18 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
1 ЗАР Йегови менеугутӕ
Ӕгас зӕнхи фӕлмӕнзӕрдӕ Тӕрхонгӕнӕгбӕл макӕд гурусхӕ кӕнӕ!
«Гӕрр, ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕй?» (РАЙД. 18:25).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма рӕстаг Хуцау ке ӕй, е куд зиннуй, фудгӕнгути куд игас кӕндзӕй, уомӕй.
1. Йеговӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?
ЕЦИ дзубанди Авраамӕй ӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонти дӕр нӕ феронх ӕй. Йеговӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй ин загътайдӕ, Содом ӕма Гоморрӕ зӕнхӕй фесафунмӕ ке гъавуй. Еци хабар фегъосгӕй Авраам хъӕбӕр истухстӕй ӕма Йегови бафарста: «Рӕстгӕнӕги фудгӕнӕги хӕццӕ фесафдзӕнӕ? [...] Гӕрр, ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕй?» Йеговӕ ӕ хъазар ӕмбалмӕ лӕмбунӕг байгъуста ӕма ин зӕрдӕ байвардта, рӕстгӕнгути ке некӕд фесафдзӕй (Райд. 18:23–33). Еци гъуди махӕн дӕр нӕ нифс федар кӕнуй.
2. Йеговӕ тӕрхонгӕнгӕй рӕстӕй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕй ке фӕййархайуй, уобӕл цӕмӕннӕ гурусхӕ кӕнӕн?
2 Нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй зӕгъун, Йеговӕ тӕрхон кӕнгӕй алкӕддӕр рӕстӕй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕй ке фӕййархайуй? Уомӕн ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ алкӕмӕндӕр ӕ зӕрдӕмӕ ке кӕсуй (1 Сам. 16:7). Е зонуй, «алли адӕймаги зӕрди дӕр ци ес, уой» (1 Пад. 8:39; 1 Анз. 28:9). Е ӕцӕгӕйдӕр дессаг ӕй. Йегови зунд мах зундӕй гъе уойбӕрцӕбӕл уӕлдӕр ӕй, ӕма цӕхуӕндӕр тӕрхон цӕмӕн рахаста, уой алкӕд кӕронмӕ балӕдӕрун нӕ бон нӕ фӕууй. Апостол Павел сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинста: «Ке зунд рахӕсдзӕй ӕ тӕрхӕнттӕбӕл» (Ром. 11:33).
3, 4. Хатгай нӕмӕ цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан? (Иоанни 5:28, 29).
3 Ка ’й зонуй, махмӕ дӕр хатгай фӕззиннуй, Аврааммӕ цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиндтӕй, уӕхӕнттӕ. Зӕгъӕн: «Цума Йеговӕ ке фесафта, уонӕн ӕппундӕр нифс нӕбал ес? Уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй Содом ӕма Гоморри цӕргутӕй еске цардмӕ раздӕха, „фудгӕнгутӕ“ ку игас кӕнонцӕ, уӕд?» (Гъуд. 24:15).
4 Гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, нури уӕнгӕ райгасдзийнади туххӕй ци зонӕн, уобӕл. Ӕрӕги ’й хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтан, ка райгас уодзӕй «цӕрунмӕ», ка ба – «тӕрхон баййафунмӕ». (Бакӕсӕ Иоанни 5:28, 29.) a Еци фарста ке фӕббӕлвурддӕр ӕй, уой фӕрци иннӕ фарстатӕ дӕр хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтан ӕма сӕмӕ аци, удта иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан. Фиццаг бал радзубанди кӕндзиан, ци нӕ зонӕн уобӕл, уой фӕсте ба – ци зонӕн, уобӕл.
ЦИ НӔ ЗОНӔН
5. Йеговӕ Содом ӕма Гоморри ке фесафта, уони туххӕй раздӕр нӕ публикацити ци финст адтӕй?
5 Раздӕр нӕ публикацити финст адтӕй, Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке фесафта, еци фудгӕнгутӕ, зӕгъӕн, Содом ӕма Гоморри цӕргутӕ, ке нӕ райгас уодзӕнцӕ. Фал Йеговӕмӕ ковгӕй аци фарста лӕмбунӕгдӕр ку рартастан, уӕд ӕй балӕдӕрдтан, федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ нин ке нӕййес, цӕмӕй уотӕ гъуди кӕнӕн. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?
6. Йеговӕ ма фудгӕнгутӕй никкидӕр ке фесафта ӕма еци хабӕртти туххӕй ци нӕ зонӕн?
6 Йеговӕ фудгӕнгути куд фесафидӕ, уой туххӕй ма Библий ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр финст ес. Зӕгъӕн, Дони хъиамӕти Ной ӕма ӕ бийнонтӕй уӕлдай еугурӕйдӕр фӕммардӕнцӕ. Удта ма Йеговӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацӕуни размӕ ниццӕгъдонцӕ авд адӕнихатти. Фӕстӕдӕр ба Йегови изӕд еу ӕхсӕвӕмӕ рамардта 185 000 ассирийаг ӕфсӕддони (Райд. 7:23; Дук. з. 7:1–3; Ис. 37:36, 37). Цума Библимӕ гӕсгӕ уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма ӕгас еци адӕн ӕносмӕ исӕфт ӕрцудӕнцӕ ӕма син райгас уни фадуат некӕдбал уодзӕй? Нӕъ. Цӕмӕннӕ?
7. Дони хъиамӕти рӕстӕг кенӕ Ханаан байахӕссуни размӕ ци адӕн фӕццагъди ӕнцӕ, уони туххӕй ци нӕ зонӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)
7 Кӕд ӕгас еци адӕн исӕфт ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр ӕй нӕ зонӕн, Йеговӕ си алкӕмӕндӕр хецӕнӕй цӕхуӕн тӕрхон рахаста, уой. Удта ма ’й бӕлвурдӕй нӕ зонӕн, еци адӕнӕн Йегови базонунмӕ ӕма ӕрфӕсмон кӕнунмӕ фадуат адтӕй ӕви нӕ. Зӕгъӕн, Библий финст ӕй, Ной ке адтӕй «рӕстдзийнадӕ игъосунгӕнӕг» (2 Пет. 2:5). Фал си уотӕ финст некӕми ӕй, ӕма цалинмӕ науӕ кодта, уӕдмӕ алли адӕймагӕн дӕр ке загъта, Дони хъиамӕт ке уодзӕй. Удта ма ’й нӕ зонӕн, Ханаани фудгӕнӕг цӕргутӕн дӕр Йегови базонунмӕ ӕма ӕрфӕсмон кӕнунмӕ фадуат адтӕй ӕви нӕ, уой дӕр.
8. Содом ӕма Гоморри цӕргути туххӕй ци нӕ зонӕн?
8 Содом ӕма Гоморри цӕргутӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕд рӕстгӕнӕг Лот сӕ астӕу цардӕй, уӕддӕр цума нӕ бон уотӕ зӕгъун ӕй, ӕма се ’гасемӕндӕр игъосун кодта? Нӕъ. Ӕцӕгӕйдӕр, еци горӕтти цӕргутӕ хъӕбӕр ӕнӕгъдау адтӕнцӕ. Фал цума еци фудгӕнӕг адӕн сӕ царди хуӕздӕрӕй ести уидтонцӕ? Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Содоми нӕлгоймӕгтӕ Лоти иуазгутӕн тухмиуӕ бакӕнунмӕ ке гъавтонцӕ. Библий финст ӕй, «минкъийӕй-устурӕй, хӕдзари алливарс [ке] ӕрӕмбурд ӕнцӕ» (Райд. 19:4; 2 Пет. 2:7). Йеговӕ Авраамӕн куд загъта, уомӕ гӕсгӕ еци горӕти дӕс рӕстгӕнӕги дӕр н’ адтӕй (Райд. 18:32). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма еци фудгӕнгути Йеговӕ сӕ тӕрегъӕдти туххӕй бафхуардта. Фал цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау Йеговӕ еци адӕнӕй алкӕмӕндӕр уӕхӕн тӕрхон рахаста, ӕма си еу дӕр нӕ райгас уодзӕй, «фудгӕнгутӕ» ку игас кӕнонцӕ, уӕд? Нӕ Хуцау куд фӕлмӕнзӕрдӕ ’й, уой зонгӕй нӕ бон уотӕ зӕгъун нӕй.
9. Соломони туххӕй ци нӕ зонӕн?
9 Библий ма финст ӕй, фиццӕгти рӕстгӕнӕг ка адтӕй, фӕстӕдӕр ба фудгӕнӕг ка иссӕй, уӕхӕн адӕни туххӕй дӕр. Зӕгъӕн, паддзах Соломон. Е хуарз зудта, Йеговӕ ка ӕй, уой ӕма ин куд лӕггадӕ кӕнун гъӕуй, уой дӕр. Фал мӕнгӕ хуцӕуттӕн лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Уой туххӕй имӕ Йегови маст иссугъдӕй ӕма ӕ тӕрегъӕдтӕ ци фӕстеугутӕмӕ ӕркодтонцӕ, уони адӕн сӕхебӕл цалдӕр ӕносей дӕргъи ӕвзурстонцӕ. Библий финст ӕй: «Соломон ӕ фиддӕлтӕмӕ байеу ӕй, ӕма ’й байвардтонцӕ ӕ фидӕ Давиди горӕти» (1 Пад. 11:5–9, 43; 2 Пад. 23:13). Фал си уотӕ финст ке ӕй, е цума уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ӕнӕмӕнгӕй райгас уодзӕй? Библий уой туххӕй неци финст ес. Ка ’й зонуй, кадӕр зӕгъдзӕй: «Ӕма уотӕ финст ку ӕй „ка рамардӕй, е ӕ тӕрегъӕди ихӕсӕй иссӕребарӕ ’й“, зӕгъгӕ?» (Ром. 6:7). Е дӕр уотӕ ’й, фал уӕддӕр уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма кӕд адӕймаг рамардӕй, уӕд ин нӕуӕгӕй цӕрунмӕ барӕ фӕззиндтӕй. Райгасдзийнадӕ ӕй нӕ уарзӕгой Хуцауи лӕвар, ӕма еци лӕвар алкӕмӕн не ’скӕндзӕй. Уой ӕрцӕттӕ кодта, ӕносмӕ лӕггадӕ кӕнуни фадуат раттун ӕй кӕмӕн фӕндуй, ӕрмӕстдӕр уонӕн (Иов 14:13, 14; Иоан. 6:44). Цума Соломон еци лӕварӕй исхайгин уодзӕй? Йеговӕ ’й зонуй, мах ба – нӕ. Фал ӕй мах зонӕн, Хуцау рӕстӕй ке архайдзӕй.
ЦИ ЗОНӔН
10. Йеговӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ фӕууй, тӕрхӕнттӕ ку фӕххӕссуй, уӕд? (Йезекил 33:11). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
10 Бакӕсӕ Йезекили 33:11. Аци стихи Йеговӕ ниффинсун кодта, цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ имӕ фӕууй, тӕрхӕнттӕ ку фӕххӕссуй, уӕд. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй Петур дӕр ниффинста пахампар Йезекили хузӕн дзурдтӕ, зӕгъгӕ, дан, Йегови «нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа» (2 Пет. 3:9). Аци дзурдтӕ нин уодӕнцойни хуасӕ куд нӕ ’нцӕ! Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ ке нӕ тагъд кӕнуй, цӕмӕй адӕймагӕн ӕносмӕ мӕлӕти тӕрхон рахӕсса. Уӕхӕн тӕрхон рахӕссуй, ӕндӕр гӕнӕн ку нӕбал фӕууй, ӕрмӕстдӕр уӕд, фал гӕнӕн кӕддӕриддӕр фӕууй, уӕдта Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕй фӕййархайуй.
11. Ка нӕ райгас уодзӕй ӕма уой кӕцӕй зонӕн?
11 Цума нӕ бон ӕй бӕлвурдӕй зӕгъун, ка нӕ райгас уодзӕй, уой? Библий комкоммӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймагей туххӕй финст ӕй b. Зӕгъӕн, Киристе балӕдӕрун кодта, Иудӕ Искариот ке нӕ райгас уодзӕй (Мар. 14:21; кӕсӕ ма Иоанни 17:12 c). Иудӕ зонгӕ-зонгӕй рацудӕй Йегови ӕма ӕ Фурти нихмӕ. (Кӕсӕ Марки 3:29 ӕма уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг «Учебная Библия»-й.) Уомӕй уӕлдай ма Киристе загъта, ӕ нихмӕ ка цудӕй, еци дини разамонгутӕй дӕр еуӕй-еуетӕн райгасдзийнади нифс ке нӕ уодзӕй (Матф. 23:33). Удта ма апостол Павел ниффинста, раст дин ка ниууагъта ӕма ка не ’рфӕсмон кодта, етӕ дӕр ке нӕ райгас уодзӕнцӕ (Дзиуит. 6:4–8; 10:29).
12. Йеговӕ куд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕй, уой туххӕй нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.
12 Йеговӕ куд фӕлмӕнзӕрдӕ ’й, уой туххӕй ба нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Кутемӕй ӕй бавдиста, ке ’й «нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа»? Ӕркӕсӕн цалдӕр хабаремӕ. Паддзах Давид цалдӕр уӕззау тӕрегъӕди искодта – Вирсавий хӕццӕ ӕмуат ӕрцудӕй ӕма ин ӕ сӕрихецауи рамарун кодта. Фал Давид ӕрфӕсмон кодта ӕма ин Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕй ниххатир кодта (2 Сам. 12:1–13). Паддзах Манасси ӕ царди фулдӕр хай хъӕбӕр ӕверхъау гъуддӕгтӕ фӕккодта. Фал ма уӕхӕн адӕймагӕн дӕр Йеговӕ ниххатир кодта, ку ’й фӕууидта, ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ке фӕсмон кӕнуй, уой (2 Анз. 33:9–16). Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, гӕнӕн кӕддӕриддӕр фӕууй, уӕд Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕй ке ниххатир кӕнуй. Уӕхӕн адӕни Йеговӕ райгас кӕндзӕй, уомӕн ӕма ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, ци уӕззау тӕрегъӕдтӕ искодтонцӕ, уой ӕма ӕгас зӕрдӕй ӕрфӕсмон кодтонцӕ.
13. а) Йеговӕ Ниневий цӕргутӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн адтӕй? б) Фӕстӕдӕр Киристе ниневийӕгти туххӕй ци загъта?
13 Йеговӕ ма фӕлмӕнзӕрдӕ адтӕй Ниневий цӕргутӕмӕ дӕр. Ионӕн загъта: «Сӕ фудгъуддӕгтӕ мӕмӕ... исхъӕрдтӕнцӕ». Фал ку ’рфӕсмон кодтонцӕ, уӕдта син Йеговӕ фӕттӕрегъӕд кодта ӕма син ниххатир кодта. Хуцау Ионӕй дзӕвгарӕ фӕлмӕнзӕрдӕдӕр адтӕй. Ионӕ ку исмӕстгун ӕй, уӕд ин Йеговӕ ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, ниневийӕгтӕ «рахес къох галеу къохӕй [кенӕ хуарз лӕгъузӕй] ке не’ртасунцӕ» (Ионӕ 1:1, 2; 3:10; 4:9–11). Фӕстӕдӕр Киристе аци хабар ӕрхаста, цӕмӕй ӕй балӕдӕрун кодтайдӕ, Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕй ке фӕййархайуй. Е загъта, ка ӕрфӕсмон кодта, еци Ниневий цӕргутӕ «тӕрхони бон» ке райгас уодзӕнцӕ (Матф. 12:41).
14. Ниневийӕгтӕ «тӕрхони рази ӕрлӕуунмӕ» ке райгас уодзӕнцӕ, е куд лӕдӕргӕ ’й?
14 Цума ниневийӕгтӕ цӕхуӕн «Тӕрхони бон» райгас уодзӕнцӕ? Киристе ахур кодта, еуӕй-еу адӕн ке райгас уодзӕнцӕ «тӕрхони рази ӕрлӕуунмӕ» (Иоан. 5:29). Е дзурдта ӕ Минанзон хецаудзийнади рӕстӕги туххӕй, «рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» ку игас кӕнонцӕ, уӕд (Гъуд. 24:15). Фудгӕнгутӕ райгас уодзӕнцӕ «тӕрхони рази ӕрлӕуунмӕ». Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма сӕмӕ Йеговӕ, удта Киристе кӕсдзӕнцӕ, ци базонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайунцӕ ӕви нӕ. Ка райгас уа, еци ниневийӕгтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ке нӕ бафӕндӕуа, уомӕн идарддӕр цӕруни барӕ нӕбал уодзӕй (Ис. 65:20). Фал Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнун кедӕриддӕр бафӕндӕуа, уони бон ба уодзӕй ӕносмӕ цӕрун (Дан. 12:2).
15. а) Уотӕ дзорун раст цӕмӕннӕ адтайдӕ, Содом ӕма Гоморри цӕргутӕй неке райгас уодзӕй, зӕгъгӕ? б) Иуди 7 стихи финст дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Иудӕ ци зӕгъуйнаг адтӕй?».)
15 Киристе загъта, ӕхе дӕр ӕма ин ӕ ахурӕдтӕ дӕр ка нецӕмӕ ӕрдардта, уонӕн «Тӕрхони бон» Содом ӕма Гоморри цӕргутӕй зиндӕр ке уодзӕй (Матф. 10:14, 15; 11:23, 24; Лук. 10:12). Уомӕй ӕй ци зӕгъун фӕндадтӕй? Цума ами Киристе гиперболӕй испайда кодта, цӕмӕй ӕй хуӕздӕр балӕдӕрун кодтайдӕ, ӕ рӕстӕгути ци адӕн цардӕй, етӕ Содом ӕма Гоморри цӕргутӕй фуддӕр гъуддӕгтӕ ке кодтонцӕ? Куд зиннуй, уотемӕй е уотӕ нӕй. Зӕгъӕн, Киристе ниневийӕгти туххӕй дӕр загъта, «Тӕрхони бон» ке райгас уодзӕнцӕ. Ӕма уӕд комкоммӕ дзурдта. Уомӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ес, ӕма Содом ӕма Гоморри цӕргути туххӕй дӕр комкоммӕ дзурдта. Сӕ дууей кой кӕнгӕй дӕр Киристе еу рӕстӕги туххӕй дзурдта, гъома «Тӕрхони бони» туххӕй. Содом ӕма Гоморри цӕргутӕ дӕр ниневийӕгти хузӕн берӕ фудгъуддӕгтӕ кодтонцӕ. Фал ниневийӕгтӕн ӕрфӕсмон кӕнуни фадуат фӕцӕй, уонӕн ба – нӕ. Уомӕй уӕлдай ма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Киристе ке дзурдта, «тӕрхони рази ӕрлӕуунмӕ ка райгас уодзӕй», уони туххӕй дӕр. Етӕ ка ’нцӕ? «Фудгъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ» (Иоан. 5:29). Мадта Содом ӕма Гоморри цӕргутӕн райгасдзийнади нифс ес? Ка ’й зонуй си еуӕй-еуетӕ райгас уодзӕнцӕ ӕма син нӕ бон уодзӕй Йегови ӕма Киристе туххӕй рӕстдзийнадӕ амонун.
16. Йеговӕ куд архайдзӕй, ке райгас кӕндзӕй, ке ба – нӕ, уой лух кӕнгӕй? (Йереми 17:10).
16 Бакӕсӕ Йеремий 17:10. Аци стихи фӕрци нӕ бон ӕй зӕгъун, бӕлвурдӕй ци зонӕн, уой: Йеговӕ уинуй зӕрдитӕ. Ӕма адӕнӕн ку тӕрхон кӕна, уӕд алкӕмӕндӕр ратдзӕй, «ӕ гъуддӕгтӕмӕ гӕсгӕ ин ци ӕмбӕлуй, уой». Кӕми гъӕуй, уоми Йеговӕ уодзӕй федар, фал гӕнӕн ку уа, уӕдта уодзӕй фӕлмӕнзӕрдӕ. Мадта раст н’ адтайдӕ уотӕ дзорун, цӕхуӕндӕр адӕймаг нӕ райгас уодзӕй, зӕгъгӕ, Библий уой туххӕй комкоммӕ ку неци финст уа, уӕд.
«ӔГАС ЗӔНХИ ТӔРХОНГӔНӔГ» АЛКӔДДӔР РӔСТӔЙ ФӔЙЙАРХАЙУЙ
17. Ка рамардӕй, уонӕмӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
17 Сайтан, удта Адам ӕма Евӕ Йегови нихмӕ кӕдӕй рацудӕнцӕ, уӕдӕй миллиардгай адӕн рамардӕй. Не знаг, мӕлӕт, берӕ адӕнти цард фӕххаста (1 Кор. 15:26). Ӕгас еци адӕнмӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Киристей фӕдбӕлдзӕугути минкъий къуар, 144 000, райгас уодзӕнцӕ уӕлӕрвти ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ (Рарг. 14:1). Йеговӕбӕл еузӕрдон ка адтӕй, берӕ уӕхӕн нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ ба райгас уодзӕнцӕ зӕнхӕбӕл. Е уодзӕй, Киристей Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг, «рӕстгӕнгутӕ» ку игас кӕнонцӕ, уӕд. Ӕма фӕстаг фӕлварӕни сӕрти еузӕрдонӕй ку рахезонцӕ, уӕд сӕ бон уодзӕй ӕносмӕ дӕр зӕнхӕбӕл дзенети цӕрун (Дан. 12:13; Дзиуит. 12:1). Уомӕй уӕлдай ма Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг райгас уодзӕнцӕ «фудгӕнгутӕ» дӕр, гъома Йеговӕн ка некӕд лӕггадӕ кодта, етӕ ӕма ма сауӕнгӕ, лӕгъуз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ дӕр. Уонӕн фӕззиндзӕй фадуат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕнонцӕ ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайонцӕ (Лук. 23:42, 43). Фал адӕнӕй кадӕртӕ зонгӕ-зонгӕй Йегови нихмӕ цудӕнцӕ, ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ нӕ райгас кӕндзӕй (Лук. 12:4, 5).
18, 19. а) Ка рамардӕй, уонӕн Йеговӕ раст тӕрхон ке рахӕсдзӕй, уобӕл цӕмӕннӕ гурусхӕ кӕнӕн? (Исай 55:8, 9). б) Иннӕ статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
18 Нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, Йеговӕ ку фӕттӕрхон кӕнуй, уӕд алкӕддӕр рӕстӕй ке фӕййархайуй? Ӕнӕмӕнгӕй! Авраам ӕй фӕууидта, «ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг» ке ӕй ӕнӕкӕрон зунди хецау, удта ке ӕй ӕнхӕст ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ. Е ӕ Фурти алцӕбӕлдӕр исахур кодта ӕма ин тӕрхон кӕнунмӕ ӕгас бартӕ дӕр равардта (Иоан. 5:22). Фидӕй дӕр ӕма Фуртӕй дӕр адӕни зӕрдитӕ римӕхст нӕ ’нцӕ (Матф. 9:4). Уомӕ гӕсгӕ алли адӕймаги гъуддаг ӕвзаргӕй дӕр Йеговӕ ӕма Киристе рӕстӕй архайдзӕнцӕ.
19 Гъӕйдӕ мадта макӕд гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ ци унаффитӕ рахӕссуй, етӕ алкӕддӕр раст ке фӕуунцӕ! Мах тӕрхонгӕнгутӕн ке нӕ бӕззӕн, уой лӕдӕрӕн. (Бакӕсӕ Исаййи 55:8, 9.) Уомӕ гӕсгӕ еци гъуддаг уадзӕн Йеговӕн ӕма ӕ Фуртӕн – Паддзахӕй ке равзурста ӕма ӕнхӕстӕй ӕ Фиди рӕстдзийнадӕ ӕма фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ка ӕвдесуй, уомӕн (Ис. 11:3, 4). Цума устур бӕллӕхи рӕстӕг ба Йеговӕ ӕма ӕ Фурт адӕнӕн куд тӕрхон кӕндзӕнцӕ? Уой туххӕй ци нӕ зонӕн ӕма ци зонӕн? Уобӕл иннӕ статья радзубанди кӕндзиан.
57 ЗАР Игъосун кӕнӕн аллихузи адӕнӕн
b Адам, Евӕ ӕма Каин ке нӕ райгас уодзӕнцӕ, уой туххӕй фулдӕр базонӕ 2013 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», 12 фарс, феппайуйнаг (урус.).
c Иоанни 17:12 Киристе Иуди исхудта, «исафуйнаг ка адтӕй», е. Еци дзурдбаст амонуй, ӕностӕмӕ ке рамардӕй ӕма ин райгасдзийнади нифс ке нӕййес.