9 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
75 ЗАР «Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ!»
Дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ цӕттӕ дӕ?
«Йеговӕн е ’гас хуарздзийнӕдтӕ цӕмӕй бафеддзӕн?» (ПС. 116:12).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй адӕймаг Йеговӕмӕ бахӕстӕг уа ӕма ’й бафӕндӕуа ӕ цард ин иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун.
1, 2. Донаргъуд райсуни размӕ адӕймаги цӕхуӕн къахдзӕф искӕнун фӕгъгъӕуй?
ФӔСТАГ фондз анзей дӕргъи донаргъуд райстонцӕ милиуан адӕймагемӕй фулдӕр. Уонӕй беретӕ Тимофеййи хузӕн рӕстдзийнадӕ зонунцӕ сӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ (2 Тим. 3:14, 15). Кадӕртӕ ба Йегови базудтонцӕ устурӕй, иннетӕ ба – каргун уогӕй. Зӕгъӕн, еу силгоймаг донаргъуд райста, 97 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд.
2 Кӕд Библи ахур кӕнис кенӕ дӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнцӕ, уӕд донаргъуд райсунбӕл фӕссагъӕс кӕнис? Кӕд гъо, уӕд е хъӕбӕр хуарз нисан ӕй. Фал бал гъӕуама дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай. Аци статьяй фӕрци базондзиан, ци нисан кӕнуй, дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун. Удта ма ӕркӕсдзиан, ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕстӕтӕрӕ ма кӕнай, еци къахдзӕф искӕнунмӕ цӕттӕ ку уай, уӕд.
ДӔХЕ ЙЕГОВӔН ИСНИВОНД КӔНУН ЦИ НИСАН КӔНУЙ?
3. Рагидзаманти Йеговӕн нивондгонд ка адтӕй?
3 Фал цума адӕймаг ӕ цард Йеговӕн куд иснивонд кӕнуй? Библимӕ гӕсгӕ, ӕхе Йеговӕн ка иснивонд кӕнидӕ, уӕхӕн адӕймаг хецӕнгонд ӕрцӕуидӕ цӕхуӕндӕр бӕлвурд гъуддагӕн. Израилӕгтӕ Йеговӕн нивондгонд адӕн адтӕнцӕ, фал уони астӕу дӕр адтӕй, Йеговӕн уӕлдай хузи ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕнттӕ. Зӕгъӕн, Ааронӕн ӕ сарӕхъбӕл разӕй федаргонд адтӕй «ӕрттевагӕ сугъзӕрийнӕ тъӕпӕн гӕбазӕ – иснивонд кӕнуни сугъдӕг нисан». Уомӕй бӕрӕг адтӕй, хецӕнгонд ке ’рцудӕй сӕрмагонд гъуддагӕн – гъӕуама Израилӕн хестӕр саугин адтайдӕ (Лев. 8:9). Уотӕ зӕгъӕн ес назорейтӕй дӕр. Дзурд «назорей» равзурдӕй дзиуиттаг дзурдӕй нази́р, зӕгъгӕ, ӕма нисан кӕнуй «хецӕнгонд» кенӕ «нивондгонд». Назорейтӕ гъӕуама Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ сӕхе цӕхуӕндӕр бӕлвурд гъуддӕгтӕй гъӕуай кодтайуонцӕ (Ним. 6:2–8).
4. а) Адӕймаг ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд ӕ царди сӕйрагдӕр ци исуй? б) Дзурдтӕ, «ӕхе туххӕй мабал цӕрӕд», зӕгъгӕ, цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
4 Адӕймаг ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд унаффӕ рахӕссуй, Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ке исуодзӕй ӕма ӕ царди Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун фиццаг бунати ке уодзӕй. Цума ’й ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕна? Киристе загъта: «Мӕ фӕдбӕл цӕун ке фӕндуй, е ӕхе туххӕй мабал цӕрӕд» (Матф. 16:24). Грекъаг ӕвзагӕй, «ӕхе туххӕй мабал цӕрӕд», зӕгъгӕ, ци дзурдбаст ратӕлмац кодтонцӕ, уой ма уотӕ дӕр ӕнгъезуй ратӕлмац кӕнун: «гъӕуама ӕхецӕн „нӕъ“ зӕгъа». Ӕхе Йеговӕн ка иснивонд кӕнуй, е гъӕуама «нӕъ» зӕгъа, Хуцауи фӕндони нихмӕ цидӕриддӕр ӕй, уомӕн (2 Кор. 5:14, 15). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама «тӕрегъӕдгун бауӕри» фӕндтӕй, гъома ӕнӕгъдау фӕндтӕй ӕхе гъӕуай кӕна (Гал. 5:19–21; 1 Кор. 6:18). Цума уӕхӕн арӕнти туххӕй нӕ цард зиндӕр исуй? Кӕд Йегови уарзис ӕма ’й лӕдӕрис, ӕ закъӕнттӕ дин пайда ке хӕссунцӕ, уӕд нӕъ (Пс. 119:97; Ис. 48:17, 18). Еу ӕнсувӕр Николос уой уотӕ балӕдӕрун кодта: «Дӕ бон ӕй Йегови уагӕвӕрдтӕ нимайун, сӕребарӕй ӕзмӕлун дӕ ка нӕ уадзуй, уӕхӕн горенбӕл. Кенӕ ба сӕ дӕ бон ӕй нимайун, домбӕйттӕй дӕ ка гъӕуай кӕнуй, уӕхӕн горенбӕл».
5. а) Адӕймаг ӕхе Йеговӕн кутемӕй иснивонд кӕнуй? б) Дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун цӕмӕй хецӕн кӕнуй донаргъуд райсунӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
5 Дӕ бон куд ӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун? Гъӕуама дӕ кувди зӕгъай, айдагъдӕр уомӕн ке лӕггадӕ кӕндзӕнӕ ӕма ин ӕ фӕндон дӕ царди фиццаг бунати ке ӕвӕрдзӕнӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕн дзурд раттис, ке ’й уарздзӕнӕ «ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй, ӕгас зундӕй ӕма ӕгас хъаурӕй» (Мар. 12:30). Адӕймаг ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд уой фӕззонунцӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕ ӕма адӕймаг ӕхуӕдӕг. Фал донаргъуд ку райсуй, уӕд уой ба иннетӕ дӕр фӕууинунцӕ. Уотемӕй ӕй бавдесуй, ӕ цард Хуцауӕн ке иснивонд кодта. Ӕма уой фӕсте дӕр ӕ нисан фӕууй, цӕмӕй ци дзурд равардта, уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр архайа. Ӕма ни Йеговӕ дӕр уой агоруй (Еккл. 5:4, 5).
ДӔ ЦАРД ЙЕГОВӔН ЦӔМӔН ГЪӔУАМА ИСНИВОНД КӔНАЙ?
6. Адӕймаги цӕмӕн бафӕндуй ӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун?
6 Адӕймаг сӕйрагидӕр ӕхе Йеговӕн цӕмӕн иснивонд кӕнуй? Уомӕн ӕма ’й бауарзуй. Ӕма уӕхӕн уарзондзийнадӕ ӕхегъӕди нӕ фӕззиннуй. Адӕймаг Йегови ӕма ӕ фӕндони туххӕй куд фулдӕр базонуй, уотӕ ’й фулдӕр уарзун райдайуй (Кол. 1:9). Библи ку ахур кодтай, уӕд ӕй базудтай: 1) Йеговӕ уодӕгас Хуцау ке ӕй, 2) Библи Хуцауи разамундӕй финст ке ӕрцудӕй ӕма 3) ӕ фӕндон ӕ организаций фӕрци ке ӕнхӕст кӕнуй.
7. Цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ цӕттӕ ке дӕ?
7 Ӕхе Йеговӕн ка иснивонд кӕнуй, е фӕззонуй Библий сӕйраг ахурӕдтӕ ӕма си ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ фӕццӕруй. Ӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ фӕййархайуй, цӕмӕй иннетӕн хуарз хабар игъосун кӕна (Матф. 28:19, 20). Ӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ ферӕзуй ӕма ’й е ’гас зӕрдӕй фӕффӕндуй ӕрмӕстдӕр уомӕн лӕггадӕ кӕнун. Дӕуӕй дӕр уотӕ зӕгъӕн ес? Кӕд гъо, уӕд раст надбӕл дӕ. Уӕд донаргъуд дӕ ниййергути кенӕ дӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, уони туххӕй нӕ райсдзӕнӕ, кенӕ иннетӕ донаргъуд ке есунцӕ, уой туххӕй. Еци къахдзӕф искӕнун дӕ бафӕнддзӕй, Йегови берӕ ке уарзис, уой туххӕй.
8. Йеговӕй боз ку уай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин дӕ цард иснивонд кӕнай? (Псалом 116:12–14).
8 Дӕхе дӕ Йеговӕн иснивонд кӕнун бафӕнддзӕй, цидӕриддӕр хуарздзийнӕдтӕ дин искодта, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд. (Бакӕсӕ Псалом 116:12–14.) Библи Йегови дзӕгъӕли нӕ хонуй, «хуарзӕй цидӕриддӕр ес» ӕма «алли ӕнӕфау лӕвар дӕр» кӕмӕй цӕуй, уӕхӕн Фидӕ (Иак. 1:17). Еци лӕвӕрттӕй тӕккӕ устурдӕр ӕй ӕ Фурт Киристей нивонд. Расагъӕс кӕнӕ: еци нивонди фӕрци дӕ бон ӕй Хуцауи ӕмбал исун ӕма ӕносмӕ цӕрун! (1 Иоан. 4:9, 10, 19). Мадта дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай, уӕд ӕй бавдесдзӕнӕ, еци ӕма берӕ ӕндӕр лӕвӕртти туххӕй си боз ке дӕ (Дук. з. 16:17; 2 Кор. 5:15). Уой туххӕй фулдӕр дзурд цӕуй киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» 46 урокки 4 дӕлсӕргонди. Уоми ес, ӕртӕ минутти ка цӕуй, уӕхӕн видеоролик «Наши дары Богу», зӕгъгӕ.
ЦӔТТӔ ДӔ ДӔХЕ ХУЦАУӔН ИСНИВОНД КӔНУНМӔ ӔМА ДОНАРГЪУД РАЙСУНМӔ?
9. Еугуремӕн се ’ууӕндундзийнадӕ ӕмхузӕн ке нӕ ферӕзуй, уой нӕ гъудий цӕмӕн гъӕуама дарӕн?
9 Гӕнӕн ес, ӕма дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ, удта донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ нӕма дӕ. Ка ’й зонуй ма дӕ Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ дӕ царди цидӕртӕ раййевун гъӕуй кенӕ ба дӕ фулдӕр рӕстӕг гъӕуй, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр исуа (Кол. 2:6, 7). Библи ка ахур кӕнуй, уонӕй ӕгасемӕн се ’ууӕндундзийнадӕ ӕмхузӕн нӕ ферӕзуй, удта ӕригӕнттӕ дӕр еугурӕй донаргъуд райсунмӕ еци еу кари цӕттӕ нӕ фӕуунцӕ. Байархайӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, фӕххуӕздӕр кӕнун дӕ ци гъӕуй, уой, удта дӕхе иннети хӕццӕ ма барӕ (Гал. 6:4, 5).
10. Кӕд дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ нӕма дӕ, уӕддӕр дӕ бон ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Ӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн ӕнцӕ, еци ӕригӕнттӕн».)
10 Кӕд дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ цӕттӕ нӕма дӕ, уӕддӕр еци нисанмӕ тундзӕ. Ковӕ, цӕмӕй дин Йеговӕ арфӕ кӕна ӕма дӕ бон уа, ци гъӕуй, уой раййевун (Фил. 2:13; 3:16). Ма ибӕл гурусхӕ кӕнӕ, е дин дӕ кувдтитӕ игъосдзӕй ӕма дин сӕбӕл дзуапп кӕндзӕй (1 Иоан. 5:14).
ЕУӔЙ-ЕУЕТӔ ФӔСТӔТӔРӔ ЦӔМӔН КӔНУНЦӔ?
11. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдон уӕн?
11 Еуӕй-еуетӕ сӕхе иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ фӕуунцӕ, фал еци къахдзӕф искӕнунмӕ ба сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Ка ’й зонуй, уотӕ фӕгъгъуди кӕнунцӕ: «Тӕрсун, уӕззау тӕрегъӕд ку искӕнон ӕма мӕ ӕмбурдӕй ку рацох кӕнонцӕ». Кӕд дӕумӕ дӕр уӕхӕн сагъӕстӕ фӕззиннуй, уӕд ибӕл ма гурусхӕ кӕнӕ, Йеговӕ дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин «алцӕмӕйдӕр ӕ зӕрдӕ рохс кӕнай» (Кол. 1:10). Уомӕй уӕлдай ма дин хъауритӕ дӕр ратдзӕй, цӕмӕй, раст ци ӕй, уой кӕнун дӕ бон уа. Е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ӕй, е бӕрӕг ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕй дӕр (1 Кор. 10:13). Ӕмбурдӕй ке рацох кӕнунцӕ, етӕ уотӕ берӕ нӕ фӕуунцӕ. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдон уонцӕ.
12. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕхе уӕззау тӕрегъӕдтӕй гъӕуай кӕнай?
12 Алли ӕнӕнхӕст адӕймагӕн дӕр ӕ фӕндтӕ исунцӕ ӕ фӕлварӕн (Иак. 1:14). Фал еци фӕндтӕн сӕ фӕдбӕл рацӕудзиан ӕви нӕ, е ба нӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Еуӕй-еуетӕ фӕззӕгъунцӕ, нӕ фӕндтӕбӕл ӕма, дан, не ’нкъарӕнтӕбӕл нӕ барӕ нӕ цӕуй. Фал е уотӕ нӕй. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй тӕрегъӕдӕй нӕхе багъӕуай кӕнӕн? Ӕркӕсӕн цалдӕр унаффемӕ. Алли бон дӕр Йеговӕмӕ ковӕ. Библи ӕртасунмӕ дӕхецӕн график искӕнӕ ӕма еци графикмӕ гӕсгӕ архайӕ. Ӕмбурдтӕ ма цох кӕнӕ. Ци базонис, уой иннетӕн дӕр радзорисӕ. Гъе уӕд дӕмӕ хъауритӕ уодзӕй, цӕмӕй Йеговӕн ци нивонддзурд равардтай, уомӕ гӕсгӕ цӕрай. Ӕма ’й макӕд иронх кӕнӕ: Йеговӕ дин алкӕддӕр ӕнхус кӕндзӕй (Гал. 5:16).
13. Иосиф нин цӕхуӕн цӕветтон ниууагъта?
13 Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун дин ӕнцондӕр уодзӕй, рагацау ку расагъӕс кӕнай, дӕхе куд дардзӕнӕ, ести фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд. Библий финст ес, фӕлварӕнтӕмӕ цӕттӕ ка адтӕй, берӕ уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ. Ӕркӕсӕн Иосифи хабармӕ. Потифари уосӕ ’й цалдӕр хатти рӕдуйун кодта, фал ӕй е зудта, куд архайун гъӕуй, уой. Фал Библий финст ӕй, Иосиф ин ке нӕ арази кодта ӕма ин уотӕ ке дзурдта: «Уӕхӕн фуддзийнадӕ ӕма Хуцауи рази тӕрегъӕд куд гъӕуама искӕнон?» (Райд. 39:8–10). Бӕрӕг ӕй: Иосиф, ӕхе куд гъӕуама бадара, уой зудта, еци фӕлварӕнбӕл ку нӕма исӕмбалдӕй, уӕд. Ӕма ин уомӕ гӕсгӕ ӕнцондӕр адтӕй, раст куд ӕй, уотӕ архайун.
14. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕн уайтагъд «нӕъ» зӕгъунмӕ цӕттӕ уай?
14 Дӕ бон куд ӕй Иосифи хузӕн архайун? Нур расагъӕс кӕнӕ, куд архайдзӕнӕ, фӕррӕдуйунӕй дин тӕссаг ку уа, уӕд. Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕн уайтагъд «нӕъ» зӕгъунмӕ цӕттӕ уо. Хуцауи зӕрдӕ ци фӕрресун кодтайдӕ, уобӕл сагъӕс дӕр ма кӕнӕ (Пс. 97:10; 119:165). Гъе уотемӕй дӕ бон уодзӕй фӕлварӕни нихмӕ федар фӕллӕуун. Рагацау ӕй зондзӕнӕ, куд ӕма дин ци кӕнгӕ ’й, уой.
15. Адӕймаги бон куд ӕй бавдесун, Йегови «зӕрдиагӕй» ке агоруй? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:6).
15 Зӕгъӕн, федарӕй баууӕндтӕ, рӕстдзийнадӕ ке иссирдтай, уобӕл, ӕма дӕ фӕндуй Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун. Фал уӕддӕр дӕ нифс нӕ хӕссис дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ. Кӕд уотӕ ’й, уӕд дӕ бон ӕй паддзах Давиди цӕветтонмӕ гӕсгӕ архайун. Йеговӕмӕ уотӕ ковӕ: «О Хуцау, басгарӕ мин мӕ зӕрдӕ ӕма ’й базонӕ. Никкӕсӕ мин мӕ зӕрдӕмӕ ӕма ’й базонӕ, ӕнцойнӕ мин ци нӕ дӕттуй. Ӕркӕсӕ, цума мӕ зӕрди уӕхӕнӕй неци ес, фидбилизмӕ мӕ ци ’схуайуй, ӕма мӕ ӕносон надбӕл кӕнӕ» (Пс. 139:23, 24). Уӕхӕн кувдӕй бӕрӕг уодзӕй, ӕнхус Йеговӕй ке агорис ӕма ӕгас хъауритӕй ке архайис, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа – дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд райсай. Мах ӕй зонӕн, Йеговӕ ке арфӕ кӕнуй, зӕрдиагӕй ӕй ка агоруй, уонӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:6.)
ИДАРДДӔР ДӔР ЙЕГОВӔМӔ ХӔСТӔГ КӔНӔ
16, 17. Ӕ ниййергутӕ Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн ӕнцӕ, уони Йеговӕ ӕхемӕ куд ӕрбакӕнуй? (Иоанни 6:44).
16 Киристе загъта: «Еу адӕймагӕн дӕр ӕ бон нӕй мӕнмӕ ӕрбацӕун, мӕ рарветӕг Фидӕ ’й ку не ’рбакӕна, уӕд». (Бакӕсӕ Иоанни 6:44.) Расагъӕс кӕнӕ аци дзурдтӕбӕл ӕма, дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ, уобӕл. Йеговӕ ӕхемӕ ке ’рбакӕнуй, уонӕй алкӕмӕдӕр хуарзӕй цидӕр фӕууинуй. Ке ӕрбакӕнуй, уой фӕннимайуй, «уӕлдай хъазар» ин ка ӕй, уӕхӕн адӕймагбӕл (Дук. з. 7:6). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ду дӕр ин хъӕбӕр хъазар дӕ!
17 Кӕд дӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ’нцӕ, уӕд дӕмӕ, ка ’й зонуй, еуӕй-еухатт уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕмбурдтӕмӕ уонӕмӕ гӕсгӕ цӕуис. Фал дӕ Йеговӕ дӕ бийнонти туххӕй не ’рбакодта, дӕхе дин ӕрбакодта. Е алли адӕймаги дӕр хецӕнӕй ӕрбакӕнуй ӕхемӕ. Ӕма ӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн ӕнцӕ, етӕ дӕр уӕлдай нӕ ’нцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Библий финст ӕй: «Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иак. 4:8; 1 Анз. 28:9). Мадта ду ку искӕнай къахдзӕф, цӕмӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уай, уӕд дӕмӕ е дӕр бахӕстӕг уодзӕй, Иакови 4:8 куд финст ӕй, уотемӕй. (Рабарӕ 2 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13.)
18. Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан? (Псалом 40:8).
18 Дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд ку райсай, уӕд уомӕй Киристей бафӕнздзӕнӕ. Е зӕрдиагӕй фенхӕст кӕнидӕ, ӕ Фидӕ ин цидӕриддӕр баихӕс кӕнидӕ, уой. (Бакӕсӕ Псалом 40:8; Дзиуит. 10:7.) Иннӕ статьяй ба ӕркӕсдзиан, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй донаргъуди фӕсте дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнӕн.
ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?
-
Дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай, е ци нисан кӕнуй?
-
Йеговӕй боз ку уай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ин дӕ цард иснивонд кӕнай?
-
Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕззау тӕрегъӕдтӕй дӕхе багъӕуай кӕнай?
38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй