25 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
7 ЗАР Йеговӕ ӕй нӕ хъаурӕ
Йеговӕ «уодӕгас Хуцау» ке ӕй, уой ма иронх кӕнӕ
«Йеговӕ ӕй уодӕгас Хуцау» (ПС. 18:46).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Кӕмӕн лӕггадӕ кӕнӕн, еци Хуцау уодӕгас ке ӕй, уой нӕ зӕрдӕбӕл дарун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй.
1. Ци нин ӕнхус кӕнуй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, кӕд зиндзийнӕдтӕ ӕвзарӕн, уӕддӕр?
МАХ ци рӕстӕг цӕрӕн, уой Библи хонуй «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1). Аци дуйней адӕн ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ, уонӕй Йегови лӕггадгӕнгутӕ дӕр хизт нӕ ’нцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ фӕдбӕл зелунцӕ, удта сӕ нихмӕ дӕр цӕунцӕ. Фал кӕд уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уӕддӕр нин ци ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн? Мах ӕй нӕхецӕй зонӕн, нӕ Хуцау Йеговӕ «уодӕгас Хуцау» ке ӕй (Йер. 10:10; 2 Тим. 1:12).
2. Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?
2 Йеговӕ уинуй, ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони се ’гасейдӕр. Ӕма ’й алкӕддӕр фӕффӕндуй, цӕмӕй нин банхус кӕна (2 Анз. 16:9; Пс. 23:4). Уодӕгас Хуцау ке ӕй, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд цийфӕнди фӕлварӕнти сӕрти дӕр рахездзиан. Е хуарз зиннуй паддзах Давиди цӕветтонӕй. Гъӕйдӕ имӕ ӕркӕсӕн.
3. Давиди ци зӕгъун фӕндадтӕй, уотӕ ку загъта, «Йеговӕ ӕй уодӕгас Хуцау», зӕгъгӕ?
3 Давид Йегови хуарз зудта ӕма ибӕл ӕ зӕрдӕ дардта. Саулӕй ӕма ӕндӕр знӕгтӕй ӕхе ку римахста, уӕд ӕнхус Йеговӕй агурдта (Пс. 18:6). Йеговӕ ’й е знӕгтӕй ку фӕййервӕзун кодта, уӕд Давид загъта: «Йеговӕ ӕй уодӕгас Хуцау» (Пс. 18:46). Уомӕй ӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги финст ӕй: «Давид аци дзурдтӕй бавдиста, Йеговӕ ке ӕй, ӕ адӕни хуарзбӕл ка тухсуй, уӕхӕн „уодӕгас Хуцау“». Гъо, Давид ӕй ӕхе цардӕй фӕууидта, Йеговӕ «уодӕгас Хуцау» ке ӕй. Ӕма ӕ федар фӕндӕ адтӕй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма ’й кадгин кӕнун (Пс. 18:28, 29, 49).
4. Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, уой ке лӕдӕрӕн, е нӕбӕл куд фӕззиннуй?
4 Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, уобӕл федарӕй ку ӕууӕндӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн. Нӕ бон уодзӕй фӕлварӕнти сӕрти хезун ӕма нӕ фӕнддзӕй идарддӕрдӕр ин лӕггадӕ кӕнун. Уотемӕй нӕ бауадздзиан, цӕмӕй нӕ ести кенӕ еске Йеговӕй раидард кӕна.
УОДӔГАС ХУЦАУ УИН ХЪАУРИТӔ РАТДЗӔЙ
5. Зиндзийнӕдтӕй нӕ тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй? (Филиппӕгтӕмӕ 4:13).
5 Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй ӕма нин банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке фӕууй, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахездзиан, минкъий уонцӕ ӕви – устур. Йеговӕ ке нӕ ниллух кӕна, уӕхӕн гъуддаг нӕййес. Е ӕй Алцигъон Хуцау, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ ратдзӕй хъаурӕ, цӕмӕй алцидӕр исфӕразӕн. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:13.) Уомӕ гӕсгӕ фӕлварӕнтӕй гъӕуама ма тӕрсӕн. Йеговӕ нин минкъий зиндзийнӕдти куд ӕнхус кодта, уой нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, устур зиндзийнӕдти дӕр нӕ ке нӕ ниууадздзӕй.
6. Давидбӕл ӕригонӕй цӕхуӕн дууӕ хабари ӕрцудӕй ӕма ин етӕ куд банхус кодтонцӕ, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дардтайдӕ?
6 Давидбӕл ӕригонӕй дууӕ хабари ӕрцудӕй. Уой фӕсте ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдта. Нӕ зӕрдӕбӕл сӕ ӕрлӕуун кӕнӕн. Еу хатт ин ӕ уӕриккитӕй еуей домбай фӕххаста, иннӕ хатт ба ин ӕ дзогӕмӕ арс ӕрбампурста. Дууӕ хатти дӕр Давид нифсгунӕй архайдта ӕма уӕриккити фӕййервӕзун кодта. Фал уотӕ некӕд загъта, ӕма ин е ӕхе хъаурӕй бантӕстӕй (1 Сам. 17:34–37). Давид ӕй некӕд иронх кодта Йеговӕ ин куд банхус кодта. Ӕма уобӕл ке сагъӕс кодта, уой фӕрци никки федардӕрӕй ӕууӕндтӕй, ӕ уодӕгас Хуцау ин федӕни дӕр хъауритӕ ке дӕтдзӕй.
7. Давид е ’ргом цӕмӕ раздахта ӕма ин е куд банхус кодта Голиафи нихмӕ рацӕунмӕ?
7 Фӕстӕдӕр Давид рандӕ ’й, израилаг ӕфсад кӕми ӕрбунат кодта, уордӕмӕ, е ’нсувӕрти рабӕрӕг кӕнунмӕ. Уӕд ибӕл 20 анзи дӕр нӕма цудӕй. Давид фӕууидта, ӕфсӕддонтӕ хъӕбӕр ке фӕттарстӕнцӕ филистимаг богал Голиафӕй. Е рацудӕй, цӕмӕй израилаг ӕфсадӕй рагириз кодтайдӕ (1 Сам. 17:10, 11). Израилӕгтӕ хъӕбӕр фӕттарстӕнцӕ ӕ асӕй ӕма е ’ртхъерӕнтӕй (1 Сам. 17:24, 25). Фал Давид е ’ргом ӕндӕр гъуддагмӕ раздахта. Е ӕй лӕдӕрдтӕй: Голиаф израилаг ӕфсадӕй нӕ гириз кодта, фал «уодӕгас Хуцауи ӕфсадӕй» (1 Сам. 17:26). Давид Йеговӕбӕл сагъӕс кодта. Фиййау ку адтӕй, уӕд ин Хуцау куд ӕнхус кодта, уотӕ ин нур дӕр ке ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл нӕ гурусхӕ кодта. Е Голиафи нихмӕ рацудӕй, ӕма ’й куд зонӕн уотемӕй ибӕл фӕууӕлахез ӕй (1 Сам. 17:45–51).
8. Ци гъӕуй кӕнун, цӕмӕй ибӕл ма гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ цийфӕнди уавӕри дӕр нӕ фарсмӕ ке уодзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
8 Мах бон дӕр ӕй ӕнтӕстгунӕй фӕлварӕнти сӕрти хезун, ку ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, «уодӕгас Хуцау» банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ке фӕууй, уӕд (Пс. 118:6). Е нин куд бантӕсдзӕй? Библий бакӕсисӕ, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути куд фӕййервӕзун кӕнидӕ, уой туххӕй (Ис. 37:17, 33–37). Уомӕй уӕлдай ма нӕ сайти jw.org дӕ бон ӕй бакӕсун, нӕ рӕстӕги Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн хабӕрттӕ. Удта ма дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ, Йеговӕ дин дӕхецӕн куд банхус кӕнидӕ, уой. Ка ’й зонуй, расагъӕс кӕндзӕнӕ: «Ӕз некӕд тох кодтон домбӕйттӕ ӕма ӕрсити хӕццӕ». Фал е уотӕ ӕхсидзгӕ нӕй. Ӕхсидзгӕдӕр ӕй, Йеговӕ дин нурмӕти ке ӕнхус кодта, е. Йеговӕ дӕмӕ фиццаг къахдзӕф ӕхуӕдӕг искодта, цӕмӕй е ’мбал исуай (Иоан. 6:44). Нур дӕр дин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй рӕстдзийнади надӕй ма райеуварс уай. Дӕ бон ӕй Йеговӕй корун, цӕмӕй ӕргъуди кӕнай, зин уавӕрти дӕ фарсмӕ куд ӕрбалӕууидӕ, уой. Уобӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд ибӕл нӕ гурусхӕ кӕндзӕнӕ, Йеговӕ дӕ ке некӕд ниууадздзӕй.
9. Зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 27:11).
9 Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕ зиндзийнӕдтӕмӕ раст цӕстӕй кӕсдзиан. Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, сӕйрагидӕр ци ӕй, уой. Сайтан зӕгъуй, зиндзийнӕдтӕ ку ’взарӕн, уӕд Йегови ке ниууадздзиан (Иов 1:10, 11; бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 27:11). Фал Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ку байзайӕн, уӕд уомӕй рабӕрӕг уй, ӕцӕгӕйдӕр ӕй ке уарзӕн, е, Сайтан ба сайгӕ ке кӕнуй. Нур цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис? Хецауадӕ дӕ нихмӕ цӕуй? Цардамӕлттӕ кӕнун дин зин ӕй? Игъосун кӕнгӕй дӕмӕ адӕн не ’гъосунцӕ? Кенӕ ба ӕндӕр ести зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис? Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр сагъӕс кӕнӕ Йегови ӕнкъарӕнтӕбӕл. Дӕ гъудий дарӕ: зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕхе куд фӕддарӕн, уомӕй нӕ бон ӕй Йегови зӕрдӕ кенӕ барохс кӕнун кенӕ ин ӕй фӕрресун кӕнун. Ӕма ’й макӕд иронх кӕнӕ: уӕхӕн фӕлварӕн нӕййес, ке сӕрти нӕ рахезай, уомӕн ӕма нин Йеговӕ хъауритӕ дӕттуй, цӕмӕй алцидӕр исфӕразӕн (1 Кор. 10:13).
ЙЕГОВӔ УИН АРФӔ КӔНДЗӔЙ
10. Уодӕгас Хуцау куд арфӕ кӕнуй, ка ин лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн?
10 Йеговӕ алкӕддӕр арфӕ кӕнуй, ка ин лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн (Дзиуит. 11:6). Абони дӕр нин дӕттуй зӕрди фарнӕ ӕма амондгун ан. Федӕни ба нин балӕвар кӕндзӕй ӕносон цард. Хуцау нин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, е ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн. Уомӕн ӕма ’й фӕндгӕ дӕр кӕнуй, удта имӕ хъаурӕ дӕр ес, цӕмӕй, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой исӕнхӕст кӕна. Уой ке зонӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун ӕма нӕмӕ хуӕздӕрӕй ци ес, уой ин дӕттун. Уотӕ кодтонцӕ Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ рагидзаманти дӕр, зӕгъӕн, Тимофей (Дзиуит. 6:10–12).
11. Тимофей ӕмбурди гъуддӕгти ӕгас хъауритӕй цӕй фӕрци архайдта? (1 Тимофеймӕ 4:10).
11 Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 4:10. Тимофей ӕ зӕрдӕ уодӕгас Хуцаубӕл ке дардта, уомӕ гӕсгӕ ӕмбурди ӕгас хъауритӕй архайдта. Зӕгъӕн, Павел ин бафӕдзахста, цӕмӕй ӕмбурди дӕр ӕма игъосун кӕнгӕй дӕр иннети ахур кӕнунмӕ хуӕздӕр арӕхстайдӕ. Удта ма гъӕуама Тимофей фӕнзуйнаг адтайдӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн, ӕригӕнттӕн дӕр ӕма каргунтӕн дӕр. Ӕ ихӕстӕ алкӕд ӕнцон ӕнхӕстгӕнӕн нӕ фӕууиуонцӕ. Зӕгъӕн, ескӕмӕн унаффӕ раттун ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд Тимофей архайдта федарӕй, фал фӕлмӕнӕй (1 Тим. 4:11–16; 2 Тим. 4:1–5). Тимофей цӕйбӕрцӕ хъиамӕт кодта, уой адӕн алкӕд нӕ фӕууиниуонцӕ ӕма ин не ’саргъ кӕниуонцӕ. Фал ибӕл е ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ ин ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй (Ром. 2:6, 7).
12. Хестӕр нӕлгоймӕгти ци разӕнгард кӕнуй ӕмбурдӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
12 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йеговӕ уин уӕ хъиамӕт уинуй ӕма ин хъӕбӕр аргъ кӕнуй. Сумах айдагъ фиййӕуттӕ, ахургӕнгутӕ ӕма игъосунгӕнгутӕ нӕ айтӕ. Беретӕ уи архайунцӕ арӕзтадон комитетти, кадӕртӕ ба ӕнхус кӕнунцӕ бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн. Еуӕй-еу хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба лӕггадӕ кӕнунцӕ, сӕйгити бабӕрӕг кӕнунмӕ ци къуӕрттӕ искӕнунцӕ, уонӕми. Кадӕртӕ ба сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ка ӕмгуст кӕнуй, еци комитетти. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ’й зонунцӕ, ӕмбурд Йегови ке ӕй, адӕни нӕ, фал. Уомӕ гӕсгӕ сӕ ихӕстӕ ӕгас зӕрдӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ ӕма ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ, Йеговӕ син ке райарфӕ кӕндзӕй (Кол. 3:23, 24).
13. Йеговӕ дин дӕ хъиамӕтӕн аргъ кӕнуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
13 Алке бон ни нӕй хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнун. Фал ни алке бон дӕр ӕй Йеговӕн цидӕр раттун. Е хъӕбӕр устур аргъ кӕнуй, не ’гас хъауритӕй ин ке лӕггадӕ кӕнӕн, уомӕн. Удта ма аргъ кӕнуй, Паддзахади гъуддагӕн ци нисайнӕгтӕ раттӕн, уонӕн дӕр, кӕд уотӕ берӕ нӕ фӕуунцӕ, уӕддӕр. Удта ма ин ӕхцӕуӕн фӕууй, кӕд ӕфсӕрмигӕнагӕ ан, фал уӕддӕр ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕттунбӕл ке фӕййархайӕн, е. Ӕма хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнуй, нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуй, уӕд нӕ зӕрди маст ку нӕ ниддарӕн ӕма ку ниххатир кӕнӕн. Кӕд дӕ бон нӕй Йеговӕн, цӕйбӕрцӕ дӕ фӕндуй, уой бӕрцӕ кӕнун, уӕддӕр ибӕл ма дузӕрдуг кӕнӕ: ци кӕнис, уомӕн хъӕбӕр аргъ кӕнуй. Хъӕбӕр берӕ дӕ уарзуй ӕма дин ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй! (Лук. 21:1–4).
УОДӔГАС ХУЦАУӔЙ МА РАИДАРД УОТӔ
14. Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, е нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзайӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
14 Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзайӕн. Уотӕ адтӕй Иосифи хабар дӕр. Е не ’сарази ӕй ӕнӕгъдау гъуддаг искӕнунмӕ. Иосифи нӕ фӕндадтӕй Йегови зӕрдӕ фӕрресун кӕнун (Райд. 39:9). Цӕмӕй нин Йеговӕ уодӕгас Хуцау уа, уой туххӕй гъӕуама рӕстӕг хецӕн кӕнӕн ковунмӕ ӕма ин ӕ Дзурд ӕртасунмӕ. Мах дӕр Иосифи хузӕн, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд нӕхе еуварс дардзиан, Хуцауӕй нӕ ка раидард кӕндзӕй, ӕгас еци гъуддӕгтӕй (Иак. 4:8).
15. Израилӕгтӕбӕл ӕдзӕрӕг будури ци ’рцудӕй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 3:12).
15 Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, е кӕмӕй феронх уй, етӕ си ӕнцонтӕй раидард унцӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, израилӕгтӕбӕл ӕдзӕрӕг будури ка ’рцудӕй, еци хабар. Етӕ ’й зудтонцӕ, Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, фал сӕбӕл ке батухсдзӕй, уобӕл гурусхӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Уотӕ дӕр ма дзурдтонцӕ: «Йеговӕ нӕ хӕццӕ ’й ӕви нӕ?» (Рац. 17:2, 7). Е сӕ уомӕ ӕркодта, ӕма Хуцауи нихмӕ рацудӕнцӕ. Уонӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, е махӕн зундзонӕн ӕй. Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй уони хузӕн ӕгоммӕгӕс исуӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 3:12.)
16. Гӕнӕн ес, ӕма не ’ууӕндундзийнадӕн фӕлварӕн ци исуодзӕй?
16 Аци дуйне архайуй, цӕмӕй Йеговӕй раидард уӕн. Беретӕ, Хуцау ке ес, уобӕл ӕууӕндгӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ. Ӕма адӕймагмӕ арӕх уотӕ фӕккӕсуй, цума Хуцауи закъӕнттӕ ка нецӕмӕ даруй, етӕ хуарз цард кӕнунцӕ. Ӕма нин, гӕнӕн ес, е фӕлварӕн исуа. Ӕвӕдзи, уотӕ гъуди кӕнун нӕ райдайдзиан, ӕма Хуцау нӕййес. Фал, гӕнӕн ес, гурусхӕ кӕнун райдайӕн, ке нин ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл. 73 псалом ка ниффинста, уомӕ дӕр еу рӕстӕг уотӕ кӕсун райдӕдта. Е ӕй уидта, ци адӕни астӕу цардӕй, етӕ Хуцауи закъӕнттӕ ке нецӕмӕ дардтонцӕ, фал уӕддӕр амондгун цард ке кодтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ дузӕрдуг кӕнун райдӕдта, идарддӕр ӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун гъӕуй ӕви нӕ (Пс. 73:11–13).
17. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕй ма раидард уӕн?
17 Псаломзаргӕнӕгӕн ци банхус кодта ӕ зундахаст раййевунмӕ? Е сагъӕс кодта, Йегови ка феронх кӕнуй, уонӕмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл (Пс. 73:18, 19, 27). Удта ма сагъӕс кодта, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ цидӕриддӕр хуарздзийнӕдтӕй хайгин ӕнцӕ, уонӕбӕл дӕр (Пс. 73:24). Мах бон дӕр ӕй сагъӕс кӕнун, Йегови фӕрци нӕ цард куд фӕххуӕздӕр ӕй, уобӕл. Нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕн, нӕ цард цӕхуӕн адтайдӕ, Йегови ку нӕ зудтайанӕ, уӕд. Уой фӕрци нӕ бон уодзӕй Хуцаубӕл еузӕрдон ун ӕма си макӕд раидард ун. Ӕма мах дӕр псаломзаргӕнӕги хузӕн зӕгъдзиан: «Мӕнӕн ба хуарз ӕй Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнун» (Пс. 73:28).
18. Федӕни ци хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕй, уонӕй нӕ тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?
18 Мах ӕй нӕ зонӕн, кӕрони рӕстӕг цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлдзиан. Фал ӕй федарӕй зонӕн, нӕ бон ке исуодзӕй сӕ сӕрти рахезун, уомӕн ӕма «уодӕгас Хуцауӕн» лӕггадӕ кӕнӕн (1 Фес. 1:9). Е ӕ лӕггадгӕнгути уарзуй ӕма син банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Уотӕ адтӕй рагидзаманти дӕр. Ӕма абони дӕр Хуцау нӕ раййивта. Тагъд ралӕудзӕй, дуйней ’скондӕй нурмӕ ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн ӕверхъау хабар. Фал мах еунӕг нӕ уодзиан – Йеговӕ нӕ хӕццӕ уодзӕй (Ис. 41:10). Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: «Йеговӕ ӕй ме ’нхусгӕнӕг, ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн» (Дзиуит. 13:5, 6).
3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт