Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ЦИ ЕС РАРТАСӔН?

Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, етӕ раст унаффитӕ фӕххӕссунцӕ

Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, етӕ раст унаффитӕ фӕххӕссунцӕ

Бакӕсӕ Райдайӕн 25:29–34 ӕма базонӕ, Исав ӕма Иаков цӕхуӕн унаффитӕ рахастонцӕ. Раст унаффӕ си ка рахаста?

Контекстмӕ ӕркӕсӕ. Уой размӕ ци ’рцудӕй? (Райд. 25:20–28). Уой фӕсте ци ’рцудӕй? (Райд. 27:1–46).

Листӕг хабӕрттӕмӕ дӕ гъос ӕрдарӕ. Уӕди рӕстӕги хестӕр фуртӕн цӕхуӕн бартӕ ӕма ихӕстӕ фӕууидӕ? (Райд. 18:18, 19; w10-U 1/5 13).

  • Мессийӕ ци хӕдзарвӕндагӕй рацудӕй, уоми ӕ фиддӕлтӕ еугурӕйдӕр фиццагигурд фурттӕ адтӕнцӕ? (w17.12 31, 32).

Ци базудтай, уобӕл расагъӕс кӕнӕ ӕма си царди испайда кӕнӕ. Хестӕр фурти бартӕн Иаков Исавӕй фулдӕр цӕмӕн аргъ кодта? (Дзиуит. 12:16, 17; w03-U 15/10 28, 29). Йеговӕ еци дууӕ ӕнсувӕремӕ ци зӕрдӕ дардта ӕма цӕмӕн? (Мал. 1:2, 3). Исавӕн раст унаффитӕ хӕссунмӕ ци банхус кодтайдӕ?

  • Дӕхе бафӕрсӕ: «Бӕрӕг ӕй, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун мӕ царди фиццаг бунати ке ӕй? Зӕгъӕн, къуӕрей дӕргъи бийнонти ахурӕн рӕстӕг рахецӕн кӕнун?»