Зудтай ӕй?
Давиди ӕфсади ӕндӕрбӕстӕгтӕ цӕмӕн адтӕй?
ДАВИДИ ӕфсӕддонтӕ аллихузи адӕнихӕттитӕй адтӕнцӕ. Зӕгъӕн, аммонаг Целек, хеттаг Ури ӕма моаваг Ифмӕ (1 Анз. 11:39, 41, 46) a. Уонӕй уӕлдай ма сӕ астӕу адтӕй «хелефейтӕ, фелефейтӕ ӕма гефӕгтӕ» (2 Сам. 15:18). Еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ хелефейтӕ ӕма фелефейтӕ филистимӕгти хӕццӕ хӕстӕг муггӕгтӕ ӕнцӕ (Йез. 25:16). Гефӕгтӕ ба – филистимаг горӕт Гефи цӕргутӕ (Йес. Н. 13:2, 3; 1 Сам. 6:17, 18).
Давид е ’фсадмӕ ӕндӕрбӕстӕгти цӕмӕн иста? Уомӕн ӕма ’й федарӕй зудта, еузӕрдон ке ’нцӕ уобӕл дӕр ӕма сӕйрагидӕр ба Йеговӕбӕл. Зӕгъӕн, Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги хелефейтӕ ӕма фелефейти туххӕй финст адтӕй: «Етӕ Давиди фарс еузӕрдонӕй лӕудтӕнцӕ ӕ хецаудзийнади тӕккӕ уӕззаудӕр рӕстӕгути» (The New Interpreter’s Dictionary of the Bible). Уой куд бавдистонцӕ? «Израили адӕн Давиди [ку] ниууагътонцӕ ӕма Бихрий фурт Сави фӕдбӕл [ку] рандӕ ’нцӕ», уӕд хелефейтӕ ӕма фелефейтӕ Давиди хӕццӕ байзадӕнцӕ ӕма ин змӕнтӕг адӕни ӕрсабур кӕнунмӕ банхус кодтонцӕ (2 Сам. 20:1, 2, 7). Фӕстӕдӕр Давиди фурт Адони паддзахи бунат байахӕссунмӕ ку гъавта, уӕд бабӕй хелефейтӕ ӕма фелефейтӕ Давидӕн банхус кодтонцӕ, цӕмӕй Соломон, Йеговӕ ке равзурста, е паддзах иссайдӕ (1 Пад. 1:24–27, 38, 39).
Давидбӕл ма хъӕбӕр ӕновуд адтӕй еу ма ӕндӕрбӕстаг дӕр, гефаг Иттай, зӕгъгӕ. Е, удта ӕ 600 ӕфсӕддони Давиди сӕрбӕл рахуӕстӕнцӕ, Авессалом паддзахи нихмӕ ку рацудӕй ӕма ӕ фӕдбӕл берӕ израилӕгти ку ракодта, уӕд. Иттай ӕндӕрбӕстаг ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ паддзахи фарс тохун ӕ ихӕс н’ адтӕй. Ӕма ин ӕй Давид ӕхуӕдӕг дӕр загъта. Фал ин Иттай ба уотӕ бакодта: «Уодӕгас Хуцау Йегови рази ӕма мӕ хецауи рази соми кӕнун: мӕ хецау кумӕ цӕуа, уордӕмӕ цӕудзӕй дӕ цагъар дӕр. Ӕз дӕ хӕццӕ рамӕлунмӕ дӕр цӕттӕ дӕн!» (2 Сам. 15:6, 18–21).
Кӕд «хелефейтӕ, фелефейтӕ ӕма гефӕгтӕ» израилӕгтӕй н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр Йегови ӕцӕг Хуцаубӕл нимадтонцӕ, Давиди ба – ӕ исӕрст лӕггадгӕнӕгбӕл. Давид кунӕг боз н’ адтӕй, ӕ фарсмӕ, зӕрдӕ дарун кӕбӕл ӕнгъезуй, уӕхӕн адӕн ке ес!
a Хуцау Дуккаг закъони 23:3–6 ци закъон равардта, уомӕ гӕсгӕ нӕдӕр аммонӕгтӕн, нӕдӕр моавӕгтӕн уӕхӕн барӕ н’ адтӕй, «цӕмӕй Йегови ӕмбурди хай исуонцӕ». Е, ӕвӕдзи, уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма израилӕгтӕн сӕ адӕни астӕу ци бартӕ адтӕй, уонӕн уӕхӕн бартӕ н’ адтӕй. Фал уӕддӕр сӕ бон адтӕй израилӕгти астӕу цӕрун. Кӕсӕ «Понимание Писания», 1 том, 80 фарс.