Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

23 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн

Йеговӕ нӕ иуазӕгуати хонуй

Йеговӕ нӕ иуазӕгуати хонуй

«Мӕ цатур уодзӕй сӕ сӕрмӕ, ӕма ӕз исуодзӕн сӕ Хуцау» (ЙЕЗ. 37:27).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Йеговӕ ӕ цатурмӕ ке хонуй, ӕ иуазгутӕй ци агоруй ӕма сӕбӕл куд тухсуй.

1, 2. Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн кадӕй хайгин ӕнцӕ?

 ЕСКЕ дӕ уотӕ ку бафарстайдӕ, Йеговӕ дӕуӕн ка ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ци загътайсӕ? Ка ’й зонуй, загътайсӕ: «Йеговӕ ӕй мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау ӕма ме ’Мбал». Кенӕ ба ма ӕндӕр еститӕ дӕр ранимадтайсӕ. Фал ескӕд сагъӕс кодтай, Йеговӕ иуазӕгуарзон хӕдзари хецауи хузӕн ке ӕй, уобӕл?

2 Паддзах Давид Йегови рабарста иуазӕгуарзон хӕдзари хецауи хӕццӕ, ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ба – ӕ иуазгути хӕццӕ. Уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «О Йеговӕ, ке баиуазӕг кӕндзӕнӕ дӕ цатури? Ка цӕрдзӕй дӕ кӕдзос хонхбӕл?» (Пс. 15:1). Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, адӕймаги бон ке ӕй Йегови иуазӕг ӕма ӕмбал исун. Е ӕцӕгӕйдӕр устур кадӕ ’й! Уобӕл сагъӕс кӕнгӕй адӕймаги бауӕр ниббизирдтӕ уй.

ЙЕГОВӔ Ӕ ИУАЗГУТИ УАРЗУЙ

3. Йегови фиццаг иуазӕг ка адтӕй ӕма еумӕ рӕстӕг ку ӕрвистонцӕ, уӕд сӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ адтӕй?

3 Фиццӕгти Дун-дуйней Йеговӕй ӕндӕр неке адтӕй. Фал фӕстӕдӕр сфӕлдиста ӕ Фурти. Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ иссӕй хӕдзари хецау, ӕма ӕ фиццаг иуазӕги ӕ цатурмӕ ӕрбакодта. Е Йегови зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Ӕма ’й Библийӕй зонӕн, Йеговӕн ӕма ӕ Фуртӕн кӕрӕдзей хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ке адтӕй (Ӕмб. 8:30).

4. Йеговӕ ма ӕ цатурмӕ ке ӕрбахудта?

4 Фӕстӕдӕр Йеговӕ сфӕлдиста ӕндӕр изӕдти дӕр ӕма уони дӕр ӕ цатурмӕ ӕрбахудта. «Хуцауи фурттӕн» сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, Йегови хӕццӕ ке адтӕнцӕ, е (Иов 38:7; Дан. 7:10). Фиццӕгти Йегови иуазгутӕ адтӕнцӕ, ӕ хӕццӕ уӕлӕрвти ка цардӕй, ӕрмӕстдӕр етӕ. Фал фӕстӕдӕр сфӕлдиста адӕни, ӕма уони дӕр ӕ цатурмӕ ӕрбахудта. Йегови иуазгути астӕу адтӕнцӕ Енох, Ной, Авраам ӕма Иов. Йеговӕ сӕ е ’мбӕлттӕбӕл нимадта, уомӕн ӕма цардӕнцӕ ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Райд. 5:24; 6:9; Иов 29:4; Ис. 41:8).

5. Йезекили 37:26, 27 финст пахампарадӕй ци базудтан?

5 Сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи Йеговӕ ӕ цатурмӕ нӕуӕг ӕмбӕлтти хонуй. (Бакӕсӕ Йезекили 37:26, 27.) Йезекили пахампарадӕй бӕрӕг ӕй, Йегови ке фӕндуй, цӕмӕй ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ӕ хуарз ӕмбӕлттӕ уонцӕ. Зӕрдӕ байвардта, сӕ хӕццӕ «фарни бадзурд» ке ’скӕндзӕй. Еци пахампарадӕ амудта, федӕни исӕрст киристӕнттӕ ӕма, зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕруни нифс кӕмӕн ес, етӕ «еу дзогӕ» ке уодзӕнцӕ ӕма ӕ цатури еумӕ ке цӕрдзӕнцӕ (Иоан. 10:16). Гъема еци рӕстӕг ралӕудтӕй!

ЙЕГОВӔ Е ’ГАС ИУАЗГУТӔБӔЛ ДӔР ТУХСУЙ

6. Адӕймаг Йегови цатури иуазӕг кӕд исуй ӕма еци цатур кӕми ӕй?

6 Рагидзаманти цатур адтӕй, фӕллад исуадзӕн кенӕ уарунӕй баримӕхсӕн кӕми адтӕй, уӕхӕн бунат. Адӕймаг еске цатурмӕ ку бацӕуидӕ, уӕд ӕй зудта, хӕдзари хецау ибӕл ке батухсдзӕй. Мах дӕр нӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнӕн, уӕд исуӕн иуазгутӕ ӕ цатури (Пс. 61:4). Йеговӕ нин нӕ рази бӕркадгун фингтӕ ӕрӕвӕруй, цӕмӕй нӕ бон уа не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Удта ма ӕ цатури иннӕ иуазгути астӕу нӕхецӕн ӕмбӕлттӕ иссерӕн. Фал еци цатур цӕхуӕндӕр бӕлвурд бунат нӕй. Кӕд ескӕд фӕсарӕнти адтӕ, зӕгъӕн, конгресмӕ рандӕ дӕ, уӕд си исӕмбалдтӕ, дӕу хузӕн Йегови цатури иуазгутӕ ка ’нцӕ, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл. Мадта адӕймаг кӕмифӕнди ма цӕра, уӕддӕр ӕ бон ӕй Йегови иуазӕг исун (Рарг. 21:3).

7. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма ка рамардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ма нур дӕр Йегови цатури иуазгутӕ ’нцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Ка рамардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Цума ма нур дӕр ӕ цатури иуазгутӕ ’нцӕ? Гъо. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма сӕ Йеговӕ нӕ феронх кодта. Е бӕрӕг ӕй Киристей дзурдтӕй: «Ка рамардӕй, етӕ ке игас кӕнунцӕ, уой ба Моисей дӕр бавдиста, синдзи къотӕри кой кӕнгӕй, Йегови „Авраами Хуцау, Исакки Хуцау ӕма Иакови Хуцау“ ку исхудта, уӕд. Хуцау мӕрдти Хуцау нӕй, фал уодӕгӕсти, уомӕн ӕма ин ӕгасӕйдӕр уодӕгас ӕнцӕ» (Лук. 20:37, 38).

Ка рамардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр Йегови цатури иуазгутӕ ’нцӕ (кӕсӕ 7 абзац)


ЙЕГОВӔ Ӕ ИУАЗГУТИ ЦӔМӔЙ ГЪӔУАЙ КӔНУЙ ӔМА СИ ЦИ АГОРУЙ?

8. Йеговӕ ӕ иуазгути цӕмӕй гъӕуай кӕнуй?

8 Ӕнӕуой цатури адӕймаги бон ӕй ӕ фӕллад исуадзун кенӕ ӕхе баримӕхсун уарун ӕма дунгӕй. Йегови цатури ка ӕй, етӕ ба ӕнцӕ, се ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг кӕми нӕй, уӕхӕн бунати. Цалинмӕ Йегови хӕццӕ ан, уӕдмӕ нин Сайтани бон нӕй, исраст кӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн зиан ӕрхӕссун (Пс. 31:23; 1 Иоан. 3:8). Нӕуӕг дуйней ба Йеговӕ ӕ еузӕрдон ӕмбӕлтти гъӕуай кӕндзӕй, айдагъ се ’ууӕндундзийнадӕн зиан ци ’рхӕсдзӕй, уомӕй нӕ, фал ма мӕлӕтӕй дӕр (Рарг. 21:4).

9. Йеговӕ ӕ иуазгутӕй ци агоруй?

9 Йегови цатури иуазӕг уай, е устур кадӕ ’й, уомӕн ӕма е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дӕ бон ӕй ӕносмӕ дӕр Хуцауи ӕмбал ун. Мадта нӕхе куд гъӕуама дарӕн, цӕмӕй ӕ цатури идарддӕр дӕр иуазгутӕ уӕн? Зӕгъӕн, еске дӕ иуазӕгуати ку фӕххона, уӕд ӕ хӕдзари ци ’гъдау ӕвӕрд ес, уомӕ гӕсгӕ архайдзӕнӕ. Кӕд сӕ хӕдзари бацӕуӕни дзабуртӕ ласун гъӕуй, уӕд сӕ ду дӕр раласдзӕнӕ. Уотӕ мах дӕр гъӕуама зонӕн, Йеговӕ ӕ иуазгутӕй ци агоруй, уой. Мах Йегови уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй «алцӕмӕйдӕр ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун» (Кол. 1:10). Гъо, Йеговӕ ӕй не ’Мбал. Фал ма ӕй нӕ Хуцау дӕр, удта нӕ Фидӕ дӕр, ӕма уой аккаг ӕй, цӕмӕй ӕй нимайӕн (Пс. 25:14). Гъӕуама си тӕрсӕн ӕма ’й макӕд иронх кӕнӕн, ка ӕй, уой. Уой нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд лӕмбунӕг уодзиан, цӕмӕй ӕй нӕдӕр нӕ дзурдтӕй, нӕдӕр нӕ гъуддӕгтӕй ма фегадӕ кӕнӕн. Махӕн нӕ нисан ӕй нӕ Хуцау Йегови хӕццӕ «бонзонгӕй цӕун» (Мих. 6:8).

ЙЕГОВӔ РАГИДЗАМАНТИ НЕКЕ ГЪОЛОН КОДТА

10, 11. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Йеговӕ Синаййи ӕдзӕрӕг будури израилӕгтӕй неке гъолон кодта?

10 Йеговӕ ӕ иуазгутӕй неке гъолон кӕнуй (Ром. 2:11). Е бӕрӕг ӕй, ӕ адӕн Синаййи ӕдзӕрӕг будури ку адтӕнцӕ, уӕд сӕбӕл куд тухстӕй, уомӕй.

11 Йеговӕ израилӕгти Египети цагъайрадӕй ку исуӕгъдӕ кодта, уӕд син загъта, цӕмӕй сугъдӕг цатур искӕнонцӕ. Еци цатури лӕггадӕ кӕнунмӕ исӕвардта саугинти ӕма левитти. Цума си ка лӕггадӕ кодта кенӕ ӕ фарсмӕ ка цардӕй, уонӕн сӕ цард хуӕздӕр адтӕй? Кенӕ сӕбӕл Йеговӕ иннетӕй хъӕбӕрдӕр тухстӕй? Нӕъ. Йеговӕ неке гъолон кодта.

12. Йеговӕ ӕ адӕнӕй ке неке гъолон кодта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? (Рацуд 40:38). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

12 Алли израилагӕн дӕр ӕ бон адтӕй Йегови ӕмбал исун, цийфӕнди ихӕстӕ ма ӕнхӕст кодтайдӕ ӕма ӕ цатур кӕмифӕнди ӕвӕрд ма адтайдӕ, уӕддӕр. Зӕгъӕн, Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй ӕгас адӕн дӕр уидтайуонцӕ, Хуцауи цатури сӕрмӕ ка адтӕй, еци мегъи кенӕ арти цӕгиндзӕ. (Бакӕсӕ Рацуд 40:38.) Мегъӕ уӕлӕмӕ ку иссӕуидӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг уидӕ, ӕма сӕ идарддӕр цӕун гъӕуй. Ӕма уой еугурӕйдӕр уидтонцӕ, цатурӕй идард ка цардӕй, етӕ дӕр. Уой фӕрци сӕ бон адтӕй сӕ дзаумӕуттӕ ӕрӕмбурд кӕнун, цӕмӕй афойнадӕбӕл рацӕуонцӕ (Ним. 9:15–23). Уомӕй уӕлдай ма алке бон дӕр адтӕй фегъосун ӕвзестӕй конд дууӕ уадиндзей гъӕр. Е дӕр израилӕгтӕн уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма сӕ сӕ цатуртӕ исесун гъӕуй (Ним. 10:2). Кӕд кадӕр сугъдӕг цатурмӕ хӕстӕгдӕр цардӕй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг н’ адтӕй, ӕма Хуцаумӕ иннетӕй хӕстӕгдӕр ӕй. Алли израилаги бон дӕр адтӕй Хуцауи иуазӕг исун ӕма ӕ зӕрдӕ дарун, Хуцау ибӕл ке тухсдзӕй ӕма ’й ке гъӕуай кӕндзӕй. Уотӕ абони дӕр, кӕмифӕнди ма цӕрӕн, нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, нӕ уарзӕгой Хуцау нин разамунд ке дӕтдзӕй ӕма нӕ ке гъӕуай кӕндзӕй.

Алли израилагӕн дӕр ӕ бон адтӕй Йегови ӕмбал исун, ӕ цатур кӕмифӕнди ӕвӕрд ма адтайдӕ ӕма цийфӕнди ихӕстӕ ма ӕнхӕст кодтайдӕ, уӕддӕр (кӕсӕ 12 абзац)


ЙЕГОВӔ АБОНИ НЕКЕ ГЪОЛОН КӔНУЙ

13. Йеговӕ абони ке неке гъолон кӕнуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

13 Абони Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй кадӕртӕ Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайадӕмӕ кенӕ нӕ филиалтӕй ескӕцимӕ хӕстӕг цӕрунцӕ, кадӕртӕ ба ма си лӕггадӕ дӕр кӕнунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон ӕй Вефили аллихузи хайӕдти лӕггадӕ кӕнун ӕма, бартӕ кӕмӕ ес, уӕхӕн ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст кӕнун. Уомӕй уӕлдай ма нӕ организаций ес берӕ сӕрмагонд ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕ. Фал хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй сӕ фулдӕремӕн уӕхӕн хузи лӕггадӕ кӕнун сӕ уавӕртӕ нӕ амонунцӕ. Кӕд дӕу хабар дӕр уотӕ ’й, уӕд дӕ нифс ма сӕттӕд. Сӕйрагидӕр ӕй, Йегови цатури иуазӕг ке дӕ, е. Йеговӕ ба е ’гас иуазгути дӕр уарзуй. Хуцау ӕ адӕнӕй алкӕбӕлдӕр хецӕнӕй тухсуй, алкӕмӕндӕр ни дӕттуй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг, разамунд, удта ни алкедӕр гъӕуай кӕнуй (1 Пет. 5:7).

14. Никкидӕр ма цӕмӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ке неке гъолон кӕнуй?

14 Йеговӕ ке неке гъолон кӕнуй, е ма никкидӕр цӕмӕй бӕрӕг ӕй? Абони зӕнхи цъарӕбӕл алли рауӕнти дӕр адӕнӕн сӕ бон ӕй Библи кӕсун. Библи финст ӕрцудӕй ӕртӕ ӕвзагебӕл: дзиуиттаг, арамейаг ӕма грекъаг. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Библи еци ’взӕгтӕбӕл кӕсун сӕ бон кӕмӕн ӕй, етӕ Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр ӕнцӕ? Нӕъ! (Матф. 11:25).

15. Цӕмӕй бӕрӕг ӕй, Йегови ке фӕндуй, цӕмӕй алке бон дӕр уа е ’мбал исун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

15 Нӕ бон ӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ исун, кӕд рагон ӕвзӕгтӕ нӕ зонӕн ӕма нӕмӕ уӕлдӕр ахурадӕ нӕййес, уӕддӕр. Цӕмӕй Библи лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ ахургӕндтӕ ун нӕ гъӕуй. Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй Библи тӕлмацгонд ӕрцӕуа мингай ӕвзӕгтӕмӕ. Уомӕ гӕсгӕ алли адӕймагӕн дӕр ӕ бон ӕй Хуцауи базонун ӕма ӕ раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (2 Тим. 3:16, 17).

Библи мингай ӕвзӕгтӕмӕ тӕлмацгонд ке ’рцудӕй, уомӕй куд зиннуй, Йеговӕ ке неке гъолон кӕнуй? (кӕсӕ 15 абзац)


ИДАРДДӔР ДӔР ЙЕГОВИ ИУАЗӔГ УО!

16. Гъуддӕгти 10:34, 35 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕ иуазгутӕй ци агоруй?

16 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ӕ цатурмӕ нӕ ке ӕрбахудта. Уой хузӕн хӕларзӕрдӕ, уарзӕгой ӕма иуазӕгуарзон хӕдзари хецау нӕййес. Уомӕй уӕлдай ма е неке гъолон кӕнуй. Йеговӕ ӕхемӕ хонуй аллихузи адӕни, ӕма ин уӕлдай нӕй адӕймаг кӕми цӕруй, цӕхуӕн адӕнихаттӕй ӕй, ци кари ӕй, силгоймаг ӕй ӕви нӕлгоймаг. Фал ӕ иуазгутӕй агоруй, цӕмӕй ӕй нимайонцӕ. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 10:34, 35.)

17. Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

17 15 псаломи 1 стихи Давид уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «О Йеговӕ, ке баиуазӕг кӕндзӕнӕ дӕ цатури? Ка цӕрдзӕй дӕ кӕдзос хонхбӕл?» Ӕма идарддӕр Хуцауи разамунди фӕрци еци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ ниффинста. Иннӕ статьяй радзубанди кӕндзиан 15 псаломбӕл ӕма фулдӕр базондзиан, Йеговӕ ӕ иуазгутӕй ци агоруй, уой.

32 ЗАР Йегови фарс ислӕууӕ!