ЦИ ЕС РАРТАСӔН?
Ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн
Бакӕсӕ Райдайӕн 37:23–28; 39:17–23 ӕма базонӕ, Иосиф ӕ царди цӕхуӕн хӕрандзийнадӕбӕл исӕмбалдӕй.
Контекстмӕ ӕркӕсӕ. Иосифбӕл хӕранӕй цӕмӕн рацӕуиуонцӕ? (Райд. 37:3–11; 39:1, 6–10). Е цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рахаста? (Райд. 37:2; 41:46). Еци уӕззау рӕстӕгути Йеговӕ Иосифӕн ци искӕнидӕ, ци ба – нӕ? (Райд. 39:2, 21; w23.01 17 ф., 13 абз.).
Листӕг хабӕрттӕмӕ дӕ гъос ӕрдарӕ. Библий уотӕ некӕми финст ӕй, ӕма Иосиф ӕхе рӕститӕ кӕнун райдӕдта, Потифари уосӕ ’й ку фӕффудгин кодта, уӕд. Расагъӕс кӕнӕ: «Иосиф ӕхе цӕмӕннӕ рӕститӕ кодтайдӕ? Уотӕ цӕмӕннӕ гъӕуама гъуди кӕнӕн, ӕма Иосифи хабари туххӕй алцидӕр базондзиан?» Аци фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнунмӕ дин дӕлдӕр финст стихтӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ: Ӕмбесӕндтӕ 20:2, Иоанни 21:25 ӕма Гъуддӕгтӕ 21:37? Уӕхӕн хӕран гъуддӕгтӕн бухсунмӕ Иосифӕн цӕхуӕн менеугутӕ ӕнхус кодтонцӕ? (Мих. 7:7; Лук. 14:11; Иак. 1:2, 3).
Ци базудтай, уобӕл расагъӕс кӕнӕ ӕма си царди испайда кӕнӕ. Дӕхе бафӕрсӕ:
-
«Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ке дӕн, уой туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма цӕхуӕн ӕфхуӕрд баййафдзӕн?» (Лук. 21:12, 16, 17; Дзиуит. 10:33, 34).
-
«Абони мӕ бон куд ӕй мӕхе бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй федӕни федар фӕллӕууон, ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ку ӕййафон, уӕд?» (Пс. 62:7, 8; 105:17–19; w19.07 2–7 фф.).