Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

12 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

77 ЗАР Талингӕ дуйней рохс ӕрттевуй

Талингӕй уӕхе еуварс даретӕ – алкӕддӕр рохси цотӕ

Талингӕй уӕхе еуварс даретӕ – алкӕддӕр рохси цотӕ

«Кӕддӕр сумах дӕр талинги адтайтӕ, нур ба... айтӕ рохси» (ЕФ. 5:8).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Ефесӕгтӕмӕ 5 сӕри ци талингӕ ӕма рохси туххӕй дзурд цӕуй, етӕ махмӕ куд хаунцӕ.

1, 2. а) Павел Ефесӕгтӕмӕ финстӕг цӕхуӕн уавӕрти ниффинста? б) Цӕхуӕн фарстатӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

 ПАВЕЛ Роми хӕдзари ахӕст ку адтӕй, уӕд ӕй хъӕбӕр фӕндадтӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс бафедар кӕнун. Лӕгӕй-лӕгмӕ сӕ хӕццӕ фембӕлун ӕ бон ке н’ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ финстӕгутӕ финста. Сӕ еу ӕй Ефесӕгтӕмӕ финстӕг. Павел ӕй ниффинста нӕ эри 60 кенӕ 61 анзи (Еф. 1:1; 4:1).

2 Павел ефесӕгти хӕццӕ базонгӕ ’й, ӕ финстӕг сӕмӕ ку ниффинста, уомӕй еу дӕс анзей размӕ. Ефеси дзӕвгарӕ рӕстӕг фӕцӕй, хуарз хабар игъосун кодта ӕма ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кодта (Гъуд. 19:1, 8–10; 20:20, 21). Павел хъӕбӕр берӕ уарзта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ. Фал исӕрст киристӕнттӕмӕ рохс ӕма талинги туххӕй цӕмӕн ниффинста? Ӕма еци дзурдтӕ махмӕ абони куд хаунцӕ? Гъӕйдӕ аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн.

ТАЛИНГӔЙ РОХСМӔ

3. Павел ефесӕгти туххӕй ци загъта?

3 Павел Ефеси киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Кӕддӕр сумах дӕр талинги адтайтӕ, нур ба айтӕ рохси» (Еф. 5:8). Аци дзурдтӕй Павел балӕдӕрун кодта, куд хъӕбӕр раййивтонцӕ, уой. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Павел Ефеси киристӕнттӕй уотӕ цӕмӕн загъта, «кӕддӕр сумах... талинги адтайтӕ», зӕгъгӕ.

4. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма ефесӕгтӕ талинги адтӕнцӕ мӕнгӕ дини ахурӕдти туххӕй?

4 Талинги адтӕнцӕ мӕнгӕ дини ахурӕдти туххӕй. Цалинмӕ ефесӕгтӕ рӕстдзийнадӕ нӕма базудтонцӕ ӕма киристӕнттӕ нӕма иссӕнцӕ, уӕдмӕ адтӕнцӕ мӕнгӕ дини цагъартӕ. Ефес зудтонцӕ, Артемиди ковӕндонӕ си ке адтӕй, уомӕй. Уӕди рӕстӕг еци ковӕндонӕ адтӕй дуйней авд дессӕгтӕй сӕ еу. Уордӕмӕ адӕн ӕрбацӕуиуонцӕ гумеритӕн баковунмӕ. Артемиди ковӕндони хузӕн минкъий ковӕндӕнттӕ ка уӕйӕ кодта, етӕ хуарз ӕхца кустонцӕ (Гъуд. 19:23–27). Уомӕй уӕлдай ма горӕти беретӕ кӕлӕнгӕнгутӕ адтӕнцӕ (Гъуд. 19:19).

5. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма ефесӕгтӕ талинги адтӕнцӕ ӕнӕгъдау гъуддӕгти туххӕй?

5 Талинги адтӕнцӕ ӕнӕгъдау гъуддӕгти туххӕй. Ефеси цӕргутӕ хъӕбӕр ӕнӕгъдау цард кодтонцӕ. Сӕ театралон спектакльтӕ ӕма дини бӕрӕгбӕнттӕ ӕнӕгъдау гъуддӕгти хӕццӕ баст адтӕнцӕ (Еф. 5:3). Ефесӕгтӕй беретӕ «се ’фсарӕ еугур исӕфт фӕккодтонцӕ» (комкоммӕ – «рист нӕбал лӕдӕрдтӕнцӕ») (Еф. 4:17–19). Нӕ ’й зудтонцӕ, Йеговӕ хуарз ӕма лӕгъузбӕл ци нимайуй, уой. Уомӕ гӕсгӕ сӕ сӕ цӕсгон ӕппундӕр нӕ хуардта ӕма син Хуцауи рази ци ном ес, уобӕл ӕппундӕр нӕ мӕтӕ кодтонцӕ. Павел гъе уомӕ гӕсгӕ ниффинста: «Зундӕй ӕнцӕ талинги ӕма, Хуцауӕй ка цӕуй, еци цардӕй ӕнцӕ идард».

6. Павел ефесӕгтӕн уотӕ цӕмӕн загъта, «нур ба айтӕ рохси», зӕгъгӕ?

6 Фал еуӕй-еу ефесӕгтӕ талингӕй рацудӕнцӕ. Павел ниффинста: «Нур ба айтӕ рохси, уомӕн ӕма нӕ Хецауи хӕццӕ байеу айтӕ» (Еф. 5:8). Уони бафӕндадтӕй, цӕмӕй сӕ цард Хуцауи Дзурдмӕ гӕсгӕ аразонцӕ ӕма, цӕмӕй е уа рохс сӕ надӕн (Пс. 119:105). Еци ефесӕгтӕ гумеритӕн нӕбал кувтонцӕ ӕма ӕнӕгъдау цард нӕбал кодтонцӕ. Уони фӕндадтӕй Хуцауи фӕнзун ӕма архайдтонцӕ, цӕмӕй ин сӕ лӕггадӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнонцӕ (Еф. 5:1).

7. Ефесаг киристӕнтти хӕццӕ нин еумӕйагӕй ци ес?

7 Абони дӕр хабар уотӕ ’й. Рӕстдзийнадӕ ку нӕма зудтан, уӕд талинги адтан мӕнгӕ дини ахурӕдти туххӕй ӕма ӕнӕгъдау гъуддӕгти туххӕй. Кадӕртӕ ни мӕнгӕ дини бӕрӕгбӕнттӕ бӕрӕг кодтонцӕ, иннетӕ ба ӕнӕгъдау цард кодтонцӕ. Фал, Йеговӕ хуарз ӕма лӕгъузбӕл ци нимайуй, уой ку базудтан, уӕд нӕ цард раййивтан. Мах бафӕндадтӕй Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ амондгундӕр иссан (Ис. 48:17). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин талинги равзурунӕй тӕссаг нӕбал ӕй. Гъӕуама нӕ цард аразӕн, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй», уотӕ. Уомӕ ци хауй?

Image digitally reproduced with the permission of the Papyrology Collection, Graduate Library, University of Michigan, P.Mich.inv. 6238. Licensed under CC by 3.0

Павел ефесӕгтӕн ци унаффитӕ равардта, етӕ абони махӕн дӕр пайда ӕнцӕ (кӕсӕ 7 абзац) b


ТАЛИНГӔЙ УӔХЕ ЕУВАРС ДАРЕТӔ

8. Ефесӕгтӕмӕ 5:3–5 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, Ефеси киристӕнттӕ сӕхе еуварс цӕмӕй гъӕуама дардтайуонцӕ?

8 Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:3–5. Цӕмӕй Ефеси киристӕнттӕ ӕнӕгъдау гъуддӕгти туххӕй талинги ма бафтудайуонцӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй, Йегови зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, уомӕй сӕхе еуварс дарун. Уомӕ айдагъ ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕ нӕ хаудтӕнцӕ, фал ма аллихузи ӕнаккаг дзубандитӕ дӕр. Павел ефесӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уонӕн «Хуцауи Паддзахади бунтӕй хай ке нӕ уодзӕй».

9. Ӕнаккаг ӕма ӕнӕгъдау естӕмӕ кӕсун, игъосун ӕма дзорун тӕссаг цӕмӕн ӕй?

9 Фал гъӕуама къӕрцгъос уӕн, цӕмӕй бабӕй ма райдайӕн «талинги ӕнӕпайда гъуддӕгти» архайун (Еф. 5:11). Рӕстӕг куд бавдиста, уотемӕй адӕймаг, ӕнаккаг ӕма ӕнӕгъдау ци ӕй, уомӕ куд фулдӕр фӕккӕсуй, фегъосуй кенӕ уобӕл куд фулдӕр фӕдздзубанди кӕнуй, уотӕ ин тӕссагдӕр фӕууй тӕрегъӕд искӕнунӕй (Райд. 3:6; Иак. 1:14, 15). Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Еу бӕсти Йегови Ӕвдесӕнтӕ интернети сӕхецӕн группӕ искодтонцӕ. Дзӕвгарӕ адӕн си адтӕй. Фиццӕгти си Библи ӕма Йегови туххӕй финстонцӕ. Фал удта сабургай ӕнӕгъдау цӕбӕлдӕрти дзорун райдӕдтонцӕ, ӕма уӕхӕн цӕбӕлдӕрти арӕхӕй-арӕхдӕр дзурдтонцӕ. Еци группӕй кадӕртӕ фӕстӕдӕр куд загътонцӕ, уотемӕй сӕ еци ӕнӕгъдау дзубандитӕ уӕззау тӕрегъӕдмӕ ӕркодтонцӕ.

10. Сайтан нӕ цӕхуӕн зундбӕл аразуй? (Ефесӕгтӕмӕ 5:6).

10 Сайтани дуйне архайуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнун райдайӕн, ӕма Йеговӕ лӕгъуз ци хонуй, е ӕцӕгӕй лӕгъуз нӕй (2 Пет. 2:19). Ӕма нӕмӕ е дессаг нӕ кӕсуй. Сайтанӕн еци мадзалӕй адӕни зунд усхъуммӕ кӕнун хуарз ӕнтӕсуй. Фӕндуй ӕй, цӕмӕй адӕн, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой ӕртасунгъон мабал уонцӕ (Ис. 5:20; 2 Кор. 4:4). Уомӕ гӕсгӕ берӕ кинотӕ, передачитӕ ӕма интернети ци февдесунцӕ, етӕ Йегови уагӕвӕрдти нихмӕ фӕуунцӕ. Сайтан нӕ уӕхӕн зундбӕл аразуй, цума ӕнӕгъдау царди лӕгъузӕй неци ес ӕма, дан, уӕхӕн цард ку кӕнай, уӕд игъӕлдзӕг ӕма ӕнӕмӕтӕ уодзӕнӕ. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:6.)

11. Анжели хабарӕй куд зиннуй, Ефесӕгтӕмӕ 5:7 дзурдтӕ абони дӕр пайда ке ’нцӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

11 Сайтанӕй амондгундӕр неке адтайдӕ, Йегови ка нӕ уарзуй, уони хӕццӕ нӕ рӕстӕг ӕрветун ку райдӕдтайанӕ, уӕд. Уомӕн ӕма нин уӕд Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун зиндӕр адтайдӕ. Павел еци тӕссаг уавӕри туххӕй зудта. Уомӕ гӕсгӕ ефесӕгтӕмӕ ниффинста, цӕмӕй Хуцауи цӕсти лӕгъуз ци ӕй, уой ка кӕнуй, уони хӕццӕ син «еумӕйагӕй маци» уа (Еф. 5:7). Фал абони мах гъӕуама никки къӕрцгъосдӕр уӕн, уомӕн ӕма адӕн кӕрӕдзей хӕццӕ рӕстӕг айдагъ лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ ферветунцӕ, фал ма социалон сетьти дӕр. Социалон сетьтӕ куд тӕссаг фӕуунцӕ, уой ӕхецӕй зонуй Азиӕй нӕ хуӕрӕ Анжелӕ a. Е зӕгъуй: «Социалон сетьтӕ ӕцӕг скъӕппӕг ӕнцӕ. Мӕхуӕдӕг дӕр ӕй нӕ балӕдӕрдтӕн, мӕ цӕстингас ӕййевун куд райдӕдта, уой. Фиццагбал ме ’мбӕлтти астӕу фӕззиндтӕй, Библи ка нецӕмӕ даруй уӕхӕнттӕ. Рӕстӕг ку рацудӕй, удта мӕхемӕ дӕр уотӕ кӕсун райдӕдта ӕма Йегови зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, уой ку кӕнай, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес». Хуарз ӕма уарзӕгой хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Анжелӕн афойнадӕбӕл банхус кодтонцӕ. Е зӕгъуй: «Нур ме ’ргом фулдӕр ӕздахун Йегови хӕццӕ баст гъуддӕгтӕмӕ, интернетмӕ нӕ, фал».

Хуарз ӕмбӕлттӕ нин ку уа, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (кӕсӕ 11 абзац)


12. Ци нин банхус кӕндзӕй, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уомӕ Йегови цӕстӕй кӕсун?

12 Аци дуйне нӕ уӕхӕн зундбӕл аразуй, цума ӕнӕгъдау царди лӕгъузӕй неци ес. Фал ӕй мах зонӕн, хабар ӕцӕгӕй куд ӕй, уой (Еф. 4:19, 20). Цӕмӕй дӕхе багъӕуай кӕнай, уой туххӕй уӕхӕн фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнӕ: «Архайун, цӕмӕй уӕлдай хатт мӕ рӕстӕг ма ’рветон, Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка нӕ цӕруй, уони хӕццӕ. Зӕгъӕн, ме ’мкосгути кенӕ ме ’мкъласонти хӕццӕ? Библий уагӕвӕрдти сӕрбӕл дзордзӕн, уой туххӕй мӕ фанатик ку хононцӕ, уӕддӕр?» Сауӕнгӕ ма ӕмбурди дӕр ӕмбӕлттӕ ку ’ӕвзарӕн, уӕддӕр гъӕуама лӕдӕргӕй архайӕн. Павел гъе уой туххӕй финста 2 Тимофеймӕ 2:20–22. Мах фӕндуй, цӕмӕй нин уа, Йеговӕн нин еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ ка ӕнхус кӕндзӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ, Йеговӕй ка еуварс кӕна, уӕхӕнттӕ нӕ, фал.

«РОХСИ ФУРТТӔН КУД ӔМБӔЛУЙ, УОТӔ ЦӔРЕТӔ»

13. Нӕ бон куд ӕй, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрун? (Ефесӕгтӕмӕ 5:7–9).

13 Павел киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй талингӕй сӕхе еуварс даронцӕ. Фал ма син уомӕй уӕлдай загъта, цӕмӕй, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕронцӕ. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:7–9.) Е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Гъӕуама алкӕддӕр нӕхе дарӕн, ӕцӕг киристӕнттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ. Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕуама Библи ӕма ибӕл ци публикацитӕ арӕзт ес, уони кӕсӕн, удта сӕбӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма архайӕн, цӕмӕй нин е алли бон дӕр уайа. Фал уӕлдай ӕхсидзгӕ ба ӕй, цӕмӕй Киристей цард ӕма ахурӕдтӕ ӕртасӕн, уомӕн ӕма е ӕй «аци дуйнейӕн рохс» (Иоан. 8:12; Ӕмб. 6:23).

14. Сугъдӕг хъаурӕ нин куд ӕнхус кӕнуй?

14 Цӕмӕй, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрӕн, уой туххӕй нӕ сугъдӕг хъаурӕ гъӕуй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ӕнӕ уомӕй нӕ бон не ’суодзӕй аци ихӕлд дуйней кӕдзосӕй байзайун (1 Фес. 4:3–5, 7, 8). Сугъдӕг хъаурӕ нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй, Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, уӕхӕн адӕни зундахастӕй ма фегъӕстӕ уӕн. Удта ма нин фенхус кӕнуй, цӕмӕй хуарздзийнадӕмӕ ӕма рӕстдзийнадӕмӕ тундзӕн (Еф. 5:9).

15. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй сугъдӕг хъаурӕй исхайгин уӕн? (Ефесӕгтӕмӕ 5:19, 20).

15 Нӕ бон куд ӕй сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ун? Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй Йеговӕмӕ ковун. Киристе загъта, Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ ке ратдзӕй, «ка си коруй, уонӕн» (Лук. 11:13). Уомӕй уӕлдай ма сугъдӕг хъаурӕй исхайгин уӕн, Йегови ӕмбурди еумӕ ку фӕккадгин кӕнӕн, уӕд. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:19, 20.) Хуцау нӕ сугъдӕг хъаурӕй ке исхайгин кӕнуй, уой фӕрци ин нӕ бон фӕууй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун.

16. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зундгин унаффитӕ хӕссӕн? (Ефесӕгтӕмӕ 5:10, 17).

16 Ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссуни размӕ хуарз уодзӕй, «Йегови фӕндон цӕй медӕг ӕй», уой хуӕздӕр базонун ӕма уомӕ гӕсгӕ архайун. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:10, 17.) Нӕ бон куд ӕй базонун, Хуцауи зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой? Гъӕуама Библий иссерӕн, мах уавӕрмӕ ка хауй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ. Ӕма си ку испайда кӕнӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, хуарз цӕмӕдӕр нӕ ке ӕркодтонцӕ.

17. Нӕ бон куд ӕй нӕ рӕстӕгӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнун? (Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

17 Павел ма Ефеси киристӕнтти баразӕнгард кодта, цӕмӕй рӕстӕгӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнонцӕ. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16.) Не знаг Сайтан архайуй, цӕмӕй царди сагъӕстӕбӕл уотӕ исуӕн, ӕма нин Хуцауи гъуддӕгтӕн рӕстӕг мабал уа (1 Иоан. 5:19). Киристонӕн сӕйрагдӕр ку исуонцӕ ӕхца, уӕлдӕр ахур ӕма куст, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма аци дуйней зундахастӕй фегъӕстӕ ’й. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ци гъуддӕгтӕ ранимадтан, уонӕми лӕгъузӕй неци ес, сӕхе бунати ку уонцӕ, уӕд. Цӕмӕй, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнӕн, цӕмӕй нин фагӕ рӕстӕг уа, ӕцӕгӕйдӕр ӕхсидзгӕ ци ӕй, уомӕн.

Ефесаг киристӕнттӕ сӕ рӕстӕгӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр адтӕй, уотӕ пайда кодтонцӕ (кӕсӕ 17 абзац)


18. Дональд ци бакодта, цӕмӕй рӕстӕгӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кодтайдӕ?

18 Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕ. Раст уотӕ архайдта хонсар Африкӕй не ’нсувӕр Дональд. Е радзурдта: «Мӕ цардмӕ фӕрсӕрдиги ку ракастӕн, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, Хуцауи гъуддӕгти мӕ фулдӕр архайун ке гъӕуй. Йеговӕй курдтон, цӕмӕй уӕхӕн куст иссирдтайтӕ, ӕма мӕ бон адтайдӕ фулдӕр лӕггадӕ кӕнун. Ӕма мин Йегови фӕрци е бантӕстӕй. Нур мӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнӕн».

19. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрӕн?

19 Павел ефесӕгтӕмӕ ци финстӕг ниффинста, е син куд нӕ банхус кодтайдӕ, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадайуонцӕ. Хуцау ин ци унаффитӕ ниффинсун кодта, етӕ абони махӕн дӕр пайда ӕнцӕ. Мах дӕр гъӕуй ерхӕфсӕнтӕ ӕма ӕмбӕлттӕ ’взаргӕй лӕмбунӕг ун. Удта ӕхсидзгӕ ’й, Библи алли бон дӕр ӕртасун, цӕмӕй рӕстдзийнади рохс нӕ царди алли гъуддагбӕл дӕр бӕрӕг кӕна. Е ба нин нӕ бантӕсдзӕй ӕнӕ сугъдӕг хъаури ӕнхусӕй. Уой фӕрци нӕ уодигъӕди фӕззиннунцӕ, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци менеугутӕ. Павел ефесӕгтӕмӕ ци ниффинста, уомӕ лӕмбунӕг ку уӕн, уӕд нӕ бон исуодзӕй зундгин унаффитӕ хӕссун ӕма нӕ унаффитӕй бӕрӕг уодзӕй, Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ ке ’нцӕ. Уой фӕрци аци дуйней талингӕй нӕхе багъӕуай кӕндзиан ӕма, «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрдзиан.

ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Ефесӕгтӕмӕ 5:8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ци ӕй «талингӕ» ӕма ци ӕй «рохс»?

  • Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, «талингӕй» нӕхе еуварс дарӕн?

  • Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй «рохси фурттӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ» цӕрӕн?

95 ЗАР Рохс хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕнуй

a Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

b ХУЗӔ. Павел ефесӕгтӕмӕ ке ниффинста, еци финстӕги рагон къопи.