Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

26 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

8 ЗАР Йеговӕ ӕй нӕ мӕсуг

Йеговӕ уӕд дӕ федар Къӕдзӕх!

Йеговӕ уӕд дӕ федар Къӕдзӕх!

«Нӕййес нӕ Хуцауи хузӕн федар къӕдзӕх» (1 САМ. 2:2).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Аци статьяй базондзиан, Йеговӕ къӕдзӕхи хӕццӕ барст цӕмӕн цӕуй ӕма нин е цӕбӕл дзорӕг ӕй.

1. Псалом 18:46 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Давид Йегови цӕй хӕццӕ рабарста?

 МАХ хъӕбӕр змӕнст дуйней цӕрӕн. Исон нӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уомӕн неци зонӕн. Хатгай нин нӕ зиндзийнӕдтӕ нӕ цард цӕхгӕрмӕ феййевунцӕ. Фал еунӕгӕй нӕ ан – нӕ Хуцау алкӕддӕр нӕ хӕццӕ фӕууй. Айразиккон статьяй ибӕл куд радзурдтан, уотемӕй «Йеговӕ ӕй уодӕгас Хуцау» ӕма нин банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. (Бакӕсӕ Псалом 18:46.) Фиццаг бал Давид Йегови исхудта уодӕгас Хуцау. Уой фӕсте ба ’й рабарста, уодӕгас ци нӕй, уой хӕццӕ. Исхудта ӕй «къӕдзӕх». Уомӕй ӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй?

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, Йеговӕ къӕдзӕхи хӕццӕ барст цӕмӕн цӕуй ӕма еци рабарстӕй куд зиннуй, цӕхуӕн Хуцау ӕй, е. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй Йеговӕ мах Къӕдзӕх исуа ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун.

ЙЕГОВИ КЪӔДЗӔХИ ХӔЦЦӔ РАБАРӔН ЦӔМӔН ЕС?

3. Библий Йеговӕ къӕдзӕхи хӕццӕ арӕх барст ке фӕццӕуй, уой фӕрци нӕ бон ци ӕй базонун? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

3 Библий Йеговӕ арӕх барст фӕццӕуй къӕдзӕхи хӕццӕ. Уой фӕрци нӕ бон ӕй базонун, цӕхуӕн дессаги менеугутӕ имӕ ес, уой. Фиццаг хатт Йеговӕ къӕдзӕхи хӕццӕ барст ӕрцудӕй Дуккаг закъони 32:4. Иннӕ хатт ба, Аннӕ ку кувта, уӕд. Ӕ кувди ес уӕхӕн дзурдтӕ: «Нӕййес нӕ Хуцауи хузӕн федар къӕдзӕх» (1 Сам. 2:2). Пахампар Аввакум ба Йегови исхудта, «мӕ Къӕдзӕх», зӕгъгӕ (Ав. 1:12). Йеговӕ ӕхуӕдӕг дӕр ӕхе исхудта «Къӕдзӕх» (Ис. 44:8). Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йегови «Къӕдзӕх» исхонӕн цӕмӕн ес, уӕхӕн ӕртӕ менеуӕгемӕ ӕма базонӕн, Йеговӕ мах «Къӕдзӕх» цӕй фӕрци исуодзӕй (Дук. з. 32:31).

Йеговӕ ӕ адӕнӕн ӕй федар къӕдзӕхи хузӕн (кӕсӕ 3 абзац)


4. Йегови римӕхсӕн бунати хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? (Псалом 94:22).

4 Йеговӕ ӕй нӕ римӕхсӕн бунат. Адӕймаг къӕдзӕхти астӕу ӕхе тухдунгӕй куд баримӕхсуй, гъе уотӕ нин Йеговӕ дӕр римӕхсӕн бунат исуй, естӕмӕй тӕссаг ку фӕууй, уӕд. (Бакӕсӕ Псалом 94:22.) Йеговӕ нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр е ’мбӕлттӕ уӕн. Уомӕй уӕлдай ма нин зӕрдӕ ӕвӕруй, исраст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уа, уӕхӕн зиан нин ке неке ӕма неци ӕрхӕсдзӕй. Федӕни ба Йеговӕ никки дессагдӕр гъуддаг искӕндзӕй: нӕ зӕрди фарнӕ цӕй туххӕй фесӕфуй ӕма нин маст цидӕриддӕр хӕссуй, ӕгас еци гъуддӕгтӕн кӕрон искӕндзӕй (Йез. 34:25, 26).

5. Йеговӕ нӕ римӕхсӕн бунат кутемӕй исуй?

5 Йеговӕ нӕ римӕхсӕн бунат кутемӕй исуй? Кувди фӕрци. Ку имӕ фӕкковӕн, уӕд нин раттуй ӕ фарнӕ ӕма нин уотемӕй нӕ зӕрдитӕ ӕма нӕ зунд багъӕуай кӕнуй (Фил. 4:6, 7). Ӕркӕсӕн ӕнсувӕр Артёми хабармӕ. Уой ахӕстдони исбадун кодтонцӕ, Хуцаубӕл ке ӕууӕндтӕй, уой туххӕй. Алли допроси размӕ дӕр хъӕбӕр тухсидӕ, уомӕн ӕма слестгӕнӕг ӕ нихмӕ цудӕй ӕма ’й дзурдӕй ӕфхуардта. Цума Артём куд архайдта? «Йеговӕмӕ кувтон, цӕмӕй мӕ зӕрди фарнӕ адтайдӕ ӕма цӕмӕй зундӕй архайдтайнӕ»,– зӕгъуй Артём.– «Слестгӕнӕг мӕмӕ берӕ аллихузи къахӕн фарстатӕ лӕвардта. Фал цийфӕнди ма кодтайтӕ, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ адтӕй сабур. ...Йеговӕ мӕ федар мӕсуги хузӕн гъӕуай кодта ӕма нецӕмӕй тарстӕн».

6. Нӕ бон цӕмӕн ӕй алкӕддӕр Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун? (Исай 26:3, 4).

6 Йеговӕбӕл зӕрдӕдарӕн ес. Къӕдзӕх алкӕддӕр ӕ бунати куд фӕллӕууй, уотӕ Йеговӕ дӕр алкӕддӕр нӕ фарсмӕ фӕууй. Нӕ бон ибӕл ӕй нӕ зӕрдӕ дарун, уомӕн ӕма Йеговӕ ӕй «Къӕдзӕх ӕносмӕ». (Бакӕсӕ Исаййи 26:3, 4.) Йеговӕ алкӕддӕр уодзӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нин нӕ кувдтитӕмӕ алкӕддӕр игъосдзӕй, ӕнхус нин кӕндзӕй ӕма, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, уони еугурейдӕр исӕнхӕст кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун, уомӕн ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл еузӕрдон ӕй (2 Сам. 22:26). Е нин некӕд феронх кӕндзӕй нӕ хуарз гъуддӕгтӕ ӕма нӕ ӕнӕ хуӕрзеуӕгӕй нӕ ниууадздзӕй (Дзиуит. 6:10; 11:6).

7. Нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку фӕддарӕн, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Йеговӕ нӕ къӕдзӕх исуй, нӕ зӕрдӕ ибӕл ку фӕддарӕн, уӕд. Мах ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, цидӕриддӕр нин фӕдздзоруй, е нӕхе пайдайӕн ке фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ имӕ фегъосӕн, хъӕбӕр зин нин ку фӕууй, уӕд дӕр (Ис. 48:17, 18). Зин рӕстӕгути нин куд фенхус кӕнуй, уой ку фӕууинӕн, уӕд ибӕл нӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун райдайӕн. Уотемӕй нӕхе бацӕттӕ кӕнӕн, федӕни нӕмӕ ци фӕлварӕнтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕмӕ. Еци фӕлварӕнтӕ ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй не ’сфӕраздзиан. Еуӕй-еухатт киристон уӕхӕн уавӕри бахауй, ӕма ин Йеговӕй уӕлдай банхус кӕнун неке бон фӕууй. Уӕд ӕй никки хуӕздӕр балӕдӕруй, Йеговӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес. Ахӕстдони ка бадтӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Владимир радзурдта: «Мӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: еци рӕстӕг Йеговӕмӕ куд бахӕстӕг дӕн, уотӕ хӕстӕг имӕ некӕд адтӕн. Мӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдтон, уомӕн ӕма еунӕгӕй адтӕн ӕма мӕ уавӕрбӕл мӕ барӕ нӕ цудӕй».

Йеговӕ исуй нӕ къӕдзӕх, нӕ зӕрдӕ ибӕл ӕнӕгъӕнӕйдӕр ку фӕддарӕн, уӕд (кӕсӕ 7 абзац)


8. а) Йеговӕ ма къӕдзӕхи хузӕн цӕмӕй ӕй? б) Йеговӕ нӕ къӕдзӕх ке ӕй, уобӕл цӕмӕн цийнӕ кӕнӕн? (Псалом 62:6, 7).

8 Йеговӕ не ’ййевуй. Федар къӕдзӕх хор ӕма уаруни туххӕй куд нӕ феййевуй, уотӕ Йеговӕ дӕр некӕд ӕййевуй. Ӕ уодигъӕдӕ дӕр ӕма ӕ фӕндон дӕр рагидзаманти куд адтӕнцӕ, абони дӕр уотӕ ’нцӕ, удта ӕ унаффитӕ дӕр ӕнӕнгъӕлти нӕ раййевуй (Мал. 3:6). Адам ӕма Евӕ Едеми дзӕхӕрадони Йегови нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд имӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, уой нӕ раййивта. Апостол Павел Йегови туххӕй ниффинста: «Ӕхебӕл ӕ зӕрдӕ исӕййева, е ӕ бон нӕй» (2 Тим. 2:13). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма цийфӕнди ма ’рцӕуа кенӕ иннетӕ сӕхе кудфӕнди ма даронцӕ, уӕддӕр Йеговӕ ӕ уагӕвӕрдти сӕрти нӕ рахездзӕй ӕма ӕ фӕндон нӕ раййевдзӕй. Йеговӕ ке некӕд ӕййевуй, уой фӕрци ’й зонӕн, аци зин рӕстӕгути нин ке ӕнхус кӕндзӕй, федӕни ба ке исӕнхӕст кӕндзӕй, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, уой. (Бакӕсӕ Псалом 62:6, 7.)

9. Татьяни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

9 Йеговӕ уодзӕй нӕ къӕдзӕх, не ’ргом ӕ менеугутӕ ӕма ӕ фӕндонмӕ ку исаразӕн, уӕд. Уой фӕрци зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ зӕрдӕ сабур уодзӕй ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайдзиан (Пс. 16:8). Уой ӕхецӕй зонуй нӕ хуӕрӕ Татьянӕ. Хӕдзари ’й ахӕстӕй дардтонцӕ, Хуцаубӕл ке ӕууӕндуй, уой туххӕй. Татьянӕ радзурдта: «Бустӕгидӕр еунӕгӕй байзадтӕн... Фиццӕгти мин хъӕбӕр зин адтӕй. Арӕх мӕхемӕ нийгъосинӕ». Цума ин еци уавӕри ци банхус кодта? Сагъӕс кӕнун райдӕдта Йеговӕбӕл ӕма ӕ фӕндонбӕл, ӕма ’й балӕдӕрдтӕй, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй еци фӕлварӕни Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайа. Уой фӕрци ӕ зӕрди фӕззиндтӕй фарнӕ ӕма е ’гас хъауритӕ исаразта, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайа. Идарддӕр зӕгъуй: «Ӕз ӕй балӕдӕрдтӕн, аци зиндзийнӕдтӕ Йегови номи туххӕй ке ӕвзарун. Уой фӕрци мӕхебӕл ӕгӕр берӕ нӕбал сагъӕс кодтон».

10. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Йеговӕ нӕ къӕдзӕх исуа?

10 Разӕй нӕмӕ хъӕбӕр уӕззау рӕстӕгутӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Еци рӕстӕг нӕ Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун уӕлдай хъӕбӕр гъӕудзӕй. Нур уой рӕстӕг ӕй, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕн. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр еузӕрдонӕй байзайӕн. Уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Кӕсӕ ӕма сагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ рагидзаманти ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кодта, удта син абони дӕр куд ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй. Уотемӕй Йеговӕ исуодзӕй дӕу къӕдзӕх дӕр.

ЙЕГОВИ ФӔНЗӔ

11. Йегови цӕхуӕн гъуддӕгти гъӕуама фӕнзӕн? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Нисан ӕригон ӕнсувӕртӕн».)

11 Мах ӕй базудтан, Йегови къӕдзӕхи хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес, уой. Нур ба радзордзиан, нӕ бон куд ӕй Йегови фӕнзун. Уобӕл куд фулдӕр архайӕн, уотӕ нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун никки хуӕздӕр уайдзӕй. Зӕгъӕн, Киристе Симонӕн равардта ном Кифӕ (грекъагау «Петур»). Еци ном нисан кӕнуй «дор, къӕдзӕхдор» (Иоан. 1:42). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Петур гъӕуама хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн уодӕнцойни хуасӕ адтайдӕ ӕма син се ’ууӕндундзийнадӕ федар кодтайдӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгти ба Библи хонуй «’стур къӕдзӕхи аууон», уомӕн ӕма етӕ ӕмбурд гъӕуай кӕнунцӕ (Ис. 32:2). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, айдагъ хестӕр нӕлгоймӕгти нӕ, фал не ’гасейдӕр гъӕуй Йегови фӕнзун. Ӕма уӕд кӕрӕдземӕн уодзиан, баримӕхсӕн кӕми ес, уӕхӕн къӕдзӕхти хузӕн (Еф. 5:1).

12. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн римӕхсӕн бунати хузӕн уӕн?

12 Римӕхсӕн бунати хузӕн уотӕ. Еуӕй-еухатт хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕгъгъӕуй сӕ хӕдзӕрттӕ ниууадзун ӕрдзон бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд кенӕ ба змӕнститӕ ӕма тугъди туххӕй. Уотӕ ку рауайуй, уӕд нин фадуат фӕззиннуй, цӕмӕй сӕ баиуазӕг кӕнӕн. Уӕд син нӕ хӕдзарӕ римӕхсӕн бунати хузӕн исуй. Аци «фӕстаг бӕнтти» дуйней уавӕр бонӕй-бонмӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй (2 Тим. 3:1). Уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнун никки арӕхдӕр гъӕудзӕй. Удта ма нӕ бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун ӕма сӕ ке уарзӕн, уой гъуддагӕй ӕвдесун. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Зӕгъӕн, нӕ бон сӕбӕл ӕй ӕмбурди бацийнӕ кӕнун, сӕ хӕццӕ рахабӕрттӕ кӕнун ӕма сӕ бафедар кӕнун. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд ӕмбурдмӕ кадӕриддӕр ӕрбацӕуй, етӕ ’й лӕдӕрдзӕнцӕ, ке сӕ уарзунцӕ ӕма сӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ. Мах цӕрӕн ӕнӕхатир, уазал ӕма, уарзондзийнадӕ кӕми нӕййес, уӕхӕн дуйней. Уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕмбурдмӕ ку ӕрбацӕунцӕ, уӕд бафедар уонцӕ ӕма ’й фӕууинонцӕ, ӕмбурди син ӕдас ке ӕй ӕма сӕ ке уарзӕн.

13. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн римӕхсӕн бунати хузӕн исун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ тухдунги хузӕн зиндзийнӕдти ку бахаунцӕ, уӕд син хестӕр нӕлгоймӕгтӕ исунцӕ римӕхсӕн бунати хузӕн. Ӕрдзон бӕллӕх ку ’рцӕуй кенӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске ӕвваст дохтирти ӕнхус ку багъӕуй, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕвӕстиатӕй фӕййархайунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ Библий фӕрци фӕффедар кӕнунцӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн хестӕр нӕлгоймагмӕ бацӕун ӕнцондӕр уодзӕй, ку ’й зононцӕ, лӕмбунӕг имӕ ке байгъосдзӕй, ӕ зин балӕдӕрунбӕл ин ке байархайдзӕй ӕма ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй ке дзордзӕй. Уотемӕй ӕй игъосунгӕнгутӕ лӕдӕрдзӕнцӕ, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕбӕл ке тухсунцӕ, ӕма син уӕд разамундмӕ байгъосун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй (1 Фес. 2:7, 8, 11).

Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлунцӕ, уӕд син хестӕр нӕлгоймӕгтӕ исунцӕ римӕхсӕн бунат (кӕсӕ 13 абзац) a


14. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин уа, зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕймаги ном?

14 Зӕрдӕ бадарӕн дӕбӕл уӕд. Мах фӕндуй, цӕмӕй нӕбӕл иннети бон уа сӕ зӕрдӕ дарун, уӕлдайдӕр ба зин рӕстӕгути (Ӕмб. 17:17). Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин уа, зӕрдӕ бадарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕймаги ном? Гъӕуама архайӕн, цӕмӕй Йегови фӕнзӕн. Зӕгъӕн, дзурд ку раттӕн, уӕд ӕй гъӕуама исӕнхӕст кӕнӕн, удта ма гъӕуама архайӕн, цӕмӕй макӕд ирӕги кӕнӕн. Уотӕ гъӕуама кӕнӕн рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ, фал алкӕддӕр (Матф. 5:37). Удта ма гъӕуама фӕрсӕй ма кӕсӕн, ӕнхус гъӕуагӕ ка ’й, уонӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕмбурди ести ку баихӕс кӕнонцӕ, уӕд ӕй гъӕуама искӕнӕн, ци амундтӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ.

15. Ӕмбурд, зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕмӕн аргъ кӕнуй?

15 Зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн устур лӕвар ӕнцӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Хуӕртӕ ӕма ’й ӕнсувӕртӕ ку зононцӕ, сӕ бон ке ӕй кӕдфӕнди дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ бадзорун (зӕгъӕн, сӕ къуари цӕстӕдарӕгмӕ), уӕд син ӕнцондӕр уодзӕй ӕнхус ракорун. Удта ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке фӕуунцӕ, уой фӕрци ’й хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ фӕууинунцӕ, ке сӕ уарзунцӕ, уой. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ унаффитӕ сӕхе гъудимӕ гӕсгӕ ку нӕ дӕттонцӕ, фал Библи ӕма публикацитӕмӕ гӕсгӕ, уӕд сӕбӕл игъосунгӕнгутӕ никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзӕнцӕ. Удта ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн аргъ кӕнӕн, хуӕртӕ ӕма син ӕнсувӕртӕ сӕхе туххӕй ци радзорунцӕ, уой ке нӕ рапарахат кӕнунцӕ ӕма сӕ дзурдӕн алкӕддӕр лӕг ке фӕуунцӕ.

16. Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, е нӕхецӕн дӕр, удта иннетӕн дӕр ци пайда хӕссуй?

16 Йеговӕбӕл еузӕрдон уотӕ. Алкӕддӕр Йеговӕмӕ ку фегъосӕн ӕма ци унаффитӕ рахӕссӕн, етӕ Библимӕ гӕсгӕ раст ку фӕуунцӕ, уӕд иннетӕн фӕнзуйнаг фӕууӕн. Библи ку ахур кӕнӕн ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ ку федар кӕнӕн, уӕд нӕ бон исуодзӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун. Аци дуйне нӕ ӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕй уотӕ ӕнцонтӕй нӕ расайдзӕй. Удта ести гъуди, Йеговӕ ци дзоруй, уой нихмӕ ку уа, уӕд ибӕл нӕ баууӕнддзиан (Еф. 4:14; Иак. 1:6–8). Йеговӕбӕл ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл ку ӕууӕндӕн, уӕд, цийфӕнди лӕгъуз хабар ма фегъосӕн, уӕддӕр нӕ фӕттӕрсдзиан (Пс. 112:7, 8). Удта ма иннетӕн нифси хуасӕ уодзиан, ести ӕверхъау хабар сӕбӕл ку ӕрцӕуа, уӕд (1 Фес. 3:2, 3).

17. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурд куд федар кӕнунцӕ?

17 Йегови фӕндуй, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ алцӕмӕйдӕр бӕрцӕ зононцӕ, уонцӕ уӕззау зунди хецӕуттӕ, удта сӕмӕ уа уагӕ, ӕгъдау ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ. Еци нӕлгоймӕгтӕ «федар хуӕцунцӕ, ӕууӕндӕн кӕбӕл ес, еци дзурдтӕбӕл», ӕма уотемӕй ӕмбурдӕн дӕр ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй фӕлварӕнти рӕстӕг ма фӕккеуонцӕ, ӕгӕр ма тухсонцӕ, удта се ’ууӕндундзийнадӕ федар уа (Тит. 1:9; 1 Тим. 3:13). Еци уарзӕгой фиййӕуттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнунцӕ, куд ӕхсидзгӕ ’й ӕмбурдтӕмӕ цӕун, игъосун кӕнун ӕма Библи ӕртасун. Удта ӕгас еци гъуддӕгти сӕхуӕдтӕ фӕнзуйнаг ӕнцӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти царди ести ӕверхъау хабар ку ’рцӕуй, уӕд син банхус кӕнунцӕ, тӕккӕ сӕйрагдӕр ци ӕй, уомӕ се ’ргом ӕздахун – Йеговӕмӕ ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕмӕ.

18. Цӕмӕн нӕ фӕндуй Йегови кадгин кӕнун ӕма имӕ хӕстӕгдӕр кӕнун? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ».)

18 Аци статьяй фӕрци нӕ Хуцау Йегови никки хуӕздӕр базудтан. Ӕма нур мах дӕр арази ан паддзах Давиди дзурдти хӕццӕ: «Табу Йеговӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн» (Пс. 144:1). Йеговӕ ӕй, зӕрдӕдарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн Хуцау. Уӕхӕн адтӕй, ӕй ӕма уодзӕй. Йеговӕ алкӕддӕр нӕ хӕццӕ уодзӕй, ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй алкӕддӕр е ’мбӕлттӕ уӕн. Цӕйбӕрцӕфӕнди нӕбӕл ма цӕуа, уӕддӕр нӕ бон ӕй зӕгъун: «[Йеговӕ] ӕй мӕ Къӕдзӕх» (Пс. 92:14, 15).

150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай

a ХУЗӔ. Паддзахади зали хуӕрӕ дууӕ хестӕр нӕлгоймагемӕн ӕ тухститӕ дзоруй.