Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

56 ЗАР Рӕстдзийнадӕ бауарзӕ

«Ӕгас хъауритӕй тундзӕн фӕлтӕрддзийнадӕмӕ»

«Ӕгас хъауритӕй тундзӕн фӕлтӕрддзийнадӕмӕ»

«Ӕгас хъауритӕй тундзӕн фӕлтӕрддзийнадӕмӕ» (ДЗИУИТ. 6:1).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Ци ӕй нӕ бон кӕнун, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ уӕн, удта нӕ гъудитӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнӕн ӕма зундгин унаффитӕ хӕссӕн.

1. Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

 СУВӔЛЛОН ку райгуруй, уӕд ниййергутӕй амондгундӕр, ӕвӕдзи, неке фӕууй. Фал сӕ минкъий адгин бӕдолӕбӕл кудфӕнди ма цийнӕ кӕнонцӕ, уӕддӕр сӕ нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй еци минкъийӕй байзайа. Сувӕллон ку не ’рӕза, уӕд син е тӕссаг цӕбӕлдӕрти дзорӕг уодзӕй. Уотӕ мах дӕр киристон надбӕл фиццаг къахдзӕфтӕ ку фӕккӕнӕн, уӕд Йеговӕ хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнуй. Фал ӕй нӕ фӕндуй, цӕмӕй еци надбӕл цӕугӕй минкъий сувӕллӕнтти хузӕн байзайӕн (1 Кор. 3:1). Е нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй фӕлтӕрддзийнадӕмӕ тундзӕн (1 Кор. 14:20).

2. Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

2 Фӕлтӕрдгун киристон цӕмӕй бӕрӕг фӕууй? Нӕ бон куд ӕй фӕлтӕрддзийнадӕмӕ тундзун? Еци гъуддаги нин ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг куд ӕнхус кӕндзӕй? Нӕхецӕй нифсгун цӕмӕннӕ гъӕуама уӕн? Гъӕйдӕ аци фарстатӕбӕл радзубанди кӕнӕн.

ФӔЛТӔРДГУН КИРИСТОН ЦӔМӔЙ БӔРӔГ ФӔУУЙ?

3. Нӕ бон куд ӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исун?

3 Библий дзурдбаст «устур адӕймӕгтӕ» ци грекъаг дзурдӕй тӕлмацгонд ӕрцудӕй, е ма нисан кӕнуй «фӕлтӕрдгун» кенӕ «ӕнхӕст» (1 Кор. 2:6). Фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуӕн, ӕууӕндундзийнади сувӕллӕнтти хузӕн ку нӕбал фӕууӕн, уӕд. Фал е нӕ къохи ку бафтуйа, уӕд дӕр гъӕуама уобӕл ма ’рлӕууӕн (1 Тим. 4:15). Сауӕнгӕ ма хуӕрзӕригон ка ’й, уони бон дӕр ӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исун. Цума уӕхӕн адӕн цӕмӕй бӕрӕг фӕуунцӕ?

4. Фӕлтӕрдгун киристон цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?

4 Фӕлтӕрдгун киристон ке ес исхонӕн? Уӕхӕн адӕймаг фӕууарзуй, Хуцау цидӕриддӕр закъӕнттӕ равардта, уони, удта нӕ фӕрравзарӕ-бавзарӕ кӕнуй, ке си ӕнхӕст кӕндзӕй, ке ба – нӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уӕддӕр ма ӕнӕнхӕст фӕууй, ӕма уомӕ гӕсгӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕррӕдуйуй. Фал уӕддӕр бонӕй-бонмӕ фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ гъудитӕй ӕма ӕ гъуддӕгтӕй Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕна. Е ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййивта ӕма архайуй, цӕмӕй алцӕмӕдӕр Хуцауи цӕстӕй кӕса (Еф. 4:22–24). Унаффитӕ хӕсгӕй, Хуцауи Дзурди ци закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕй фӕппайда кӕнуй, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ алли гъуддагӕн дӕр цӕхуӕндӕр бӕлвурд кенӕ комкоммӕ амундтӕ нӕ фӕгъгъӕуй. Е ӕгас хъауритӕй фӕййархайуй, цӕмӕй ци испълан кодта, уой кӕронмӕ исӕнхӕст кӕна (1 Кор. 9:26, 27).

5. Адӕймаг фӕлтӕрдгун ку нӕ уа, уӕд ин е тӕссаг цӕмӕн ӕй? (Ефесӕгтӕмӕ 4:14, 15).

5 Киристон фӕлтӕрдгун ку нӕ фӕууй, уӕд хъӕбӕр ӕнцон сайӕн фӕууй. Алцӕбӕлти уайтагъддӕр баууӕндуй, зӕгъӕн, раст дин ка ниууагъта a, уони мӕнгӕттӕбӕл. Кенӕ ба ма уӕхӕн гъудибӕл дӕр, зӕгъгӕ, хецауадӕ кенӕ цӕхуӕндӕр адӕни къуар цидӕр сосӕгвӕндӕ искодта. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:14, 15.) Уӕхӕн адӕймаг фӕууй соцъагӕнагӕ, иннети хӕццӕ нӕ фӕффедауй, бостӕгӕнагӕ фӕууй, удта ин фӕлварӕнти ӕхебӕл зин фӕххуӕцӕн фӕууй (1 Кор. 3:3).

6. Сувӕллон куд ферӕзуй ӕма адӕймаг фӕлтӕрдгундӕр куд фӕккӕнуй, етӕ ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

6 Уӕлдӕр ӕй куд загътан, уотемӕй фӕлтӕрдгундӕр куд кӕнӕн, уой Библи баруй, сувӕллон куд ирӕзуй, уой хӕццӕ. Сувӕллон ӕвӕлтӕрд фӕууй, ӕма ’й уой туххӕй ӕ ниййергути ӕнхус фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ӕй гъӕуай кӕнонцӕ ӕма ин дзоронцӕ, ци ин кӕнгӕ ’й, уой. Зӕгъӕн, нади иннӕ фарсмӕ хезгӕй мадӕ ӕ минкъий кизгӕн ӕ къохбӕл фӕххуӕцуй. Кизгӕ ку фӕуустурдӕр уй, уӕд ӕй мадӕ еунӕгӕй дӕр рауадзуй, фал ин фӕззӕгъуй, цӕмӕй лӕмбунӕг уа. Ку исустур уй, уӕдта ин дзорун дӕр нецибал фӕгъгъӕуй. Ӕвӕлтӕрд киристӕнттӕ сувӕллӕнтти хузӕн ӕнцӕ. Арӕх сӕ фӕлтӕрдгун киристӕнтти ӕнхус фӕгъгъӕуй, цӕмӕй син се ’ууӕндундзийнадӕн зиан ци ’рхӕсдзӕй, уомӕй сӕхе хезонцӕ ӕма зундгин унаффитӕ хӕссонцӕ. Уонӕй уӕлдай фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ унаффитӕ сӕхуӕдтӕ фӕххӕссунцӕ. Етӕ Библий уагӕвӕрдтӕбӕл фӕссагъӕс кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕронцӕ, Йеговӕ куд гъуди кӕнуй, уой, ӕма уой фӕсте уомӕ гӕсгӕ фӕййархайунцӕ.

Фӕлтӕрдгун киристон ке фӕндуй исун, е гъӕуама исахур уа унаффитӕ хӕсгӕй Библий уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнун (кӕсӕ 6 абзац)


7. Фӕлтӕрдгун киристӕнтти ескӕд иннети ӕнхус фӕгъгъӕуй?

7 Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма фӕлтӕрдгун киристони ӕнхус некӕд фӕгъгъӕуй? Нӕъ. Уомӕн дӕр ӕ бон ӕй ескӕмӕй унаффӕ ракорун. Фал ӕвӕлтӕрд ка ӕй, уой ба фӕффӕндуй, цӕмӕй иннетӕ ӕ бӕсти унаффӕ рахӕссонцӕ кенӕ ин зӕгъонцӕ, ци ин кӕнгӕ ’й, уой. Фӕлтӕрдгун киристон ӕй фӕллӕдӕруй, ӕ унаффи туххӕй дзуапп дӕттун ӕхе ке гъӕудзӕй ӕма ӕ «хӕссуйнаг» ӕхуӕдӕг ке хӕсдзӕй (Гал. 6:5).

8. Фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ гъӕуама алцӕмӕйдӕр ӕмхузӕн уонцӕ?

8 Устур адӕн фӕйнӕхузи куд фӕуунцӕ, уотӕ фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ дӕр ӕмхузӕн нӕ фӕуунцӕ. Еуетӕ си лӕдӕргӕ фӕуунцӕ, иннетӕ – нифсхаст, кадӕртӕ фӕуунцӕ рӕдау, кадӕртӕ ба – тӕрегъӕдгӕнагӕ. Уомӕй уӕлдай ма, еци еу уавӕри дууӕ фӕлтӕрдгун киристони, ка ’й зонуй, фӕйнӕхузи унаффитӕ рахӕсдзӕнцӕ, фал си алкӕцидӕр Библимӕ гӕсгӕ раст уодзӕй. Арӕхдӕр уотӕ фӕууй, киристони е ’фсарӕмӕ гӕсгӕ унаффӕ рахӕссун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Мадта иннети унаффитӕ, мах ци унаффитӕ рахӕссӕн, уонӕй ку хецӕн кӕнонцӕ, уӕддӕр син сӕ гъуди гъӕуама нимайӕн. Хуӕздӕр уайдӕ, не ’ргом фулдӕр ӕздахун, еумӕйагӕй нӕмӕ ци ес, уомӕ (Ром. 14:10; 1 Кор. 1:10).

АДӔЙМАГИ БОН КУД ӔЙ ФӔЛТӔРДГУН КИРИСТОН ИСУН?

9. Адӕймаг фӕлтӕрдгундӕр ӕхегъӕди фӕккӕнуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

9 Адӕймаги бауӕр ӕхегъӕди ферӕзуй. Фал цӕмӕй фӕлтӕрдгундӕр кӕна, уой туххӕй ба ’й архайун фӕгъгъӕуй. Зӕгъӕн, коринфӕгтӕ хуарз хабарбӕл баууӕндтӕнцӕ, донаргъуд райстонцӕ ӕма Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ апостол Павел ӕхуӕдӕг ахур кодта (Гъуд. 18:8–11). Фал рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд дӕр ма еци киристӕнттӕй беретӕ ӕвӕлтӕрд адтӕнцӕ. Ӕвӕлтӕрдӕй ке байзадӕнцӕ, е сӕхе фуд адтӕй (1 Кор. 3:2). Махӕн ба нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мах хабар дӕр уотӕ ма рауайа?

10. Цӕмӕй адӕймаг фӕлтӕрдгундӕр кӕна, уой туххӕй ӕй фиццагидӕр ци гъӕуй? (Иуди 20).

10 Фиццагидӕр адӕймаги гъӕуама ӕхе фӕндӕуа, цӕмӕй фӕлтӕрдгундӕр исуа. Фӕууй уӕхӕн адӕн, ӕма ӕнӕлӕдӕргӕ ке ’нцӕ, е сӕмӕ лӕгъуз нӕ фӕккӕсуй. Сӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕуй, ӕвӕлтӕрд ке ’нцӕ, е. Сӕхе тухсун кӕнун сӕ нӕ фӕффӕндуй. Уӕхӕн адӕн фӕлтӕрдгун некӕд исуодзӕнцӕ (Ӕмб. 1:22). Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй исуӕн, ка исирӕзтӕй, фал унаффитӕ хӕссунгъон ка не ’ссӕй ӕма ӕнӕ ниййергути загъдӕй цӕрун ка нӕ фӕразуй, уӕхӕн адӕймаги хузӕн. Мах ӕй лӕдӕрӕн, фӕлтӕрдгун уодзиан ӕви нӕ, е нӕхецӕй кӕнгӕ ке ӕй. (Бакӕсӕ Иуди 20.) Кӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, цидӕр фӕххуӕздӕр кӕнун дӕ ке гъӕуй, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕма архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13).

11. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй фӕлтӕрдгундӕр кӕнӕн? (Ефесӕгтӕмӕ 4:11–13).

11 Фал нӕ Йеговӕ ӕнӕ ӕнхусӕй нӕ ниууагъта. Батухстӕй, цӕмӕй киристон ӕмбурди уа фиййӕуттӕ ӕма ахургӕнгутӕ. Еци ӕнсувӕртӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй «алцӕмӕйдӕр Киристей хузӕн» уӕн. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:11–13.) Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ дӕттуй сугъдӕг хъаурӕ, цӕмӕй, «Киристе куд гъуди кодта», мах дӕр уотӕ гъуди кӕнӕн (1 Кор. 2:14–16). Удта ма нин ес цуппар Евангелий дӕр. Уонӕй нӕ бон ӕй базонун, Киристе куд гъуди кодта, куд дзурдта ӕма куд архайдта, зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд. Киристе куд сагъӕс кодта, уотӕ ку сагъӕс кӕнӕн ӕма куд архайдта, уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕ нисан нӕ къохи бафтуйдзӕй – исуодзиан фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ.

ХЪӔБӔР ХУӔРУЙНАГ ДИН КУД БАНХУС КӔНДЗӔЙ?

12. Киристей туххӕй сӕйраг ахурӕдтӕ ци ’нцӕ?

12 Цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуӕн, уой туххӕй гъӕуама фагӕбӕл ма нимайӕн, сӕйраг ахурӕдтӕ ке зонӕн, уой. Зӕгъӕн, ке гъӕуй ӕрфӕсмон кӕнун, Хуцаубӕл баууӕндун, донаргъуд райсун ӕма райгасдзийнадӕбӕл ӕууӕндун (Дзиуит. 6:1, 2). Еци ахурӕдтӕ киристон динӕн ӕ бундор ӕнцӕ. Ӕма апостол Петур Фӕндзайӕймаг бон адӕнӕн ку игъосун кодта, уӕд еци ахурӕдти туххӕй уомӕ гӕсгӕ дзурдта (Гъуд. 2:32–35, 38). Цӕмӕй нӕ бон уа Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ исун, уой туххӕй гъӕуама еци сӕйраг ахурӕдтӕбӕл баууӕндӕн. Зӕгъӕн, Павел ӕй комкоммӕ балӕдӕрун кодта, нӕ бон ке нӕй нӕхе киристӕнттӕ хонун, райгасдзийнадӕбӕл ку не ’ууӕндӕн, уӕд (1 Кор. 15:12–14). Фал сӕйраг ахурӕдтӕ ку базонӕн, уӕд гъӕуама уобӕл ма ’рлӕууӕн.

13. Ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй, Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14 ци хъӕбӕр хуӕруйнаги туххӕй дзурд цӕуй, е нин пайда хӕсса? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Сӕйраг ахурӕдтӕй уӕлдай ма ес «хъӕбӕр хуӕруйнаг» дӕр. Е цӕмӕй хецӕн кӕнуй? Хъӕбӕр хуӕруйнагмӕ айдагъдӕр Хуцауи закъӕнттӕ нӕ хаунцӕ, фал ма ӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр. Уони фӕрци нӕ бон ӕй хуӕздӕр лӕдӕрун, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уой. Цӕмӕй нин еци хуӕруйнаг пайда хӕсса, уой туххӕй гъӕуама Библи ӕртасӕн ӕма ибӕл сагъӕс кӕнӕн, удта ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ архайӕн. Гъе уӕд исахур уодзиан, Йегови зӕрдӕ кӕмӕй барохс уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ хӕссун. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14.) b

Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ хъӕбӕр хуӕруйнаг ку хуӕрӕн, уӕд исахур уодзиан, Йегови зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн унаффитӕ хӕссун (кӕсӕ 13 абзац) c


14. Павел коринфӕгтӕн куд банхус кодта, цӕмӕй фӕлтӕрдгундӕр кодтайуонцӕ?

14 Ӕвӕлтӕрд киристӕнттӕн зин фӕууй унаффитӕ хӕссун, сӕ уавӕрмӕ комкоммӕ ка хауй, уӕхӕн закъон ку нӕ фӕууй, фал уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума сӕ бон ӕй уӕхӕн уавӕрти кудфӕнди архайун дӕр. Иннети ба фӕффӕндуй, цӕмӕй, Йеговӕ равзаруни барӕ кӕми фӕддӕттуй, уӕхӕн фарстати дӕр син еске комкоммӕ зӕгъа, куд бакӕнонцӕ, уой. Коринфи киристӕнттӕ Павели ку фарстонцӕ, мӕнгӕ хуцӕуттӕн ке иснивонд кодтонцӕ, еци хуӕруйнаг хуӕрун ӕнгъезуй ӕви нӕ, уӕд сӕ, ӕвӕдзи, фӕндадтӕй, цӕмӕй син комкоммӕ загътайдӕ, куд сӕ бакӕнун гъӕуй, уой. Фал син Павел сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, Йеговӕ алли адӕймагӕн дӕр ӕфсарӕ ке равардта, ӕма алкӕмӕндӕр ке ес равзаруни барӕ. Уой фӕсте сӕ хӕццӕ цалдӕр уагӕвӕрдебӕл радзубанди кодта ӕма син балӕдӕрун кодта, сӕ бон куд ӕй уӕхӕн унаффитӕ хӕссун, цӕмӕй сӕ уой фӕсте сӕ цӕсгон ма хуӕра кенӕ ескӕмӕн къахкъуӕрӕн ма исуонцӕ (1 Кор. 8:4, 7–9). Павели нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй киристӕнттӕ кедӕр гъуди кенӕ загъдмӕ гӕсгӕ унаффитӕ хӕссонцӕ. Е сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Финстадӕмӕ гӕсгӕ унаффитӕ сӕхуӕдтӕ хастайуонцӕ. Уотӕ ку кодтайуонцӕ, уӕд фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ иссайуонцӕ.

15. Павел дзиуиттаг киристӕнттӕн куд банхус кодта, цӕмӕй фӕлтӕрдгундӕр кодтайуонцӕ?

15 Еу ӕхсидзгӕ гъуди ма Павел ниффинста дзиуиттаг киристӕнттӕмӕ. Еуӕй-еуетӕ си киристон надбӕл цӕугӕй размӕ нӕбал цудӕнцӕ, фал надӕн ӕ райдайӕнмӕ раздахтӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ син Павел загъта: «Уӕхӕн уавӕрмӕ ’рцудайтӕ, ӕма уин хъӕбӕр хуӕруйнаг нӕ, фал ӕхсир дӕттун гъӕуй» (Дзиуит. 5:12). Йеговӕ ӕмбурдти фӕрци ци нӕуӕг амундтӕ раттидӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтонцӕ (Ӕмб. 4:18). Зӕгъӕн, беретӕ ма си Моисеййи закъон ӕнхӕст кодтонцӕ, кӕд ӕма Киристе кӕдӕй рамардӕй ӕма еци Закъон ӕнхӕст кӕнун кӕдӕй нӕбал гъудӕй, уомӕй 30 анземӕй фулдӕр рацудӕй, уӕддӕр (Ром. 10:4; Тит. 1:10). 30 анзи минкъий нӕй. Уал анземӕ ӕнгъизтайдӕ нӕуӕг амундтӕбӕл исахур ун. Уомӕ гӕсгӕ Павели фӕндадтӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ ци арф гъудитӕ ниффинста, уони лӕдӕрдтайуонцӕ. Ӕма сӕ еци рӕстӕг раст дӕр еци амундтӕ гъудӕнцӕ. Уони фӕрци ’й балӕдӕрдтайуонцӕ, нур куд лӕггадӕ кӕнунцӕ, е дзӕвгарӕ хуӕздӕр ке ӕй, раздӕр куд лӕггадӕ кодтонцӕ, уомӕй. Е син банхус кодтайдӕ, цӕмӕй нифсгунӕй хуарз хабар игъосун кодтайуонцӕ, кӕд дзиуиттӕгтӕ сӕ нихмӕ цудӕнцӕ, уӕддӕр (Дзиуит. 10:19–23).

ДӔХЕЦӔЙ ӔГӔР НИФСГУН МА УО

16. Киристон фӕлтӕрдгун ку исуй, уӕд ӕй идарддӕр ци кӕнун фӕгъгъӕуй?

16 Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуӕн. Фал уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба ӕй, цӕмӕй уӕхӕнттӕй байзайӕн. Цӕмӕй нин е бантӕса, уой туххӕй ба гъӕуама нӕхецӕй ӕгӕр нифсгун ма уӕн (1 Кор. 10:12). Гъӕуама алкӕддӕр нӕ гъос дарӕн, цӕмӕй еу рауӕн ма лӕууӕн (2 Кор. 13:5).

17. Колоссӕгтӕмӕ Финстӕгӕй куд зиннуй, ӕхсидзгӕ ке ӕй, цӕмӕй адӕймаг алкӕддӕр фӕлтӕрдгун уа?

17 Павел колоссӕгтӕмӕ Финстӕг ку финста, уӕд уонӕн дӕр се ’ргом раздахта, фӕлтӕрдгун ун куд ӕхсидзгӕ ’й, уомӕ. Кӕд колоссӕгтӕ фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕ Павел бафӕдзахста, цӕмӕй аци дуйней адӕни зундахасти фӕдбӕл ма рацӕуонцӕ (Кол. 2:6–10). Епафрас дӕр, ӕвӕдзи, еци ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуарз зудта. Е ӕдзохдӕр фӕкковидӕ, цӕмӕй алкӕддӕр фӕлтӕрдгун уонцӕ (Кол. 4:12). Куд зиннуй, уотемӕй ӕй Павел дӕр ӕма Епафрас дӕр лӕдӕрдтӕнцӕ, уомӕн гӕнӕн ке нӕййес, адӕймаг ӕхуӕдӕг ку нӕ архайа ӕма ин Хуцау ку не ’нхус кӕна, уӕд. Уони фӕндадтӕй, цӕмӕй Колосси киристӕнттӕ алкӕддӕр уонцӕ фӕлтӕрдгун, цийфӕнди фӕлварӕнтӕбӕл ма исӕмбӕлонцӕ, уӕддӕр.

18. Фӕлтӕрдгун киристӕнттӕбӕл дӕр хатгай цӕхуӕн хабар ӕрцӕуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

18 Павел дзиуиттаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн загъта, уомӕн гӕнӕн ке ес, ӕма фӕлтӕрдгун киристон дӕр ӕносмӕ Йегови хуарзӕнхӕй фенӕхай уа. Гӕнӕн ес, ӕма адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ уотӕ ниддор уодзӕй, ӕма ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл фӕсмон дӕр некӕд ӕркӕндзӕй. Фал, хуарз ӕма, дзиуиттӕгтӕн сӕ уавӕр уӕхӕн н’ адтӕй (Дзиуит. 6:4–9). Мах рӕстӕгути туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Цума ӕмбурдтӕмӕ ка нӕ цӕуй кенӕ ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, фал фӕстӕдӕр ка ӕрфӕсмон кодта, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй Йеговӕ ци гъуди кӕнуй? Сӕрниллӕгӕй сӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ке ӕрфӕсмон кӕнунцӕ, уомӕй бӕрӕг фӕууй, Павел ке кой кодта, уонӕй хъӕбӕр ке хецӕн кӕнунцӕ. Фал Йеговӕмӕ ку раздӕхунцӕ, уӕд сӕ е ’нхус фӕгъгъӕуй (Йез. 34:15, 16). Гъема хестӕр нӕлгоймӕгтӕ батухсунцӕ, цӕмӕй фӕлтӕрдгун хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕр уӕхӕн адӕймагӕн банхус кӕна.

Йеговӕ банхус кӕнуй, ка имӕ ӕрбаздӕхуй ӕма е ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун кӕмӕн фӕгъгъӕуй, уонӕн (кӕсӕ 18 абзац)


19. Цӕхуӕн нисӕнттӕ нӕ бон ӕй нӕ рази исӕвӕрун?

19 Дӕхецӕн нисан ку исӕвӕрай, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристон исуай, уӕд е ӕнӕмӕнгӕй дӕ къохи бафтуйдзӕй. Хъӕбӕр хуӕруйнагӕй дӕхе ӕфсадӕ ӕма архайӕ, цӕмӕй дӕ зундахаст Хуцауи зундахасти хузӕн хъӕбӕрдӕр кӕна. Кӕд дӕ нур дӕр фӕлтӕрдгун киристон исхонӕн ес, уӕдта архайӕ, цӕмӕй идарддӕрдӕр уотӕ уа.

ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Фӕлтӕрдгун киристон цӕмӕй бӕрӕг фӕууй?

  • Нӕ бон куд ӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исун?

  • Нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ӕгӕр цӕмӕннӕ гъӕуама дарӕн?

65 ЗАР Размӕ цо!

a Кӕсӕ статья «Защитите себя от дезинформации!» хаййи «Разное» сайти jw.org ӕма приложений JW Library®.

b Кӕсӕ аци журнали рубрикӕ «Ци ес рартасӕн?».

c ХУЗӔ. Ӕнсувӕр цӕмӕ бакӕса, уой ӕвзаргӕй пайда кӕнуй, Хуцауи Дзурд ӕртасгӕй ци уагӕвӕрдтӕ базудта, уонӕй.