Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

Ци ӕй нӕ бон кӕнун, цӕмӕй Йегови организацибӕл ма гурусхӕ кӕнӕн?

Ци ӕй нӕ бон кӕнун, цӕмӕй Йегови организацибӕл ма гурусхӕ кӕнӕн?

«Ма иронх кӕнтӕ, разамунд уин ка дӕттуй ӕма уин Хуцауи дзурд ка дзурдта, уони» (ДЗИУИТ. 13:7).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови организацибӕл алкӕддӕр ӕууӕндӕн.

1. Фиццаг ӕноси Йегови лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кодтонцӕ?

 ЙЕГОВӔ ӕ лӕггадгӕнгутӕн ести гъуддаг ку баихӕс кӕнуй, уӕд ӕй фӕффӕндуй, цӕмӕй алцидӕр уа ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Кор. 14:33). Зӕгъӕн, Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕуа (Матф. 24:14). Йеговӕ Киристейӕн баихӕс кодта, цӕмӕй еци гъуддагӕн разамунд дӕтта. Гъема Киристе дӕр ӕ цӕстӕ даруй, цӕмӕй еци гъуддаг, куд ӕмбӕлуй, уотӕ цӕуа. Фиццаг ӕноси аллихузи рауӕнти ӕмбурдтӕ ку фӕззиннидӕ, уӕд си хестӕр нӕлгоймӕгти иснисан кӕниуонцӕ, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕттонцӕ (Гъуд. 14:23). Йерусалими ба адтӕй разамонӕг совет. Еци разамонӕг совети апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕхсидзгӕ унаффитӕ рахӕссиуонцӕ, уой фӕсте ба еугур ӕмбурдтӕ дӕр гъӕуама еци унаффитӕмӕ гӕсгӕ архайдтайуонцӕ (Гъуд. 15:2; 16:4). Гъема ӕмбурдтӕ разамундмӕ ке игъустонцӕ, уой фӕрци се «’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кодта ӕма бонӕй-бонмӕ фулдӕр кодтонцӕ» (Гъуд. 16:5).

2. 1919 анзӕй фӕстӕмӕ нин Йеговӕ ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг ӕма разамунд куд дӕттуй?

2 Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй ин абони дӕр ӕ адӕн ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кӕнонцӕ. 1919 анзӕй фӕстӕмӕ Киристе пайда кӕнуй исӕрст киристӕнтти минкъий къуарӕй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕтта, удта ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн уа ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг (Лук. 12:42) a. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йеговӕ еци минкъий къуари хъиамӕтӕн арфӕ кӕнуй (Ис. 60:22; 65:13, 14).

3, 4. а) Игъосун кӕнуни гъуддагӕн бӕлвурд ӕгъдау ке ес, е хуарз цӕмӕн ӕй? б) Аци статьяй цӕмӕ ’ркӕсдзиан?

3 Игъосун кӕнуни гъуддаг бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ку нӕ цудайдӕ, уӕд нӕ бон не ’ссайдӕ, Киристе нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнун (Матф. 28:19, 20). Зӕгъӕн, участоктӕ нӕмӕ ку н’ адтайдӕ, фал, ке кӕми фӕндуй, уоми ку игъосун кодтайдӕ, уӕд хабар куд рауадайдӕ? Еуӕй-еу участокти ӕгӕр арӕх игъосун кодтайанӕ, иннетӕмӕ ба цӕугӕ дӕр неке кодтайдӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ ба ма хуарз цӕмӕн ӕй, бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке игъосун кӕнӕн, е?

4 Йесо Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн игъосун кӕнунмӕ разамунд лӕвардта, ӕма абони дӕр раст гъе уотӕ кӕнуй. Аци статьяй радзордзиан, Киристе цӕхуӕн цӕветтон ниууагъта ӕма нӕ организаци еци цӕветтонмӕ гӕсгӕ куд архайуй. Уомӕй уӕлдай ма радзордзиан, куд ӕй нӕ бон ӕвдесун, Йегови организацибӕл ке ӕууӕндӕн, уой.

НӔ ОРГАНИЗАЦИ КИРИСТЕЙ ЦӔВЕТТОНМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУЙ

5. Нӕ организаци Киристей цӕветтонмӕ гӕсгӕ куд архайуй? (Иоанни 8:28).

5 Киристе дзурдта ӕма архайдта, ӕ Фидӕ ’й куд исахур кодта, уотӕ. Абони дӕр Йегови организаци ци разамунд дӕттуй ӕма цӕбӕл фӕййахур кӕнуй, е Хуцауи Дзурдбӕл арӕзт фӕууй. (Бакӕсӕ Иоанни 8:28; 2 Тим. 3:16, 17.) Нӕ зӕрдӕбӕл нин арӕх ӕрлӕуун кӕнунцӕ, Библи ӕртасун ке гъӕуй. Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

6. Библи лӕмбунӕг ку фертасӕн, уӕд нин е куд банхус кӕнуй?

6 Библи ӕртасгӕй ци базонис, уой рабарисӕ, публикацити нин Йегови организаци ци разамунд дӕттуй, уой хӕццӕ. Ку ’й уинай, еци разамунд Хуцауи Дзурдбӕл арӕзт ке фӕууй, уӕд нӕ организацибӕл никки хъӕбӕр ӕууӕнддзӕнӕ (Ром. 12:2).

7. Киристе цӕхуӕн хабар игъосун кодта ӕма Йегови организаци ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ куд архайуй?

7 Киристе «Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар» игъосун кодта (Лук. 4:43, 44). Еци гъуддаг ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дӕр баихӕс кодта (Лук. 9:1, 2; 10:8, 9). Абони ӕгас Йегови лӕггадгӕнгутӕ дӕр хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ, кӕмифӕнди ма цӕронцӕ ӕма Йегови организаций цийфӕнди кадгин ихӕстӕ ма ӕнхӕст кӕнонцӕ, уӕддӕр.

8. Цӕхуӕн кадӕй исхайгин ан?

8 Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнун устур кадӕ ’й. Фал еци кадгин ихӕс ӕнхӕст кӕнун алке бон нӕй. Зӕгъӕн, Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд сайтӕнтти ӕхе туххӕй дзорун нӕ уагъта (Лук. 4:41). Абони ба хабар куд ӕй? Цӕмӕй адӕймаги бон уа Хуцауи лӕггадгӕнгути хӕццӕ еумӕ хуарз хабар игъосун кӕнун, уой туххӕй бал ӕй гъӕуй Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун райдайун. Еци кадӕн ке аргъ кӕнӕн, уой бавдесдзиан, алли фадуатӕй дӕр ку пайда кӕнӕн, цӕмӕй иннетӕн хуарз хабар дзорӕн. Киристей цӕветтонмӕ гӕсгӕ мах дӕр адӕни зӕрдити рӕстдзийнади нӕмгутӕ итауӕн ӕма сӕбӕл дон кӕнӕн (Матф. 13:3, 23; 1 Кор. 3:6).

9. Нӕ организаци адӕнӕн куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Хуцауи ном базононцӕ?

9 Киристе адӕнӕн Хуцауи ном ӕргом кодта. Ӕ уӕларвон Фидӕмӕ ковгӕй дӕр ма загъта: «Ӕз [син] дӕ ном раргом кодтон» (Иоан. 17:26). Киристей цӕветтонмӕ гӕсгӕ Йегови организаци дӕр берӕ хъауритӕ ӕрӕвӕруй, цӕмӕй адӕнӕн Хуцауи ном базонун кӕна. Еци гъуддаги устур ӕнхус ӕй «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац». Уоми Хуцауи ном фӕстӕмӕ финст ӕрцудӕй, кӕми гъӕуама уа, еци рауӕнти. Еци тӕлмац ӕнӕгъӕнӕй кенӕ ӕ кӕцидӕр хӕйттӕ рацудӕнцӕ 270 ӕвзагемӕй фулдӕребӕл. Хуцауи ном кӕцидӕр рауӕнти нӕуӕгӕй финст цӕмӕн ӕрцудӕй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес Библий тӕлмаци «Новый мир», уӕлӕнхасӕнти А4 ӕма А5 b.

10. Мьянмӕй еу силгоймаг ци загъта, Хуцауи ном ку фегъуста, уӕд ӕма нӕ е цӕбӕл ахур кӕнуй?

10 Мах дӕр Киристей хузӕн фӕндуй, цӕмӕй Хуцауи ном фулдӕр адӕн базононцӕ. Мьянмӕй еу 67-анздзуд силгоймаг Библи ахур кӕнун ку райдӕдта, уӕд цӕстисугкалгӕй нӕ хуӕрӕн загъта: «Цӕргӕ-цӕрӕнбонти ӕй некӕд фегъустон, Хуцауи ном Йеговӕ ке ӕй... Царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой мин ду базонун кодтай». Аци хабарӕй хуарз зиннуй, кӕдзосзӕрдӕ адӕн Хуцауи ном ку базонунцӕ, уӕд син е сӕ цард цӕхгӕрмӕ куд раййевуй.

ЙЕГОВИ ОРГАНИЗАЦИБӔЛ ӔУУӔНДӔ

11. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй бавдесун, Йегови организацибӕл ке ӕууӕндунцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

11 Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй бавдесун, Йегови организацибӕл ке ӕууӕндунцӕ, уой? Нӕ организаций ести нӕуӕг амундтӕ ку рацӕуй, уӕд бал хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фиццагидӕр еци амундтӕ лӕмбунӕг бакӕсунцӕ, уой фӕсте ба сӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой фӕккӕнунцӕ, цӕмӕй еци амундтӕй пайда кӕнонцӕ. Зӕгъӕн, фӕууй син амундтӕ, нӕ фембӕлдтӕ куд уадзун гъӕуй ӕма ӕмбурди туххӕй куд ковун гъӕуй, айдагъ уой фӕдбӕл нӕ, фал ма Киристей уӕриккитӕмӕ зелун куд гъӕуй, уой фӕдбӕл дӕр. Ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ организаци ци амундтӕ раттуй, уонӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайунцӕ, уӕд ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ фӕллӕдӕрунцӕ, Йеговӕ сӕ ке уарзуй ӕма сӕбӕл ке тухсуй.

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй ма гурусхӕ кӕнӕн, организацийӕй ци амундтӕ рацӕуй, уонӕбӕл (кӕсӕ 11 абзац) c


12. а) Разамунд ка дӕттуй, уонӕмӕ игъосун цӕмӕн гъӕуй? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:7, 17). б) Сӕйрагидӕр не ’ргом хестӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хуарз менеугутӕмӕ цӕмӕн гъӕуама ӕздахӕн?

12 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин ести разамунд ку раттунцӕ, уӕд си гъӕуама еци фӕдбӕл пайда кӕнун райдайӕн. Уотемӕй еци ӕнсувӕртӕн сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун ӕнцондӕр уодзӕй. Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нин разамунд ка дӕттуй, уонӕн коммӕгӕс уӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:7, 17.) Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма етӕ дӕр ӕнӕнхӕст ӕнцӕ. Сӕ рӕдудтитӕмӕ ӕма син сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ не ’ргом ӕгӕр ку ’здахӕн, хуарзӕй сӕмӕ ци ес, уой ба ку нӕбал уинӕн, уӕд уомӕй не знӕгтӕн сӕ къох араздзиан. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес? Уомӕн ӕма сӕ нисан ӕй, цӕмӕй Йегови организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй не ’знӕгтӕ ци мӕнгӕттӕ парахат кӕнунцӕ, уонӕбӕл ма баууӕндӕн?

МА БАУАДЗӔ, ЦӔМӔЙ МӔНГӔТТИ ТУХХӔЙ ЙЕГОВИ ОРГАНИЗАЦИБӔЛ ГУРУСХӔ КӔНУН РАЙДАЙАЙ

13. Хуцауи знӕгтӕ куд архайунцӕ, цӕмӕй ӕ организаций ци ӕгъдӕуттӕ ес, етӕ нӕмӕ раст мабал кӕсонцӕ?

13 Хуцауи знӕгтӕ архайунцӕ, цӕмӕй Йегови организаций ци ӕгъдӕуттӕ ес, етӕ нӕмӕ раст мабал кӕсонцӕ. Зӕгъӕн, мах ӕй Библийӕй зонӕн, Йегови ке фӕндуй, цӕмӕй нӕ бауӕр ӕма нӕ хъӕппӕлтӕ кӕдзос уонцӕ, кӕдзос цард кӕнӕн ӕма, уой куд фӕндуй, уотӕ ин лӕггадӕ кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ загъта, тӕрегъӕд ка искӕнуй ӕма ибӕл ка не ’рфӕсмон кӕнуй, уой ӕмбурдӕй рацох кӕнун ке гъӕуй (1 Кор. 5:11–13; 6:9, 10). Ӕма мах дӕр архайӕн еци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Фал не знӕгтӕ ба ци фӕдздзорунцӕ? Сумах, дан, адӕни нӕ уарзетӕ ӕма, дан, сумах хузӕн ка нӕ сагъӕс кӕнуй, уонӕн нӕ бухсетӕ.

14. Хуцауи организаций туххӕй мӕнгӕттӕ ӕцӕгӕй ка парахат кӕнуй?

14 Исбӕлвурд кӕнӕ, нӕ нихмӕ ӕцӕгӕй ка архайуй, уой. Е ӕй Сайтан Ибилис. Библи ӕй хонуй «мӕнгӕдзийнади фидӕ» (Иоан. 8:44; Райд. 3:1–5). Мадта нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй, не знӕгтӕй ке испайда кӕнуй, цӕмӕй Хуцауи организаций туххӕй аллихузи мӕнгӕттӕ парахат кӕна. Уотӕ архайдта нӕ эри фиццаг ӕноси дӕр.

15. Дини разамонгутӕ куд архайдтонцӕ, цӕмӕй Киристей ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугути ном фегадӕ кӕнонцӕ?

15 Кӕд Киристе, Хуцауи Фурт, алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст адтӕй, удта хъӕбӕр берӕ дессӕгтӕ кодта, уӕддӕр Сайтан адӕнӕй испайда кӕнидӕ, цӕмӕй си аллихузи мӕнгӕттӕ дзоронцӕ. Зӕгъӕн, дини разамонгутӕ си дзурдтонцӕ, сайтӕнтти, дан, адӕнӕй сорис «сайтӕнтти ӕлдари» хъаури фӕрци (Мар. 3:22). Киристейӕн ку тӕрхон кодтонцӕ, удта ’й дини разамонгутӕ фӕффудгин кодтонцӕ, Хуцауи, дан, фауй. Удта ма адӕни дӕр исахъилдтонцӕ, дзоретӕ, дан, цӕмӕй ин мӕлӕти тӕрхон рахӕссонцӕ (Матф. 27:20). Фӕстӕдӕр ба Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ хуарз хабар ку игъосун кодтонцӕ, уӕд, «ка нӕ баууӕндтӕй, еци дзиуиттӕгтӕ иннӕ адӕнти исӕзманстонцӕ ӕма сӕ ӕнсувӕрти нихмӕ искодтонцӕ» (Гъуд. 14:2, 19). 1998 анзи 1 декабри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» Гъуддӕгти 14:2 стихи туххӕй уӕхӕн гъуди финст адтӕй: «Киристон дини нихмӕ ка адтӕй, еци дзиуиттӕгтӕ нӕ баууӕндтӕнцӕ, киристӕнттӕ ци хабар игъосун кодтонцӕ, уобӕл. Ӕма ма сӕбӕл лӕгъуз цидӕртӕ дӕр ӕримистонцӕ, цӕмӕй ӕндӕр адӕнтӕй ка адтӕй, етӕ дӕр сӕмӕ ма байгъосонцӕ ӕма ма си се ’сӕфт дӕр фӕууинонцӕ».

16. Йегови организаций туххӕй лӕгъуз ести ку фегъосӕн, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама ӕрлӕуун кӕнӕн?

16 Абони дӕр Сайтан мӕнгӕттӕ парахат кӕнуй. Библий финст ӕй, нур дӕр ма «ӕгас адӕни дӕр... [ке] сайуй» (Рарг. 12:9). Гӕнӕн ес, ӕма ’й нӕхуӕдтӕ дӕр фегъосӕн, нӕ организаций кенӕ бӕрнон ӕнсувӕрти фудкой куд кӕнунцӕ, уой. Уӕхӕн уавӕри хуарз уайдӕ, нӕ зӕрдӕбӕл ку ӕрлӕуун кӕнианӕ, фиццаг ӕноси Хуцауи знӕгтӕ Киристемӕ ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардтонцӕ, уой. Абони дӕр Йегови лӕггадгӕнгути фӕдбӕл зелунцӕ ӕма сӕ ӕфхуӕрунцӕ. Фал нӕмӕ е дессаг нӕ кӕсуй, уомӕн ӕма Библий финст адтӕй, уотӕ ке уодзӕй (Матф. 5:11, 12). Фал ӕй ку лӕдӕрӕн, еци мӕнгӕттӕ кӕмӕй цӕунцӕ, уой, уӕд нӕ е нӕ бакъулумпи кӕндзӕй ӕма нӕ бон уодзӕй нӕхе багъӕуай кӕнун. Ӕркӕсӕн, нӕ бон ци ӕй кӕнун, уомӕ.

17. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл сайд ма рауайа? (2 Тимофеймӕ 1:13). (Кӕсӕ ма рамкӕ « Ӕцӕг ка нӕй, уӕхӕн хабӕрттӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн».)

17 Ӕцӕг ка нӕй уӕхӕн хабӕрттӕмӕ ма кӕсӕ ӕма сӕмӕ ма игъосӕ. Апостол Павел комкоммӕ загъта, ци кӕнун гъӕуй, ӕцӕг ци нӕй уӕхӕн ести ку фегъосӕн, уӕд. Е Тимофеййӕн загъта, цӕмӕй «кӕдзос ци ӕй, уой гириззаг ка кӕнуй, ӕма дзӕгъӕл дзурдтӕй ӕндӕр ка неци ’нцӕ, уӕхӕн аргъӕуттӕмӕ» ма игъоса ӕма иннети дӕр уомӕй фӕдзӕхса (1 Тим. 1:3, 4; 4:7). Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй минкъий сувӕллӕнтти хузӕн уӕн. Етӕ зӕнхӕбӕл ци иссерунцӕ, уой уайтагъддӕр сӕ гъӕлӕси ратъунсунцӕ. Мах аллихузи мӕнгӕттӕмӕ нӕ фегъосӕн, уомӕн ӕма ’й фӕллӕдӕрӕн, ӕцӕгӕй кӕмӕй цӕунцӕ, уой. Мах игъосӕн ӕрмӕстдӕр рӕстдзийнади раст дзурдтӕмӕ. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 1:13.)

 

18. Йегови организацибӕл ке ӕууӕндӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

18 Мах ӕркастан, Йегови организаци Киристей куд фӕнзуй, уомӕ. Радзубанди кодтан ӕртӕ гъуддагебӕл. Библи ку фертасис, уӕд байархайисӕ, цӕмӕй ӕй фӕууинай, никкидӕр ма нӕ организаци Киристей цӕмӕй фӕнзуй, уой. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй нӕ организацибӕл хъӕбӕрдӕр ӕууӕндонцӕ. Удта ибӕл дӕхуӕдӕг дӕр ке ӕууӕндис, уой ӕвдесӕ, Йеговӕн куд еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнис ӕма ин ӕ фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, еци организаций хӕццӕ куд ӕмгуст кӕнис, уомӕй (Пс. 37:28). Ӕцӕгӕйдӕр нин Йеговӕ устур кадӕ искодта: нӕ бон ин ӕй ӕ адӕни хӕццӕ еумӕ лӕггадӕ кӕнун. Гъӕйдӕ мадта еци кадӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕн!

ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Хуцауи организаци Киристей цӕмӕй фӕнзуй?

  • Йегови организацибӕл ке ӕууӕндӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

  • Ӕцӕг ка нӕй, уӕхӕн хабӕрттӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

103 ЗАР Фиййӕуттӕ – Хуцауи лӕвар

a Кӕсӕ рамкӕ «Почему именно 1919 год?» киунуги «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 102 ӕма 103 фӕрстӕ.

b Киристон Грекъаг Финстити Хуцауи ном 237 хатти цӕмӕн ӕмбӕлуй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес 2008 анзи 1 августи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», 18–22 фӕрстӕ (урус.).

c ХУЗӔ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дзорунцӕ, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уоми куд игъосун кӕнгӕ ’й, уой туххӕй ци разамунд рацудӕй, уобӕл. Уой фӕсте къуари цӕстӕдарӕг хуӕртӕн амонуй, стенди хӕццӕ игъосун кӕнгӕй фарс сӕ фӕсте ке гъӕуама уа.