуцауӕй ӕй». Уомӕ гӕсгӕ ба гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библи ӕцӕгӕйдӕр Хуцауи разамундӕй финст ке ӕрцудӕй, уомӕн ма никкидӕр цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уомӕ.
БИБЛИЙ ПАХАМПАРӔДТӔБӔЛ ӔУУӔНДӔН ЕС
10. 2 Петури 1:21 финст дзурдтӕ раст ке ’нцӕ, е цӕхуӕн пахампарадӕй бӕрӕг ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)
10 Ка исӕнхӕст ӕй, уӕхӕн пахампарӕдтӕ Библий берӕ ес. Беретӕ си исӕнхӕст ӕнцӕ, финст ку ’рцудӕнцӕ, уомӕй сӕдӕгай ӕнзтӕ фӕстӕдӕр. Ӕма историй уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес. Е махмӕ дессаг нӕ кӕсуй, уомӕн ӕма еци пахампарӕдтӕ Хуцау Йеговӕй адтӕнцӕ. (Бакӕсӕ 2 Петури 1:21.) Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, рагон горӕт Вавилон пурхӕгонд ке ’рцӕудзӕй, уой туххӕй цӕхуӕн пахампарадӕ финст адтӕй, уомӕ. Нӕ эри размӕ ӕстӕймаг ӕноси пахампар Исай загъта, устур горӕт Вавилон ке байахӕсдзӕнцӕ. Исай ниффинста, ка ’й байахӕсдзӕй, уой ном дӕр, Кир, зӕгъгӕ. Уомӕй уӕлдай ма листӕг хабӕртти уӕнгӕ ниффинста, кутемӕй ӕй байахӕсдзӕнцӕ, уой дӕр (Ис. 44:27–45:2). Фӕстӕдӕр ма Исай загъта, рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд Вавилони дор дорбӕл ке нӕбал байзайдзӕй ӕма си ке некӕд некебал ӕрцӕрдзӕй (Ис. 13:19, 20). Ӕма хабар ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Нӕ эри размӕ 539 анзи мидийӕгтӕ ӕма персӕгтӕ Вавилон байахӕстонцӕ. Кӕддӕр устур ӕма кадгин горӕт ка адтӕй, еци бунати абони кӕлӕддзӕгтӕй ӕндӕр нецибал ес.
11. Данели 2:41–43 ци финст ес, е абони куд ӕнхӕст кӕнуй?
11 Библий пахампарӕдтӕ айдагъ рагидзаманти не ’нхӕст кодтонцӕ. Кӕцидӕртӕ си куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой абони нӕхе цӕститӕй уинӕн. Зӕгъӕн, Данел ке ниффинста еци пахампарадӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахади туххӕй. (Бакӕсӕ Данел 2:41–43.) Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, Данел куд ниффинста, уотемӕй еци дуйнеуон паддзахадӕ кӕмидӕр ӕй ӕфсӕйнаги хузӕн федар, кӕмидӕр ба – ӕргъи хузӕн лӕмӕгъ. Цума Великобритани ӕма Еугонд Штаттӕ ӕфсӕйнаги хузӕн федар ке ’нцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? Е рабӕрӕг ӕй, дууӕ дуйнеуон тугъдеми ке архайдтонцӕ ӕма куд архайдтонцӕ, уомӕй. Удта ма сӕмӕ нӕ рӕстӕги дӕр ци хъаурӕ ес, уомӕй дӕр. Фал иннердиги ба сӕ хъаурӕ лӕмӕгъ кӕнуй, ци адӕн си цӕруй, уони туххӕй. Уомӕн ӕма еци адӕн сӕ бартӕбӕл карзӕй фӕттох кӕнунцӕ, удта ма бизнесменти ӕма политикти нихмӕ рацӕунцӕ, куд архайунцӕ, е сӕ зӕрдӕмӕ ку нӕ фӕццӕуй, уӕд. Еу политолог ба ӕрӕги уотӕ загъта: «Абони ӕгас дуйней демократон бӕститӕй еу дӕр уотӕ дехтӕ нӕй, Америки Еугонд Штаттӕ политики хӕццӕ баст фарстати куд дехтӕ ӕй, уотӕ». Великобританий туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Фӕстаг ӕнзти Великобритани дӕр хъӕбӕр ниддехтӕ ’й, уомӕн ӕма ӕ адӕн еу гъудибӕл хуӕст нӕ ’нцӕ, Европи Цӕдеси ци бӕститӕ ес, уони хӕццӕ цӕйбӕрцӕбӕл ӕнгом баст гъӕуама уа, уой фӕдбӕл. Еци дууӕ паддзахади сӕ медӕг уотӕ ке ниддехтӕ ’нцӕ, уомӕ гӕсгӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕн ӕ бон нӕй, цидӕриддӕр исфӕндӕ кӕнуй, уой искӕнун.
12. Библий пахампарӕдтӕй беретӕ ке исӕнхӕст ӕнцӕ, уой фӕрци федарӕй цӕбӕл ӕууӕндӕн?
12 Библий пахампарӕдтӕй беретӕ ке исӕнхӕст ӕнцӕ, уой фӕрци никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн, федӕни туххӕй ма никкидӕр ци пахампарӕдтӕ ес, етӕ дӕр ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Махӕн дӕр псаломзаргӕнӕги хузӕн нӕ каст ӕй Йеговӕмӕ. Е загъта: «Мӕ уод истухстӕй, кӕд мӕ фӕййервӕзун кӕндзӕнӕ, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй. Ӕз ӕнгъӕлмӕ кӕсун дӕ дзурдмӕ» (Пс. 119:81). Библий фӕрци Йеговӕ нӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзоруй ӕма нин дӕттуй «федӕн ӕма нифс» (Йер. 29:11). Мах нӕ зӕрдӕ адӕнбӕл нӕ, фал Йеговӕбӕл дарӕн. Гъӕйдӕ мадта Библий пахампарӕдтӕ идарддӕр дӕр лӕмбунӕг ӕртасӕн, цӕмӕй Хуцауи Дзурдбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн.
БИБЛИЙ ФИНСТ УНАФФИТӔ МИЛИУАНГАЙ АДӔНӔН ӔНХУС КӔНУНЦӔ
13. Псалом 19:7 ӕма 119:66 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕмӕн ӕй Библибӕл нӕ зӕрдӕ дарун?
13 Библибӕл ма нӕ бон ӕй нӕ зӕрдӕ дарун, уомӕн ӕма си ци унаффитӕ финст ес, етӕ царди пайда хӕссунцӕ. (Бакӕсӕ Псалом 19:7; 119:66.) Зӕгъӕн, хецӕн кӕнунмӕ ци бийнонтӕ гъавтонцӕ, етӕ Библий унаффитӕй ке испайда кодтонцӕ, уой фӕрци нур цийнӕй мӕлунцӕ, сӕ бийнонтӕ куд федар ӕнцӕ, уобӕл. Уӕхӕн бийнонти ци сувӕллӕнттӕ ферӕзуй, етӕ амондгун фӕуунцӕ, уомӕн ӕма ’й фӕллӕдӕрунцӕ, сӕ ниййергутӕ сӕ ке уарзунцӕ ӕма сӕбӕл ке тухсунцӕ (Еф. 5:22–29).
14. Библий рӕстдзийнадӕ адӕни цард куд ӕййевуй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.
14 Библий зундгин унаффити бон ма ӕй цӕхгӕрмӕ раййевун ӕнӕбасӕтгӕ фудгӕнгути цард дӕр. Ӕркӕсӕн Джекки c хабармӕ. Ӕ ӕнӕхатир фудмиути туххӕй ӕй ахӕстдони исбадун кодтонцӕ ӕма ин мӕлӕти тӕрхон рахастонцӕ. Ахӕстдони ка бадтӕй, уонӕй дӕр ма си беретӕ тарстӕнцӕ. Фал еу уӕхӕни Джек бахаудтӕй Библий ахурмӕ. Ӕнсувӕртӕ куд фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕнцӕ, е ӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕр бамбалдӕй, ӕма уой дӕр бафӕндадтӕй Библи ахур кӕнун. Хуцауи Дзурдӕй ци рӕстдзийнадӕ базудта, уомӕ гӕсгӕ цӕрун райдӕдта ӕма айдагъ ӕ гъуддӕгтӕ нӕ, фал ма ӕ уодигъӕдӕ дӕр ӕййевун райдӕдта. Рӕстӕг рацудӕй ӕма Джек ӕнаргъуд игъосунгӕнӕг иссӕй, минкъий фӕстӕдӕр ба донаргъуд дӕр райста. Ахӕстдони ка бадтӕй, уонӕн зингзӕрдӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кодта. Ӕма си тӕккӕ минкъийдӕр цуппарей хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдта. Мӕлӕти тӕрхон ци бон гъӕуама исӕнхӕст кодтайуонцӕ, еци бонмӕ Джек бустӕги ӕндӕр адӕймаг иссӕй. Ӕ адвокаттӕй еу уотӕ загъта: «Инсӕй анзей размӕ ци Джекки зудтон, ӕма нур ке зонун, етӕ дууӕ фӕйнӕхузи адӕймаги ’нцӕ. Йегови Ӕвдесӕнти ахурӕдтӕ ин ӕ цард хъӕбӕр раййивтонцӕ». Кӕд Джеккӕн ӕ мӕлӕти тӕрхон исӕнхӕст кодтонцӕ, уӕддӕр аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи Дзурдбӕл нӕ бон ке ӕй нӕ зӕрдӕ дарун ӕма ӕцӕгӕйдӕр адӕни цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке ӕййевуй (Ис. 11:6–9).
15. Библий рӕстдзийнади фӕрци Йегови лӕггадгӕнгутӕ иннӕ адӕнӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)
15 Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕгасӕйдӕр Библий рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уой фӕрци сӕ астӕу ес еудзийнадӕ (Иоан. 13:35; 1 Кор. 1:10). Аци дуйне берӕ цӕйдӕрти туххӕй ниддехтӕ ’й, зӕгъӕн, адӕн политики хӕццӕ баст фарстатӕмӕ фӕйнӕхузи цӕстӕй ке кӕсунцӕ, еу адӕнихатт иннемӕй е ’сӕфт ке уинуй кенӕ еуетӕ иннетӕмӕ сӕрӕй бунмӕ ке кӕсунцӕ. Уони хӕццӕ рабаргӕй Хуцауи адӕни астӕу ци еудзийнадӕ ес, е уӕлдай хъӕбӕрдӕр бӕрӕг ӕй. Еу ӕригон нӕлгоймаг Жан хъӕбӕр бадес кодта, Йегови лӕггадгӕнгути астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой ку фӕууидта, уӕд. Е исирӕзтӕй еу Африкаг бӕсти, ӕма си медбӕстон тугъд куд райдӕдта, уӕд е дӕр ӕфсадмӕ бацудӕй. Фал фӕстӕдӕр ба ӕндӕр бӕстӕмӕ ледзӕги фӕцӕй. Уоми базонгӕ ’й Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ. Жан загъта: «Ӕз ӕй базудтон, ӕцӕгӕйдӕр рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, етӕ политики хӕццӕ баст гъуддӕгти ке нӕ архайунцӕ ӕма сӕ дехтӕ дӕр ке неци кӕнуй. Дехтӕ нӕ, фал ма сӕ еу кӕнуй уарзондзийнадӕ. Раздӕр цардтӕн, цӕмӕй мӕ бӕсти сӕрбӕл тох кодтайнӕ. Фал рӕстдзийнадӕ кӕдӕй базудтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ба цӕрун Йеговӕн». Жан ӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта. Кӕддӕр, иннӕ адӕнихаттӕй ка ӕй, уони марунмӕ цӕттӕ адтӕй. Нур ба хуарз хабар ӕгасемӕндӕр игъосун кӕнуй, уӕлдай си нӕййес, адӕймаг цӕхуӕн адӕнихаттӕй ӕй, уомӕй. Уӕхӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, Библи аллихузи адӕнӕн ке ӕнхус кӕнуй ӕма си ци финст ес, уобӕл ӕцӕгӕйдӕр нӕ бон ке ӕй нӕ зӕрдӕ дарун.
ИДАРДДӔР ДӔР ХУЦАУИ ДЗУРДБӔЛ ӔУУӔНДӔ
16. Цӕмӕн ӕй ӕхсидзгӕ Хуцауи Дзурдбӕл федарӕй ӕууӕндун?
16 Аци дуйне фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй. Ӕма куд идарддӕр, уотӕ нин зиндӕр уодзӕй Хуцауи Дзурдбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Ка ’й зонуй, адӕн архайдзӕнцӕ, цӕмӕй гурусхӕ кӕнун райдайӕн Библибӕл, удта Йеговӕ «зундгин ӕма ӕууӕнкгун цагъари» ке иснисан кодта ӕ адӕнӕн разамунд дӕттунмӕ, уобӕл. Фал ӕй федарӕй ку зонӕн, Хуцауи Дзурди ци финст ес, е ӕцӕг ке ӕй, уӕд нин уӕхӕн цидӕртӕ не ’ууӕндундзийнадӕн зӕран не ’рхӕсдзӕнцӕ. Гъе уӕд нӕ федар фӕндӕ уодзӕй псаломзаргӕнӕги хузӕн архайун. Е загъта: «Ӕз мӕ зӕрдӕ исаразтон, цӕмӕй дин дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнон ӕносмӕ, цалинмӕ мӕ цӕститӕ ӕрттевонцӕ, уӕдмӕ» (Пс. 119:112). Мах не ’фсӕрми кӕнӕн иннетӕн рӕстдзийнади туххӕй дзорун ӕма сӕ еци рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрунмӕ разӕнгард кӕнун (Пс. 119:46). Цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, сауӕнгӕ ма нӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ, уӕд дӕр нӕ бон исуодзӕй «цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй кӕронмӕ федар фӕллӕуун» (Кол. 1:11; Пс. 119:143, 157).
17. 2023 анзи стих нин нӕ зӕрдӕбӕл ци лӕуун кӕндзӕй?
17 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, рӕстдзийнадӕ нин ке базонун кодта, уой туххӕй. Рӕстдзийнадӕ ке зонӕн, уой фӕрци нӕ зӕрдитӕ ӕнцӕ сабур, удта цӕмӕн цӕрӕн, уой дӕр зонӕн. Ӕма кӕд аци змӕнст дуйне фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй, уӕддӕр махӕн ба ес, нӕ зӕрдӕ дарун нӕ бон кӕбӕл ӕй, уӕхӕн разамунд. Уомӕй уӕлдай ма нин рӕстдзийнадӕ балӕвар кодта нифс, Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ нӕмӕ дессаги федӕн ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Гъӕйдӕ мадта 2023 анзи стихи фӕрци никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн, Хуцауи Дзурд ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕцӕгдзийнадӕ ке ӕй! (Пс. 119:160).
94 ЗАР Боз ан Хуцауи Дзурди туххӕй
a 2023 анзӕн ӕвзурст ӕрцудӕй, не ’ууӕндундзийнадӕ нин ка федар кӕнуй, уӕхӕн стих: «Дӕ дзурд ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕй ӕцӕгдзийнадӕ» (Пс. 119:160). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, е уотӕ ке ӕй, уобӕл ду дӕр федарӕй ӕууӕндис. Фал беретӕ не ’ууӕндунцӕ, Библий ци финст ес, е ӕцӕг ке ӕй ӕма ӕ унаффитӕ пайда ке ’нцӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги банхус кӕндзӕнцӕ балӕдӕрун, Библибӕл ӕма ӕ унаффитӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес.
b Библи нӕ рӕстӕги уӕнгӕ ӕнӕййивдӕй цӕй фӕрци байзадӕй, уой туххӕй фулдӕр базонун дӕ бон ӕй сайти jw.org уруссагау. «Поиск» финст кӕми ӕй, уоми бафинсӕ «история и Библия».
c Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.